Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СÆНÆФСИР БÆЛАС



СÆНÆФСИР БÆЛАС

Фæлмæн зæхх ыскъахтон

Нæ хæдзары раз,

Æмæ дзы ныссагътон

Сæнæфсир бæлас.

 

Мæ зæрдæ йæм райы,

Фæкæнын ыл дон

Мæ гыццыл бедрайæ

Дыууæ хатты бон.

 

Мæ фæллой нæ сайдзæн,—

Зæрдйаг куыст кæнæм:

Рæхджы мын æрзайдзæн

Сæнæфсир — æлæм.

 

Йæ уæззау цупæлттæ

Уыдзысты рæгъæд.

Мæ бирæ æмбæлтты

Фæхынцдзынæн уæд.

ЦÆРÆГОЙТЫ КЪУЫМ

Скъолайы сарæзтам

«Цардæгас» къуым.

Алы сырд, алы маргъ

Махмæ ис уым.

 

Уыдонæн сæвæрдтам

Ахæм æгъдау:

Ардыгæй ма хъуысæд

Хъист æмæ уауу.

 

Алчи дæр ацы ран

Сабыр цæрæд,

Иу дæр дзы иннæйы

Ма хъыгдарæд.

 

Мах дзырд та фидар у,

Сайæн ын нæй:

Хъусынц æм иууылдæр —

Маргъæй, сырдæй.

 

Бирæгъ нæ раласдзæн

Тæрхъусы кæрц,

Рувасæй нал тæрсы

Хуымы 'лдар — уæрцц.

 

Ацы ран-нал тæрсы

Калмæй дæр хæфс,

Калмы та нал тоны

Цырддзаст цæргæс.

 

Цъиусур та бæлæттæн —

Сабыр сыхаг.

Куыдз сæм нæ лæбуры,

Ам нæу хъыггаг.

 

Тугдзыхæй, хилæгæй —

Иумæ дæр лæг

Махмæ нæ райсдзæни

Топп, йе 'лæдзæг.

 

Цуанæттæн нал дæттæм

Марыны бар.

Уазджытæй алкæмæн —

Хицæн хæдзар.

 

Сабитæ, уырдæм сын

Хуынтæ хæссут.

Се 'ппæты цардыуаг

Дисæн фæрсут.

 

Алы æмбисæндтæ

Хъусдзыстут уым.

Фенут-ма, фенут-ма

«Цардæгас» къуым!


[1] Дана (гуырдз) — кард.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.