Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





БАБЫЗЫ ЛÆППЫН. АХХЫТÆ ÆМÆ ОХХЫТÆ. ТÆРХЪУС-НОМÆВÆРÆГ



БАБЫЗЫ ЛÆППЫН

Нæ иуиæг.бабызы лæппын

' Куыд уарзта хъæугæрон хæтын!

 

Æз-иу æм агурæг цыдтæн,

Фæрвбыны къадатыл зылдтæн.

 

..Æрцыд фæззæг. Фæцыбыр бон.

Æрбæгънæг хъæд. Фæчысыл дон.

 

Нæ кæмтты, фæзты дымгæ хатт.

Урсдоны сæрмæ мигъ ныббадт...

 

Æртахт хъæддаг бабызты бал,

Фæци сын мах бабыз æмбал.

 

Æз уымæн бамбæрстон йæ хин:

Уый балцмæ срæвдз кодта йæхи..

 

Мæ зæрдæ рыст, æмæ тыхстæн.

Бæргæ йын кодтон æз лæгъзтæ...

 

Мæ коммæ нал бакаст уæддæр.

Ыстахт. Фæцыдис ма йæ хъæр...

 

Йæ фæстæ ма мæ худ тылдтон.

Мæ армæй цæссыгтæ сæрфтон.

АХХЫТÆ ÆМÆ ОХХЫТÆ

— Хорз дæхи цæхсадтай, Нох?

— Охх!

Уый мæнæй куы фæцис рох...

 

— Хъус-ма: уæрмæн дзыхъхъ ыскъах!

— Ахх!

Риссы та мæнæн мæ къах...

 

— Фосæн — дон: ысты сæргой!

— Ой!

М' астæу мæ нæ уадзы 'нцой...

 

— Марадз, цъиутæн аби кау!

— Уауу!

Ме уæнгтæ ысты уæззау...

 

— Уæдæ уæртæ бацым бас!

— Цас?

Ратдзыстут мын ноджы кас?

ТÆРХЪУС-НОМÆВÆРÆГ

Мит тъыфылæй

Уары, уары...

Тæрхъус дæр

Йæ фæндаг дары.

 

Йе 'рвадæлтæм

Цæуы абон:

Стыр куывд та

Кæнынц хуыцаубон —

 

Номæвæрæн,

Номæвзарæн:

Исты сын хъæуы

Лæварæн.

 

Рахаста, цы уыд

йæ къухы —

Къабуска

Хордзены 'мпъухы.

 

Уый нын бирæгъæй

Нæ тæрсы:

Фæдтæ мит бæзджын

Æмбæрзы.

 

Арсæй дæр ын

Ницы тас у —

Арс кæмдæр

Хуыссы йæ фарсыл.

 

Ницы хъомыс ын у

Рувас —

Фæдæй арæдыди

Иуварс.

 

Фæлæ цуанонæй

Тæссаг у,

Рындзыл ахизын

Хъуыддаг у.

 

Цуанон кæд

Фæцис йæ цуры.

Къутæры бынæй йæм

Дзуры:

 

— Мæнæ 'рбахæццæ

Мæ худдаг.

Гъей, хъилхъуса,

Раст — дæ хъуыддаг!

 

Чердæм фæцæуын

Дæ зæрд' и?

Стæй дæ хызыны

Цы 'вæрд и?

 

— Нæ, мæ балцы сæр

Нæу сусæг:

Райгуырд ме 'рвадæн

Тæрхъусæг.

 

Номæвæрынмæ

Хуынимæ

Уырдæм рараст дæн

Цытимæ.

 

Рацу мемæ ды,

Рæстдзæвин!

Гъе 'рмæст ма ракæн

Фæсдзæуин.

 

Милайы ды

Арвит хъæумæ,

Мах та номæвæрдмæ —

Еуæ!

 

Фаг уыдзæнис

Уым бæрзы цъар,

Уæд фæрвы цъар,

Уæд кæрзы цъар,

 

Уырыдзы, зæгъай,

Хуыскъæлтæ.

Алы адджинаг

Хæтæлтæ.

 

Хорз у ногбоны

Хъуыдыды...

Цуанон аныгъуылд

Хъуыдыты:

 

«Хабар мын

Гъеныр ысбæрæг.

Æз мæхæдæг —

Номæвæрæг.

 

Авд хатты

Мæ хал ысхауди,

Авдыл ме 'вæрд

Ном ысбадти.

 

Худдæгтæ 'мæ сын

Кæрцытæм

Ардæм цуаны

Ныр ыссыдтæн.

 

Номæвæрæджы

Æмбарын,

Æмæ йæ куы нæ

Хъыгдарын».

 

— Бузныг — хуындæй,,

Мах æвдæлон

Не стæм. Царм амал

Ыскæнон.

 

Мæнæ Милаимæ

Хъæды

Сырдтæн азилон

Сæ фæдыл.

 

Цу, æдас — дæ фæндаг,

Ма тыхс.

Ном цы сæвæрынмæ

Хъавыс?

 

Тæрхъус не 'рсабыр

Йæ тасæй,

Фæлæ сарæхсти

Ныхасæй:

 

— Æз сæрæгасæй

Куы ссæуин,

Сæвæрин ыл

Уæд «Рæстдзæвин».

 

Цуанон худгæйæ

Йæ фæстæ

Адзырдта:

— Цæрæд уæ хъæстæ!

 

Мит тъыфылæй

Уары, уары...

Тæрхъус дæр

Йæ фæндаг дары.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.