Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЧИ У ТÆППУДДÆР?. AElig;НÆНОМ САЛДАТ



ЧИ У ТÆППУДДÆР?

Рауад та сырдты 'хсæн диссаг —

Тæрхъусыл худтысты иууыл:

— Мæнæ цы тæппуд у, ризаг,

Чысыл хæппæй дæр ысхъиуы!..

 

Тæрхъус йæхимæ ысмæсты:

«Алыбон ризыны бæсты

Цон, æмæ арф цад ыссарон,

Æмæ мæхи уым ныппарон...»

 

Ахæм фæнд алыг йæ сæры.

Уайынтæ байдыдта дардмæ;

Ахызти авд хохы сæрты,

Уалынмæ бахæццæ цадмæ...

 

Уыцы ран тæрхъус, нæ лымæн,

Рацæттæ, рарæвдз мæлынмæ.

«Былæй хи фехсон» — куыд загъта,

Чидæр дзы фесхъиудта афтæ:

 

Ауад йæ мæгуыр уд хæфсæн —

Донмæ ныггæпп кодта тæссæй....

Ахъуыды кодта уæд тæрхъус,

Аныхта къахæй йæ фæсхъус,

 

Æмæ фæстагмæ ныххудти:

— Хæфс у мæнæй дæр тæппуддæр!

Цæй, æмæ аздæхон,— загъта.

Хиамарынвæнд ныууагъта.

ÆНÆНОМ САЛДАТ

Кæмæй уыд, кæцон уыд,

Кæм бæсты цæрæг,

Уырыссаг, ирон уыд,—

Нæу уый дæр бæрæг.

 

Æмæ йæ кæд хонæм

Æнæном салдат,

Уæддæр æй мах зонæм,

Кæмæн кæнæм кад:

 

Нæ бæсты сæраппонд

Уый райста мæлæт,

Цæмæй нæм уа абон

Æнæмаст цæуæт.

 

Йæхæдæг кæцон уыд,

 

Кæм бæсты цæрæг,

Уырыссаг, ирон уыд,—

Нæу уый дæр бæрæг...

 

Ныр мæнæ йæ хуыссæн—

Йæ фæстаг бынат...

Уæ рухсаг уай, рухсаг,

Æнæном салдат!..



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.