Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





АРС ÆМÆ РУВАСЫ АРГЪАУ



АРС ÆМÆ РУВАСЫ АРГЪАУ

Арсæн иухатт гæды рувас

Ахæм хин дзырдта:

«Хицæнтæй цы кæнæм минас? —

Бацæрæм уæд та!

 

Иумæ-иу нæ хуым кæндзыстæм,

Бæркад та — æмбис,

Афтæмæй дзæбæх цæрдзыстæм.

Саразæм цæдис».

 

«Пайда» бамбæрста æрæгмæ,

Фæлæ сразы арс...

Гутон ауагътой цæхгæрмæ

Иу ран хуссарварс.

 

Хуыммæ базылдысты, стæй дзы

Байтыдтой мæнæу.

Хорз æмбæрстой, хорз, кæрæдзи,

Нæй сæм загъд, быцæу.

 

Арс хуымгæс æрбадти рындзыл,

Рувас цуаны зылд,

Хъæуæй ссæугæйæ йæ фындзыл

Бумбулитæ зынд.

 

Мусонджы та-иу уæлгоммæ

Аппæрста йæхи:

«Æз фæзылдтæн дысон-бонмæ,

Аргæвстон мæхи».

 

Уыд æфсæст, фæлæ ысхъæрзыд

Йе 'мбалы цæстмæ:

«Цуан кæнынмæ ныр нæ бæззы,

Хъуыддаг нæу рæстмæ».

 

Акаст арсæн хур йæ тæнты,

Бонæй-бонмæ тад.

Рувас та-иу дард хæтæнты

Холыдзуан фæхатт.

 

Афон цыд. Æрхæццæ мæнæ

Хорисæн рæстæг.

Дардта бур-бурид сæ мæнæу,

Хорз æрзад, æцæг...

 

Иубон рувас загъта арсæн:

«Хорз æмбал мын дæ,

Æмæ равзар ныр, цы уарзыс:

Сæртæ 'ви бынтæ?»

 

«Рувас, хорз зоныс мæ тухи,

Федтон фаг зынтæ,—

Бон-изæрмæ калд мæ сур хид...

Курын ныр бынтæ».

 

Рувасы хуыздæр цы хъуыди:

Бафснайдта мæнæу.

Арс та хæтæлы фæзылди

Сыгъд мæстæй: «Фæлæуу!»

 

Кодта уалдзæджы æртхъирæн:

«Зонд æрцыд мæм ныр.

Агуырдтон йæ бын æфсирæн,

Æмæ сдæн мæгуыр.

 

Ацы хатт цы 'рзайа, уымæн

Исын æз йæ сæр!»

Ууыл сразы ис йæ лымæн:

«Нæу та мын æвзæр».

 

Рувасы фæндæй ныссагътой

Булкъ æмæ картоф.

Хуым дзæгъæл æппын нæ уагътой,

Куыст нæ кодтой рох.

 

Уалынмæ та 'рзылди фæззæг:

Карста арс сæртæ —

Картофы хъæдтæ 'мæ дæрзæг

Булчъы бур сыфтæ.

 

Рувас хорз тыллæг ныфснайдта,

Сбирæ та йæ мулк.

Мæгуыр арсæн дæр ма радта

Иу сæмпæлрагъ булкъ.

 

Æмæ рувас арсыл худти:

«Уæ мæгуыр дæ бон:

Де 'стыр сæр, мæрайау, тутт у,

Нæй дзы мисхал зонд».

 

Арс йæ дзæмбы дард фæхаста —

Рувасыл æрцыд:

«Ныронг гуырыл къодах хастон —

Зонд мæм ныр æрцыд!»

 

Разыввытт æй ласта уайтагъд

Мусонгæй бынтон...

Æмæ арс цæрынтыл сцайдагъ,

Нал зыдта фыдбон.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.