Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





НОГДЗАУЫ АРД. ЦЪИУ-СЫРДДОНЦЪИУ



НОГДЗАУЫ АРД

Мадау æз цы бæстæ уарзын,

Уымæн цард нывонд кæнын,

Æмæ хистæртæн сæ разы

Æз мæ иунæг ард хæрын:

 

Бафиддзынæн ын йæ хæрзтæ,

Се 'ппæтæн кæд фидæн ис.

Никуы суæлдай кæндзæн зæрдæ

Дæу, мæ Райгуырæн Цæдис!

ЦЪИУ-СЫРДДОНЦЪИУ

— Æфсин, уазæг уæм фæцæуы.

Дзурынц, а-хæдзар хынцаг у!

— Цъиу-сырддонцъиу, дæу цы хъæуы?

Аздæх, мах лæппу фыдуаг у.

 

— Æз нæ дæн хуымæтæг уазæг,

Дæн сымахæн буц кæнинаг.

Фынг мын авæрут мæ разы,

Рахæссут мæнæн хæринаг!

 

— Уагæры дæуæй цы дарæм,

Кæнæ чи дæ, стæй кæм уыдтæ?

— Скодтон ахстон æз уæ цары,

Уым æрæфтыдтон æйчытæ.

 

— Къуырттыл нын дæуæйуый баддзæн,

Фæлæ махæн циу йæ пайда:

Йе нын цъиувæлтæр нæ ратдзæн,

йе дзы не скæндзыстæм хъайла?!

 

— Уыдон ахæм къуыртт куы не сты,

Сты уæ лæппуйæн лæвайраг:

Иу дзы боныцъæхмæ фестдзæн

Алæмæты дугъон байраг,

 

Гамхуд басгуыхдзæнис иннæ,

Æртыккаг та — саргъ æд идон.

Уæдæ лæггаг та — уæхимæ...

Куывд ыскæнут, куывд, цæвиттон!

 

— Мидæмæ! Дæ фæндйаг — ноггуырд!

Мах ныртæккæ ам дæ номыл

Куывд ыскæндзыстæм, нæртон куывд:

Рæвдз æрбаргæвддзыстæм тохъхъыл! .



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.