Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГУЫМИРЫ. ХЪÆБАТЫР ЦУАНОН»



ГУЫМИРЫ

Ахæм гуымиры

Никуы ис Иры.

 

Гæды 'мæ куыдзы

Иумæ ысбæтты.

 

Асады рындзыл.

Каутæ ныссæтты.

 

Райсынмæ цырд у,

Уисæн нæ зоны...

 

Ахæм фыдгуырды

Мад ис зындоны.

«ХЪÆБАТЫР ЦУАНОН»

Ацы хабар зонын

Сабитæн нæу зиан.

Дыргъдзæхæрадоны

Чиныг каст Тугъан.

 

Цыди алы сырдтыл

Чиныджы ныхас —

Пылтæ 'мæ кæлмытыл...

Уыдонæй у тас.

 

Фæлæ сæ æрцахсы

Сахъ цуанон уæддæр,

Йемæ сæ æрласы

Удæгæстæй дæр.

 

Лæппу дæр йæхимæ

Ахæм лæг æркаст...

Цуаны хъуыдытимæ

Адзæгъæл æваст...

 

Уалынмæ æрфынæй

Бæласы рæбын,

Уым хуыссыд хуыр-хуырæй,

Æмæ федта фын.

 

Мæнæ, цыма, хъæды

Ставд бæлæсты 'хсæн

Бафтыди йæ фæдыл

Иу дынджыр пылæн.

 

Лидзынæй пыл бастад,

Афтæмæй фæкалд.

Уæд æй лæппу 'рцахста,

Скодта йыл бæхбадт.

 

Иу ран калм ныммардта;

Уый та йын ныр — ехс.

Дзуры пылмæ: «Дарддæр

Портиау хи фехс!»

 

Галиу къухæй «бæхы»

Даргъ фындзыл хæцы

Афтæмæй фæтæхы,

«Ехсæй» йæ цæвы.

 

Хъæумæ цыма скъæры

Тигрты рæгъау...

Уалынмæ йæ сæрыл

Иу фæткъуы æрхауд.

 

Лæппу фехъал, скуыдта,

Хæдзармæ ныббындз.

Уайгæ-уайын скъуырдта

Тарвазыл йæ фындз.

 

Рахъæр кодта уатæй:

«Дуар-ма сæхгæнут!»

Фыны уыд хъæбатыр,

Хъалæй та — тæппуд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.