Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЦУАНОН. ДЗЫБЫНЫ ХАБÆРТТÆ



ЦУАНОН

Рацу хъæдæй, цъæх бирæгъ:

Æз дæ топпæй амарон!

Рацу, сæгуыт, цæхх — бирæ:

Æз дын армæй бадарон!

 

Рацу, рацу, бур арс, хъæдæй:

Æз дæ сбырсон æрдузы.

Рацу, рацу, рувас, хъæдæй:

Æз дæ смарон — кæркхъусы!

 

Саг, дæу фенынмæ ыссыдтæн,

Хæстæгмæ дæм бакæсон.

Раттис мын уæд та дæ сытæ:

Æз сæ хъæумæ ахæссон.

 

Гъей, æхсæрæг — хъæды цæрæг,

Мæра скодтай цъуппыдзаг!

Рахæсс мын дзы цæрдæг-цæрдæг .

Уыцы 'хсæртæй худы дзаг!

 

Гъей, сæлавыр, хуынкъæй рабыр:

Мæнæн хъуамæ дзуапп радтай!

Ранымай мын афтæ сабыр,

Цал карчы нæ адавтай?!

 

Гъей, зыгъарæг, æз — дæ марæг!

Дæ царм худæн хорз уыдзæн.

Дада кæны низы хъарæг,—

Дæ сой уымæн хос уыдзæн.

 

Ардæм, ардæм, сырдтæ, цæйут,—

Ма æмбæхсут аууæтты!

Æви хъæды дæр нæ вæййут,

Стут æрмæстдæр аргъæутты?!

КАУНА

(Мæ мад Агънианы ныхæстæй)

Фыдæлты таурæгътæ рох кæнын байдыдтам,

Чи ма сæ зоны лæмбынæг?

Мах дæр дзы, загъдау, хуыздæрты нæ баййæфтам,

Искæмæ 'нхъæлцау — нæхуыттæг.

 

Фæлæ нæ зонджыты хъисфæндыр рагъæныл

Цалынмæ сæгмæ лæзæры,—

Раттут мын бар æмæ сидзæрты таурæгъæй

Барæвдауон æз кæстæры.

 

Аив нывæзт дзы куы ахса уæ хъусгæрон,

Уæд уый æз райстон фыдæлтæй.

Фæлæ-иу таурæгъ æрхæцгæ куы хус кæнон,

Уый та — мæхи конд цъæмæлтæ.

***

Царди-уыдис, уæдæ,

Иукæддæр раджы

Хо 'мæ æфсымæр

Хуыцауæн йæ руаджы.

 

Уыдонæн, зæгъы,

Куы уыди фыдыус —

Сидзæртæн емынæ

Æмæ фыдбылыз.

 

Иурайсом куы уыд,

Уæд дын сæм фæдзырдта:

— Хъусут-ма ардæм,

Æнамонды гуырдтæ!

 

Мачи уæ ацæуæд

Абон æддæрдæм:

Ахсæв сылбикъ æмæ

Нæлбикъ æргæвдæм.

 

Донæй ныдзаг кæнут

Дынджыр цæхгæр,—

Намæ мын сар кæны,

Додой уæ сæр!

 

Радта сæм къæртатæ;

Уыдон хæссынц,

Хæдзарæй Терчы 'хсæн

Реуа кæнынц.

 

Дон хæссын бацыди,

Бацыд йæ тынджы.

Къулбадæг ус сыл

Уæд рамбæлди уынджы:

 

— Уыйбæрц донæй мын

Цы аразут, цы?

Уагæр уæм цавæр

Цæджджинаг фыцы?

 

— Ахсæв сылбикъ æмæ

Нæлбикъ æргæвдæм,

Уый тыххæй кæыæм

Мах донмæ дыууæрдæм..

 

— Уастæн куы бауид

Уæ фыдыус бын!

Сафгæ уæ кæны,—

Гъеуый уын зæгъын:

 

Уыдон — сылбикъ æмæ

Нæлбикъ — уæхæдæг,

Фыдыус та уын

Æххуырсы æргæвдæг.

 

Лидзгæут, лидзгæ,

Æфснайут уæ сæр! —

Къæртатæ феппæрстой

Дондзаутæ дæр...

 

Лæппуйы къухыл

Хо рахæцыд, гъемæ

Згъорынтæ байдыдтой,

Лидзынтæ, еуæ!

 

Бирæ фæуадысты

Æви чысыл,

Уый зонæг ничи у...

Тархъæды сыл

 

Изæр сындæггай

Æруадзы йæ базыр.

Сидзæртæ сдойны сты —

Дон дзы нæ разынд.

 

Къæвдадон сырдвæдтæй

Ам-уым æрмæст

Цæуджытæм дардта

йæ лакъонгъуыз цæст.

 

Хо ма фæрæзта,

Размæ ма уади,

Кæстæр та, æфсымæр,—

Дойныйæ марди.

 

Сырдвæдæй нуазынмæ

Иу ран фæгуыбыр,—

Хойæн дын тæссæй

Куы ссæуид йæ зыр-зыр:

 

— Абабау, ма баназ! —

Сдзырдта Кауна.—

Рацу, кæд разæй

Хуыздæр дон фæуа...

 

Цом, мæ хур, цом, мæ хур,

Азгъорæм цырд!

Амæй куы баназай —

Фестдзынæ сырд:

 

Сагвæдæй баназай —

Саджы лæппын,

Æрсвæдæй баназай —

Арсы хъæвдын.

 

Бирæгъы фæдæй

Ды баназай кæд,—

Фестдзынæ тугдзых...

Хæрзсæфт кæнæм уæд...

 

Уайынц та размæ

Тæрсгæ 'мæ фæлгæсгæ,

Разæй хо уайы,

Æфсымæр — йæ фæстæ.

 

Никуыдæр суадон и,

Никуыдæр — къада.

— Сырдвæдæй нуазын,

Цыфæнды куы бада!.. —

 

Хо йæ куыд нæ фена,

Афтæ дын, кæс,

Къæвдадон лæппу

Куы скæнид æлвæс...

 

Дойны бæргæ суагъта,

Фæлæ æмбойны

Лæппу саг фестади,—

Сæфтджытæ хойы.

 

Саджы уаст кæнгæ ма

Азгъордта хъæды

Йе 'намонд хойæн

Сæртилгæ йæ фæдыл.

 

Уымæй фыддæр фыд

Зæххыл ма цы уа?

Дзыккутæ тоыы,

Дзыназы Кауна.

 

Тархъæды бæлæстæ

Уый кæуын хъуыстой,

Катайæ уыдон

Сæ сæртæ æнкъуыстой.

 

Бахъуаджы фидауы

Чызгыл кæуын,

Фæлæ Каунайы

Хъуыд исты кæнын.

 

Зæлдагæй къалиумæ

Бабаста саджы,

Схызти йæхæдæг,—

Йæ бадæн уыд саджил;

 

Тас æмæ уазалæй

Кодта гæв-гæв.

Сидзæрты банорста

Саугуырм æхсæв...

***

Рацæй-та-рабон и,

Æмæ сæумæйæ,

Уы-бæстаг æлдарæн

Сагдзуан кæнгæйæ

 

Й' адæмы 'рбахаста

Иунæг хуыцау.

Фырдисæй фесты

Уым арвы цæфау.

 

— Баст саг чызгимæ?! —

Уæларвы кæнон!

Дис æмæ бисæн

Куы нал уыд кæрон.

 

Саджы нæ фехстой

Æрдын æмæ фатæй.

Растын сæ кодтой

Сæ æхсæвиуатæй.

 

— Цавæр дæ, чи дæ?

Хæйрæг æви зæд дæ?

Чи дæ æрхаста

Нæ зæххы кæрæттæм?

 

— Зæд дæр нæ дæн æз,

Хæйрæг куыд нæ, афтæ,—

Сидзæр Кауна дæн,

Иæ къонайæ рафтæг...

 

Хабар куыд уыди,—

Кауна сын фæдзырдта,

Мадызæнæгыл

Уый ногæй фæкуыдта.

 

Цуанæттæ таурæгъмæ

Цадæг фæхъуыстой,

Цæссыг ысхъаугæйæ

Сæртæ æнкъуыстой.

 

Уайтагъд сæ кæстæр

Æлдарфæрсæг ацыд.

— Ардæм сæ ракæнут! —

Схаста уый бардзырд.

***

Æлдары зæрдæмæ

Бацыд Кауна:

— Ахæм рæсугъд ма

Бæстæтыл кæм уа?

 

Æлдар йæхæдæг дæр

Конд æмæ зондæй

Иууыл æххæст уыди;

Усгуры бонтæй

 

Батонын ницахæм

Бантысти уымæн,

Æмæ ныр бакуывта

Бинонты нывæн.

 

Æлдар æрхаста — и! —

Уазæг чызгайы.

Тынг æй ысбуц кодта

Сидзæр Каунайы.

 

Саджы зыдта 'мæ йæ

Бирæ дæр уарзта,

Саг дæр нæ уыди

Рæвдыд æмæ кастхъуаг:

 

Цумайæ, кусæгæй —

Хорз ын уыдысты.

Бонтæ сыл афтæмæй

Радгай цыдысты.

 

Цард сын æнæ къæм,

Æнæ лаз фæцайдагъ.

Иунæг тыхст, иунæг зын

Баззади айдагъ:

 

Æфсымæр хайуаны

Сурæты цыд,

Хайуанау уый дæр

Æгомыгтæй уыд.

 

Рацæй-та-рабони

Æмæ дын, хъус:

Уы-бæстаг хингæнæг,

Къулбадæг ус

 

Каунайы нывæн

Ысбыдта фыдбылыз.

Скъуыдчъил чызг ын уыд,

Цæгæрсæр, фыдцъылыс.

 

Мад ын зæлдагæй

Йæ цæгæр нымбæрзта,

Хыссæйæ та йын

Йæ чъилтæ нысæрста,

 

Сдуду йын кодта

Йæ сау фадыварц,

Сусæгæй цъайы

Ныссагъта ыстарц.

 

Бамбарын кодта

Йæ чызгæн йæ хин.

Уый дæр Каунамæ

Куы байсид йæхи.

 

Цæгæрсæр чызг æмæ

Дардбæстаг чындз

Доны цур бадынц,

Ныхæстæ кæнынц.

 

Найын æрымысыд

Уалынмæ цæгæр.

Дарæстæ раластой

Иуварс, æддæдæр.

 

— Раздæр ды багæпп кæн! —

Дзуры Кауна.

— Нæ, ды уал багæпп кæн,

Уæ мæ къона!

 

Кауна фæкодта

Хи уыциу ысхуыст —

Старцæн йæ тæккæ цыргъ

Зæрдæйы сныхст...

 

Искæйы дарæс

Ыссæрфта нæ кæлмон,

Арв-сыгъдæг бадæны

Рабадт æвæлмон.

 

Уыдæттæн ницы

Æрхатыд æлдар.

Афтæ нычъчъил кодта

Иуафон цард...

 

Къулбадæг балæууы

Сæрыл хыртт-хырттæй:

Æлдар фыццагау

Нæ хуыссы хуыррыттæй.

 

— Циу? — зæгъгæ, фесхъиуы.

Ус дæр ысхуыстæй:

— Мыстытæ хус лалым

Хафынц æмбырдæй,—

 

Гъендæр уый ницы у,

Хъарæд дæм дзырд!

Сæрмæ та февналы

Æмæ — хыртт-хыртт...

***

Иу цъиу йæ рудзынгыл

Алыбон бадт,

Æмæ йæ зарæгæй

Байдзаг и уат:

 

«Уæ гæбæра-

Гæбæра!

Уæ цæгæра-

Хехына!

Кæй хæдзарæй —

Хæдзарджын?

Кæй гобанæй —

Гобанджын?

Дæ хæрвытæ

Куы хафыс,—

Кæй бадæны

Бадыс?»

 

Цуматæ «æхсины» цуры —

Æмбырд.

Къулбадæг усы чызг

Загъта йæ дзырд:

 

— Уый мын куы нæ 'рцахсат,

Уæд мын цы хъавут!

Стонут мын уый къубал!

Марадзут, тагъд ут!

 

Ахæм сæрæнтимæ

Цъиуы бон циу?

Уайтагъд сæ къæппæджы

Бахауди цъиу.

 

Срæдывтой маргъæн

йæ лыстæг къубал.

«Хехына» чи зара,

Нал ис уый, нал.

 

Фервæзти къулбадæг

Зарæджы тасæй.

Уалынмæ саджы

Рæуæд дæр ныууасыд.

 

Кæртæй йæ сæфтджыты

Хойын цæуы.

Саджы рæуæд та

Йæ хойыл кæуы.

 

— Саджы дæр аргæвдут!

Скæнут сындзын арт!

Уымæн йæ фыдтæ

Цырд бавæрут уæларт!

 

— Ма амар хайуаны! —

Æлдар фæтарсти,—

Мадызæнæгау æй

Бирæ куы уарзтай!..

 

Æлдары дзырдмæ дын

Хъусæг та чи у?

— Хъуамæ йын бахæрон

Абон йæ фиуæй!

 

Бандзæрстой сындзæй

Дынджыр арт — гуыр-гуырон.

Бамбæрста рæуæд

Йæ уды мæгуырбон...

 

Саг-род ныццыди, ны,

Цады былмæ.

Хомæ ныдздзынæзта

Цъайы бынмæ:

 

«Уæ Кауна, Каунана!

Ме 'ргæвдæн бон у,

Де 'гæр мын айхæла,

Мауал бад доны.

 

Бабын и, бабын,

Фæхуыссы мæ зынг.

Кæрдтæ — цыргъ-цыргъид,

Æвæрд у сæ фынг...»

 

Дзуры йæм, дзуры,

Кауна дæр уæлæмæ:

«Сау æлгъыст фестæм

Фыдбоны уæдæмæ...

 

Ам ма дын- исты

Куы уаид мæ бон,

Ызмис мæ хъуыры

Нæ бадид, мæ бон.

 

Хæфсытæ с ахстон

Нæ кæниккой хъарм

Каунайы чызгон

Пылыстæг дæларм,

 

Донбеттыр кæсæгты

Не 'скъæрид бардзæй,

Ам сæ нæ дарид

Мæ иу уды хардзæй!»

***

Цъæх арт уæларвмæ

Ыскалы йæ пиллон...

Саджы дæр кауыл

Æрбырстой æвиллон.

 

Хъусæй йæ разылдтой —

Хъабыл уа! — хурмæ,

Уæраг æрæлвæста

Роды сæр дурмæ;

 

Иу хатт ма æргæвдæг

Адаудта дана[1]...

Къулбадæг усы чызг

Сцæйдзуры: «Гъа-ма!..»

 

— Зæд! — зæгьгæ, чидæр

Фæкодта æваст.

Адæм фæуыргъы сты,

Арвмæ — сæ каст:

 

Фарны минæвар

Сæ сæрты пæр-пæрæй

Хабар хуыцаумæ

Фæхæссы зæрдæрай.

 

Зоныгыл кувынмæ

Дзыллæ ныххæррæтт.

Адæм — сæ фырдисыл,

Сагæн — йæ тæррæтт! —

 

Атахти уæлдæфы,

Сындзарты смидæг,

Сабухта цæхæр,

Æрзылди йæ мидæг,

 

Фехста йæхи æмæ

Сæмбæлди цъайы,

Уырдыгæй срæмыгъта

Йемæ Каунайы.

 

Авд хатты хуыздæр,—

Фыццаг-иу цы уыд,—

Ахæм лæппу ныр

Йæ хоимæ ссыд.

 

Æлдарыл базыртæ

Базади цинæй,

Къулбадæг усæн

Ныр зоны йæ хинтæ.

 

Рæбинаг къæбицы —

Усæн æмбæхсæн,

Бадынц йæ чызгимæ,

Ризынц фыртæссæй.

 

Лæппу сæ дзыккутæй

Раласта кæртмæ:

— Сидзæрты адон

Лæвæрдтой мæлæтмæ,

 

Æмæ сын абон,

Мæ сиахс-æлдар,

Тæрхонты карздæр

Дæхæдæг æвзар!

 

Радта уæд уый дæр

Йæ дæлдæртæн бардзырд:

— Адоны ма бафхæр —

Арв уый нæ бардзæн! —

 

Ракæнут кæртмæ

Æнæдомд уырс тагъддæр,

Тæккæ ызнæтдæр,

Тæккæ налатдæр!

 

Бакæсут фистæгцонг

Цумайы лæгтæм:

Бабастой æлгъæгты

Уырсы дымæгмæ.

 

Алиуырдта уырс дæр,

Фæцыд ма дзы иу зыхъхъ,

Бакодта зинты

Къуыппи-къуыпп, дзыхъхъи-дзыхъхъ.

 

Се 'стæгдартæ та сын

Басыгътой арты,

Æмæ сын се 'ртхутæг

Дымгæмæ сдардтой.

 

Се 'ртхутæг абон дæр,

Дзурынц, мæ хуртæ,

Нограуард митыл

Куы ферттивы хурмæ.

***

Хо æмæ æфсымæр

Кад æмæ радæй

Æлдары хæдзары

Цардысты адæн.

 

Чи зоны, хойæн

Фæзынди зæнæг дæр

 

(Амондджын царды

Æмбæлы, æцæгдæр).

 

Лæппу дæр, чи зоны,

Ку' ацыд йæ кармæ,—

Хуры чызгаймæ уæд

Курæг ысфардæг,

 

Йе та кæд, чи зоны,

Уымæй дæр раздæр

Фыдыус-бирæгъæй

Райста сæ маст дæр...

 

Фæлæ цы нæ хъуыстон,

Уымæй — хатыр.

Таурæгъ кæронмæ -

Фæхæццæ и ныр...

 

Зинæй уа, зæдæй,

Лæг уа, хæйрæгæй —

Уыдон ныр мах раз

Куыд нæ сты æцæгæй,

 

Афтæ мын ма фенут

Рын æмæ сон.

Сабитыл акæнæд

Амондджын бон!

ДЗЫБЫНЫ ХАБÆРТТÆ

Рараст хæдзарæй Дзыбын,

Уæртæ уынджы суайы.

Ауыдта дын сисрæбын

Уынгмæрзæг дадайы.

 

— Æхсынæнтæ ма 'хсын ды,—

Лæг зæгъы Дзыбынæн,—

Науæд ацы марзт уынгты

Цал хатты мæрздзынæн?

 

Уæд æндæр уынгыл фæраст,

Уыд æнтъыснæг й' ахаст.

Ам æм хилдасæг æваст

Иу рудзынгæй ракаст.

 

Уый дæр йемæ кодта хыл,

Хæсгард къухмæ систа:

— Уый сæр у æви мæкъуыл?

Дæлæ куыд ныффист и!

 

Худинаг кæныс мæн дæр! —

Лæппу йæм нæ хъуыста.

Айста уый йæхи дæлдæр

Æмæ размæ схуыста.

 

— Гъей, фæлæуу-ма! —дзуры лæг,

Зоныс мæ?.. Æз дæн хуийæг!

Уый цæй дæргъæн у дæ дыс?

Горæт аллайаг кæныс.

 

Нал та ауæндыд цæуын

Æмæ раздæхтис Дзыбын.

Цыппæрæм уынгыл фæраст и.

Ам та йæм цы бæллæх касти?

 

Урс халатджын ус лæууы

Ныр йæ размæ — дохтыр!

— Мæнæ куыдтæтæй цæуы!

Ахуырст ма у догътæй?!

 

Дохтырты уатмæ ма цом,

Чъизи у цæттæ низ,—

Уым нæ уыдзæни æнцон...

Судзин уым хъæудзæнис...

 

Цыппар уынджы йын йæ раз

Бацахстой «ызнæгтæ».

Цу 'мæ афтæмæйты хъаз,

Уый дын, гъе, хъуыддæгтæ!

 

Ницыуал ын уыд гæнæн,

Раздæхти мæстджынæй.

Цæй, гъеныр цы ис зæгъæн

Фистбецыкк Дзыбынæй?



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.