Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БИРÆГЪТÆ



БИРÆГЪТÆ

Хуыцаубоны райсомæй раджы Дегтярев Иванмæ æрбацыд йæ усы фыд Кречетов Наум, нырма зæронд чи нæма уыд, ахæм цæрдæг, хин æмæ зæрдæмæдзæугæ лæг. Иван æй нæ уарзта. Наум, йæ чызгæн тæригъæд кæнгæйæ, йе сиахсæн барста.

— Фынæй ма дæ? — хъæрæй йæм сдзырдта Наум. — Уæууа, Ванечкæ, афтæ фынæй кæнгæйæ Барастыры хъæбысы смидæг уыдзынæ.

— Æз уырдæм тынг нæ бæллын.

— Дзæгъæлы. Фест уæлæмæ. Цом суг ласынмæ. Бригадирæй дыууæ цæды ракуырдтон. Кæй зæгъын æй хъæуы, лæвар ницы ис, фæлæ цы гæнæн и — æнæ сугæй цæрæн нæй.

Иван хуыссыди, афтæмæй хъуыды кодта, стæй йæ дзаумæттæ кæнынмæ бавнæлдта.

— Ныр æй æмбарын байдыдтон, фæсивæд горæтмæ цæмæн ивылынц, уый, — загъта Иван. — Уымæн æмæ уым дæ куыст куы фæуа, уæд дæ бон у дæ фæллад суадзын. Баулæфын æй уадзынц. Ам та дæ æлгъыстау, æхсæв, бон нæ зоныс, хуыцаубон дын нæй.

— Уæдæ æнæ сугæй бадынмæ хъавыс? — бафарста йæ Нюрæ, йæ ус. — Бæх ын ссардтой, уæддæр ма йæ зæрдæмæ нæ цæуы.

— Æз куыд фехъуыстон, афтæмæй горæты дæр кусын хъæуы, — бафиппайдта усы фыд.

— Хъæуы. Уый бæсты æз фæлтау газ æмæ дондзæуæн хæтæлтæн зæхх къахин: иу хатт уæхскуæзæй бакус, уый фæстæ дæ хæдзары æдзухдæр дон уыдзæн, стæй дæ суджы мæт дæр нал и.

— Уый, иуæй, хорз у, иннæмæй та — æвзæр: æвæццæгæн, уæд дæ хуыссæнæй æддæмæ нал рахизис. Цæй, ныхæстæ дæр хорз сты, фæлæ цæуын хъæуы.

— Аходæн хæрыс? — бафарста йæ йæ ус.

Иван хæрын нæ бакуымдта: нæ йæм цыди.

— Дысон дзы æркодтай? — фæцымыдис Наум.

— Æнæмæнг афтæ, дæ бæрзонддзинад!

— Уыныс... Афтæ вæййы. Ды та дондзæуæн хæтæлты кой кæныс... Цæй, цом.

 

 

Уыди ирд хур бон. Миты æрттывдмæ цæстытæ нæ лæууыдысты. Хъæды уыди æнахуыр сабыр æмæ æнцой.

Цæуын сæ дард хъуыди — ссæдз версты бæрц. Уымæй хæстæгдæр хъæдмæ æвналын нæ уагътой.

Наум цыди разæй æмæ хъуыр-хъуыр кодта:

— Хæйрæг дæр ын ницы равзардзæн!..

Иван дзоныгъыл æрфынæй. Уыцы иугæндзон уынæр ыл фæтых. Æрдузмæ рахызтысты, иуцасдæр уырдыджы фæцыдысты, стæй рагъмæ фæхæрд кодтой. Рагъы фахсыл та хъæд ногæй цъæх адардта.

Рагъы сæрмæ сæ бирæ нал хъуыд... Æваст сæ размæ фесты фондзæй. Фæндагæй чысыл дарддæр. Хъæдæй рацыдысты æмæ æнхъæлмæ кастысты. Бирæгътæ.

Наум бæхы баурæдта æмæ сындæггай зарæггæнæгау ралгъыста:

— Уæ фæйнæ мадыл... Ничи сæм кæсы цъæх-цъæхид бæлæттæм. Рæнхъ куыд ралæууыдысты.

Иваны бæх, æрыгон æмæ тæрсаг, фæсыдз кодта æмæ рæтæнагъды æдде фæци. Иваны къухы бози сдыууæрдæм, бæхы фæстæмæ раздахыныл архайы, фæлæ уый хуыррытт кодта, йæ къæхтæй зæхх хоста, фæстæмæ рæтæнагъды сæрты бахизын йæ бон нал уыд.

Бирæгътæ рагъæй сæхи рауагътой.

Наум бæхы фæстæмæ раздæхта æмæ йæ хъæлæсыдзаг ныхъхъæр кодта:

— Цы кусыс?

Иван дзоныгъæй рагæпп ласта, тыххæй-фыдæй бæхы рæтæнæгъдты æхсæн фæкодта æмæ дзоныгъыл бахауд. Бæх йæхæдæг разылд æмæ цыппæрвадæй адугъ ласта.

Уæдмæ Наум адард.

— Бахсыдтой мæ! — хъæр кодта йæ хъæлæсыдзаг уый, бæхы йæ тых-йæ бонæй хойгæйæ.

Бирæгътæ цъæх къуыбæрттау хохæй тылдысты бæхты размæ.

— Бахсыдтой мæ! — хъуыст Наумы хъæр.

«Йæ зонд фæцыд æви? — æнæбары ахъуыды кодта Иван. — Чи кæй æхсыны?» Æнахуыр тас дзы бацыд. Иуæй тæрсгæ фæкодта, иннæмæй та йæм йæ усы фыдыл худын цыд, дарддæр цы уыдзæн, уый йæм диссаг каст. Фæлæ уайтагъд йæ цымыдисдзинад фæцыдæр. Худынмæ дæр æй нал æвдæлд. Бирæгътæ фæндагмæ æрхæццæ сты, дзоныгътæм ма сæ иу-фондзыссæдз метры хъуыд, афтæ, æмæ кæрæдзи фæстæ ныххал сты, афтæмæй сæ сурын райдыдтой. Иван дзоныгъы хъусыл ныззæгæл æмæ бирæгътæй йæ цæст нал иста.

Æппæты разæй тахти сæ тæккæ дынджырдæр, фæтæн риу ын, йе ’взаг æддæмæ ’ппæрст... Фынддæс-ссæдз метрæй фылдæр нал уыд се ’хсæн. Иванмæ диссаг фæкаст, бирæгъ æмæ фыййау-куыдзы æхсæн иумæйагæй кæй ницы ис, уый. Абоны онг бирæгъы ныры хуызæн хæстæгмæ никуыма федта æмæ йæм афтæ каст, цыма фыййау-куыдзæй чысыл стырдæр йеддæмæ нæу, фæлæ ныр бамбæрста, бирæгъ бирæгъ кæй у, тугдзых сырд. Цыфæнды хъæхъхъаг куыдзы дæр ма æппынфæстаг исты бауромдзæн: кæнæ тас, кæнæ лæгъз ныхас, кæнæ адæймаджы æваст хъæр. Ай бауромын та у æрмæстдæр мæлæты бон. Уый тахти æнæуынæргъгæйæ, тæрсын дæр никæй кодта, афтæмæй сырдта йæ амæттаджы.

Иван дзоныгъмæ æркасти. Уисы лыггагыл дæр дзы йæ цæст не ’рхæцыд. Дыууæ фæрæты дæр йæ усы фыды дзоныгъы разындысты. Йæ фарсмæ уыди æрмæстдæр хосы цъупп, йæ къухы та ехс.

— Бахсыдтой мæ! — хъæр кодта Наум.

Иван бынтондæр старст.

Разæй цы бирæгъ тахт, æвæццæгæн, сæ раздзæуæг, уый дзоныгъы иувæрсты йæхи рауагъта æмæ бæхмæ хъавын байдыдта. Иу-дыууæ метры онг æм бахæццæ... Иван слæууыд æмæ галиу къухæй дзоныгъы хъусыл хæцыд, афтæмæй бирæгъты раздзогæн ехсæй иу ныддаудта. Уый, æвæццæгæн, йæхицæн ныццæвын æнхъæл нæ уыд æмæ йæ дæндæгты къæс-къæс ссыд. Уалынмæ йæ иннæтæ дæр æрбаййæфтой. Балбирæгътæ сæ раздзогыл амбырд сты. Уый йæ фæстæгтыл æрбадт, йе ссыртæй куы иуы ныццæвы, куы — иннæйы... Стæй фестади æмæ та æппæты разæй фæци. Дзоныгъ уайтæккæ дæр баййæфта. Иван та йæхи æрцæттæ кодта, тугдзыхты раздзоджы ма ныццæвынмæ хъавыди, фæлæ уый ацы хатт дзоныгъмæ афтæ хæстæг нал æрбацыд. Уæдмæ ма æрдонгæй ноджыдæр иу фæхицæн, уый та дзоныгъы иннæ фæрсты йæхи рауагъта. Иваны дæнцæгтæ кæрæдзиуыл нындæгъдысты, йæ цæсгом нынцъылдтæ... «Мæ царды кæрон ралæууыд. Мæлæт». Размæ акæсын ма йæ къухы бафтыд.

— Æр-лæуу! — ныхъхъæр кодта йæ хъæлæсыдзаг. — Сылчъи! Æри-ма фæрæт!

Наум бæхыл йæ пырх калдта. Фæстæмæ ракаст æмæ, йе сиахсыл бирæгътæ куыд æрхъула сты, уый куы федта, уæд æваст азылд.

— Дæ цыд чысыл фæсындæгдæр кæн, баба!.. Фæрæт мын истыхуызы! Асурдзыстæм сæ!.. Бахсыдтой мæ!

— Исты сын аппар! — ныхъхъæр кодта Наум.

Раздзог бæхы баййæфта æмæ йыл йæхи ныццæвынмæ хъавыд. Фæсте чи тахт, уыцы бирæгътæ дæр тынг хæстæг уыдысты. Иу цæстыфæныкъуылд, æмæ дзоныгъы смидæг уыдзысты æмæ уæд дæ балгъитæг афтæ. Иван сын хосы гуцъула аппæрста. Бирæгътæ йæ хъуыды дæр не ’ркодтой.

— Дæумæ дзурын, гадздзайы хъыбыл, чысыл фæуром æмæ фæрæт раппар!

Наум фæстæмæ фæкаст.

— Ванькæ!.. Кæс, мæнæ дын æй æппарын!..

— Чысыл фæуром!

— Кæс, æппарын æй! — Наум фæрæт фæндаггæронмæ æрæппæрста. Иван æм бахъавыд... Дзоныгъæй рагæпп ласта, фæрæт фелвæста... Куы рагæпп кодта, уæд дзы æртæ бирæгъы фæтарстысты æмæ сæхи иуварс фехстой, стæй йыл дыууæрдыгæй сæхи рауагътой. Уыцы тæккæ уысм раздзоджы къæхты бын миты бæзджын хъæпæн фæци æмæ йæхи бæхыл бахста. Бæх йæхи иуварс аппæрста. Дзоныгъ фæфæлдæхт. Рæтæнæгъдтæ хамут нылвæстой æмæ бæхæн сулæфæн нал уыд. Йæ хуыр-хуыр ссыд, йæ гæндзæхтæ тилын райдыдта. Иннæрдыгæй цы бирæгъ тахт, уый бæхы бынмæ ныггæпп ласта æмæ йын йæ дзæмбыджын къахæй йæ гуыбын дæргъæй-дæргъмæ æрфазта.

Иннæ æртæ бирæгъы дæр æм фæлæбурдтой.

Иу уысм дæр æххæст нæ рацыд, афтæ фондз тугдзыхы къуыхтæ кодтой, нырма йæ гæндзæхтæ цæгъдынæй чи нæма банцад, уыцы бæхы, урс-урсид миты рагъыл фæйнæрдæм ивæзтой тæфкалгæ цъæхбын сырх тьæнгтæ, хъуыр-хъуыр кодтой, сæ раздзог дыууæ хатты йæ тымбыл бур цæстытæй комкоммæ бакаст Иванмæ...

Хъуыддæгтæ фынфенæгау æвирхъау тагъд æрцыдысты. Иван йæ фæрæтимæ бирæгътæм сагъдауæй кæсгæйæ баззад. Раздзог ма йæм ноджыдæр иу хатт æрбакаст... Фæуæлахизуæвæджы уыцы цъаммар цæстæнгас Иваны ноджы тынгдæр смæсты кодта йæ фæрæт бæрзонд систа, йæ хъæлæс цæйбæрц амыдта, уыйас ныццарыдта æмæ бирæгътыл йæхи ныццавта. Уыдон æнæбарыгомау цалдæр къахдзæфы иуварс алыгъдысты æмæ сæ тугæйдзаг дзыхтæ стæргæ уым æрлæууыдысты. Ууыл афтæ æнувыд æмæ зæрдиагæй архайдтой, æмæ æдде бакæсгæйæ афтæ зынд, цыма сæм æдфæрæт адæймаг зынгæ дæр никæцæй кæны. Уæвгæ йæм сæ раздзог тынг æдзынæг æмæ комкоммæ касти. Иван æй ралгьыста, тæккæ æвзæрдæр цы ныхæстæ зыдта, уыдонæй. Фæрæтæй йæм февзыста æмæ йæм фæцæйцыд. Раздзог йæ бынатæй нæ фезмæлыд. Иван дæр æрлæууыд.

— Фæуæлахиз стут, — загъта уый. — Æфтъæрут, цъаммартæ. — Æмæ хъæумæ араст. Бæхы цæмæй мауал уына, ууыл архайдта. Фæлæ нæ бафæрæзта, ракаст æм... Фыртæригъæдæй йæ зæрдæ йæхи къултыл ныххоста. Йæ усы фыдмæ мæстæй фæцæйтыдта. Тагъд къахдзæфтæй фæндагыл араст.

— Æз дын бацамондзынæн! Мæ бар ма дæ бауадз, æнаккаг! Куы нæ алыгъдаис, уæд фæтарстаиккой æмæ бæхæн дæр ницы уыдаид.

Наум йе сиахсмæ æнхъæлмæ каст фæндаджы фæзилæны. Дзæбæх, сæрæгасæй йæ куы федта, уæд зæрдиагæй бацин кодта.

— Æгас дæ? Табу стыр хуыцауæн! — цыфæндыйæ дæр йæхиуыл йæ зæрдæ худти.

— Æгас дæн, æгас! — дзуапп ратта Иван. — Ды дæр фервæзтæ?

Наумы зæрдæмæ йе сиахсы хъæлæсыуаг нæ фæцыд æмæ, цы нæ вæййы, зæгъгæ, дзоныгъмæ хæстæгдæр бацыд.

— Цæй цы баисты?

— Саламтæ дын æрвыстой. Фаджыс!

— Куыдзау цы рæйыс?

— Æз дыл ныртæккæ куы ’рлæууон, уæд æй бамбардзынæ, рæйын цы у, уый!

Иван дзоныгъмæ фæцæйцыд. Наум бæхы рохтыл æрбахæцыд æмæ фæцагайдта.

— Æрлæуу! — ныхъхъæр кодта Иван æмæ дзоныгъ асырдта. — Æрлæуу дын, зæгъын, тугцъир!

Наум бæхы тынгæй-тынгдæр хоста. Ныр та адæймаг сырдта адæймаджы.

— Æрлæуу, зæгъгæ, дæумæ дзурын! — хъæр кодта Иван.

— Цы мыл ныйичъи дæ, уый бæрæг дын нæй?! — дзуапп ын ратта Наум. — Æви дæ сæрызонд фæцыд! Мæн аххос та дзы цы уыди?

— Ницы, æппындæр ницы! Иумæ сæ асырдтаиккам, фæлæ мыл ды гадзрахатæй рацыдтæ!..

— Куыд сæ асырдтаис? Цы дзурыс ууыл ахъуыды кодтай?

— Гадзрахатæй мыл рацыдтæ, æнаккаг! Æз дæ æрцахуыр кæндзынæн, фæлæуу! Никуыдæм мын алидздзынæ, фæлтау æрлæуу, дæхицæн хуыздæр уыдзæн. Иунæгæй дæ куы ’рнæмон, уæд афтæ тынг нæ фæхудинаг уыдзынæ. Кæннод дæ адæмы ’хсæн ныббырон ласдзынæн. Стæй сын хабæрттæ дæр радзурдзынæн... Фæлтау æрлæуу!

— Æнхъæлмæ кæс, цалынмæ æз дæумæ æруромон, уæдмæ! — дзуапп ратта Наум æмæ та бæхыл ноджы тынгдæр цъыччытæй ралæууыд. — Хæйрæджы фæтдзæгъдæн! Дæу нын цы хуыцау бавзарын кодта, уымæн та цы зæгъон!..

— Ма кæн дын зæгъын, æрлæуу, — Иван фæллайын райдыдта. — Дæхицæн хуыздæр уыдзæн. Фæнæмдзынæн дæ æмæ йæ никæмæн зæгъдзынæн.

— Карчы цъиуы хицау дæр нæ уыдтæ, афтæмæй дæ нæхимæ æрбахæстæг кодтам, ды та мæм фæрæтæй лæбурыс, нæ? Худинаг дæм нæ кæсы?

— Æз уал дыл дзæбæх æрцæуон, стæй уый фæстæ худинаджы тыххæй дзурдзыстæм. Æрлæуу! — Иван бафæллад æмæ йæ тахт бæлвырд фæсындæгдæр. Æрæджиау бынтондæр йæ тæхынæй банцад.

— Никуыдæм мын аирвæздзынæ, ссардзынæн дæ, — сдзырдта ма фæстагмæ йæ фæдыл.

Иван сæхимæ никæй баййæфта: дуарыл уыди гуыдыр æвæрд. Байгом æй кодта æмæ хæдзармæ бацыд. Скъаппы разылди... Дысон æрдæгнызтæй чи баззад, уыцы авг ссардта, иу агуывзæ дзы анызта æмæ йæ каистæм ацыд.

Сæ кæрты баййæфта, дзоныгъы цы бæх ифтыгъд уыд.

— Сæхимæ ис, — æхсызгонæй сдзырдта Иван.

Дуарыл бахæцыд, — гом разынд. Æнхъæлдта, æхгæд уыдзæн. Иван хæдзармæ бахызт... Æнхъæлмæ йæм кастысты. Уаты бадтысты йæ каис, Иваны ус æмæ милиционер. Милиционер йæ мидбылты худт.

— Цы зæгъдзынæ, Иван?

— Алцыдæр æмбæрстгонд у. Хъæстмæ суайын дын бантыст, нæ? — бафарста Иван, йæ каисмæ бакæсгæйæ.

— Суадтæн, суадтæн. Ды та дзы фæхъæстæ дæ, æнхъæлдæн? Фæцæй дын ирвæзт.

— Иучысыл дзы æркодтон, цæмæй мæ ныхас æнæкъуызгæдæр уа, уый тыххæй. — Иван бандоныл æрбадти.

— Цы дыл æрцыд, Иван? Æрра сдæ?! — йæ бынатæй сыстади Нюрæ. — Цы дæ хъæуы?

— Дæ фыды дын æрцахуыр кæнынмæ хъавын... Адæймаг уæвынæн цытæ хъæуы, уый йын бацамонон.

— Ныууадз, Иван, — сдзырдта милиционер. — Æнамонд хабар æрцыдис, уæ дыууæ дæр фæтарстыстут... Афтæ рауайдзæн, уый æнхъæл чи уыд?

— Æнцонæй сæ асырдтаиккам. Æз иунæгæй баззадтæн семæ.

— Фæрæт дын аппæрстон æви нæ? Загътай мын, раппар æй, зæгъгæ, æмæ дын æй аппæрстон. Æндæр ма дæ цы хъуыд мæнæй?

— Хæрз гыццыл! — æрмæстдæр адæймаг разындаис, æмæ мын уый фаг уыдаид. Ды та æрмæст дæхи сæр бафснайдтай. Фæлæ дæ уæддæр æз афтæмæй нæ ныууадздзынæн, æрцахуыр дæ кæндзынæн.

— Мæлæты ахуыргæнæг! Лукъафындз... Йæ сыст æхсæры йас уыд, афтæмæй нæ хæдзары цæттæтыл æрбадт, ныр ын йе ’ртхъирæнтæм ничи хъусы?! Йæ цардæй разы нæу: доны хæтæлтæ æрымысыд, кърант йæ зæрдæ æрцагуырдта.

— Ныхас ууыл нæ цæуы, Наум, — загъта милиционер. — Къранты кой дзы ницæмæн хъæуы.

— Хъæуы æвзæр у, горæты та — хуыздæр, — дзырдта дарддæр Наум. — Æмæ уæд ардæм цы ’рлæстæ? Тъизынмæ? Адæмы змæнтынмæ?

— Æ-æ, мæнæ гадздзайы хъыбыл! — ныккæрзыдта Иван æмæ сыстад.

Милиционер дæр сыстад.

— Ныууадзут уæ хъаугъа. Цом, Иван...

— Дæ хуызæн змæнтджыты кæдæм æрвитынц, уый зоныс?! — нал æнцад Наум.

— Зонын! — дзуапп, ратта Иван. — Сæрбынмæйæ сæ ихы хуынчъы ауадзынц... — Æмæ йæ каисмæ фæцæйцыд.

Милиционер Иваны дæлармы бацыд æмæ йæ хæдзарæй рахуыдта. Уынджы æрлæууыдысты, фæйнæ сдымдтой.

— Гъер уый æнаккаг нæу? — йæ дис кæнынæй нæма банцад Иван. — Ноджы ма мын аххос мæхи ’ккой авæрдта.

— Ныхъхъуытты йæ уадз!

— Нæ мын аирвæздзæн. Йе рагъы хъæбæртæм ын æнæбазилгæ нæй.

— Æмæ дзы цы рамбулдзынæ? Уыцы фаджысы тыххæй сбаддзынæ.

— Кæдæм мæ хоныс?

— Цом, цом, махмæ бахсæвиуат кæндзынæ... Уæдмæ дæ тæвд дæр æрцæудзæн. Кæннод дæхицæн æвзæрдæр сараздзынæ. Ныккуыйты йæ уадз. Дæхи фаджысы ма ’вдул.

— Нæ, нæ, уый... цавæр адæймаг у уый?

— Афтæ гæнæн нæй, Иван. Нæмынæй ницы равдисдзынæ.

Уынджы дæлæмæ хъæууон ахæстоны ’рдæм ацыдысты.

— Уым æй цæуыннæ фæнадтай? — æнæнхъæлæджы бафарста милиционер.

— Нæйæ раййæфтон! — уыцы мæстджынæй дзуапп ратта Иван. — Уый дзоныгъы бадт, æз та фистæг уыдтæн.

— Федтай? Ныр та йын байрæджы.

— Бæх тæригъæд уыди.

— Уымæй раст зæгъыс...

Дыууæйæ дæр ныхъхъус сты. Æнæдзургæйæ бирæ фæцыдысты.

— Хъус-ма, нæ фæлæ мæ ауадз. — Иван æрлæууыд. — Хуыцаубоны дзы цы кусдзынæн? Нæ йæм бавналдзынæн.

— Нæ, нæ, цом. Кæннод уый фæстæ хъуыддаг хорз нæ уыдзæн... Дæхицæн хуыздæр уыдзæн. Шахмæттæй ахъаздзыстæм... Шахмæттæй фæхъазыс?

Иван митмæ йæ тамако ату кодта æмæ, йæ дзыпмæ æндæр бапъирозмæ нывналгæйæ, загъта:

— Цæуыннæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.