Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





УÆЛМÆРДТЫ



УÆЛМÆРДТЫ

Диссаджы рæстæг скодта. Хур зæххыл атылди.

Дуне ныррухс. Июлы мæй. Сæрды тæккæ бæрæгастæу, йæ бæрзонддæр цъупп. Кæмдæр аргъуаны дзæнгæрæг сындæггай ныццагъта... Йæ сындæг сыгъдæг зæлланг рухс арвы сфардæг æмæ уæлиау кæмдæр амард. Фæлæ зæрдæмæ æнкъарддзинад хæстæг нæ цæуы.

... Адæммæ иу диссаджы миниуæг раиртæстон: раст мæнæ ахæм æвæджиау рæстæг уарзынц уæлмæрдтæм цæуын æмæ дзы иу-дыууæ сахаты абадын. Къæвдайы заман нæ, стæй æнтæфы дæр нæ, фæлæ хъарм æмæ сабыр куы вæййы, уæд. Ацы æнахуыр миниуæг, æвæццæгæн, бамбарæн ис. Уæвгæ дзы æнахуырæй дæр цы ис? Мæхицæй куы зæгъон, уæд æз уæлмæрдтæм бацæуын мæ хъуыдытимæ иунæгæй аззайыны тыххæй. Уыцы обаугæндты æхсæн адæймагыл йæ сагъæстæ æртæфсынц. Стæй хъуыдытæ цыфæнды фæуæнт, фæлæ мæнмæ афтæ фæкæсы, цыма сæрсæфæны былгæрæтты фæцæйцæуын — мæ къæхты бынмæ ныккæсын нал фæуæндын. Хъуыдытæ куы фæрсырдæм ныццæвынц, куы хæрдмæ, куы зæххы дыууæ метры бынмæ. Фæлæ цыртытæ сæ хъæдын къухтæ фæйнæрдæм ныттыгътой æмæ сæ сусæгдзинад хъахъхъæнынц. Уæлдай диссагдæр та у, ардæм автомобильты уасын æмæ адæмы хъæлæстæ кæй хъуысынц. Диссаг у, ардыгæй фондзыссæдз сардзины æддæдæр уынг кæй райдайы, уым та газеттæ, сæн æмæ цавæрдæр амидопирин кæй уæй кæнынц... Æз мæхæдæг иухатт федтон, уынджы милиционертæ саргъыбæхтыл куыд æрцæйтахтысты, уый. Уымæй ма дæ диссагдæр цы хъæуы!..

Иуахæмы та стыр горæты, уæлмæрдты бадгæйæ, хъуыдыты аныгъуылдтæн. Фæстæты чидæр куыд æрбаввахс, уый дæр не ’рхъуыды кодтон. Уалынмæ йын йæ хъæлæс айхъуыстон.

— Ам цы кусыс, мæ хъæбул? Уый мæ ингæн куы у.

Фæстæмæ разылдтæн æмæ зæронд усы лæугæ ауыдтон. Æнцад мæм каст.

— Мæн ингæн у, — загъта та зæронд ус.

Æз бандонæй фестадтæн... Цæмæйдæр фефсæрмы дæн.

— Бахатыр кæн...

— Цæмæн зæгъыс?.. Сбад. — Уый бандоныл сбадти æмæ мын йæ фарсмæ ацамыдта. — Сбад, сбад. Мæ зæрдæйæ ма ингæнтæ фемхæццæ кодтай.

Æз æрбадтæн.

— Мæ лæппу ныгæд ис ам, — загъта уый, хæрззылд ингæныл йæ цæст ахæсгæйæ. — Мæ хъæбул. Хуыссы. — Зæронд ус сабыргай скуыдта, стæй, йæ сæрбæттæны къæдзилæй йæ цæссыгтæ дæр афтæ сабыргай асæрфгæйæ, арф ныуулæфыд. Бæрæг уыд, рагæй зæрдæрыст кæй у æмæ йыл сахуыр.

— Дæу та ардæм цы хуыцау æрбахаста? — бафарста зæронд ус, мæн æрдæм раздæхгæйæ. — Дæуæн дæр дзы исчи ныгæд ис?

— Нæ-æ... æз æнæуи... Улæфынмæ æрбацыдтæн.

Зæронд ус мæм цымыдисхуызæй бæстондæр æрбакаст.

— Æмæ ам исчи йæ фæллад фæуадзы?

— Цæуыннæ? — Исты æнæрхъуыды ныхас зæгъынæй тынг тарстæн æмæ хъавгæ архайдтон. — Кæд баулæфæн ис, уæд — ам. Лæг дзы хъуыдыты аныгъуылы.

— Уый раст у, — мемæ сразы зæронд ус. — Фæлæ хъуыды кæнын та... Уым хъуамæ æз хуыссыдаин, æз, уый нæ, фæлæ. — Ногæй та ингæны ’рдæм азылд. — Æз дзы хъуамæ хуыссыдаин, цæугæ та-иу мæм хъуамæ уый æрбакодтаид æмæ-иу мæ цуры бадтаид — мæнæн дæр уæд æнцондæр уыдаид. Бирæ æнцондæр. Æрмæст йæ бæллæх цы у... уыцы хъуыддæгтæ лыг кæнын махмæ нæ хауы.

— Раджы амард?

— Раджы. Авд азы йыл рацыд.

— Рынчын уыд?

Зæронд ус дзуапп нæ ратта. Хъусæй бирæ фæлæууыд, сындæгæй йæ сæр дæлæмæ-уæлæмæ тылдта.

— Æдæппæт цыппар æмæ ссæдз азы йеддæмæ нæ фæцард, — загъта, цы ’рцыд, уымæн раздахæн кæй нал ис, уый æмбаргæйæ, зæронд ус æмæ та фæхъус. — Цæрынмæ куыддæр бавнæлдта, афтæ... Мæн та афтæмæй ныууагъта, куыд дæ фæнды, афтæ, дам, цæр. — Ногæй та скуыдта. Йæ цæссыгтæ та асæрфта, арф ныуулæфыд æмæ мæн æрдæм раздæхт. — Уæ цæрдтытæ мæ зæрдæмæ нæ цæуынц, фæсивæд, нæ цæуынц, — загъта æвиппайды зæронд ус æмæ мæм, цæссыгты фæстæ сыгъдæгдæрæй чи разынд, уыцы цæстытæй æрбакаст. — Æз дын иу хабар радзурдзынæн, кæд ыл æууæндай, уæд ыл баууæнд, кæд ыл не ’ууæндай, уæддæр бар дæхи, фæлæ дын æй уæддæр дзургæ ракæндзынæн æмæ йыл бæстон ахъуыды кæн, кæд æцæг хъуыды кæнын уарзыс, уæд. Тагъд цæуын дæ никæдæм хъæуы?

— Нæ!

— Мæнæ ам махмæ, Мочишты... Ардыгон дæ?

— Нæ.

— А-а. Махмæ ам горæтгæрон ацы бынат Мочиштæ хонынц, æфсæддонтæн дзы горæтгонд ис, цæргæ дæр дзы æфсæддонтæ кæнынц. Уым дæр ис уæлмæрдтæ, фæлæ зæронд сты, нал дзы ныгæнынц. Раздæр дзы ныгæдтой. Гъемæ дын уый дзырдтон. Иу салдат лæууыди посты... Æхсæвыгон. Мæйдары. Салдат лæууыди, мæгуыр, уæдæ цы кодтаид, йæ хæс ахæм уыд. Иу заман кæйдæр кæуын айхъуыста. Уæлмæрдтæй. Сылгоймаджы кæуын. Йæ хъæлæсмæ гæсгæ куыдта сылгоймаг. Афтæ тынг куыдта, æмæ йæ тæригъæдмæ адæймаджы зæрдæ скъуыди. Салдаты бон уыд, кæй зæгъын æй хъæуы, искæдæм телефонæй бадзурын, фæлæ нæ бадзырдта. Цалынмæ йæм æндæр салдат раивынмæ æрбацыд, уæдмæ йæ бынаты лæууыди. Айхъус, дам-ма, дзуры йе ’мбалмæ, кæд, мыййаг, мæ хъустыл исты ауад. Уый æцæгæйдæр айхъуыста кæуын. Уæд, кæй равдæлд, уыцы салдат йæ командиры райхъал кодта. Афтæ æмæ афтæ, уæлмæрдты, дам, цавæрдæр сылгоймаг кæуы. Командир йæхæдæг æрбацыд постмæ æмæ айхъуыста: æцæгæйдæр чидæр кæуы. Хаттæй-хатт-иу фæсабыр, стæй та-иу райдыдта. Уæд командир къазармамæ ацыд, салдæтты сыхъал кодта æмæ сын загъта: афтæ æмæ афтæ, цавæрдæр сылгоймаг уæлмæрдты кæуы æмæ, цы хабар у, уый базонын хъæуы, цы йыл æрцыд, цæмæн кæуы уым? Уæлмæрдты, дам, рагæй куы никæйуал ныгæнынц, уæд цы хабар у... Уырдæм ацæуын уæ кæй фæнды, зæгъгæ, сæ бафарста. Иу ахæм дзы разынд. Æз, дам, ацæудзынæн. Хæцæнгарз ын раттой, цы нæ вæййы, æмæ ацыди. Уæлмæрдтæм æрбацыди. Кæуын дæр банцади... Ныр талынг. Цæсты къух атъысс, уæд æй нæ федтаис. Салдат бафарста: «Ам æгас адæймаг ис?» Талынгæй йæм æрбадзырдæуыд: ис, дам. Сылгоймаг æм æрбацыди... Салдат æй хуыздæр фенынмæ хъавыд æмæ йæм дзыппыдаргæ цырагъ фæдардта. Уый дæр ын афтæ: дæ цырагъ, дам, адде кæн. Хæцæнгарз дæр, дам, демæ дзæгъæлы рахастай. Салдат старст... «Ды куыдтай?» «О». «Æмæ цæуыл кæуыс?» «Сымахыл кæуын, сымахыл, æвзонг фæлтæрыл. Æз зæххон Мадымайрæм дæн æмæ сымах æнæхъола цардыл кæуын. Тæригъæд уын кæнын. Цу, æмæ дын æз цыдæриддæр радзырдтон, уыдон сын радзур». — «Æз фæскомцæдисон куы дæн, уæд мын цытæ дзурын кæныс? — загъта йын салдат. — Кæй дæ федтон, уый кæй бауырндзæн? Стæй дыл æз мæхæдæг дæр не ’ууæндын». Уый дæр ыл мæнæ афтæ аныдзæвыд, — зæронд ус мын йæ армытъæпæнæй мæ фæсонтæ зына-нæзына фæцагайдта, æмæ загъта: «Баууæнддзыстут». — Æмæ æрбайсæфт. Йæ фæд дæр нал аззад. Салдат фæстæмæ раздæхт йе ’мбæлттæм æмæ сын радзырдта, хъуыддаг куыд уыд, кæй федта. Уым ыл, кæй зæгъын æй хъæуы, худæгæй сæхи схастой — нæ йыл баууæндыдысты. Уæдæ!.. — зæронд ус фæстаг ныхæстæ загъта мæстыйæ.

Кæуæг усыл кæй нæ баууæндыдысты, уый йæхицæн æфхæрдæн райсæгау иуцасдæр ницуал сдзырдта, стæй æнкъардæй загъта: «Нæ йыл схæсдзысты сæхи худæгæй! Схæсдзысты, схæсдзысты. Афтæ, гъе. Салдат къазармамæ рухсмæ куы бацыд, уæд дын йæ гимнастеркæйы риуыл Мадымайрæмы ныв куы разынид. О, мæ хур, Мадымайрæмы ныв. — Зæронд ус мæм йæ армытъæпæн, бынтон гыццыл армытъæпæн равдыста. — Ахæм ирд уыд, æмæ æрттывдтытæ калдта...»

Мадымайрæмы нывы февзæрд афтæ æнæнхъæлæджы уыди, стæй зæронд ус хабар афтæ тыхджынæй дзырд фæци, æмæ ныртæккæ куы фестадаид æмæ куы ацыдаид, уæд мæ пинджак фелвæстаин æмæ йæм æркастаин, кæд уым дæр Мадымайрæмы ныв фæзынд, зæгъгæ. Фæлæ зæронд ус мæ фарсмæ æнцад бадт æмæ сындæггай йæ сæр тылдта. Æз æй ницæмæй бафарстон, цы хабар мын радзырдта, ууыл баууæндыдтæн æви нæ, уый дæр нæ равдыстон. Исты ма мын куы радзырдтаид, уый мæ фæндыди. Æмæ мын цыма мæ фæндон бамбæрста, уый хуызæн мæн æрдæм раздæхт æмæ ногæй дзурын райдыдта. Æрмæст ацы хатт йæ хъæлæсыуаг æндæрхуызон уыд — нырыккон, мах уагыл.

— Ме ’ннæ фырт Минькæйы та хуыцау устытæ курыныл скодта. Адæймаг æрмкъухтæ дæр афтæ арæх нæ ивы. Æз ын афтæ зæгъын: «Цы сæ раив-баив кæныс, Минькæ? Цы дзы рамбулынмæ хъавыс? Ныртæккæйы адæм иууылдæр иухуызон сты, раив-баив сæ кæнай, нæ кæнай, уæддæр. Гæрз мæцъæй фæнды ив, фæнды ма». Ам иуимæ бацард, сывæллон сын райгуырд. Æнхъæлдтон, цæрдзысты, фæлæ та ’уый дæр йæ зæрдæмæ нал цыд. О, хуыцау, табу дæхицæн! Фыдбылызæй нæ бахиз. Иуцасдæр иунæгæй ацард, æндæрыл та фембæлд, ахуыргонд, лаборанткæ йæ хуыдтой. Ус æй йемæ аласта цавæрдæр Ферганмæ. Гандзайы амæттаг æй бакодта. Уырдыгæй дын мæм куы сфыссиккой: «Уазæгуаты нæм æрцу, нæ уарзон нана».

Зæронд ус сæ афтæ хорз фæзмыдта, æмæ мæ худын нал баурæдтон. Уæлмæрдты кæй стæм, уый мæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ мæ дзых мæ армытъæпæнæй ахгæдтон. Зæронд усæн та мæ худт, æнхъæлдæн, ныфсы хос фæци æмæ ноджы зæрдиагдæрæй дзырдта дарддæр:

— Æз дæр дын мæхи ма рабæлццон кæнон. Æрцыдтæн сæм, уæдæ цы уыдаид. Зæронд сæрхъæн, уæвгæ мын хъæугæ афтæ кæны — араст сæм дæн.

— Æвзæр цæстæй дæм ракастысты?

— Раздæр цыма хорз уыди. Афтид къухæй сæм куы не ’рцыдтæн, мыййаг. Мемæ æхца ахастон. Уæд æз зæронд æрра нæ дæн, сæрхъæн?! Гъе, æмæ мæм цалынмæ æхца уыд, уæдмæ чындзмæ бакæсæнтæ уыд, йæхи мæм ауагъта, стæй æхца куы фесты, уæд дын мын афтæ: «Лауызтæ афтæ чи фæфыцы?» «Куыд чи? Адæм сæ, зæгъын, иууылдæр афтæ фыцынц? Уæдæ куыд?» Уый дын йæ цæсгом куы суадзид æмæ мæ ахуыр кæныныл куы балæууид. Тебæйы, дам, сой фылдæр ныккæ. Цыма йын афтæмæй кæй сой сфаг уыдзæн. Алы бон дæр дæ, зæгъын, килæйырдæг бахъæудзæн. Стæй афтæмæй сау нæ кæнынц? Æмæ кæрæдзи ахуыр кæнын куы райдаиккам. Мæ иу дзырдæн мын фондзæй дзуапп лæвæрдта. Ныртæккæйы адæмы чи басæтдзæн. Сыкъаджын хæйрæджы гæркъайы хуынчъы аласдзысты. Хуыцау, табу дæхицæн, сыкъаджыны кой æнæмбæлгæ ран скодтон. Цы йын мæ бон уыди. Йæ лæг дæр сойтæ нæ марзта. Хæринаг ын йæ разы никуы æрæвæрдта. Куыстæй-иу æрбацыд, мæгуырæг, исты хус къæбæртæй-иу йæхи афсæста æмæ-иу ууыл йæ хæрд фæхицæн. Кæнæ та-иу хæдзары йæ дзыхмæ æппындæр ницы систа, хæрæндонмæ, дам, бауадтæн. Уый та дын, зæгъын, ахуыргонд ус. Селфуткатæ сты, ахуыргæндтæ нæ, фæлæ! — Зæронд ус фæхъус, стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Æрмæст сæ къæдзил тилынмæ дæсны сты. Уæд уый куыд у? — мæн æрдæм разылд. — Бирæ зонынц, стæй цыма зæххыл цы не ’мбарынц, ахæм сын нæй, фæлæ цæрынмæ та нæ арæхсынц. Ы?

— Бирæ дæр кæм зонынц! — загътон æз дæр мæстыйæ. — Ахæм зындтытæ? Цал æмæ цал азы фæцахуыр кæнынц! Æмæ цы? Сæ зонындзинæдтæ дæр сæ ахуыры хуызæн сты. Цæмæй исты базоной, уый мæт сæ нæй.

— Уымæй дæр раст зæгъыс. Колхозы кусын сæ нæ фæнды, — мемæ сразы зæронд ус. — О, хуыцау, табу дæ сыгъдæгдзинадæн! Ахæм ма дзы цард ралæугæ уыдзæн!

Дзæвгар рæстæг нæ ничиуал ницы дзырдта. Зæронд ус хъуыдыты ацыд. Сагъæстæ йæ зæхмæ ноджы тынгдæр æртасын кодтой, йæ фæсонтæ бынтон ныкъкъæдз сты. Йæ гуыр æппындæр нал змæлыд, æрмæст йæ сæр дыууæрдæм тылдта.

Кæмдæр та аргъуаны дзæнгæрæгыл бандзæвдæуыд. Зæронд ус йæ сæрыл схæцыд, уæлмæрдты рæбинаг къуымы бæлæсты ’хсæн рагон чысыл аргъуан кæм лæууыд, уырдæм акæсгæйæ æнцадæй загъта:

— Къулбадджытæ.

— Сывæллæттæй зæгъыс?

— Уæдæ? Кæдæм сбырынц, уымæ кæсыс? Цæуон æмæ сæ лæдзæгæй асурон. — Зæронд ус сыстади æмæ мæн æрдæм æрбакаст. — Иунæгæй ам мауал бад, кæннод... афтæ мæм кæсдзæн, цыма мæ фырты ингæны цур чидæр бады. Нæ хъæуы. Ма бад.

— Нал, æз дæр цæуын.

— Афтæ хуыздæр у, кæннод мæм афтæ кæсдзæн... — сдзырдта ма хатыркурæгау зæронд ус æмæ къахвæндагыл араст, бынтон гыццыл зæронд ус, йæ лæдзæджы æнцæйтты. Æз йæ фæдыл фæкастæн, стæй мæ фæндагыл ацыдтæн.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.