Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ХЪÆУУОН ЦÆРДЖЫТÆ



ХЪÆУУОН ЦÆРДЖЫТÆ

«Цы, уый зоныс, Дыдта, нæ фæлæ-ма зæронды ’рдæм баздæх, æмæ ардæм рацу. Мæскуы дæр фендзынæ, стæй æнæуи дæр. Фæндаггаг дын æхца арвитдзынæн. Æрмæст хæдтæхæгæй — афтæмæй асламдæр сыстдзæн. Æвæстиатæй мæм тел ратт, цæмæй, дæ размæ кæд рацæуын хъæуы, уый зонон. Сæйрагдæр, тæрсгæ мацæмæй кæн».

Зæронд ус Маланья ацы фыстытæ бакаст, æмæ йæ хус былтæ фæцъупп сты, хъуыдыты аныгъуылд.

— Павел мæ йæхимæ хоны, — загъта зæронд ус Шуркæйæн æмæ йæм йæ кæсæнцæстыты сæрты бакаст. (Шуркæ Маланьяйæн йæ чызджы лæппу у. Йæ чызджы цард ничердæм рæвдз кодта: чындзы æртыккаг хатт ацыди. Зæронд ус ын ныллæгъстæ кодта, лæппуйы уал мæнмæ уадз, зæгъгæ. Йæ хæрæфырты бирæ уарзта, фæлæ йын йæ бар йæхи нæ уагъта).

Шуркæ йæ уроктыл бадти. Йæ мадымады ныхæстæн ницы дзуапп ратта, æрмæст йе уæхсчытæ батылдта, кæд дæм сиды, уæд ацу, зæгъгæ.

— Дæуæн каникултæ кæд уыдзæн? — бафарста йæ зæронд ус тызмæгхуызæй.

Шуркæйы хъустæ фæхъил сты.

— Кæцы каникултæ? Зымæджы?

— Уæдæ кæцы? Дæумæ гæсгæ сæрды каникултæ?

— Фыццæгæм январæй фæстæмæ. Цæмæн дæ хъæуы?

Зæронд усы былтæ та фæцъупп сты. Бæрæг уыд, хъуыдыты кæй аныгъуылд.

Шуркæйы зæрдæ æнахуыр диссаджы рыст скодта. Иуæй дзы æхсызгондзинад ахъардта, иннæмæй та дзы сагъæс дæр фæзынд.

— Цæмæн дæ хъæуы? — ногæй та йæ бафарста лæппу.

— Афтæ дæ æнæуи бафарстон. Дæ ахуыры куыст кæн. — Зæронд ус писмо йæ раздарæны дзыппы амбæхста, йæ кæлмæрзæн йæ уæлæ баппæрста æмæ хæдзарæй рацыд.

Шуркæ рудзынгмæ фæци, кæддæра кæдæм фæцæуы, зæгъгæ.

Кулдуары цур Маланья амбæлд сæ сыхæгты усыл æмæ йын хъæрæй дзурын райдыдта:

— Павел мæм сæрвыста, Мæскуымæ мæ хоны. Цы чындæуа, уымæн ницы зонын. Мæ зонд æй нæ ахсы. Рацу, дам, Дыдта, дæ фенынмæ, дам, мæ былыцъæрттæ хæрын.

Сыхæгты ус ын цыдæртæ дзырдта. Шуркæ сæ нæ хъуыста, фæлæ та йæм уæдмæ Маланьяйы ныхæстæ дзæбæх æрбайхъуыстысты.

— Кæйдæр загъдау, ацæуын дæр мын æмбæлы. Мæ хъæбулы хъæбулты къамы йеддæмæ никуыма федтон, фæлæ тæрсгæ кæнын...

Сæ цуры ма æрлæууыд дыууæ усы, уый фæстæ ма сыл иу бафтыд, стæй ма ноджыдæр... Цыбыр рæстæгмæ йыл æнæхъæн сых æрæмбырд сты, æмæ та-иу ногæй дзурын райдыдта:

— Павел мæм сæрвыста, Мæскуымæ мæ хоны. Цы бакæнон, уымæн ницы зонын...

Бæрæг уыд, иууылдæр ын «ацу» кæй дзырдтой, уый.

Шуркæ йæ къухтæ дзыппыты нытътъыста æмæ уаты сдыууæрдæм. Йæ цæсгом уыд бæллицтæ æмæ хъуыдытæй дзаг. Раст йæ мадымады цæсгомы хуызæн. Æнæуидæр æй цæрмыстыгъд бакодта. Йæ мадымады хуызæн уый дæр уыд къæсхуыртæ, тыппыррус, зæронд усы хуызæн ын уыди гыццыл зондджын цæстытæ. Фæлæ удыхъæдæй фæйнæхуызæттæ уыдысты. Маланья уыди цырд, нуарджын, хъæргæнаг, алцы зонынмæ тырнæг. Шуркæ дæр алцæмæ дæр цымыдис уыд, фæлæ æгæр фырнымд, хæдæфсарм æмæ тæргайгæнаг.

Изæрæй Мæскуымæ фыстой телеграммæ. Шуркæ фыста, зæронд ус та йын дзургæ кодта.

— Мæ зынаргъ хъæбул, Пашæ, кæд дæ ме ’рцыд афтæ тынг фæнды, уæд æз æрцæудзынæн. Æрмæст æгæр фæзæронд дæн æмæ...

— Алы бон æгас цу! — загъта Шуркæ. — Ахæм телеграммæтæ æрвитгæ кæд федтай?

— Уæдæ йæ дæумæ гæсгæ куыд хъæуы?

— Фæцæуæм. Стъæлф. Кæнæ та мæнæ афтæ: «Ног азы фæстæ æрцæудзыстæм. Стъæлф». Æмæ дзы бынæй дæ къух бафысс: «Дыдта». Æмæ ууыл ахицæн.

Зæронд ус ма тæргай дæр фæцис.

— Шуркæ, æхсæзæм къласмæ цæуыс, фæлæ дæ сæры ницы ис. Иучысыл истытæ зонын хъæуы.

Ныр та Шуркæйы зæрдæмæ нæ фæцыдысты зæронд усы ныхæстæ.

— Табуафси, — загъта уый. — Афтæ дæрдтыл куы ’вналæм, уæд нæ цымæ цас æхца бахъæудзæн? Зæронд æхцатæй нымайгæйæ æппынкъаддæр дыууæ туманы.

Маланьяйы былтæ та фæцъупп сты.

— Уæдæ фысс: «Мæ хъæбул, æз ам кæимæдæрты ауынаффæ кодтон æмæ...»

Шуркæ йæ ручкæ иуварс æрæвæрдта.

— Мæнæн афтæ мæ бон нæу. Кæй хъæуынц дæ уынаффæтæ? Посты ныл сæхи худæгæй схæсдзысты.

— Цы дын дзурынц, уый фысс, — фæхъæр ыл кодта зæронд ус. — Мæ фырты тыххæй мæ бон дыууæ туманы бафидын нæу æви цы?

Шуркæ та ручкæ райста, йæ цæсгомыл æнæрвæссон æнцъылдтæ фæзынд, афтæмæй гæххæттыл ныггуыбыр.

— Мæ зынаргъ хъæбул, Пашæ, æз ам мæ сыхæгтимæ аныхас кодтон, æмæ мын иууылдæр загътой, ацу, дам. Кæй зæгъын æй хъæуы, зæронд дæн æмæ тæрсгæ дæр кæнын...

— Посты йæ уæддæр афтæмæй нæ ауадздзысты, — зæронд усы ныхæсты ’хсæн йæхи фæтъыста. Шуркæ.

— Уæдæ-ма йæм бавналæнт!

— Ды йæ зонгæ дæр нæ бакæндзынæ.

— Фысс дарддæр: «Кæй зæгъын æй хъæуы, чысыл тæрсгæ дæр кæнын, фæлæ цы уа, уый уæд. Ног азы фæстæ цæуæм. Стъæлф. Шуркæимæ. Сдынджыр и. Ницы йын у, коммæгæс лæппу у...»

Шуркæ фæуагъта, «сдынджыр и» æмæ йæ «коммæгæс» кæм рахуыдта, уыцы бынат.

— Уыимæ афтæ тынг нæ тæрсдзынæн. Афтæмæй уал хæрзбон рау, мæ хъæбул. Мæхæдæг дæр уæ тынг мысын. Дæ хъæбулты уæддæр фендзынæн. Стъæлф. Дыдта.

— Банымайæм сæ, — æртхъирæнгæнæгау загъта Шуркæ æмæ пъеройы фындзæй фыстытæм амонгæйæ ныллæг хъæлæсæй нымайын райдыдта:

— Иу, дыууæ, æртæ, цыппар...

Зæронд ус йæ чъылдыммæ лæууыд æмæ æнхъæлмæ каст.

— Фæндзай аст, фæндзай фараст, æхсай! Афтæ нæ? Æхсай хатт кæнæм æртыныл — мин астсæдæйы? Нæ? Уарæм æй сæдæйыл — рауад нæм æстдæс... Дыууæ туманæй фылдæр сты! — фæуæлахизуæвæджы хъæлæсæй загъта Шуркæ.

Зæронд ус телеграммæ райста æмæ йæ йæ дзыппы нывæрдта.

— Мæхæдæг ацæудзынæн постмæ. Æз дæ нымæдтытыл не ’ууæндын.

— Табуафси. Уым дæр дын афтæ зæгъдзысты. Кæд фæрæдыдтæн, уæддæр иу цалдæр капеччы.

Иу-иуæндæс сахатыл сæм æрбацыд сæ сыхаг, скъолайы хæдзарады хицау Лизунов Егор. Зæронд ус ын йæ бинонтæн бафæдзæхста, куыстæй куы ’рбацæуа, уæд-ма-иу нæм æрбауайæд, зæгъгæ. Егор бирæ хæтæнты ахатти, хæдтæхджыты дæр тахт æмæ йæ хъуамæ афарстаид.

Егор йæ цыбыр кæрц æмæ йæ хъусджын худ фелвæста, йæ дæрзæг армытъæпæнтæй, бирæ урсытæ кæм фæзынд, уыцы сæрыхъуынтæ æрлæгъз кодта æмæ стъолы уæлхъус æрбадт. Уаты хос æмæ бæхы ифтындзæн дзаумæтты тæфæй бацæуæн нал уыд.

— Уæдæ, зæгъыс, тæхын сфæнд кодтат, и?

Зæронд ус ныккæндмæ ныххызт æмæ дзы æнæхъæн четверт бæгæны систа.

— Тæхын, уæдæ цы чындæуа? Хабæрттæ-ма мын кæрæй-кæронмæ радзур. Куыдтæ æмæ цытæ вæййы фæндагыл?

— Æмæ дзы дзуринагæй дæр цы ис? — Егор зыд цæстæнгасæй нæ, фæлæ иучысыл сæрыстыргомауæй касти, Маланья агуывзæйы бæгæны куыд уагъта, уымæ. — Горæтмæ куы ссæуат, уæд Бийскæй Омскмæ чи цæуы, уыцы поезды сбаддзыстут. Уым Новосибирскмæ бахæццæ уыдзыстут. Куы рахизат, уæд искæй бафæрсдзыстут, горæты уæлдæфон кассæтæ кæм сты, зæгъгæ. Уæ бон у комкоммæ аэропортмæ ацæуын.

— Фæлæуу-ма, фæлæуу, ифтындзгæ дæ счынди: уæ бон у, уæ бон у. Цы нæ бон у, уыдæттæ нын ма дзур, фæлæ куыд хъæуы, уый нын бацамон. Стæй сындæгдæр дзур. Кæннод сæ иууылдæр кæрæдзиуыл самадтай. — Зæронд ус Егоры цур агуывзæйы дзаг бæгæны æрæвæрдта æмæ йæм уыцы тызмæгхуызæй бакаст.

Егор йе ’нгуылдзтæй агуывзæмæ бавнæлдта, цалдæр хатты йæ фæлмæн æрсæрфта.

— Иу ныхасæй, ныццæудзыстут Новосибирскмæ æмæ æвæстиатæй базондзыстут, аэропортмæ кæуылты цæуын хъæуы, уый. Шуркæ, мæ ныхæстæ дæ зæрдыл дар.

— Шуркæ, фысгæ сæ кæн, — загъта йын Маланья.

Шуркæ тетрадæй сыгъдæг сыф раскъуыдта æмæ фыссын райдыдта.

— Толмачевмæ ныххæццæ уыдзыстут æмæ та уым дæр бафæрсдзыстут, Мæскуымæ билеттæ кæм уæй кæнынц, уымæй. Билеттæ балхæндзыстут, ТУ-104-йы сбаддзыстут æмæ фондз сахатмæ Мæскуыйы — нæ Райгуырæн бæстæйы сæйраг горæты балæудзыстут.

Зæронд ус йæ чысыл хус тымбылкъух йæ сæрмæ быцæу сарæзта æмæ æнкъардæй Егормæ хъуыста. Йæ сыхаг цас фылдæр дзырдта æмæ фæндагыл цæуын куыд æнцондæр хуыдта, уый бæрц Маланьяйы цæсгомыл фылдæр сагъæстæ зынд.

— Æрмæст Свердловскы уæ хæдтæхæг æрбаддзæн...

— Цæмæн?

— Афтæ. Уый сымах хъуыддаг нæу. Æрбаддзыстут æмæ ууыл ахицæн. — Егоры нымадмæ гæсгæ ныр иу баназын дæр æмбæлди. — Цæй, фæндараст-иу фæут.

— Чысыл уал фæлæуу. Свердловскы нæхæдæг хъуамæ зæгъæм æрбадыны тыххæй æви се ’ппæты дæр æрбадын кæндзысты?

Егор фыццаг нуазæны фæстæ ныккæрзыдта æмæ йæ рихитæ сæрфынмæ фæци.

— Се ’ппæты дæр. Хорз бæгæны дæм ис, Маланья Василийы чызг. Куыд æй кæныс? Махоны дæр-ма сахуыр кæн...

— Мæрддзæст куынæуал уат, уæд бæгæны дæр хорз уыдзæн.

— Уый та куыд у? — нæ йæ бамбæрста Егор.

— Сæкæр ыл фылдæр кæнут. Кæннод сымах чысыл хæрдзтимæ карз бæгæны агурут. Хуымæллæгыл фылдæр сæкæр кæнут æмæ уæм бæгæны дæр уыдзæни. Бæгæныйыл тамако кæнын худинаг у.

— Уымæй раст зæгъыс, — йемæ сразы Егор. Агуывзæ систа, зæронд ус æмæ Шуркæмæ бакаст æмæ йæ анызта. — Уымæй раст зæгъыс, — йæхи сфæзмыдта Егор. — Фæлæ Новосибирсчы хъæддых фæлæуут.

— Цæмæй?

— Афтæ æнæуи. Цы нæ вæййы, мыййаг... — Егор йæ тамакойы чыссæ систа æмæ сдымдта, йæ рихиты бынты фæздæджы стыр къуыбылæйттæ рауагъта.

— Сæйрагдæр, кæй зæгъын æй хъæуы, Толмачевмæ куы ’рцæуат, уæд уыдзæн. Кассæтæ уын ма фемхæццæ уæнт. Кæннод Владивосточы дæр балæууæн ис.

Зæронд ус скатай æмæ Егорæн æртыккаг агуывзæ дæр рауагъта.

Егор æй уыцыиу нызт акодта, ног та ныккæрзыдта æмæ йæ хъуыды дарддæр дзырдта:

— Афтæ дæр вæййы: адæймаг скæсæйнаг кассæмæ бацæуы æмæ фæзæгъы: «Билет мæ хъæуы». Кæдæм, уымæй йæ фæрсæг нæ фæвæййы. Æмæ адæймаг бынтон æндæр ранмæ атæхы. Уый уæ рох ма уæд.

Зæронд ус Егорæн цыппæрæм агуывзæ рауагъта. Егор бынтондæр æрфæлмæн. Дзурын райдыдта уæлдай зæрдиагдæрæй:

— Хæдтæхæджы тæхынæн, фидар нервытæ хъæуы, тынг фидар! Куы сцæйтæхы, уæд дын уайтагъд къафет авæрдзысты...

— Къафет, зæгъыс?

— Уæдæ куыд æнхъæлдтай. Ома, дам, æппындæр мацæуыл мæт кæн. Афтæмæй та уый æппæты тæссагдæр рæстæг у. Кæнæ та дын, зæгъæм, зæгъдзысты: «Ронæй дæхи æрбабæтт». «Цæмæн?» «Афтæ æмбæлы». «Ахудын мæ кодтат. Æмбæлы... Уæд æй комкоммæ зæгъ: асæрбихъуырæйттæ кæндзынæ æмæ уымæн, æмбæлы нæ, фæлæ».

— Хуыцау, табу дæхицæн! — скуывта зæронд ус. — Кæд æцæг афтæ у, уæд нæ æнæтæхгæ ничи уадзы?..

— Бирæгътæй куы тæрсай, уæд хъæдмæ цæуын нæ хъæуы. — Егор бæгæныйы четвертыл йæ цæстæнгас æрхаста. — Æргом дзургæйæ, реактивонтæ зæрдæдаргæдæр сты. Пропеллерджынтæ кæцыфæнды сахат дæр асæтдзысты æмæ — дæ балгъитæг афтæ... Стæй сæ мотортæ арæх ссудзынц. Иухатт æз Владивостокæй тахтæн... — Егор бандоныл бæстондæр æрбадт, ног тамако ссыгъта æмæ та бæгæнымæ бакаст. Зæронд ус нæ фезмæлыд. — Тæхæм, уæдæ цы уыдаид. Æз рудзынгæй кæсын, кæсын æмæ дын куы ссудзид...

— Хуыцау, фыдбылызæй бахиз! — сдзырдта зæронд ус.

Шуркæ ма йæ дзых дæр ныххæлиу кодта, афтæ зæрдиагæй хъуыста.

— Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, ныхъхъæр ластон. Тæхæг дын мæм куы ’рбазгъорид. Иу цыбыр ныхасæй, мад-фыд мын нал ныууагъта. Бæстæ, дам, дæ сæрыл цы систай. Æдде, дам, судзы, уый дæ хъуыддаг нæу. Æнцад, дам, дæ бынаты бад... Ацы авиацийы ахæм æгъдæуттæ ис.

Шуркæйы уыцы ныхæстæ нæ бауырныдтой. Уый æнхъæлмæ каст, тæхæг арты æвзæгтæ ауынгæйæ, йæ тахтыл бафтаудзæн, цæмæй арт ахуысса, кæнæ æмгъуыдæй раздæр æрбаддзæн, зæгъгæ. Уый та Егоры æлгъитынмæ фæци. Уым цыдæр раст нæ уыди.

— Æз иу хъуыддаг не ’мбарын, — дзырдта дарддæр Егор æмæ Шуркæмæ бакаст, — бæлццæттæн парашюттæ цæуыннæ дæттынц?

Шуркæйы уæхсчытæ базмæлыдысты. Бæлццæттæн парашюттæ нæ фæдæттынц, уый зонгæ дæр нæ кодта. Кæд æцæг афтæ у, уæд ууыл ахъуыды кæнын æмбæлы.

Егор йæ тамако дидинæджы дурыны атъыста, йæхи четвертмæ баивæзта æмæ йæхицæн бæгæны рауагъта.

— Маланья, ахæм бæгæны æрæджыты никуыуал банызтон.

— Æгæр дын ма фæуæд, фæрасыг уыдзынæ.

— Диссаджы бæгæны... — Егор йæ сæр дыууæрдæм ныттылдта æмæ та йæ анызта. — Æллæх! Фæлæ ацы реактивонтæ дæр тæссаг сты. Исты дзы асастис, зæгъгæ, фæрæтау бынмæ хауын райдайы. Де стджытæ дæр дын нал æрæмбырд кæндзысты. Адæймагæй ма æртæфондзыссæдз граммы баззайы. Йæ дзаумæттæ дæр нымады, афтæмæй, — Егор æрфыгæлхынцъæй четвертмæ бакаст. Зæронд ус æй стъолæй райста æмæ йæ иннæ уатмæ ахаста. Егор ма иучысыл абадт, стæй сыстад. Иучысыл цудыдта.

— Цыбыр ныхасæй, мацæмæй тæрсут! — хъæрæй загъта уый. — Æрмæст кабинæйæ дарддæр сбадут — къæдзилмæ æввахс — æмæ тæхут. Цæй, æз цæуон...

Уæззаугай къæсæргæронмæ рацыд, йæ цыбыр кæрц йæ уæлæ баппæрста, йæ худ ныккодта.

— Павел Сергейы фыртæн мæнæй стыр саламтæ ратт. Уæллæй, Маланья, дæ бæгæны æгæр диссаг у...

Зæронд усы зæрдæмæ нæ фæцыд, Егор афтæ тагъд кæй срасыг, уый — зæрдæйы фаг нæ фæныхас кодтой.

— Егор, æгæр слæмæгъ дæ.

— Фæллад дæн, æмæ уымæн афтæ у. — Егор йæ кæрцы æфцæгготæй хъæмпыхал райста. — Бæргæ сын дзырдтон, хос сæрды раласæм, зæгъгæ, фæлæ мæм нæ байхъуыстой. Ныр ацы тымыгъы фæстæ быдыры фæндагбæрæг нал ис. Абондæргъы тухийæ амардыстæм. Тыххæй-фыдæй æввахсдæр цъынатæм бахæццæ стæм. Стæй дæ бæгæны дæр хъæддых уыди... — Егор йæ сæр батылдта æмæ ныххудти. — Цæй, æз цæуон. Мацæмæй тæрсут, тæхгæут. Æрмæст кабинæйæ дарддæр сбадут. Хæрзæхсæв.

— Фæндараст, — загъта Шуркæ.

Егор ацыд. Бæрзонд тыргътæй хъавгæ куыд æрхызт, уый йæ къæхты уынæрæй бæрæг уыд. Кæртытыл ацыд, йæ фæдыл кулдуары хъæр райхъуыст, стæй уынджы сындæггай ныззарыд:

«Парахатæй айтынг и денджыз...»

Æмæ ныхъхъус.

Зæронд ус хъуыдыты аныгъуылгæйæ æнкъардæй талынг рудзынгæй каст. Шуркæ йын Егоры ныхæстæ бакаст.

— Тæссаг у, Шуркæ, — загъта зæронд ус.

— Мах йеддæмæ дзы ничи тæхы æви цы?..

— Уæд та поезды ацæуиккам?

— Поезды? Мæ каникултæ æрмæст фæндаджы фаг йеддæмæ не суыдзысты.

— Хуыцау, табу дæхицæн фæуæд, — сдзырдта зæронд ус. — Уый бæсты Павелмæ писмо ныффыссæм, телеграммæ та скъуынгæ акæнæм.

Шуркæ та йæ тетрадæй ноджыдæр иу сыгъдæг сыф сыскъуыдта.

— Уæдæ нæ тæхæм?

— Кæдæм тæхæм, нæ удтæ нæ къухы хæсгæ. Фæйнæ æртæфондзыссæдз граммы ма нæ куыд баззайа, афтæ?..

Шуркæ хъуыдыты аныгъуылд.

— Фысс: «Мæ зынаргъ хъæбул Пашæ, хъуыддæгтæ бæлвырд чи зоны, уыдонимæ ауынаффæ кодтон, æмæ...»

Шуркæ гæххæттыл ныггуыбыр.

«Уыцы хæдтæхджытыл куыд тæхынц, уыдæттæ нын радзырдтой... Мах Шуркæимæ æрцыдыстæм ахæм хъуыдымæ: сæрды поезды ацæудзыстæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, ныр дæр ацыдаиккам, фæлæ Шуркæйæн йæ каникултæ æгæр чысыл сты...»

Шуркæ иу-дыууæ секунды æнцад алæууыд, стæй дарддæр фыста:

«Ныр та дæм, Пашæ, æз мæхи номæй фыссын. Дыдтайы фæтæрсын кодта Лизунов Егор, не скъолайы хæдзарады хицау, кæд ма йæ хъуыды кæныс. Зæгъæм, мæнæ йын ахæм хабар дæр радзырдта: хæдтæхæджы тæхгæйæ рудзынгæй ракаст æмæ ауыдта, мотор куыд судзы, уый. Æцæг афтæ куы уыдаид, уæд тæхæг йæ цыдыл бафтыдтаид, цæмæй арт ахуыссыдаид. Мæнмæ гæсгæ, ахæм заман афтæ фæкæнынц. Æз куыд хъуыды кæнын, афтæмæй уый федта, судзгæ газтæ цы хæтæлæй фæцæуынц, уый, æмæ бынтон дзæгъæлы фæдис систа. Курын дæ, æмæ Дыдтамæ ныффысс, уым æппындæр тæссагæй кæй ницы ис, æрмæст дæм æз кæй ныффыстон, уый тыххæй йæм иу ныхас дæр ма ныффысс. Кæннод сæрды дæр нæ ацæудзæн. Цæхæрадонмæ зилын хъæудзæн, хуытæ, кæрчытæ, хъазтæ — уыдонæй йæ йæ къах никæдæм ахæсдзæн. Мах цыфæндыйæ дæр нырма хъæууон цæрджытæ стæм. Мæн та Мæскуымæ тынг фæнды. Скъолайы йæ географи æмæ историйæ ахуыр кодтам, фæлæ дæхæдæг зоныс, уый фаг нæу. Стæй ма Егор афтæ дæр загъта, хæдтæхæджы чи фæбады, уыцы бæлццæттæн, дам, парашюттæ нæ дæттынц. Уый та цæттæ гæдыныхас у. Фæлæ йыл Дыдта уæддæр баууæндыд. Курын дæ, Пашæ, æмæ йæ йæхиуыл æрхудын кæн. Дæу тынг бирæ уарзы. Æмæ-ма йын афтæ зæгъ: Дыдта, дæ митæ мæ зæрдæмæ нæ цæуынц, дæ фырт йæхæдæг тæхæг у, Советон Цæдисы Хъæбатыр, бирæ хæттыты йын хæрзиуджытæ раттой, ды та цавæрдæр ницæйаг хæдтæхæджы сбадынæй тæрсыс! Уæлдайдæр ныртæккæйы рæстæджы, хæдтæхæг йæ уынæры разæй куы тæхы, уæд. Афтæ йæм куы ныффыссай, уæд æй ничиуал бауромдзæн. Уый дæуæй сæрыстыр у. Стæй йын сæрыстыр уæвын дæр æмбæлы. Æз дæ мæхæдæг дæр сæрыстыр дæн. Фæлæ мæн Мæскуы фенын тынг фæнды. Афтæмæй уал хæрзбон рау. Саламтимæ — Алыксандыр».

Зæронд ус та йын уыцы заман дзырдта:

— ... Фæззæгмæ æввахс ацæудзыстæм. Уæдмæ зокъо дæр фæзындзæн, исты цæхджынтæ дын аласдзыстæм, кæркмисындзæджы вареннæ. Мæскуыйы сæ иууылдæр æлхæнын хъæуы. Стæй сæ уыдон, æз нæхимæ куыд скæнын, афтæ дæр не скæндзысты. Афтæтæ, мæ хъæбул. Зæрдиаг салæмттæ ратт мæ чындз æмæ сывæллæттæн мæнæй æмæ Шуркæйæ. Æгъгъæд уал фæуæд. Ныффыстай?

— Ныффыстон.

Зæронд ус гæххæтт райста æмæ йыл йæхæдæг адрис ныффыста:

 

«Мæскуы, Ленины проспект, 78-æм хæдзар, 156-æм фатер.

Советон Цæдисы Хъæбатыр Любавин Павел Игнаты фыртмæ.

Фыссы йæм йæ мад Сыбырæй».

 

Адрис æдзухдæр йæхæдæг фæфыссы, уымæн æмæ зоны, афтæмæй тагъддæр кæй ныххæццæ уыдзæн.

— Афтæ, гъе! Шуркæ, тыхсгæ ма кæн. Сæрды ацæудзыстæм.

— Æз ницæуыл тыхсын. Фæлæ ды уæддæр дæхи сындæггай рæвдз кæн: мыййаг, дæ зæрды тæхын куы ’рæфта.

Зæронд ус йæ чызджы лæппумæ бакаст, фæлæ дзургæ ницы скодта.

Æхсæвы Шуркæйы хъустыл уад, зæронд ус пецы сæр куыд рафт-бафт кодта æмæ йæхицæн цыдæртæ куыд дзырдта, уый.

Шуркæмæ дæр хуыссæг хæстæг не ’рцыд. Хъуыдытæ кодта. Хæстæгдæр рæстæджы йæ царды бирæ ногдзинæдтæ æрцæуинаг уыд, ныронг хъуыды дæр кæуыл никуы акодта, ахæмтæ.

— Шуркæ! — фæдзырдта йæм зæронд ус.

— Цы кæныс?

— Павелы, æвæццæгæн, Кремлмæ уадзынц?

— Æвæццæгæн. Уый та дæ цæмæн бахъуыд?

— Уырдæм иу хатт уæддæр бахау...

— Ныртæккæ йæм алкæй дæр уадзынц.

Зæронд ус иуцасдæр ницы дзырдта.

— Æнхъæлмæ кæс, се ’ппæты дын ма бауадзой, — загъта зæронд ус.

— Махæн æй Николай Василийы фырт йæхæдæг дзырдта.

Иуцасдæр та сæ ничиуал ницы сдзырдта.

— Дыдта, ды дæр диссаг дæ: алы ран дæр ныфсджын вæййыс, фæлæ ныр цæмæйдæр фæтарстæ, — загъта Шуркæ уыцы тæргайхуызæй. — Уæд цымæ цæмæй фæтарстæ?

— Бафынæй у, — фæхъæр ыл кодта зæронд ус, — мæлæты хабедзен! Æппæты фыццаг ды дæ сыдзæг байдзаг кæндзынæ.

— Хæснаг кæныс, кæй нæ фæтæрсдзынæн, уый тыххæй?

— Бафынæй у, зæгъын. Райсом та дæ скъоламæ тыххæй хъал кæнын бахъæудзæн.

Шуркæ ныхъхъус.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.