|
|||
КЪАБУСКА, ПЪÆМИДОР, КÆБÆЧКИ МÆ НАСКЪАБУСКА, ПЪÆМИДОР, КÆБÆЧКИ МÆ НАС (Тувиммæ гæсгæ) Дада нын мыггæгтæ Æрхаста кæцæйдæр: Къабуска, пъæмидор, Кæбæчки 'мæ нас. .
Ныссагътам мах иубон Æппæтæй дæр уыдон: Къабуска, пъæмидор, Кæбæчки 'мæ нас.
Нæ фæмæнг сæ иу дæр, Ыскастысты уайтагъд Къабуска, пъæмидор, Кæбæчки 'мæ нас.
Дынджырæй-дынджырдæр Куы кодтой æрвылбон Къабуска, пъæмидор, Кæбæчки, мæ 'нас.
Ысфæнд кодтам фенын — Куыд ысты кæддæра Къабуска, пъæмидор, Кæбæчки 'мæ нас.
Æппæтдæр ысцæттæ: Æфснайæм ныртæккæ Къабуска, пъæмидор, Кæбæчки 'мæ нас. ДАДА ÆНÆ ХУДÆЙ КУЫД БАЗЗАД Чысыл гобæ нын Хуины Гæбæ. Хизгæ нæ кæны,— Иууыл — дæйгæ.
Нæй йын сыкъатæ, Афтæмæй дын 'Взиды Муратмæ, Зоны цæвын.
Хæдзармæ сахуыр, Пецмæ кæсы, Къуымбилтæ къахыл Рацæйхæссы.
Ацы бон дæр та Басгуыхт фыдуаг: Раппæрста къæрта, Сфæлдæхта аг.
Кæртмæ йæ суры Уисæй нана. Сабыргай дзуры Зæронд дада:
«Гобæ рæсугъд у, Скъæбæлдзыг и. Хорз уаид худæн... Дзыги-дзыги!»
«Тухийы хос у»,— Загъта нана. «Худæн дæр хорз у»,— Загъта дада.
«Дурын ныссаста...» «Срæсугъд, ыснард...» Гобæйы 'рцахстой, Ферттывта кард.
Уалынмæ «бæхыл» Батахт Мурат. Абадти зæххыл, Самадта загъд.
Фырмæстæй скуыдта: «Ма йæ 'ргæвдут!.. Нæй дзы ыскъуыдтæ — Ног у дæ худ...»
Гобæйы суагъта Уайтагъд дада. Афтæ ма загъта: «Хъазут уæд та...»
Худæн дзæбæх уыд, Ехх, æвæдза! Фæлæ æнæ худ Баззад дада.
|
|||
|