![]()
|
|||||||
ХАРБЫЗ. ЦЪИУТÆ. КÆРДЗЫНАХУЫРХАРБЫЗ (Михалковы фæзмгæйæ) Йе 'мбæлттæй фылдæр уый сой фæцъырдта Æмæ сырæзт, схъал и, хурмæ 'рттывта. Алцæмæй йæхи хуыдта фæзминаг: «Къæбицы уыдзынæн æз рæбинаг —
Уæд зæгъ — мæ ас, Уæд зæгъ — мæ хуыз. Нæ дæн æз нас, Фæлæ—харбыз!»
Къаннæг æмæ рæстæмбис харбызтæ Уымæ 'нцад, æнæдзургæйæ хъуыстой: Хиппæлой цæсты зындис бæркадджын, Алчидæр æй банхъæлдтаид адджын. Хъуыддаг фынгмæ 'рхæццæ ис; рæхджы дын Алыг кодтой харбызæн йæ гуыбын: Насы дæр ма фегад кодта, насы! — Мидæгæй æмбыд-пъæра куы разынд. Аппæрстой йæ тæгæнамæ хуытæн... *** Уымæй уын зæгъинаг та цы уыдтæн: У æвзаргæ адæймаг хъуыддагæй; Мах та хатгай бабæллæм йæ уындмæ, Бахауы æмбыд харбыз нæ фынгмæ Æмæ сафы бæрæчет йæ уагæй. ЦЪИУТÆ Хъæмпытыл — хæлоф, Пакъуытыл—хæлоф!
Цаддоны сæ — тулгæ, Цъыфдзасты — æвдулгæ, Ахстæттæ — кæнгæ, Уым æйчытæ — 'фтаугæ, Уым лæппынтæ — уадзгæ, Афтæмæй — цæргæ! КÆРДЗЫНАХУЫР Сидзæрæй нæм æрбафтыди, Ыскодтам æй кæрдзынахуыр. Æмæ куыддæртæй рафыр и... Рафыр, зæгъгæ, гуымыдза фыр.
Фæлæ уæдмæ куы рабæрæг: Дзæгъæл ыстьт йæ мыхъхъытæ — Йæ ныхыл нæй сыкъабæрæг, Æрмæст чысыл фæкъуыппытæ.
Цыма уыд саби, уыйау æй Фæбуц кодтам æгæр дæр ма. Ныр æй ныскъæрдтам фиййаумæ, Цæмæй йæ айса уæтæрмæ.
Куыд цæуы цард фыроныгыл? Фырытимæ — йæ тухитæ: Æрæппарынц æй зоныгыл, Куы йæ ныххуырсынц къудзитыл.
Ныттыппыр сæм фырхæлæгæй, Цъæх цæстытæ — мæстджын дзагъыр. Æмæ хæссы мæстæлгъæдæй Æгады ном — гуымыдза фыр.
|
|||||||
|