Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФУТБОЛИСТ»



«ФУТБОЛИСТ»

Иунæг дзырд йæ дзыхы

Бады 'рмæст — футбол,

Æмæ скодта сыхы

Цæрджытыл фыдбон.

 

Хуры уа, къæвдайы —

Кæрты хъæбæрыл

Дугъ ыскъæры, уайы

Портийы фæдыл.

 

Куы æвдисы «аут»,

Куы фæдæтты «пас».

«Рудзгуытыл фæцауæрд,

Джеттыра ныууадз!» —

 

Афтæ ма сдзур исты,—

Бафхæрдзæни дæу:

«Номдзыд футболист дæн,

Æмæ сабыр лæуу!»

 

Скъоламæ нæ цæуы

Афоныл, фæлæ

Уый æрмæст цы хъæуы? —

«Эхх, ныр фест Пеле!»

 

Бааууон ын Ирыстон

Футболы фæстæ.

Уæ, фæуай гæныстон,

Цавæр гуырд фæдæ!

 

Раст Къоста нæ кæртмæ

Бацыди, уæддæр

Портийæ уæлæмæ

Не сисид йæ сæр.

 

Уæвгæ Къоста чи у,

Уый дын зоны — цы?

Портиимæ иууыл

Уый кæны хъырды.

 

Афæдз дæр дзы хъаздзæн,

Не стыхсдзæн уæддæр,

Уый разы нæ райсдзæн

Мад æмæ фыд дæр.

 

Гъа, уæддæр ма порти

Тулынæн бæззы.

Фæлæ уый йæ корто

Дзæгъæлы хæссы.

 

Уый ныууагъта ахуыр,

Æмæ у мæгуыр.

Уый æрмæстдæр къахы-

Фындзæй кусы ныр.

 

Пъуртт кæны йæ порти-,

Сисы йæ хæрдты.

Тынг «ысгуыхт» у спорты —

Рудзгуытæ сæтты.

 

Уымæ 'рхауы загъд дæр,

Бахауы зыны.

Фæлæ — футбол! — дарддæр

Ницыуал уыны.

 

..Порти циу, æз зонын:

Уый фæдыл æз дæр

Згъордтон æмæ згъорын

Хаттæй-хатт ныр дæр.

 

Фæлæ мын уый хъуамæ,

Кæд лæг дæн æцæг,—

Ма бакæна й' аууон

Зæххы тымбылæг.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.