Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЕРМОЛАЙ. САЛАМ ЦЪÆХÆН



ЕРМОЛАЙ

Сабийы бонтæй мæ иу хъуыддаг нæ рох кæны. Хорæфснайæнтæ уыдысты сæ тæккæ тынгыл. Уыцы бон къæвда рацæуынæй тарстыстæм æмæ найгонд раджы фестæм. Арв цъæх-цъæхид бæргæ уыд, фæлæ дымгæ куы сыстад, уæд боныхъæдыл нал æууæндыдыстæм. Махæн, чысыл лæппутæн, къæвда æхсызгон дæр уыдаид, уымæн æмæ баулæфыдаиккам. Нæ бригадир Ермолай мигътæм уыцы хъуынтъызæй каст, фæлæ йæм куыст ныууадзыны зонд нæ уыд.

— Къæвдайæн йæ кой дæр нæ уыдзæн. Дымгæ йæ ахæсдзæн. — Йæ зæрды ма уыди æрдæгнайгонд цъына фæуын, фæлæ адæм цæуынмæ сæхи рæвдз кæнын куы райдыдтой, уæд сæ уый дæр æнæбары бафæзмыдта.

Бригады станмæ километр æмæ æрдæгæй къаддæр нæ уыд. Цалынмæ уырдæм цыдыстæм, бæхты уагътам, æхсæвæр хордтам, уæдмæ арв бынтондæр æрбахгæдта, фæлæ уæддæр къæвда нæ уыди. Тыхджын дымгæ-иу рацыд, рыг-иу йæ сæрыл систа... Мæйдары арвæрттывды æрттиваг ехсытæ цæстытæ къахтой. Нæрыди арв. Дымгæ лæбурдта, йæ бæттæнтæ тыдта, фæлæ къæвда нæ уыди.

— Давджытæ ахæм æхсæвмæ фæбæллынц, — загъта Ермолай. — Марадз-ма, Гришкæ, — Ермолайы цæстæнгас кæйдæр агурынмæ фæци æмæ æз йæ размæ куы фæдæн, уæд сдзырдта: «Гришкæ æмæ Васькæ, сымах мусмæ ацæут æмæ уым бахсæвиуат кæндзыстут. Кæннод ахæм æхсæв къæрныхæй тæссаг у æмæ нын исчи нæ хор фæласдзæн. Ахæм æхсæв бирæ хъавджытæ вæййы...»

Мах Гришкæимæ мусмæ ацыдыстæм.

Абон ацырдæм цæугæйæ мæлæты тагъд æрбахæццæ стæм, фæлæ ныл ныр уыцы километр æмæ æрдæг ныддаргъ сты. Ноджы æдас дæр нæ уыдыстæм. Арвы нæрын нал æмæ нал æнцад, бæстæ гыбар-гыбур ссис. Иугай æртæхтæ хауын райдыдтой. Цæсгом сæ цæфтæй рыст. Уæлдæф кодта рыджы тæф. Фындзыхуынчъытыл уади хъæхъхъаг сыгъды тæф. Ахæм смаг ма вæййы æрцъыккыхсонæй зынг цæгъдгæйæ.

Арв-иу куы ферттывта, уæд-иу зæххыл цыдæриддæр уыди — цъынатæ, бæлæстæ, уыгæстæ, æнæзмæлгæ бæхтæ, — уыдон-иу иууылдæр уæлдæфы ауыгъдау фæзындысты, стæй та-иу мæйдары фæцыдæр сты. Арв нæрыди, абухта, цыма-иу хохæй стыр къуылдыхтæ рахауд æмæ сæрсæфæны ныппырх сты.

Мах æппынфæстаг фæдзæгъæл стæм. Фæндагæй фæиппæрд стæм æмæ най цы цъынайы цур кодтам, уый нал ардтам. Цъынатæ бирæ уыдысты. Æрлæууыдыстæм-иу, æнхъæлмæ-иу кастыстæм, кæд та ныррухс уыдзæн, зæгъгæ. Цыма та-иу ногæй иууылдæр зæххæй фæхицæн сты, цæстыфæныкъуылды бæрц та-иу уæлдæфы ауыгъдæй аззадысты æмæ та-иу æваст æрбайсæфтысты. Саудалынджы сæрсæфæнмæ фæлдæхтысты дынджыр къæдзæхдуртæ.

— Цæй æмæ-ма фыццаг цы цъынайыл сæмбæлæм, уый бын бабырæм æмæ æхсæвы уым фæхуыссæм, — загъта Гришкæ.

— Тынг раст зæгъыс.

— Райсом та сын зæгъдзыстæм, мусы бахсæвиуат кодтам, зæгъгæ. Чи нæ базондзæн?!

Мах дæр найгонд цъынайы тæфгæнаг фæлмæн хъæмпы бабырыдыстæм.

Иучысыл аныхæстæ кодтам. Нæхицæн загътам, райсом раздæр райхъал уыдзыстæм, зæгъгæ...

Куыд афынæй стæм, уый нæ ничиуал базыдта, æхсæвы къæвда кæй уарыд, уый дæр нæ базыдтам.

Райсом мæлæты райдзаст уыди. Дуне фæснад уыцы сабырæй лæууыд. Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, æгæр афынæй стæм. Фæлæ, æхсæв-бонмæ къæвда кæй нæ банцад, уымæ гæсгæ найгæнджытæ сæ куыстмæ афоныл кæй нæ ацæудзысты, уый æмбæрстам æмæ хæдзармæ ацыдыстæм.

— Куыд у, хъалагъуртæ? — бафарста Ермолай, мах ауынгæйæ. Мæнмæ афтæ фæкаст, цыма нæм къахæджы цæстæй æрбакаст. — Куыд арвыстат уе ’хсæв?

— Хорз.

— Ницы фыдбылыз дзы æрцыд? Мусы?

— Æппындæр ницы. Цæй тыххæй фæрсыс?

— Афтæ æнæуи. Æз уæ арвыстон, æмæ уæ фæрсгæ дæр æз кæнын. «Цæй тыххæй фæрсыс?..» — йæхæдæг нæм æдзынæг кæсы. Æз куыддæр фæйед дæн. — Хорæй нæ фæхъуыди?

— Æнæхъæн у. — Гришæйæн тымбыл ирд цæстытæ ис. Уыцы æнæныкъулгæйæ сæ кæсы. — Цæй тыххæй фæрсыс?

— Уым уыдыстут æви нæ? Мусы?

Мæнæн мæ астæуыстæджы кæрон срыст. Гришæ дæр хорзау нал уыд. Цы загътаид, уый нал зыдта. Йæ цæстыты тъыбар-тъыбур ссыд.

— Уый та куыд «уыдыстут» у?..

— О, о, уыдыстут æви нæ?

— Уыдыстæм. Уæдæ кæм уыдыстæм?

Уæд Ермолай йæхи нал баурæдта.

— Сымах мусæн йе ’мгæрон дæр нæ ауадыстут, куыдзы хъæвдынтæ! Æндæр кæмдæр бахсæвиуат кодтат, уæхæдæг та афтæ зæгъут, мусы, дам, уыдыстæм. Ныртæккæ уæ мæ разæй ассивдзынæн æмæ æвзæр гæдыйæн куыд фæкæнынц, афтæ уын уæ фындзтæ мусы нытътъысдзынæн. Кæм уыдыстут дысон?

— Оу, мæнæ!

— Кæм уыдыстут дысон?

— Мусы. — Гришæ, æвæццæгæн, йæ фыццаг ныхасыл фидар лæууынмæ хъавыд. Мæнæн фенцондæр.

— Васькæ, кæм уыдыстут, дысон?

— Мусы.

— Уæ фæйнæ мадыл къалостæ... — Ермолай фырмæстæй йæ сæрыл фæхæцыд æмæ дзы цыма исты срыст, уый хуызæн йæ цæсгом æрбанцъылдтæ. — Кæсгæ-ма сæм кæн, цытæ уæндынц. Мусы нæ уыдыстут, зæгъын, нæ уыдыстут! Æз мæхæдæг уым уыдтæн. Къулбадæджы сæныччытæ! Æз уæ фæд-уæ фæд куы цыдтæн, кæддæра, зæгъын, бахæццæ уаиккат. Нæ уыдыстут, зæгъын æз!

Ермолай мусы кæй уыд, уый махмæ диссаг нæ фæкаст.

— Æмæ цы?

— Куыд цы?

— Æмæ дзы... мах дæр уыдыстæм. Æрмæст мах дæуæй чысыл фæстæдæр æрбацыдыстæм... Фæдзæгъæл стæм.

— Кæд фæстæдæр? — ныббогъ кодта Ермолай. — Куыд фæстæдæр, æз, цалынмæ къæвда нæ банцад, уæдмæ уым куы фæдæн, уæд! Æз æрмæстдæр сæумæцъæхæй куы рацыдтæн. Сымахæн дзы уæ дымгæ дæр нæ уыди!

— Уыди...

Ермолайы сæррамæ бирæ нал хъуыд... Чи зоны, йæ цæстыты раз мах дæр иу уысммæ зæххæй фæхицæн стæм æмæ ауыгъдæй аззадыстæм, дысоны цъынатæ æмæ бæхты хуызæн, йæ цæстытæ афтæ стыртæ æмæ цымыдисхуыз дæр уымæн аисты.

— Уыдыстут?

— Уыдыстæм.

Ермолай дзылармæ фæлæбурдта... Мах фæйнæрдæм агæппытæ ластам. Уый дзыларимæ сагъдауæй аззад, стæй йæ æрæппæрста, цыма дзы кæмдæр цыдæр фæлæууыд, уыйау йæ цæсгом сæнцъылдтæ æмæ, йæ армытъæпæнæй йæ цæстытæ сæрфгæ иуварс ацыд. Тынг æнæниз нæ уыди.

— Къулбадæджы сæныччытæ, — дзырдта цæугæ-цæуын. — Нæ уыдысты, мæ фондз æнгуылдзы хуызæн æй зонын, уæддæр сæм ничи хъусы — мæ цæстытæм мын кæсынц æмæ мæ сайынц. Къулбадджытæ! Комкоммæ мæ куыд фæливынц, уымæ ничи кæсы! Йæ цæст дæр дзы ничи æрныкъуылдта. Уæллæй, ничи! — Ермолай мах æрдæм разылд. — Уæд ыл комкоммæ басæттут: чи зоны, фæтарстыстут, кæнæ та йæ аргæ не скодтат, — уым диссагæй ницы ис, фæлæ комкоммæ адæймаджы фæлив.

Къулбадджытæ!.. Гъемæ кæд ахæмтæ стут, уæд уын уæ фæллойбонтæй фæйнæ фондзы æппарын.

Бонæй, най куы кодтам, уæд ма нæм Ермолай ноджыдæр иу хатт æрбацыд.

— Гришкæ, Васьк... басæттут ыл: мусы нæ уыдыстут. Уæ фæллойбонтæй уын фæйнæ фондзы нæ аппардзынæн! Нæ уыдыстут, нæ?

— Уыдыстæм.

Ермолай нæм иудзæвгар æнæдзургæйæ фæкаст, стæй нæ йемæ акодта.

— Ардæм-ма рауайут... Рауайут, рауайут. Мæнæ ацы ран æз къæвдайæ бамбæхстæн, — бацамыдта нын æй æмæ нæм лæгъстæгæнæджы каст æрбакодта. — Сымах та кæм æмбæхст уыдыстут?

— Мах та — иннæварсырдыгæй.

— Кæцы фарсырдыгæй?

— Уæртæ иннæрдыгæй.

— Кæцы иннæрдыгæй? Иннæрдыгæй цы хонут? — Ногæй та йæхиуыл хæцын йæ бон нал уыд. — Æз уæ агуырдтон, хъæр уæм кодтон! Цъынайы алыварс æрзылдтæн. Арв афтæ тынг æрттывта, æмæ адæмы нæ, фæлæ судзин дæр ссардтаис. Уæд сымах кæм уыдыстут?

— Ам.

Ермолай тыххæйты йæхиуыл хæцыди. Ногæй та йæ цæсгом сæнцъылдтæ...

— Цæй хорз, хорз фæуæд... Сымах, æвæццæгæн, куы уæм хæцон, уымæй тæрсут? Нæ уæм хæцдзынæн. Æрмæст мын æнæгæдыйæ зæгъут: кæм уыдыстут? Уæ фæллойбонтæй уын фæйнæ фондзы дæр нæ аппардзынæн... Дысон кæм уыдыстут?

— Мусы.

— Цавæр мусы? — йæхиуыл хæцын йæ бон нал баци Ермолайæн. — Цавæр мусы, зæгъын? Куыд уыдыстут мусы, кæд æмæ æз... Æ-æ, мæнæ хæйрæджы фæтдзæгъдæнтæ! — ныхъхъæр кодта Ермолай æмæ йæ цæстæнгасæй цæвæнгарз агурынмæ фæци.

Мах лидзæг фестæм.

Ермолай цъынайы фæстæмæ ацыди. Æвæццæгæн та скуыдта.

Уæдæй нырмæ бирæ азтæ рацыд. Æз нæхимæ куы вæййын æмæ уæлмæрдтæм нæ зæронд мæрдтæ бæрæггæнæг куы ацæуын, уæд иу цыртыл бакæсын: «Емельянов Ермолай... фырт».

Ермолай Григорийы фырт, кæнæ та хуымæтæгдæрæй — Ермолай. Уый ном дæр æрымысын. Йæ ингæны уæлхъус æрлæууын æмæ сагъæсы аныгъуылын. Мæ хъуыдытæ Ермолайы[1] тыххæй æдзухдæр хуымæтæг вæййынц: цæрæнбонты фæллойгæнæгæй фæцарди, уарзон, сыгъдæгзæрдæ адæймагæй. Иннæтæ иууылдæр куыд фæцардысты, афтæ, бабайау, нанайау. Хуымæтæг хъуыды. Æрмæст æй дарддæр ахæццæ кæнын мæ бон нæу, мæ институттæ æмæ мын чингуытæ дæр ницы æххуыс кæнынц. Цымæ цы уыди сæ царды стырдæр нысан? Куыд арвыстой сæ цард? Æви дзы куыст йеддæмæ æппындæр ницы нысан уыд. Куыстой æмæ сывæллæттæ ардтой.

Уый фæстæ æз æндæр адæмты дæр куы федтон... Уыдон дæр магусатæ, мыййаг, не сты, фæлæ... сæ цард æндæр хуызы æмбарынц. Стæй йæ æз мæхæдæг дæр ныр æндæр хуызы æмбарын! Æрмæст ацы ингæнтæм куы фæкæсын, уæд мæ бон рахатын нæ вæййы, махæй растдæр æмæ зондджындæр чи у, уый.

МАСТ

Ермолаев Сашкæйы бафхæрдтой.

Бафхæрдтой æмæ цы! — рауайы афтæ дæр. Афтæ ничи зæгъы, æмæ æфхæрдæн æнæдзургæйæ быхсын хъæуы, зæгъгæ, фæлæ чысыл ницæй тыххæй дунейыл дæ къух ауигъ, æппындæр дзы хорзæй мацуал уын, уый дæр куыд раст уыдзæн. Кæмдæрты бафæразын дæр фæхъæуы. Чысыл маст аныхъуыр, цæмæй стырдæры ма бахауай. Афтæ хуыздæр у. Уæвгæ иуæй-иутæ уыцы хъуыдыйыл не сразы уыдзысты, хъуамæ искæй цæсгомыл æнæрвæссон мидбылхудт фæзына. Чи зоны, исчи æнæуынон худт дæр бакæна... Бар сæхи. Фæлæ уæ исчи ахæм уавæры куы бахауа, æмæ йе ’ртхъирæнтæй куы ницы рауайа, афтæмæй йæ дуары ’дде куы фæкæной, йæ маст йæ хъуырмæ куы схæццæ уа, уæд-иу ардæм рацæуæд æмæ иумæ цай бацымдзыстæм.

Ныр та уал — хъуыддагмæ хæстæгдæр.

Цы ’рцыдис?

Сабаты райсомæй Сашкæ æхсыры афтид æвгтæ æрæмбырд кодта æмæ йæ чызгмæ дзуры: «Машæ, мемæ цæуыс?».

— Кæдæм? Дутанимæ? — бахъæлдзæг гыццыл чызг.

— Дуканимæ. Æхсыр æлхæнынмæ. Кæннод нæм мамæ æдзухдæр хæцгæ фæкæны, дуканимæ кæй нæ цæуæм, уый тыххæй. Цом.

— Кæдæй-уæдæй дуканимæ ацæуын дæ зæрды æрæфтыд! — загъта Сашкæйы бинойнаг æмæ фæсагъæсхуыз. — Кæсаг дæр ма-иу дзы фенут — нототени. Замманай кæсаг. Куы дзы уа, уæд дзы иу килойы ’рдæг райс.

— Уыцы зынаргъ кæсæгтæй?

— Райс дзы, райс — сывæллæттæн æй афизонæг кæндзынæн.

Æмæ Сашкæ Машæимæ ацыдысты «дутанимæ».

Æхсыр æмæ нæлхæ балхæдтой, стæй кæсæгты хайадмæ бацыдысты, нототенимæ.

Уæйгæнæг сылгоймаг уыцы хъуынтъыз уыд. Хуыссæгæй нæ бафсæст — хуыцау йæ зонæг. Дуканигæсмæ Сашкæ цæмæдæр гæсгæ, дысон ам расыгæй хъаугъа чи систа, уыцы лæппуйы хуызæн фæкаст. Тызмæг æмæ йæ мæстджынæй хуымæтæджы нæ бафарста:

— Куыд у, гуыппырсар?

— Куыд «куыд у»? — нæ йæ бамбæрста Сашкæ.

— Дысоны хабæрттæ дæ ферох сты?

Сашкæ сылгоймагмæ уыцы дисхуызæй каст.

— Цы мæм ныдздзагъыр дæ? Ничи йæм кæсы? Æви дзы дæ зæрдыл æппындæр ницуал лæууы? Стæй мæм, хъаз донмæ куы кæса, уыйау кæс...

Уыцы фæстаг ныхæстæ Сашкæйы тъæнгтæ ацагътой, иннæрдæм дзы ахызтысты.

— Хъус-ма, — сдзырдта Сашкæ, фырмæстæй йе ’фсæрты къæрцц-къæрцц куы ссыд, уæд. — Куыд кæсын, афтæмæй дæ нозт дæхицæн нæма ссыд? Цы уыди дысон?

Ныр та йæм сылгоймаг рамæсты. Йæ былтæ æнахуыр зылын фесты.

— Ферох дæ?

— Цы мæ ферох? Æз знон мæ куысты куы уыдтæн...

— Æцæг зæгъыс? Æмæ дын ахæм куысты тыххæй цас фидынц? Уый йæ куысты уыди! Ничи йæм кæсы! Йæ дзых ныххæлиу кодта: «Дæ нозт дæхицæн нæма ссыд!» Нырма хъал дæр куы нæма радæ.

Сашкæйыл фырмæстæй ихæнриз бахæцыд. Ахæм ма дзы бæллæхы бахаугæ уыдзæн. Фæстаг рæстæг нозтыл бынтон йæ къух куы нæ систаид, уæддæр ма — иу. Уартæ кæдæй нырмæ нал скодта арахъхъы хуыпп, æмæ дын уый та ног диссаг. Ноджы ма йæ гыццыл чызджы гыццыл къухыл куы нæ хæцыдаид. Дæ сæрæн мацы зон, афтæмæй дæ дæ хъæбулы цур бафхæрæнт. Фырмæстæй цы акодтаид, уый нал зыдта. Уæвгæ уыцы сылгоймагмæ дзæгъæлы ныккомкоммæ. Дæхи ницызонæг скæн æмæ дарддæр ацу. Ноджы сылгоймаг сæ тæккæ къæйгоппытæй разынд æмæ йыл æнцонтæй нæ фæуæлахиз уыдзынæ. Чи зоны, кæй фæрæдыд, уый дæр бамбæрста, фæлæ дзы хатыр цæмæн хъуамæ ракура. Куыннæ стæй! Æхсызгон æй хъæуы.

— Уæ директор та кæм ис? — йæ маст тынгдæр ссæуыны тыххæй бафарста Сашкæ.

— Йæ бынаты, — æнцадæй дзуапп ратта сылгоймаг.

— Кæм «йæ бынаты»? Кæм ис йæ бынат?

— Кæм ын æмбæлы, уым. Цы дзы аразыс директорæй? «Директор кæм и!» Директорæн æндæр куыст нæй, дæуимæ дзæнгæда цæгъдын йеддæмæ. Ничи йæм хъусы! — сылгоймаг йæ хъæлæс кæй фæбæрзонддæр кодта, уымæй бæрæг уыд, иннæ уæйгæнджытæ æмæ æлхæнджыты ацæргæты дæр хъаугъамæ æрбахонынмæ кæй хъавы, уый. — Директор æй æрхъуыди! Директор кусынмæ ’рбацыди, дæуимæ ныхæстæ кæнынмæ йæ не ’вдæлы. Директоры ахæм агурджытæ бирæ вæййы!

— Цы кæныс, Розæ? — афарста йæ иннæ уæйгæнæг.

— Директор æй æрхъуыди. Ис, нæй, уæддæр, дам, мын æй ам æрбалæууын кæй. Мæлæты мæлхъ! Расыггæнаг!

Сашкæ директоры агурæг йæхæдæг ацыд.

— Æвзæл гуканигæс у, — загъта Машæ.

— Уый æвзæр нæу, фæлæ уый... — Сашкæ сывæллоны цур, дуканигæс цавæр у, уый нал загъта. Йæ цæсгом артау ссыгъд, цыма йыл адæмы астæу дзæгъæл ницæй тыххæй уалхъусы цæфтæ æрцыд, уый хуызæн.

Дуканийы кусджытæ сæхæдæг мидæмæ кæуылты фæцæуынц, уым йæ фæндагыл æрлæууыд гуыбынджын дзидзауæйгæнæг:

— Бæстæ дæ сæрыл цы систай?

Фæлæ уымæн цы хъуыд, уый зæгъынмæ Сашкæ сарæхст, стæй, æвæццæгæн, йæ цæстæнгасæй дæр йæ ракæнонхуыз æнцон бахатæн уыд, æмæ лæппу уайтагъд иуварс алæууыд.

— Æз директор нæ дæн, — загъта йын иннæ сылгоймаг, гыццыл уатгондмæ куы бацыд, уæд. — Æз хайады хицау дæн, фæлæ дæ цы хъæуы, уый мын уæддæр зæгъ.

— Ахæм диссаг никуыма федтон, — райдыдта Сашкæ, — лæууы æмæ мæ хуыцауы ницæуыл... Уæд ын цы кодтон?

— Мæсты ма кæн, æрсабыр у, — сдзырдта йæм хайады хицау.

— Знон æнæхъæн бон мæ куысты уыдтæн... Дуканийы къæсæрæй кæсгæ дæр не ’рбакодтон, уый та мыл тугтæ мысы, цыма уæ дуканийы цыдæр бæллæхтæ сарæзтон. Афтæмæй ма дуканийы дæр куы уыдаин!

— Уыцы ныхæстæ дын чи загъта?

— Уæртæ кæсæгты хайады лæууы.

— Уæддæр, дам, цы бакодтай?

— Цыдæр бæллæхтæ, дам, сарæзтай дуканийы. Афтæмæй дуканийы æмгæрæтты дæр нæ ауадтæн.

— Уæдæ цæуыл тыхсыс, кæд ницы аххосджын дæ, уæд? Ды нæ уыдтæ, æмæ ууыл ахицæн.

— Уый та мын алывыд акалдта. Æмæ мæ цы нæ схуыдта!..

— Цы дæ схуыдта?

— Хъазимæ мæ абарста.

Хайады хицау бахудти. Сашкæ та ногæй рамæсты, йе ’фсæр та иу ран нал лæууыд. Йæ дæндæгты къæс-къæс ссыд.

— Цом-ма æмæ хъуыддаг бæлвырддæр равзарæм, — загъта хайады хицау.

Æмæ, Сашкæ йæ фæдыл, афтæмæй кæсæгты хайадмæ бацыдысты.

— Розæ, цы ’рцыди ам? — сабыргай йæ бафарста хайады хицау.

Розæ дæр ын сындæггай, — афтæ ма иу дохтыр иннæимæ фæдзуры сæ цуры уæвæг рынчыны тыххæй, афтæ вæййы тæрхондоны æмæ милицæйы дæр, кæд сындæггай фæныхас кæнынц, уæддæр. Кæй тыххæй фæдзурынц, уыдонæй сæ æппындæр ницы æфсæрмы вæййы.

— Дысон йæ сæр-йæ фат нал æмбæрста, дуканийы хъæлæба систа æмæ йын æй абон йæ зæрдыл куы ’рлæууын кодтон, уæд ма йыл, марадз зæгъай, кæд сæтты. Стæй ма йæхи мæстджыны хуызæн скодта.

Сашкæйыл та зыр-зыр бахæцыд. Зыр-зыр та йыл бахæцыд, хайады хицау Розæмæ хъусгæйæ йæ сæр разыйы тылд куыд кодта, уымæ кæсгæйæ. Сылгоймæгтæ, кæд Сашкæмæ нæ кастысты, уæддæр æмбæрстой, уый бынаты алчи дæр йæхи кæй схъуынтъыз кæнид.

Сашæ ’фырмæстæй фæйнæрдæм тыдта, фæлæ йе ’ппæт тыхтæй архайдта йæхи сабыр дарыныл.

— Сусæгæй дзурыны сæр та дзы цæмæн хъæуы? — бафарста Сашкæ.

Хайады хицау æмæ йæм Розæ кæсгæ дæр нæ ракодтой. Ныхас кодтой.

— Æмæ цы бакодта?

— Банызта, фæлæ йын не сфаг æмæ та ногæй æрбацыд. Нозт уæй кæнын афон нал уыд. Уый та домдта.

— Телефонæй адзырдтат?

— Любкæ ацыд телефонæй адзурынмæ, фæлæ уый кæд цыфæнды расыг уыд, уæддæр хъуыддаг бамбæрста æмæ йæхи айста. Æнæуаг дзыхæй нæм дзырдта...

— Хъусут-ма, — дарддæр дзурын сæ нал бауагъта Сашкæ. — Нæ уыдтæн знон æз дуканийы. Нæ уыдтæн! Æмбарут? Нæ уыдтæн æз знон дуканийы. Уый бамбарын уæ бон у?! Уырыссагау уын куы дзурын: знон æз дуканийы нæ уыдтæн.

Розæ æмæ йæм хайады хицау кастысты æмæ ницы дзырдтой.

Уæдмæ рады лæууæг адæм сбирæ сты. Алырдыгæй хъуысын райдыдта:

— Ныууадзут-ма, уæ хорзæхæй: уыдтæн, нæ уыдтæн!

— Адæм æнхъæлмæ кæсынц, уый нæ уынут!

— Куыд ис афтæ кæнæн? — раздæхт Сашкæ адæммæ. — Æз знон дуканийы æмгæрæтты дæр нæ ацыдтæн, афтæмæй мыл цавæрдæр загъд-замана æрымысыдысты. Уæд сæ афтæмæй куыд ныууадзон?

Иу ацæргæ плащджын лæг размæ рахызт.

— Банцай, — знон, дам, дуканийы нæ уыдтæн! Алы изæр дæр ам дæ хуызæттæй фезмæлæн нæ вæййы. Зæгъынц дын, уыдтæ, уæд ыл басæтт. Уæдæ æндæр искæмæ цæуыннæ амонынц.

— Цытæ дзурыс, уыдон изæрыгæтты æддæмæ цæуынц! — сдзырдтой радылæуджытæй чидæртæ.

— Газеттæ фæкæсынц.

— Сæ ныхмæ иу ныхас дæр ма сдзур! Акæс-ма уымæ, хуыцауы тыххæй, уæйгæнæгмæ къахсæттæгау куыд ныллæууыд.

— Ардаугæ уæ счынди æви цы? — сæ ныхмæ фæлæууынмæ хъавыд Сашкæ, фæлæ йæ бон ницы суыдзæн, уый бамбæрста. Нæ, уыйбæрц адæмы нæ басæтдзæн. Иунæг дæр дзы йæ фарс нæу.

— Дæ куысты кой кæн, — загътой Розæйæн. — Æнцад кус. Дзæгъæл ныхæстæм ма хъус.

Сашкæ уынгмæ рацæйцыд. Рады цы плащджын лæууыд, уый ма йæ фæстæ адзырдта:

— Арахъхъ дæс сахатыл уæй кæнын райдайынц! Æгæр раджы цыд фæдæ!

Сашкæ уынгмæ рахызт, æрлæууыд, тамако сдымдта.

— Уыдон æвзæл лæгтæ сты, — загъта Машæ.

— О, лæгтæ, устытæ... — бахъуыр-хъуыр кодта Сашкæ. Ногæй та райдыдта. Ехх... Æмæ, дам, уыцы ницæйагмæ мæстæй ма аскъуын.

Сашæ сфæнд кодта плащджыны рацыдмæ банхъæлмæ кæсын. Хъуамæ йемæ аныхас кæна. Уæдæ уый куыд у? Æнæбафæрсгæ йын нæй: цъаммардзинады фарс кæдмæ хæцдзыстæм? Стæй йæ цы хъуыддаг уыди? Зæвæттæсдæрæг æй чи баххуырста? Уый цавæр æгъдау у? Кæдмæ хæцдзыстæм æдзæсгом уæйгæнæджы, чиновничы, цыбыр ныхасæй, цъаммарты фарс? Цыфæндыйæ дæр сын хъуамæ къæссайы комылхæцæг фæлæууæм, сæ зæрдæ сын балхæнæм. Иууылдæр нæхи аххостæ сты. Нæхæдæг сбирæ кодтам æдзæсгæмтты нымæц. Æндæр ранæй нæм сæ ничи æрбаласта, парашютæй нæм сæ не ’рæппæрстой...

Ахæм хъуыдытæ зилдух кодтой Сашкæйы сæры. Уалынмæ плащджын дæр рахызт.

— Байхъус-ма, — Сашкæ йæм фæцæйцыд. — Демæ мæ аныхас кæнын фæнды...

Плащджын æрлæууыд æмæ Сашкæмæ хæрам каст бакодта.

— Цы ныхасаг нын ис?

— Уæйгæнджыты сæрыл цæмæн радзырдтай? Æз æцæгæй нæ уыдтæн знон дуканийы...

— Адде у, дæ нозт уал ссæуын бауадз! Бамбæрстай? Стæй мæ уæд æруром... «Демæ мæ аныхас кæнын фæнды!» Æз дын ахæм «аныхас кæнын» зæгъдзынæн!.. Дæуимæ æндæр ран ныхас кæнын хъæуы!..

— Æрра фæдæ æви цы?

— Ахæм æрра дæ фæуыдзæн, æмæ диссаг! Ныртæккæ дын æз де ’рра дæхирдыгæй фæкæндзынæн. Афтæ-ма мæм фæкæс... Дзæгъæлдзу!

Плащджын фæстæмæ дуканийы фæмидæг. Сашкæ йæ куыд бамбæрста, афтæмæй телефонæй адзурынмæ.

Цыма иууылдæр дзырд бакодтой, уыйау æмхуызонæй йæ ныхмæ куыд сыстадысты. Сашкæйæн чысыл фенцондæр. Милицæмæ нал банхъæлмæ каст. Хæйрæджыты амæттаг фæуæнт... Иунæг ма куы уыдаид, уæд ма, чи зоны, фæлæууыдаид, хъуыддаг цæуыл ахицæн уыдзæн, уый уæддæр базыдтаид, фæлæ йын сывæллонимæ уыйбæрц фадæттæ нæ уыд.

Машæимæ сæхимæ рацыдысты. Фæндагыл Сашкæ йæхинымæр дис кодта, адæмыл цы ’рцыд, сæхи цæмæн афтæ дарынц, зæгъгæ.

Гыццыл чызгыл та дзых базад. Æрдæбонсарæй йæ фыд уыцы устытæ æмæ лæгтимæ куы загъд кодта, уæд дзы иу ныхас дæр нал хауд. Ныр æм ничи кæсы. Сашкæйы уыцы хабар дисы бафтыдта. Уыдон, дам, æвзæлтæ сты, уымæн æмæ, дам, папæимæ хыл кодтой. Сашкæ чызджы къухыл хæцгæ цыди. Цæмæдæр гæсгæ йæ цæстытæ доны разылдысты.

— Мæ гыццыл хъæбул... Цымæ уыдæттæ иууылдæр æмбарыс?

Сашкæ сæхимæ йæ ус Верæйæн дуканийы цаутæ радзурынмæ хъавыд, фæлæ йæм æрæджиау фæсмон æрцыд æмæ йæ ныхас æрдæгыл фæуагъта.

— Цы ’рцыди уæддæр, цы?

— Хæйрæджыты амæттаг фæуæнт! Æдзæсгом, æфхæрæн ныхæстæ мын фæкодтой æмæ цы! Ахæм хабæрттæ иу æмæ дыууæ вæййы?

Йæ зæрдыл та плащджын æрбалæууыд. Дзæвгар азтæ йыл цæудзæн, бирæ фæцард... æмæ дзы цы рауад? — тæппуд, зæвæттæсдæрæг. Уайтагъд телефонмæ фæци — милицæмæ дзырдта! Цымæ уый ныронг куыд фæцард? Цы ми кодта царды? Чи зоны æмæ йæ зæрды кæрон дæр никуы æрæфтыд, козбау уæвын æппындæр хорз кæй никуы уыд. Никæм, никуы æмæ ницыхуызы. Уæвгæ, уый нæ зонгæйæ фæцæрæн куыд ис? Цымæ æцæгæй дæр куыд фæцард? Цытæ арæзта? Сашкæ ма йæ уымæй размæ дæр фендтытæ кодта. Сæ бакомкоммæ фарастуæладзыгон хæдзары цæры. Уæд та йæ бацагурид? Кæцы фатеры цæры, уымæй искæй бафæрсдзæн, исчи йæ зондзæн...

Фæцæуон æм! — скарста Сашкæ. — Йемæ аныхас кæнон. Уыцы сæрхъæн мæ кæимæдæр кæй фæивддзаг кодта, уый йын бамбарын кæнон. Знон дуканийы кæй нæ уыд, уый та, хъуыддаг нæ бамбаргæйæ, йæ ныхмæ дзæгъæлы кæй радзырдта... Æнæуи дæр аныхас кæнон. Чи зоны, кæд, мыййаг, иунæгæй цæры...

— Тамако æлхæнынмæ цæуын, — загъта Сашкæ йæ усæн.

— Ныртæккæ дуканийы нæ уыдтæ?

— Ферох мæ.

... Иу лæппу Сашкæйы ныхæстæм гæсгæ Чукаловы базыдта.

Уый æртын æхсæзæм фатеры цæры.

— Иунæгæй?

— Цæмæн? Уым зæронд ус дæр цæры. Цы кæны?

— Ницы. Ныхасæн мæ хъæуы.

Дуар байгом кодта хæдзары хицау йæхæдæг. Сашкæ кæй агуырдта, уый разынд. Йæ мыггаг Чукалов.

— Дæ хорзæхæй, ма фæтæрс, — сдзырдта уайтагъд Сашкæ, — æз дын бамбарын кæнынмæ хъавын...

— Игорь! — хъæрæй сдзырдта Чукалов.

Лæг тæрсгæ нæ фæкодта, цавæрдæр æнæбæрæг æхсызгонæй каст уазæгмæ, йæ хъоппæг сау цæстытæ йæм ныццарæзта, æмæ, бæрæг уыд, цыдæр æхсызгондзинадмæ кæй æнхъæлмæ каст...

— Æз дын бамбарын кæнынмæ хъавын...

— Ныртæккæ бамбарын кæндзынæ... Игорек!

— Цы ’рцыди? — рæбынæй райхъуыст нæлгоймаджы хъæлæс.

Сашкæ æнæнхъæлæджы рагъæнмæ фæкомкоммæ æмæ йæ бынатæй фезмæлыд... Чукаловмæ, æвæццæгæн, афтæ фæкаст, цыма Сашкæ цæуынмæ рахъавыд, æнæнхъæлæджы йын йæ тыхджын къухæй йæ дысыл фæхæцыд æмæ йæ тар цæстытæ мæстджын æрттывд фæкодтой... Лæгæй цыди арахъхъы тæф. Сашкæмæ уыдæттæ афтæ диссаг фæкастысты, æмæ йæм йæхи атоныны зонд дæр не ’рцыд, æрмæст йæ къух базмæлын кодта, цæмæй йын Чукалов йæ дысимæ йæ буар мауал æлхъива.

— Игорь!

— Цы кæныс? — Игорь рацыд. Æвæццæгæн, йæ фырт уыд. Уымæн дæр сау цæстытæ, цыдæр доны зылд уыдысты. Фидæрттæ лæппу. Йæ тæф йæ сæрмæ калд. Аходæн æмæ арахъхъæй стæвд...

— Ацы адæймаг мæ дуканийы бафхæрдта... Нæмынмæ мæ хъавыди. — Чукалов Сашкæйы дыс нæма суагъта.

Игорь Сашкæмæ комкоммæ бакаст.

— Суадз мæ, лидзынмæ нæ хъавын, — сдзырдта Сашкæ æмæ йæ мидбылты бахудт. — Мæхæдæг уæм куы ’рбацыдтæн.

— Суадз æй, — барджынæй загъта Игорь. Сашкæмæ фæрсæджы каст кодта.

Чукалов Сашкæйы дыс суагъта.

— Хъуыддаг цæй мидæг ис, уый зоныс? — куыд гæнæн ис, афтæ лæгъздæр хъæлæсæй сдзырдта Сашкæ æмæ йæ къухтæ кæрæдзиуыл æрсæрфта. — Æфхæргæ мæн бакодтой, дæ фыд та...

— Мæ фыды та нæмынмæ хъавыдтæ?

— Цæмæн?

— Æгонгæй, дуканийы цур мæ размæ бабадт...

— Мæн базонын фæндыд, козбау цæмæн дæ, уый.

Уый фæстæ Сашкæ тахти сæрбихъуырæйттæгæнгæ... Игорь ын йе ’фцæгготыл фæхæцыд, Сашкæ уый æнхъæл нæ уыди. Иу-дыууæ хатты йын йæ сæр дуарыл нытътъæпп ласта, стæй дуар фегом кодта, къæсæрæй йæ иуварс аласта æмæ йæ асинтыл бынмæ рауагъта. Сашкæ куыддæртæй йæ къæхтыл лæугæйæ баззад. Хуыцау хорз, æмæ ма асинты хæцæныл фæхæст, æндæр йæхи ныппырх кодтаид. Уæле дуары тыхджын гуыпп райхъуыст.

Сашкæйы цыма зилгæдымгæ хæрдмæ систа, уæлдæфы йæ цалдæр хатты æрзылдта æмæ йæ фæстæмæ зæххыл ныццавта, афтæ йæм фæкаст. Хабæрттæ æрцыдысты тынг цыбыр рæстæгмæ. Сæрызонд уайтæккæ ацахста, цы кæнын æй хъæуы, уый. Асинтыл иучысыл рæстæг алæууыд. Стæй тагъд-тагъд бынмæ згъорæгау акодта. Сæ тыргъы йын цы замманай дзæбуг ис, уый йæ зæрдыл æрбалæууыд. Ногæй та сæм ныдздзæнгæрæг кæнын хъæуы. Дуар хистæр куы бакæна, уæд æй иуварс асхойдзæн æмæ мидæмæ фæцагайдзæн. Игорь æй куы бакæна, уæд та ноджы хуыздæр. Уыцы сылгоймаджы ныхæстæ йын цытæ ракъахтой. Дуканийæ раздæр куы рацыдаид, уæд дзы иу дæр нæ уыдаид æмæ иннæ дæр. Игорь æй йæхæдæг куы байгом кæна, уæд галиу уæраджы сæрæй дуар уæрæхдæр байтындздзæн æмæ йæм йæ къах быцæу фæцараздзæн. Афтæ куы нæ уа, уæд дуар рассонынмæ фæцарæхсдзæн æмæ цæфæй ницуал рауайдзæн.

Сашкæ куыддæр подъездæй разгъордта, афтæ ауыдта: кæрты дуканийæ æрбацæйтахт йæ ус Верæ. Бæрæг уыд, цæмæйдæр тынг кæй фæтарст. Сашкæйæн йæ къæхтæ йæ быны фæдыдагъ сты. Банхъæлдта, сывæллæттæй искæуыл исты æрцыд — кæнæ Машæйыл, кæнæ гыццылыл, къахæй цæуын нырма ныртæккæ чи райдыдта, ууыл. Сашкæйы бон фыртарстæй ныхъхъæр кæнын дæр нал баци... Æрлæууыд, Верæ йæ йæхæдæг ауыдта æмæ йæм базгъордта.

— Цы кæныс? — афарста йæ Верæ.

— Уый ды цы кæныс?

— Цавæр лæгтæ сты? Кæимæ та хыл кæныс? Машæ мын цавæрдæр лæгты кой кодта. Чи сты уыдон? Хуызы цъыртт дæ куынæуал ис?

— Куыннæуал мæ ис хуызы цъыртт?

— Мауал мæ фæлив, Сашкæ, ницы мæ бамбæхсдзынæ. Дæ хуыз бынтондæр куы фæлыгъд. Цы ’рцыди, зæгъын? Кæимæ фæхыл дæ?

— Никæимæ фæхыл дæн.

— Ма сай! Афтæ мын нæ загътай, дуканимæ цæуын, зæгъгæ? Уæд кæм уыдтæ?

 

Сашкæ ныхъхъус. Ныр, æвæццæгæн, йæ фæндтæй ницыуал рауайдзæн. Дзæвгар рæстæг йæ бынаты сагъдауæй фæлæууыд. Йæ сæр бынмæ уагъд, афтæмæй æнхъæлмæ каст, йæ маст ссæудзæн æви йæ æппæт цæлхдурты сæрты дæр дзæбугимæ Игорьмæ цæуын бахъæудзæн.

— Сашкæ, мæ ахсджиаг, цом нæхимæ, нæхимæ цом, хуыцауæй курæгау дæ курын, — лæгъстæ кодта Верæ, куыддæр æгъдауæй йæ лæджы уавæр бамбаргæйæ. — Цом нæхимæ, сывæллæттæ нæм æнхъæлмæ кæсынц. Иунæгæй сæ ныууагътон... Ныууадз, уыдон дæ ницæмæн хъæуынц. Сашенькæ, мæ зæрдиаг, махыл ахъуыды кæн. — Верæ йæ лæджы къухыл ахæцыд: — Тæригъæд нын нæ кæныс?

Сашкæйы цæстытæ доны разылдысты... Йе ’рфгуытæ æрбалхынцъ сты. Мæсты хуыфт скодта. Йæ къух йæ дзыппы атъыста, сигаретты къопп дзы фелвæста, йæ ризгæ æнгуылдзтæй дзы иу сигарет систа æмæ йæ сдымдта.

— Дæ къухтæм-ма бакæс, сæ зыр-зырæй куынæуал æнцайынц. Цом.

Сашкæ сындæггай йæ къух суæгъд кодта... æмæ сæхимæ араст. Коммæгæс сывæллонау.

САЛАМ ЦЪÆХÆН

Чысыл ма бахъæуа, Михаил Алыксандыры фырт Егоров ус ма ракура. Наукæты кандидат, дæргъæлвæс, хъуыдыдзаст, кæсæнцæстджын лæппу.

Иу чызг, чызг, зæгъгæ, сылгоймаг æй фырбуцæн хуыдта Мишель. Кæсæнцæстджыны зæрдæмæ уый бынтон тынг нæ цыд. Уырыссаг зондджын адæймаджы хъус нæ рæвдыдтой уыцы æцæгæлон «Мишельтæ», «Базильтæ», «Анджтæ». Æфсæрмы сæ кодта, тыхсти сæ, фæлæ уый тыххæй йæ зонгæ сылгоймагæн ныронг никуыма ницы загъта. Уыцы хъуыддаг фæстæдæрмæ æргъæвта. Ныр та уал «Мишелæн» дæр быхста, стæй канд «Мишелæн» нæ. Йæ зонгæ сылгоймагимæ хъæлдзæгæй æрвыста йæ рæстæг, уыимæ-иу ын кæддæриддæр хæрз æнцон уыд. Йæ ном хуынди Катя, фæлæ та уый дæр «Кэт»-æй агæпп ласта. Мишель Кэтимæ базонгæ, йæхæдæг дæр хорз кæй нæ зыдта, ахæм адæмы хæдзары. Цыдæр бæрæгбон сæм уыди, æнхъæлдæн, кæмæндæр йæ гуырæн бон бæрæг кодтой. Кэт дæр уыди уым. Мишель иучысыл уæлдай анызта æмæ фæныфсджын. Кæддæр афтæ рауад, æмæ Кэты сæхимæ ’рбахæццæ кодта, йемæ иумæ бацыд æмæ сæумæцъæхтæм йæ гыццыл, фæлæ хæрзæфснайд фатеры худтысты, ныхæстæ кодтой. Мишелæн æнæнхъæлæджы æхсызгондзинад æрхаста, йæ ног зонгæ зондджын, дзырдарæхст æмæ уæндон сылгоймаг кæй разынд, уый... Фæлæ та амæ дæр цыдæр аиппытæ раиртæста. Йæ ныхас æм æгæр ивазгæ фæкаст, стæй йын цыма æнæбары дæр нæ уыди. Ноджы йæхи куыддæр æнахуыр дардта. Уæвгæ йын ницы у, фæлæ уæддæр цæмæн хъæуы уый. Кандидатмæ афтæ дæр фæкаст, цыма, йæ зæрдæмæ цæмæй фæцæуа, ууыл архайдта Кэт, æмæ ма йæхицæй дæр фæбузныг. Сылгоймаджы фæнды, цæмæй уа тынг нырыкконхуыз, зæрдæмæдзæугæ. «Æдылы къоппа, — хъуыдытæ кодтæ райсомæй сæхимæ здæхгæйæ Мишель, — цыма нырыккон ахæм митæй суыдзæн». Кандидаты риуы райгуырд йæхиуыл æууæндындзинады фидар ныфс æмæ зæрдæйæн æхсызгондзинадхæссæг сæрибардзинадмæ тырнындзинад. Йæ цард æм цæмæдæр гæсгæ фæкаст рæсугъддæр, сæвзæрд æм цыдæр бæллиццаг нысанмæ тырнындзинад. «Æз æй баууæндын кæндзынæн хуымæтæдж<



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.