|
|||
ЦÆУЫЛ ФЕЗНАГ СТЫ РУВАС ÆМÆ УЫЗЫНЦÆУЫЛ ФЕЗНАГ СТЫ РУВАС ÆМÆ УЫЗЫН Иухатт рувас тæрхъусы Бахæрынмæ хъавыди, Амбæлдис ыл æрдузы, Фæлæ тæрхъус алыгъди.
Баирвæзти къулварсмæ, Йæхи радта уызынтæм. Уайтагъд уыдон рувасмæ Фездæхтой сæ судзинтæ.
Уызынтæ цæлхæмбырдæй Скодтой се 'хсæн тæппуды. Рувас зылд æддæрдыгæй, Уæгъды уыд йæ «тæхуды».
Аздæхти фыдмæстыйæ, Йæ комдæттæ уадысты. Уызынтæ рувæстимæ Уæдæй нырмæ знаг ысты. ЦЪИУТЫ БОН Райсом — цъиуты бон, лæппутæ, Æмæ уæгъды бадæн нæй: Бафистæг кæнæм нæ къухтæ, Ахстæттæ кæнгæуæм, цæй!
Дурæхсæн кæй дзыппы ссарæм, Уымæн не 'хсæн нæй бынат. Цъиуты мах лымæнтæн дарæм, Мах кæнæм хæлæртты цард.
Рохуаты нæ уыдзæн иу дæр, Алы къайæн — хицæн уат. Фæлæ хъуамæ зараг цъиутæн Раттæм мах хуыздæр бынат.
Цъиутæ, хъусут-ма, æрмæст уæм Махмæ иу курдиат дæр ис: — Дарут цæст нæ дыргъбæлæстæм, Сафут уыдонæн сæ низ. ГУЫБЕ ÆМÆ НАНА Гуыбе куыд уарзы Зæронд Нанайы! Цæхæрадонмæ йæ фæдыл уайы.
Фæуидзы йемæ Кæрдо, фæткъуытæ,— Кæннод сæ 'вдулынц, Хæрынц сæ хуытæ.
Гуыбе Нанайæн Кæсы йæ коммæ. Нана фæхоны Гуыбейы донмæ.
Цæстæй хорз нал у, Йæ дзыкку—халас,— Гуыбемæ дзуры: «Æндах мын алас».
Нана æлвисы Къуымбилтæ уаты: Нана Гуыбейæн Кæны цъындатæ.
Нана Гуыбейæн Фæдзуры аргъау. Гуыбейы 'рфæнды Фæтæхын маргъау.
|
|||
|