Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





КИМЫ ДЗИБАТÆ



КИМЫ ДЗИБАТÆ

Урс дзибаты бирæ уарзы Ким,

Алы бон дæр сыл фæкæны цин.

 

Къæвда бон сæ сарамæ хæссы,

Афоныл сæм холлагæй кæсы.

 

Сбыдта сын лыстæг уистæй бынат,

Уырдæм сæ æрбахоны сæ мад.

 

Урс дзибаты бирæ уарзы Ким,

Урс дзибатыл тынг фæкæны цин.

 

Бадары сын хъæдын къусæй дон,

Аууонмæ сæ бакæны тæвд бон.

 

Дзибатæ чысыл ысты нырма,

Ставд нæмыг нæма хæрынц, нæма.

 

Хъæрццыгъайæ сын куы вæййы тас,

Ким дæр уæд ныхситт ласы æваст,—

 

Дзибатæ та хæмпæлтæм тæхынц,

Хъæрццыгъамæ гудзитæ кæнынц.

 

Карчы цъиуты бирæ уарзы Ким,

Алы бон дæр сыл фæкæны цин.

 

Афоныл сæм холлагæй кæсы;

Хорз лæппу у Ким, лæгæн бæззы.

«БЫНДЗ»

Уый æгæр дис кодта бындзыл,

Бындзыл уыд æрмæст йæ мæт.

Бындз-иу ку' абадти йæ фындзыл,

Сурын æй нæ уагъта уæд.

 

Ирон æвзаджы урокæй

Ничи алидзы æппын.

Хи фæфæрсын кæнынц ногæй,

Тынг сæ фæнды дзуапп дæттын.

 

Ахуыргæнæг акаст къуыммæ,

«Бындзмæ» дын фæдзырдта уый:

— Рауай размæ ды кæсынмæ! —

Лæппу уайтагъддæр ныссуй.

 

Чиныджы дын нывмæ фемдзаст,

Сыфыл йе 'нгуылдзтæ бырынц.

Гъестæй цыма хъримаг феваст:

— Ацы ран нывгонд и бындз!

 

Зарынмæ дæр нæу уый раззаг.

Зарынц. Нотæтæм кæсынц.

Уый дзых та хæлиуæй баззад,

Æмæ йын дзы батахт бындз.

 

Ног урокмæ нæхи байсæм,—

Йе 'гъдау ам хуыздæр у кæд?

— Цал уыдзæни, мах куы райсæм

Фараст хатты фараст, уæд?

 

Цармæ цæстытæ ныццавта,

Катайæ тъæбæртт кæнынц...

Уалынмæ фæдзагъыр, загъта:

— Скæсут-ма: фæхилы бындз!

 

Географи.

— Лæппу, фест-ма,

Рауай размæ, ма къах фындз.

Картæйыл-ма ссар ды Чъреба,

Зæгъ, цы адæм дзы цæрынц!

 

Рацыд картæмæ. Æдзынæг,

Тынг æдзынæг æм ныккаст.

Бакæс æм, уæд фенхъæлдзынæ:

Ацы хатт зæгъдзæни раст.

 

Полюсмæ уыджы каст кодта,

Дары й' амонæн æнгуылдз.

Стæй йæ барæхуыста: — Гъоппа!

Мæнæ-ма: æрцахстон бындз!

 

Кълас ыл уым сæхи ысхастой,

Хаудис худæгæй сæ уд.

Уый сæ не 'мбæрста 'мæ фарста:

— Дис куыд ницæуыл кæнут?

 

Уый æгæр дис кодта бындзыл:

«Дæлæ», «уæлæ», «мæнæ» — бындз!

Бындз-иу баныхæста фындзыл,

Æмæ афтæмæй фæ-»Бындз».



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.