|
|||
БИРÆГЪЫ ЦÆДИСОН. РОБОТТÆ-ХЪАЗÆНТÆБИРÆГЪЫ ЦÆДИСОН Бирæгъæн цæдисон Тæрхъус искуы сразы? Ис уæдæ æмбисонд,— Ахæм хъилхъус разынд.
йе 'фсымæры хинæй Бирæгъмæ ыссайдта. Уый дæр ыл фырцинæй, Гъæйтт, йæхи ныццавта.
Бирæгъ холы дасы Æрдузы къæйдурыл. Тæрхъус сбадт йæ разы. Козбаугæнгæ дзуры:
— Стон-ма йын йæ игæр Де стыр цыргъ дæндагæй: Уый нæ уарзта иу дæр Мах хъæдбыны рагæй.
Схуыдта нæ тæппудтæ, Тох, дам, хъæуы армæй, Науæд, дам, уын худтæ Скæндзысты уæ цармæй.
Уæд сымах куыд фаудта — Бирæгъ ардауæгмæ Уый дæуæй та загъта: «Хъуг ныргæвста таджы...»
Цæл нæ уыд æрæгмæ,— Уайтагъд фынг ныссыгъдæг. Бирæгъ ардауæгмæ Ныр ныккаст æдзынæг:
— Раст дзырдтай, мæ хæдзар. Амонд нæ кæм фæци? Фæлæ мах, æвæдза, Не 'ргæвдæм кæрæдзи.
Тæрхъус ма дзырд куры... Бирæгъ æм кæм хъуыста! — Уый дæр та къæйдурыл Уайтæккæ æрбырста. РОБОТТÆ-ХЪАЗÆНТÆ Рахуыдта тезгъо кæнынмæ Робот-сабийы йæ фыд. Фырт нæма арæхст цæуынмæ, Æмæ иуварсмæ хæцыд.
Феуæгъд и... дзæгъ-дзæгъ... фæтæхы: Рог гæппытæ 'мае хи-хи. Бахауд уалынмæ бæллæхы: Скъуырдта трамвайыл йæхи.
Æмæ разылди йæ зиллон, Цъæттæ нал ысты æлвæст, Телдадзинтæн скалд сæ пиллон, Ахуыссыди цырагъ-цæст.
Фыд ын аздыхта йæ хъандзал, Æвдузæн æрцыд æвæрд. — Цæй, дæ пыс-пысæй ма банцай! Дзырд кæд бамбардзынæ, кæд?
Д' антеннæ ныззæбул мæнæ, Контактмæ нæ дарыс хъус. Ма хиз искæйы уылæнмæ, Ды дæхи уылæныл кус.
Робот мын дæ ды æрмæстдæр, Аразæн дæгъæл мæм ис, Уымæй ку' аздухын дæ лæсгæр, Хъуамæ ма кæнай уæд хъист.
|
|||
|