Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





AElig;РВАДÆЛТÆ



ÆРВАДÆЛТÆ

(Æмбисонд)

Æсхылди михыл хъилхъæдур бæрзондмæ.

Ныр ма цы у зæххыхъæдур йæ разы?

Бынмæ йын каст былысчъилæй йæ кондмæ,

Йæхицæн дзы зæрдæдзæбæхæн хъазыд:

— Цымæ кæй бауырнид: ды мын æрвад дæ? —

Нæй махмæ 'мхуызондзинад мур дæр.

Бынмæ рæзыс, æви цæмæн ныруадтæ?

Дзæбæх куы нæ дæм кæсы хур дæр...

Æз та! Чындздзон чызгау мæ хуыз ыскалын,

Рæудымгæ зилы м' алывæрсты кафгæ,

Нæ вæййын хурхъуаг, афоныл мын — уарын!

Дæу дæр, ме 'рвад, бæргæ бафæндид афтæ,

Фæлæ-ма бавзар, цу, хъысмæтæн амон...

(йæ сыфтæртæ тæригъæдгæнгæ стылдта).

Æвæццæгæн, æрдзæй фæдæ æнамонд,

Гъестæй у, зон, лæгмæ гæсгæ дæр хъуыддаг.

Куыд цæрдзынæ уым рохуаты æгадæй?..

Уæдмæ кæцæйдæр иу фыдбылыз касти:

Æрбакодта тыхджын дымгæ цæгатæй,

Нæ хъилхъæдурæн йе 'нцой-мих фæсасти,—

Йæ дидинджытæ асхъиудтой кæдæмдæр,

Уæззаугай рафæлдæхт æмæ ныддæргъи.

Гъе, афтæмæй дын йе 'рвадæй фæдæлдæр.

Цæхæрадонæй райхъуысти уынæргъын...

***

Бæрзонд куы схилай «михыл» кæнæ «кауыл»,

Уæд зон, кæй ис фæстæмæ дæр æрхауæн.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.