Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГИБИС. ЦÆРÆГОЙТÆ



ГИБИС

Иу фыдæгъдауыл фæхæст

Мах хъæуккаг Гибис:

Хуынкъæй бадары йæ цæст,

Ам та, дам, цы ис?

 

Дуар — кæйфæнды дуар дæр уæд —

Багом æй кæндзæн,

Чи цыфæнды ми кæнæд —

Сусæгæй кæсдзæн.

 

Хорз раны нæ фæци знон:

Иу дуарæй та каст,

Æмæ йыл æхсæнтæ дон

Ракалдтой æваст.

ЦÆРÆГОЙТÆ

1. Морж

Доны бын ныббыры,

Хи цынайы хорз,

Кæсæгты ныхъуыры —

Афтæ кæны морж.

2. Рувас

Нæу цыма фыдгæнæг,

Уыйау йæхи дары,

Афтæмæй нæ уадзы

Иунæг карк хæдзары.

3. Тæрхъус

Уæртæ къудзиты ныхъхъус,

Цъус йæ сæр фæзыны.

Ракъуыпп, радымсти йæ рус —

Фæрвы цъар æхсыны.

4. Бирæгъ

Фосмæ цыргъ йæ дæндаг дары,

У хъæхъхъаг æмæ фырзыд.

Марын æй хъæуы уый, марын:

Рагæй дæр фыдгæнæг уыд.

5. Арс

Уымæй сырдтæ не сты 'дас,

Фæлæ сæ уæддæр нæ хæры.

Даргъ зымæджы дæргъы арс

Лæгæты йæ дзæмбы сдæры.

6. Стай

Йемæ ма рахæцай армæй! —

Адæймагмæ дæр ныфс кæны.

Стайæн лæг йæ рæсугъд цармæй

Замманай ламаздыхъ скæны.

7. Жираффæ

Стайыл дис кæнын ныууадз,

Уæртæ рацæуы жираффæ.

Цас бахъуæид, цæ, хъуымац

Уый аккаг хæлафæн!

8. Пыл

У дынджыр æмæ тыхджын:

Уый нæ хъыгдары лæджы,

Уыимæ нæ кæны хыл.

Хорз, æгъдауджын сырд у пыл.

9. Кæфхъуындар

Уый та уын кæфхъуындар:

Дæлæ йын цы гуыр и!

Уæ фæуа йæ бындар

Ахæм стыр гæккуыри!

10. Мыстулæг

Бур къуди 'мæ урс гуыбын...

Сисрæбынты, дурты бын .

Сусæгæй цæры,

Мыстыты хæры.

11. Мæлдзыг

Æнцой нæ зоны уый æппындæр...

Пыл цы у йæ разы! —

йæхицæй къорд хатты ыстырдæр

Уаргъ хæссын фæразы.

12. Уызын

Нæй йæм бавналæн — у сындз.

Уый хæссы пайда дæр:

Уымæй хилджытæ тæрсынц,

Маргджын калм — уæлдайдæр.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.