Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





РЫНЧЫНФÆРСÆГ. AElig;З КУЫ СЛÆГ УОН.



РЫНЧЫНФÆРСÆГ

Хъæдгæсæн йæ хæдзар — хъæды,

Суадоны хæд цур, фæсвæды.

 

Цардис уым йæ фырт дæр уымæн —

Сырдтæн рагæй уыд сæ лымæн.

 

Æмæ иузаман куы стыхсти,

Къахы какон-сындз куы сныхсти,—

 

Рынчынмæ фæрсæг сæхимæ

Сырдтæ уадысты хуынтимæ.

 

Къозотæ æрхаста уызын,

Æхсæрæг—æхсæрты хызын.

 

Тæрхъус къабуска æрхаста,

Иу мыдычыргъæд ын — арс та.

 

Зыгъарæг та йын, æнхъæлдæн,

Фиу æрхаста — дзабырсæрдæн.

 

Хъæддаг хуы сæ уым нымбылдта:

Кæртмæ дынджыр нас æртылдта.

 

Рувас бафæстиат барæй:

Афтидармæй бахызт дуарæй.

 

Рынчыны цур сбадт рæбынæй.

«Диссагдæр цы фендис уымæй?

 

Иу ыстæг уæд та йæ роны

Бакодтаид, фæтк куы зоны...» —

 

Сырдтæ хъус-хъусы уым дзурынц,

Цæст кæрæдзимæ ныкъулынц.

 

Рувас бамбæрста æппæтдæр:

Бабадт рынчынмæ'хæстæгдæр.

 

Æмæ хиуыл тынг æрвæсгæ

Загъта ахæм хин ныхæстæ:

 

«Æз æрхастон уарзаг зæрдæ,—

Уый та хуынтæй нæу æвзæрдæр...»

 

Ссардта хорз æфсон йæхицæн...

Ууыл æмбисонд фæхицæн.

ÆЗ КУЫ СЛÆГ УОН...

Æз куы слæг уон,

Уæд-иу ихыл

Бон-изæрмæ

Хъаздзынæн.

Рауадздзынæн

Уæд æз рихи,

Куывды фынгыл

Баддзынæн.

 

Сæлдæджытæй-иу

Æдзухдæр

Балхæндзынæн

Худы дзаг.

Скъолайæ

Кæндзынæн цухтæ,

Басгуыхдзынæн

Тынг фыдуаг.

 

Дуртæ цæуджытыл

Æхсдзынæн,

Н' ауæрддзынæн

Иуыл дæр.

Мæн цы фæнда,

Уый кæндзынæн.

Нал хъусдзынæн

Иумæ дæр.

 

Маргъдзуан-иу

Цæудзынæн хъæдмæ,

Халдзынæн уым

Ахстæттæ.

Стыр бæласæн-иу

йæ сæрмæ

Сгæпп ласдзынæн

Уайтæккæ.

 

Чи ма хыл кæндзæн

Мæнимæ:

«Цæй, ныууадз

Фыдуаг митæ!»?

Чи ма мын зæгъдзæн

Нæхимæ:

«Макæдæм цу —

Саби дæ!»?



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.