Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





УАРЗ ДÆ БÆСТÆ



УАРЗ ДÆ БÆСТÆ

Хур зæрин тынтæ нывæнды;

Риуы циндзинад ныццæнд и:

Стæхынц бæлæттæ пæррæстæй...

Уарз дæ бæстæ!

 

Иу мады цотау хæларæй

Рæзынц кæстæртæ æмбарæй,

Нæу сæ иунæг дæр æрхæсгæ!

Уарз дæ бæстæ!

 

Саби никуы уарзынц афтæ:

Чи бабæлла космонавтмæ,

Уымæн фæндæгтæ цæттæ сты.

Уарз дæ бæстæ!

 

Махау ничи зары зарæг,

Зарæг махæн у нæ дарæг:

Зæлынц амондджын хъæлæстæ.

Уарз дæ бæстæ!

 

Мæн æндæр бæсты нæ фæнды —

Уый цыфæнды к' уа, цыфæнды.

Райгуырæн зæхх мын — æрмæстдæр!

Уарз дæ бæстæ!

РУВАС ÆМÆ ЗЫГЪАРÆГ

Рувас хин у рагæй,

Зонут уый бæлвырд.

йе 'дзæсгомдзинадыл

Ныр уыдзаен нæ дзырд.

 

Иухатт та йæхицæн

Не скодта хуыкком,

Зыгъарæгмæ басхъæл,

Загъта йын æргом:

 

«Рувæстæн æрцыди

Цотгæнæн заман:

Ратт мæнæн дæ хæдзар,—

Тынг хорз у йæ ран».

 

Ратардта йæ уый дæр:

«Махæн нæй дзырддаг.

Сырдты дуаг дæ скæнæд

Куиты амæттаг!»

 

Рувас æм фæмæсты.

Нæй йæм тохмæ ныфс,

Фæлæ загъта: «Фенæм,

Иучысыл фæбыхс!..

 

Ай нæ ратдзæн хæдзар,

Цасфæнды йын дзур».—

Æмæ йын йæ хуынкъыл

Сфæлдæхта къæйдур.

 

Зыгъарæг куыд нæ тыхст?

Нал ын уыд гæнæн.

Бавдæлди, фæкъахта

Фалæрдæм цæуæн.

 

«Уæдæ ма дын махмæ

Иу фыдбылыз ис!» —

Рувас æм ныппæрста

Цуанон куыдзы фист.

 

Зыгъарæджы цæстыл

Цуанон куитæ уад,

Фæлæ та фæрæзта,

Арф хуыккомы бадт.

 

«Амæн мын, Зыгъарæг,

Ницы у дæ бон!..»

Ацы хатт æм хуынкъыл

Аскъæрдта йæ дон.

 

Зыгъарæг æрцыдис

Афтæмæйты тард.

Цæттæтыл æрбадти

Рувасы мæнгард.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.