Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЖЕОРГУЫБАЙЫ



ДЖЕОРГУЫБАЙЫ

Мæнæ дын, кæстæр,

Дзыхъхъынног хабар:

Дзæбæх æм байхъус

Чысыл Батырбег

Æмæ йæ бамбар.

Джеоргуыбайы

Фембæлди уынджы

Расыг Гуыбайыл.

 

Хæстæг нæ уæнды

Сыхаджы цурмæ.

Йæ фæстæ ацыд

Уый гурæй-гурмæ.

 

Кæсы, æмæ дын

Нуазаг лæг уæртæ

Æрфæлдæхт цъыфы,

Дзуры æвзæртæ.

 

Кæйдæрид федта —

Иууыл сæ 'лгъыста.

Дондзау устытæ

Фæлидзæг ысты.

 

Тыхтæй-амæлттæй

Ламийæ рахылд.

Æрмæст йæ цырыхъхъ

Нал ис йæ къахыл...

 

Нырма нæ фесты

Гуыбайы митæ.

Алырдыгæй йыл

Агъуийынц куитæ.

 

Иу ын æрцахста

Йæ къахы нарæг.

— Дзæгъæл фæниуæд

Дæуæн дæ дарæг! —

 

Зæгъгæ, фæстæмæ

Гуыба фæзылди,

Арахъхъы авгæй

Куыдзыл æрцыди.

 

Уæлæсыхæй та

Райхъуыст йæ хъаугъа:

Кæйдæр фæсонтыл

Бафтыдта дамгъа.

 

Кусджытæ ласынц,

Кæсут-ма, уартæ —

Фосы фермæмæ

Тæфкалгæ бардæ.

 

Æрлæууыд хидыл

Сæ размæ «сахъ лæг»:

— Æнтыд кæм вæййы,

Уым ис арахъхъ дæр.

 

Зæгъут, лæппутæ,

Мæнæн йæ адрис,

Кæннод уын дарддæр

Цæуæн куы нал ис!..

 

Æмæ æрхуыссыд

Хидыл уæлгоммæ:

Ам, дам, лæудзыстут

Ардыгæй соммæ.

 

Хъæуы уынг байдзаг

«Ду-дутт, ду-дутт»-æй.

Фæндаг, дам, суæгъд кæн

Тилынц æм къухтæ.

 

Лæг сæм нæ хъусы,

Дзырдмæ нæ тасы.

Сæхи дæр ма сын

Ысхуыдта расыг.

 

Йæ ныхас уымæн

Уыдис æдзæлгъæд.

Гуыба йæ зондæй

Бынтон фæдзæгъæл.

 

Æмæ ыссардта

Фыдбон йæхицæн:

Æрбахæццæ йæм

Фæдис — милицæ!

 

Гуыба сæ фарста:

— Сымах та-чи стут?

Фæлæ йæ уыдон

Гуыффæмæ систой...

 

Сæхимæ згъоры

Батыр тъæбæрттæй:

Уый карз нозт зоны

Нанайы 'вæрдæй.

 

Пъадвалы смидæг,

Æнæ ыстыфæй

Уый рафæлдæхта

Арахъхъы стыр авг.

 

Нана фæфæдис

Йæ фæстæ уайтагъд.

Фæлæ йе 'рцыдмæ

«Цъæх хæйрæг» атагъд.

 

— Æз уымæ барæй

Куы нæ æвналын.

Цæмæн акалдтай

Арахъхъы балон?..

 

Бæргæ йæ уагътон

Æз Ичъынамæ.

Бабын мæ кодта,

Кæсут-ма амæ!

 

Нæ фæныкъуылдта

Батыр йæ цæст дæр.

Нанайæн загъта

Афтæ æрмæстдæр:

 

— Нæхи баба дæр

Гуыбайы хуызæн

Куы фæрасыг уа,

Уæд дын куыд уыдзæн?

 

Ахъуыр-хъуыр кодта,

Фæлæ йæ маст та

Зæронд нанайæн

Бирæ кæд хаста?

 

Æмæ та ногæй

Куыстытыл силлæг.

Ныфснайдта къуымы

Ривæд тычъилæг.

 

Æрлымæн та сты

Бинонтæ уайтагъд.

Фæлæ цы фæци

Къупри Гуыба та?!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.