|
|||
РУВАС ÆМÆ ХЪРИХЪУППРУВАС ÆМÆ ХЪРИХЪУПП (Адæмон æмбисондмæ гæсгæ) Иуахæмы хърихъуппимæ Рувас тынг ыслымæн: Бахуыдта дын æй сæхимæ, Цымгæ скодта уымæн.
Рауагъта дзы хинæй рувас Уæлæнгай тæбæгъы. «Фен-ма, хърихъупп, уый дын — минас»,— Уазæгæн куы зæгъы.
Цымгæ 'ркъурцц-æркъурцц фæкодта Хърихъупп даргъ бырынкъæй, Тынг ныппака ис йæ къоппа,— Ницы систа фынгæй.
Рувас бавдæлд æмæ смарзта Фынг йæхæдæг иууыл. Хърихъупп фысымæн ныббарста, Маст нывæрдта риуы.
«Бузныг, ме 'рдхорд-рувас, бузныг, Хонын ныр мæ рад у: Райсом дын куы нæ уа буц фынг, Уæд мæнæйуый мард у».
Дыккаг бон æм баселф кодта Гæды рувас раджы. Хърихъупп ын æцæг ыскодта Хорз хъæрмхуыпп, дзидзаджын.
Байдзаг дзы кодта рæдауæй Иу нарæгхъуыр дурын.
Ахæр-ма, зæгъгæ, æгъдауыл Рубæгамæ дзуры.
Уый дæр бауад, дурынгомы Атъыста йæ бырынкъ, Фæлæ сæр бынмæ нæ комы, Ницы цæуы хъуыры...
Хърихъупп-иу йæ даргъ бырынкъæй Нард дзидза æркъуырдта. Рувас уыд æнæхай фынгæй,
Комдæттæ ныхъуырдта.
Æмæ рахаста сæхимæ Йе'стыр гуыбын хусæй. Фезнаг ысты хърихъуппимæ Уыйадыл æнусмæ. ÆВЗÆР Хос ыссыгъди... Стыр фæдисы Хуымгæронмæ Рацыд хъæу. Къухмæ сагой Уый нæ исы: «Æз нæ уыдтæн! М' аххос нæу!»
Сывæллоны Дон фæласы... Ног та рафæдис Нæ хъæу. «Барæй донмæ Багæпп ласы!.. Æз цы зонын?.. М' аххос нæу...»
Хъæу ныр иууыл Рацыд зиуы: Ихæй тас у, Сæфдзæн еуу. Уый ныр дæр та Къуымы джиуы: «Их æрцæуы?.. М' аххос нæу».
Адæм ивылынц Ныр уынгмæ... Хоры куывды Бады хъæу. Бирæгъау Лæбуры фынгмæ: «Æз ыстонг дæн... М' аххос нæу».
|
|||
|