Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Радзырдтæ æмæ повесть



 

Василий Шукшин. Сыгъдæг арвы бын. Радзырдтæ æмæ повесть.

Уырыссаг æвзагæй Дзасохты Музаферы тæлмац

Рауагъдад «Ир», Орджоникидзе, 1980.

 

 

Василий Шукшин

Сыгъдæг арвы бын

Радзырдтæ æмæ повесть

ИГНАХÆ ССЫДИ.. 2

ХЪÆУУОН ЦÆРДЖЫТÆ... 7

ЕРМОЛАЙ.. 11

МАСТ. 13

САЛАМ ЦЪÆХÆН.. 17

УÆЛМÆРДТЫ.. 21

БИРÆГЪТÆ... 24

АБАНА ÆМÆ ЦÆХÆРАДОНЫ ХИЦАУ.. 27

ДЫУУÆ ФЫСТÆДЖЫ.. 30

ИНÆЛАР МАЛАФЕЙКИН.. 33

СТЕПКÆЙЫ УАРЗОНДЗИНАД.. 37

ПЕТЯ.. 40

СЫДЫВД.. 43

ДУН-ДУНЕ, НЕРВОН СИСТЕМÆ ÆМÆ ФИУ.. 46

ÆМБÆСТÆГТÆ... 51

ДАРД КÆМДÆР. 56

 

ИГНАХÆ ССЫДИ

Августы райдайæны иу дзæбæх бон Байкаловтæн ссыди сæ фырт Игнат. Бæрзонд, фæтæнуæхск хæрзконд лæппу. Йæ уæлæ польшæйаг крепæй сау костюм. Йæ дыууæ къухы дæр чумæдантæ уыд, æмæ йæ кулдуар къахæй гом кæнын бахъуыд. Мидæмæ куы бахызт, уæд æрлæууыд, йæ райгуырæн хæдзары кæрты къуымтыл йæ цæст ахæсгæйæ, хъæлдзæгæй сдзырдта:

— Уæ бонтæ хорз!

Йæ чъылдыммæ цы хæрзарæзт сылгоймаг лæууыд, уый йын уайдзæфгæнгæ загъта:

— Сабырдæр дзурын дæ бон нæу?.. Уый дын цы миниуæг у!

— Тыхсгæ ма кæн, — хъæлдзæгхуызæй йын дзуапп авæрдта Игнат, — ныртæккæ фендзынæ, куыд бацин кæндзысты, уый.

Хæдзарæй рацыд, егъау къухтæ кæмæн уыд, ахæм ныллæггомау стæвдтæарæзт зæронд лæг. Æнцад бахудт æмæ йæ цæстытæ дысæй асæрфта.

— Игнашкæ!.. — сдзырдта зæронд æмæ лæппумæ фæцæйцыд.

Игнат чумæдантæ æрæппæрста. Æртæ хатты кæрæдзиуыл атыхстысты, æртæ хатты кæрæдзийæн апъа кодтой.

— Куыд фæрæдыдтæ?

— Фæрæдыдтæн.

— Кæдæй нырмæ нал уыдтæ нæхимæ? Æппынкъаддæр фондз азы. Уæ мад фæрынчын, уый зоныс?.. Йæ астæуы цыдæр ныллæууыд...

Фыд æмæ фырт кæрæдзи уындæй нал æфсæстысты. Сылгоймаг сæ бынтон айрох. Уый йæ мидбылты худтис, зæронд лæгæй йæ цæст нал иста.

— Ай нæ чындз ма уæд? — æрæджиау бафарста зæронд.

— О, — сдзырдта Игнат. — Базонгæ у.

Сылгоймаг зæронд лæгмæ йæ къух бадардта. Уый йын æнцадæй райста йæ къух.

— Люся.

— Дзæбæх у, — сдзырдта зæронд лæг, сылгоймагыл йæ цæст æрхæсгæйæ.

— Уæдæ куыд æнхъæлдтай? — сæрыстырхуызæй срæцыгъта Игнат.

— Цомут, ам цы лæууæм! — зæронд разæй араст.

— Куыд æй хонон? — йæ лæджы сабырæй бафарста Люся.

Игнат ныккæл-кæл кодта.

— Хъусыс, баба!.. Куыд дæ хона, уый нæ зоны.

Зæронд лæг дæр ныххудти.

— Цыма уæ фыд дæн, афтæ уæм нæ кæсы?.. — Зæронд лæг асинтыл рог суад. Сенæйæ ныхъхъæр кодта: — Усай, чи нæм æрбацыд, уый куы зонис!..

Хæдзары сынтæгыл хуыссыди гуыбырфындз зæронд ус, хурсыгъд, нуарджын сылгоймаг. Игнаты ауынгæйæ ныккуыдта.

— Игнашæ, мæ хъæбул... фæзынд...

Фырт йæ мадæн тагъдгомау апъа кодта æмæ йæ чумæдантæм фæци. Хæдзары уый хъæр йеддæмæ ницуал хъуыст.

— Кæлмæрзæн дын æрластон, сыгъдæг тинтычъи кæлмæрзæн. Баба, дæуæн та — цырыхъхъытæ. Марусяйæн та — мæнæ! Ай та — Васькæйæн... Куыдтæ стут, хуыцауы тыххæй?

Фыд æмæ мад сæ мидбылты худгæйæ цымыдисæй кастысты сæ фырты алы змæлдмæ дæр. Уый чумæдантæй алыхуызон дзаумæттæ иста æмæ иста.

— Иууылдæр дзæбæх стæм, дæ мад куы нæ уаид, уæд... — Фыд йæ дæргъæй-дæргъмæ къухæй цырыхъхъытæм бавнæлдта æмæ дзы иу райста. Хæрзхъæд фæлмæн хром æрысгæрстытæ кодта. — Æвæджиауы цырыхъхъытæ. Васькæ сын сæ фаг фæуыдзæн. Мæн ныр ахæмтæ ницæмæнуал хъæуы.

— Дæхæдæг сæ дардзынæ. Мæнæ ма Марусяйæн ноджыдæр иу къабайаг. — Чумæдантæ æвдæлонгонд куы фесты, уæд Игнат бандоныл æрбадт. Табуреткæйы тæригъæддаг хъыс-хъыс ссыд. — Цæй, цы ног хабæрттæ уæм ис? Сымах уынынмæ мæ былыцъæрттæ хордтон.

— Уæд раздæр æрцыдаис.

— Адæймаджы ничердæм æвдæлы, баба. Иу хъуыддаг иннæйы æййафы.

— Хъуыддæгтæ... — Фыд цæмæдæр гæсгæ йæ фырты æрыгон усмæ аххосджыны каст кодта. — Цавæр хъуыддæгтæ!..

— Цæй ныууадз æй, — сдзырдта мад. — Æгайтма уæддæр æрцыд.

Игнат йæ хабæрттæ радзурыны фыдæй цъæх арт уагъта. Горæты цирчы кæй куыста, уый йæ фыды зæрдæмæ нæ цыд æмæ йын ныр зæронды ныхмæ фæлæууыны фадат куы фæци, уæд дзы спайда кæныныл нæ бацауæрста. Горæты йын хорз фатер уыд, хæлæрттæ, æхцахъуаг дæр нæ уыди, уæдæ йын ус дæр рæсугъд фæци.

— Цавæр хъуыддæгтæ, зæгъгæ, фæрсыс, — сдзырдта Игнат, йæ иу къах иннæуыл баппаргæйæ, æмæ йæ фыдмæ уарзон цæстæй бакаст. — Куыд дын æй бамбарын кæнон? Гъер, мæнæ нæхи райсæм, уырыссæгты. Цыфæндыйæ дæр хъæддых адæм стæм. Иуæй-иутæм дзы куы бакæсай, уæд уæйыгæй цы кæныс. — Игнат сыстад æмæ уаты сдыууæрдæм. — Йæ уæхсчытæ — æнæхъæн сардзин, йæ риу — дугъоны риуæй фидардæр. Йæ тых йе уæнгты хъазы, фæлæ уыцы хъаруйæ пайда кæнын нæ зоны. Исты фæзылдтытæ базон, ерысты дæ арæхстдзинад бавзар — абабау! Уый бæсты фæлтау арсимæ лæгæй-лæгмæ æрмхæсты бацæудзæн. Нæ адæммæ ма хъæддагдзинæдтæ бирæ ис. Адæймаджы уæнгты рæсугъддзинадæн æмбаргæ дæр ницы кæнынц. Калм битъынайæ куыд тæрса, физкультурæйæ афтæ тæрсынц. Скъолайы куыд хынджылæг скъæрдтам, уый ма мæ зæрдыл хорз лæууы. — Фæстаг ныхæстæ куы загъта, уæд йе ’ргом йæ усы ’рдæм аздæхта.

Кæддæр Игнаты сæры сæвзæрд, уырыссаг адæм физкультурæйæ се сæфт кæй уынынц, уыцы хъуыды. Кæмæндæрты йæ загъта æмæ сæ зæрдæмæ фæцыди. Уæдæй фæстæмæ йæ арæх фæдзуры. Ныртæккæ дæр та йæ ус куы айхъуыста, уæд æваст æрæнкъард æмæ рудзынгæй æддæмæ кæсын райдыдта.

— ... Уымæ гæсгæ, баба, дæуæн нæ зонын, фæлæ мæхимæ гæсгæ, æз цы хъуыддагыл ныххæцыдтæн, уый ахсджиаг у. Чи зоны, Васяйы хъуыддагæй ахсджиагдæр.

— Фæуæд афтæ, — æнæбары сразы фыд. Хъусгæ дæр æм дзæбæх нæ кодта. — Усай, цы фæдæ, дæ хорзæхæй? Æз дуканимæ ныууайон.

— Фæлæуу-ма, — фæурæдта йæ Игнат. — Цы дзы кусыс дуканийы?

Йæ зондамонæн ныхæстæ йæм афтæ хорз фæкастысты, æмæ, йæ бар йæхи уыди, зæгъгæ, уæд йæ фыдæн загътаид: уырыссаг адæммæ ма иу æвзæр миниуæг ис. Чысыл исты — уæд дуканимæ тæхынмæ фæвæййынц. Уæд цæй тыххæй? Фæлæ йæ йæ фыды тызмæг цæстæнгас баурæдта. Лæппу йæ къух ауыгъта, йæ дзыппæй тыппыр æхцадон систа æмæ йæ стъолыл ныццавта:

— Мæнæ дын æхца!

Фыд рамæсты. Йæ пыхцыл хъуынджын æрфгуытæ ныхы цъуппыл балæууыдысты.

— Æнцад у, Игнахæ!.. Уазæгуаты æрцыдтæ, уæд æнцад дæ бынаты бад. Нæхимæ æхца нæй?

Игнат ныххудти.

— Хорз, бамбæрстон дæ. Баба, куыддæриддæр уыдтæ, афтæмæй баззадтæ.

... Фынг уайтæккæ дæр арæвдз. Нызтой, минас кодтой.

Арахъхъ зæронд Байкаловы сæры бацыд. Йæ дынджыр къухтæй йæ сæрыхъуынтæ фаста æмæ базарыд:

 

Фæсахсæвæртæм ды цы бадыс?

Дæ гом рудзынджы цур æдзух,

Зæгъ-ма, цы бадыс?

 

Фæлæ фæхъус. Иуцасдæр рæстæг бадтис, йæ сæр йæ къухтыл æруадзгæйæ. Уый фæстæ æнкъардæй загъта:

— Мæ цард фæвæййы, Игнахæ. Фæвæййы! — æмæ æвзæр ныхæстæ загъта.

Игнаты ус фæсырх æмæ рудзынджы ’рдæм аздæхт. Игнат уайдзæфгæнæгау загъта:

— Баба!

— Игнат, ды та фыццаджы хуызæн нал дæ, — дзырдта дарддæр фыд, цыма йæ фырты уайдзæф хъусгæ дæр нæ фæкодта, уый хуызæн. — Ды йæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ фиппайыс, фæлæ йæ æз уайтæккæ дæр раиртæстон.

Игнат æвронг цæстытæй касти йæ фыдмæ, лæмбынæг ын хъуыста йе ’нахуыр ныхæстæм.

— Æрдæбон мын æрттиваг цырыхъхъытæ дæ чумæданæй систай... Бузныг, мæ хъæбул! Хорз цырыхъхъытæ сты...

— Цытæ дзурыс, баба! — загъта та Игнат. — Цырыхъхъыты кой кæнын та цæмæн хъæуы?

— Ныххатыр мын кæн, кæд истæмæй фæрæдыдтæн, уæд. Æз зæронд адæймаг дæн. Цæй, хорз фæуæд. Тагъд Васькæйы ардæм хъæуы, де ’фсымæры. Цæййас ссис, уый зоныс! Йæ быны дæ ассæнддзæнис, кæд ды физкультурæйы кой кæныс, уæддæр. Васькæйы ныхмæ дæ бон ницы бауыдзæн.

Игнат ныххудти. Йæ æрдæбоны зæрдæхудт фæцыдæр, æмæ та хъæлдзæгдзинад йæ цæсгомыл ахъазыд.

— Уый фенгæйæ бæрæг у, баба.

— Фæйнæ ма дзы аназиккам? — загъта фыд.

— Нал, — хъæддыхæй загъта Игнат.

— Кæсыс! Ахæм лæгтæ бирæтæн нæй! — сæрыстырæй бафиппайдта зæронд, Игнаты усмæ дзургæйæ. — Байкаловты мыггаг ахæм у. «Нæгъ» куы зæгъой, уæд æй лыгыл нымай. Æз мæхæдæг дæр ахæм уыдтæн. Уагæры ма Васькæйы куы фенис. Ноджы ма нæм Маруськæ дæр ис. Уый дæуæй рæсугъддæр уыдзæн, кæд дзаумахъуаг у, уæддæр.

— Цыма æгæр дæрдтыл ахæцыдтæ, — æрурæдта йæ зæронд ус. — Бынтондæр йæ сæрызонд цæуын райдыдта. Хæйрæг æй базонæд, цы лæхуры! Ма йæм хъусут, уадз æмæ дзæгъæл дзæнгæда цæгъда.

— Ды æнцад дæ хуыссæны хуысс, — разылди йæм зæронд лæг. — Хуысс æмæ хъæрзыны куыст кæн, æндæр дæ цы мæт ис. Æз ам адæмимæ ныхас кæнын, æмæ мæ ма хъыгдар.

Люся фынджы уæлхъусæй сыстад, къамоды цурмæ бацыд æмæ патефоны пластинкæтæм кæсыныл фæци. Æвæццæгæн, уыцы ныхæстæм хъусынæй æфсæрмы кодта.

Игнат дæр сыстад. Патефон сифтыгътой. «Грушицæ» сæвæрдтой.

Иууылдæр æнæдзургæйæ хъуыстой.

Хистæр Байкалов рудзынгæй каст æмæ уæззау хъуыдыты аныгъуылд.

Æризæр. Хæдзæртты рудзгуытыл зæрæхсиды сырх ахорæн схъазыд. Уынджы хъомтæ рыг сæ сæрыл систой, афтæмæй уасгæ сцæйцыдысты. Байкаловты хъуг кулдуары раз æрлæууыд. Йæ сыкъайæ дуар байгом кæныныл ацархайдта, фæлæ йын нæ бакуымдта. Æддæмæ йæм куы ничи каст, уæд уасын райдыдта. Зæронд лæг æм æнæзмæлгæйæ каст. Игнаты æрцыдæй бæрæгбон нæ рауад. Афтæмæй та уыцы бонмæ рагæй æнхъæлмæ каст. Æнхъæлдта, стыр бæрæгбон уыдзæн. Ныр бады æмæ йæ бон раиртасын нæу, бæрæгбон цæуыннæ рауад, уый. Йæ фырт цыдæр æндæрхуызон сси. Цымæ цæмæй фендæрхуызон? Фырт цы вæййы, уый у... Дуне лæвæрттæ æрласта. Фæлæ уæддæр цыдæр хъуаг у.

Æрбацыд Мария — хъомыл чызг, Игнаты цæрмыстыгъд бакодта. Йе ’фсымæры ауынгæйæ, йæ цæсгомыл хиуылхæцгæ хъæлдзæгдзинад ферттывта.

— Алыбон æгас цу, рæсугъд чызгай! — йæ бæзджын хъæлæсæй сдзырдта Игнат æмæ йæ хомæ уыцы къæйных каст кодта. — Ай бынтондæр чындздзон чызгæй куы агæпп ластай!

— Куыннæ стæй, «чындздзон чызг», — загъта Мария æмæ, цæмæй Люсяимæ базонгæ уа, уый тыххæй йæм хæстæгдæр бацыд.

Зæронд Байкалов сæм æнкъардæй æрдæгцъынд цæстæй каст.

— Ныртæккæ Васькæйы дæр ардæм хъæуы, — загъта уый. Васькæмæ тынг æнхъæлмæ каст. Йæхæдæг дæр æй нæ зыдта, йæ кæстæр фырты æрбацыдмæ афтæ тынг æнхъæлмæ цæмæн каст, уый, фæлæ йæм уæддæр æнхъæлмæ каст.

Æрыгæттæ уатмæ ацыдысты. Патефон дæр ахастой. Игнат ма уырдæм йемæ райста сырх сæны авг лыстæг хæринæгтимæ.

— Мæ гыццыл хоимæ æнæбаназгæ нæй... Цы дзы рауайа, уый дзы рауайæд!

— Æмбæлы, мæ хъæбул. Уым аиппæй ницы ис, — сабырæй сдзырдта фыд.

Игнатмæ йæ кæддæры зонгæтæ æмæ хæлæрттæ цæуын райдыдтой. Бæрæгбон райдайын æмбæлд, фæлæ никуы æмæ ницы. Адæм цыдысты, зæрондæн-иу йæ къух райстой, стæй-иу уатмæ ацыдысты, рагацау-иу сæ мидбылты худын райдыдтой, афтæмæй. Хъæлæба фæтынгдæр. Игнаты бæзджын домбай хъæлæс нæрыд хъæрæй, худтысты сылгоймæгтæ, хæр-хæр кодта патефон дæр. Игнаты хæлæрттæй дыууæ дуканимæ азгъордтой æмæ фæстæмæ сæны æвгтæ æмæ гæххæтты тыхтæттимæ фездæхтысты.

«Ныртæккæ Васькæйы ардæм хъæуы», — йæхинымæр хъуыдытæ кодта зæронд. Цæмæдæр гæсгæ зæрдæмæ хъæлдзæгдзинад хæстæг нæ цыд, афтæмæй та йæ фырты æрцыдæй бæрæгбон рауайын æнхъæл уыд.

Æппынæрæджиау Васькæ фæзынд — егъау лæппулæг — тымбылдзæсгом, хурсыгъд, чъизи. Васькæ йæ фыды хуызæн уыд. Йæ бакастыл цыдæр тызмæгдзинад зынди, йæ цæстыты та хæлардзинад æрттывта.

— Игнаткæ схæццæ, — хæрзæггурæггаг æм фæци фыд.

— Фехъуыстон æй, — загъта Васькæ æмæ йæ мидбылты бахудгæйæ, йæ сæрыхъуынтæ йæ сæры фæтылдæй фæстæмæ аппæрста. Цыдæр æфсæйнæгтæ къуымы æрæвæрдта æмæ æрлæууыд.

Зæронд лæг фынгæй сыстад, йæ зæрды уыд уатмæ цæуын, фæлæ йæ фырт баурæдта:

— Баба, бауадз мæ иучысыл, æз мæхи ахсон. Науæд худинаг дæр у...

— Марадз, уæдæ, — сразы фыд. — Раст зæгъыс, уый къахæй сæрмæ йеды хуызæн... артисты хуызæн æрттывдтытæ калы, ды та...

Уыцы рæстæг уатæй рацыд Игнат йæ усимæ.

— Мæ гыццыл æфсымæр! — ныхъхъæр кодта Игнат, йæ къухтæ фæйнæрдæм фæхæсгæйæ. — Васькæ! — Æмæ йыл йæхи баппæрста.

Васькæ чызгау фæсырх, ныххудт. Фырæфсæрмæй куы йæ иу къахыл йæ уæз æруадзы, куы — иннæуыл.

Игнат æй йæ хъæбысы ныккодта.

— Счъизи дæ кæндзынæн. — Васькæ йæхи атоныныл ацархайдта, фæлæ йæ уый нæ уагъта.

— Мур дæр мын нæу! Уый куысты чъизи у, ме ’фсымæры гæппæл. Æри ныпъпъа дын кæнон, хæйрæджыты фæтдзæгъдæн! Тынг уæ мысыдтæн.

Æфсымæртæ кæрæдзийæн ныпъпъа кодтой.

Фыд йæ фырттæм каст, æмæ йæ уадултыл цæстысыгтæ уадысты. Асæрфта сæ æмæ йæ фындз хъæрæй ныххиртт кодта.

— Васькæ, цы лæвæрттæ дын æрласта, уый куы фенис, — хъæрæй загъта фыд æмæ чумæдантæм фæцæйцыд.

— Ныууадз, баба, цæй лæвæрттæ! Раздæр уал цы кæнинаг дæ? Дæхи уал æхсыс? Марадз, уæдæ. Æрмæст цырддæр. Ныртæккæ æз æмæ ды фæйнæ баназдзыстæм. Мæнæ, гъе! Федтай Байкаловты? — Игнат йæ усы йе ’фсымæры ’рдæм рог схуыст бакодта. — Базонгæ ут.

Васькæ æрдæбонæй ноджы тынгдæр фæсырх — нæ зыдта, хæрзарæзт сылгоймагмæ йæ чъизи къух ратта æви нæ. Люся йын йæхæдæг райста йæ къух æмæ йæ фидар нылхъывта.

— Æфсæрмыгæнаг нын у, — бамбарын кодта фыд.

Васькæ аивæй йæ тымбылкъухмæ схуыфыд, æнцадæй бахудт. Йæ фыды ныхæстæй афтæ фефсæрмы, æмæ зæххы скъуыды аирвæзыныл дæр разы уыд.

— Баба... цы нæ зæгъдзынæ...

— Цу, дæхи æхсгæ, — сдзырдта фыд.

— Цæуон, иучысыл мæхи бахуызæнæн кæнон.

Васькæ сенæмæ рахызт. Игнат йæ фæдыл араст.

— Цом, кæддæры хуызæн дын æз дон æркæнон.

Фыд дæр уынгмæ ацыд.

Хи æхсынмæ Катуны донмæ цæуынвæнд скодтой — уый ардæм хæстæг уыд, цæхæрадæтты чъылдымты калдис.

— Нæхи ныннаиккам? — загъта Игнат æмæ йæ фидар риу йæ армытъæпæнæй бахоста.

Сæ фæндаг уыд цæхæрадæттыл, картофы хуымы астæуты гæзæмæ бæрæг чи дардта, уыцы зылын-мылын къахвæндагыл.

— Уæдæ куыдтæ цæрут? — райхъуыст Игнаты бæзджын хъæлæс. Уый узгæ цыди фыд æмæ æфсымæры астæу.

Васькæ та бахудт, фæлæ æваст фæхъус. Уæвгæ худты хуызæн дæр уыйас нæ рауад. Цыма фырæфсæрмæй йæ тымбылкъухмæ æрхуыфыд, уый хуызæн. Йе ’фсымæры ссыдыл тынг цин кодта.

— Ницы нын у.

— Хорз цæрæм! — хъæрæй сдзырдта фыд. — Горæтæгтæй æвзæрдæр нæ.

— Гъемæ хуыцауæн табу! — зæрдиагæй загъта Игнат. — Василий, куыд дзурынц, афтæмæй дын тыхгæнæг тых нал ссардзæн.

Василий та ныххудти.

— Куыннæ стæй. Ды дзы куы нæ зæгъай! Æмæ ды та куыд цæрыс?

— Æз хорз цæрын бæргæ. Бынтон хорз. Мæ бинойнаг уæ зæрдæмæ фæцыди? Баба?

— Ницы йын у. Æз ын уыйас ницы æмбарын, мæ хъæбул, фæлæ цыма дзæбæх у...

— Сылæй хорз сыл у, — раппæлыд дзы Игнат. — Æппæты сæйраг дæр та — хорз адæймаг у.

— Æрмæст йæхи æгæр тынг сарæзта. Уый кæцырдæм хъæуы?

Игнат йæ хъæлæсыдзаг ныххудт.

— Хуымæтæджы дарæс ыл ис. Горæтæгтæ цы дарæс дарынц, уый дæр ахæм. Сымах уыцы хъуыддæгты фæсте аззадыстут.

— Цыма бирæ кæл-кæл кæныс, Игнат, — бафиппайдта зæронд. — Цавæрдæр æдылыйы хуызæн.

— Æхсызгон мын у, æмæ уымæн худын.

— Æхсызгон... Æхсызгон махæн дæр у, фæлæ дæ хуызæн нæ мыр-мыр кæнæм. Уæртæ Васькæйæн æхсызгон нæу æви?

— Ус курынвæнд кæд кæныс, Васькæ? — бафарста Игнат.

— Раздæр уал æфсадмæ ацæудзæн, — дзуапп ратта фыд.

— Цы, уый зоныс... Куыддæр æфсадмæ ацæуай, афтæ-иу дæхи секцимæ ныффыссын кæн, — зонд ын бацамыдта хистæр æфсымæр. — Æз дæр уым райдыдтон. Хорз тренеры къухмæ куы бахауай, уæд дын истытæ бантысдзæн.

Васькæ хъуыста æмæ йæ мидбылты æнæбары худт.

Доны былмæ æрбахæццæ сты.

Æппæты фыццаг йæ дзаумæттæ феппæрста Игнат. Йæ рæсугъд фæлтæрд буар разынд. Йæ къах доны атылдта æмæ йæ фæстæмæ рогæн фелвасгæйæ сдзырдта:

— Уый дын дон!

— Цы зæгъыс? — Васькæ дæр йæ дзаумæттæ раласта. — Уазал у?

— Фæлæуу-ма, фæлæуу! — цымыдисхуызæй сдзырдта Игнат. Васькæмæ хæстæгдæр бацыд æмæ йæ, бæхы куыд сгарай, уыйау алырдыгæй æрысгæрстытæ кодта.

Васькæ коммæгæс лæуд кæнгæйæ иуварсырдæм каст. Æппынæдзух йæ цыбыр хæлафыл схæц-схæц кодта, худти.

— Æз цæттæ дæн, — фидарæй загъта Игнат. — Цæй æмæ нæ тыхтæ бафæлварæм.

— Ныууадз! — йæ сæры фæтылдæй йæ дзыккутæ фæстæмæ асхойгæйæ, нæвæндонæй загъта Васькæ.

— Æмæ цы, Васькæ, рахæц? — Фыд уайдзæфгæнæгау касти йæ кæстæр фыртмæ.

— Ныууадзут-ма, уæ хорзæхæй, — йæхи сыл сцагъта Васькæ. — Цы нæ ’рсырдта? Адæмы нæхиуыл цæмæн худын кæнæм?

— Уый дын гъе! — рамæсты фыд. — Ды ма йын Игнат, йæ сæры зонд бауадз. Годойæ уæлдай нæу. Алцæмæй та æфсæрмы кæны.

— Æмæ æфсæрмы та цæмæн хъæуы? Исты хæдмæлтæ куы уаиккам, уæд æцæгæйдæр худинаг уаид...

— Мæнæ-ма йæ амæн бамбарын кæн!

Васькæ уыцы æлхынцъæрфыгæй донмæ бахызт. Æваст дзы æрныгъуылд æмæ йæ дынджыр къухтæй ленк кæнын райдыдта. Дон йæ быны фыхти.

— Тыхджын у! — æхсызгонæй загъта Игнат.

— Уæдæ дын æз цытæ дзурын!

Васькæмæ кæсгæйæ дыууæйæ дæр иуцасдæр ницуал сдзырдтой.

— Уæллæй, рабыны дæ кодтаид.

— Нæ зонын, — иучысыл æнæдзургæйæ алæууыны фæстæ загъта Игнат. — Хъару йæм мæнæй фылдæр ис, уый бæлвырд у.

Фыд йæ фындз змисмæ мæсты хиртт ныккодта.

Игнат ма иучысыл алæууыд, стæй уый дæр донмæ бахызт.

Фыд та былгæрæтты дæлдæр ацыд, Васькæ донæй кæм рахызтаид, уырдæм.

Васькæ былгæронмæ куы рахызт, уæд цæуылдæр сабыргай, фæлæ тызмæгæй дзурын райдыдтой. Фыд ын фидарæй дзырдта йæхи хъуыды, суанг ма-иу йæ къухтæ йæ риуыл дæр авæрдта. Васькæ та йæ коммæ нæ каст æмæ цыдæр хъуыр-хъуыр кодта. Игнат ленкгæнгæ сæ цурмæ куы ныххæццæ, уæд ныхъхъус сты.

Игнат донæй рахызт æмæ цæуылдæр хъуыдытæгæнгæ касти дард цъæх хæхтæ æмæ бирæ сакъадæхтæм.

— Катунь — нæ дарæг, — сындæггай сдзырдта Игнат.

Васькæ æмæ йæ фыд дæр донмæ акастысты.

Фаллаг фарс, доныбыл, иу ус дзуццæджы бадт æмæ дзаумæттæ æхсадта. Йæ юбкæйыл уæлиау схæцыд. Йæ тымбыл урс-урсид уæрджытæ æрттывтой.

— Ей, дæ юбкæйыл дæлдæр æрхæц, мачи дзы уа! — ныхъхъæр æм кодта зæронд.

Сылгоймаг йæ сæр уæлæмæ систа, Байкаловтæм акаст æмæ дарддæр йæ куыст кодта.

— Ничи йæм кæсы! — дисы бацыд зæронд. — Цыма хъусгæ дæр ницы фæкодта.

Æфсымæртæ сæ дзаумæттæ кæнынмæ бавнæлдтой. Игнаты нозт фæцыдæр. Цæмæдæр гæсгæ æрæнкъард.

— Цы кæныс? — бафарста йæ Васькæ. Кæстæр æфсымæр та йæ тæккæ хъæлдзæгæй уыд.

— Нæ зонын. Афтæ æнæуи.

— Фаг нæ банызта æмæ уымæн, — бамбарын кодта зæронд. — Куыд фæзæгъынц: иу æмæ йын æрдæг дæр нæ рауад æмæ дыууæ дæр.

— Хæйрæг йæ дæсны! Хъуыды дæр æй ма кæнут. Мæнæ æрбадæм æмæ фæйнæ бадымæм...

Тæвд дуртыл сбадтысты. Дзæвгар рæстæг ничи ницы сдзырдта, кастысты тагъдуайаг уылæнтæм. Уыдон былгæронимæ сæхирдыгонау цыдæртæ дзырдтой, тагъд кодтой.

Хур доны фаллаг фарс сакъадæхты фæстæ æрныгуылд. Бæстæ ныссабыр. Æрмæст уылæнтæ змæлыдысты, цæугæдон фыцæгау кодта, хъустыл уад сылгоймаджы дзаумæттæ ’хсæн хъæды лыггаджы цъæпп-цъæпп.

Æртæйæ дæр кастысты сæ уарзон цæугæдонмæ, алчидæр сæ йæхи хъуыдыты аныгъуылд.

Игнат æрсабыр. Йæ худын ныууагъта. Йæ бæзджын хъæлæс нал хъуыст.

— Цы зæгъдзынæ, Вася? — ныллæг хъæлæсæй бафарста Игнат.

— Ницы, — Васькæ гыццыл дур донмæ фехста.

— Фыццаджы хуызæн ма хуым кæныс?

— О.

Игнат дæр донмæ дур ныппæрста. Иуцасдæр ницы дзырдтой.

— Хорз ус дын ис, — загъта Васькæ. — Рæсугъд у.

— Æцæг зæгъыс? — Игнат фæцырддæр, цымыдисхуызæй, хъæлдзæгæй бакаст йе ’фсымæрмæ. Уыцы æбæрæгхуызæй загъта: — Ницы йын у, фæлæ мæнæ бабайы зæрдæмæ нæ цæуы.

 

— Дзæгъæлы цы дзурыс? Чи дын загъта, мæ зæрдæмæ нæ цæуы, зæгъгæ? — Зæронд лæг уайдзæфгæнæгау бакаст Игнатмæ. — Хорз сылгоймаг у. Æрмæст, мæнмæ гæсгæ, йæхи æгæр ныхъхъулæттæ кодта.

Игнат ныххудти.

Фыд йе ’ргом доны ’рдæм аздæхта. Дзæвгар рæстæг ницы сдзырдта: йæ фырты ныхас ын фæхъыг. Уый фæстæ Васькæмæ раздæхт æмæ йын мæстыйæ загъта:

— Дзæгъæлы нæ рахæцыдтæ йемæ хъæбысæй.

Нал мæ ныууадздзынæ! — ныддис кодта Васькæ. — Цы мын дæ зæрды ис?

— Нæ фыдæн цыдæр йæ зæрдæмæ нæ цæуы, — загъта Игнат.

— Цы мæ зæрдæмæ нæ цæуы? — бафарста фыд йæ фыртмæ раздæхгæйæ.

— Нæ зонын. Уæлæмæ йæ нæ дзурыс, фæлæ йæ уæддæр æз уынын.

— Гъемæ йæ уын. Æгæр зондджын сдæ. Мæ бон дæ нал у. Ды алцыдæр уыныс, алцыдæр æмбарыс!

— Ныууадзут, цæй! — загъта Васькæ. — Кæрæдзимæ цы фестут? Амæй хуыздæр рæстæг никуы ссардтат?

— Нал дзы фæразын! — Фыд йæ фындз ныммарзта æмæ йæ тамакойы чыссæмæ нывнæлдта. — Схæццæ, йæхицæй феппæлыд, лæвæрттæ æрласта... цыма никуы ничи ницы федта!

— Баба, дæ хорзæхæй, цытæ дзурыс?!

Игнат фырдисæй слæууыд. Васькæ йын аивæй йæ фарс бакъуырдта, æнцад лæуу, зæгъгæ. Игнат æрбадт æмæ Васькæмæ фæрсæджы каст бакодта. Уый сыстад, йæ хæлафы змистæ æрцагъта, йæ фыдмæ бакаст.

— Цæуæм? Баба...

— Æхца дæм ис? — бафарста йæ уый.

— Ис. Цом...

Зæронд сыстади æмæ æнæфæстæмæракæсгæйæ цæхæрадæтты ’рдæм араст къахвæндагыл.

— Цы йыл æрцыд? — Игнаты зæрдæ æцæг фехсайдта, йæ фыд цæуылдæр мæсты кæй у, уымæ.

— Ницы. Бирæ дæм фенхъæлмæ каст. Ныртæккæ йæ гаччы абаддзæн. Йемæ исты зарæг акæн. — Васькæ йæ мидбылты бахудт.

— Цавæр зарæг? Иууылдæр мæ ферох сты. Ды йемæ фæзарыс?

— Хъазгæйæ загътон. Цы кæны, уый æз дæр нæ зонын... Йæ чемы æрбаддзæн.

Ногæй та цыдысты цæхæрадæттыл кæрæдзи фæдыл æнæдзургæйæ. Игнат цыд фыды фæстæ, йæ гуыбыр фæсонтæм ын каст æмæ цæмæдæр гæсгæ хъуыды кодта, йæ фыды рахиз уæхск галиуæй ныллæгдæр кæй у, ууыл, — раздæр æй никуы бафиппайдта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.