Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





AElig;ГОММÆГÆС ХÆРÆГ ÆМÆ ХИНÆЙДЗАГ ГÆБÆТ



ÆГОММÆГÆС ХÆРÆГ ÆМÆ ХИНÆЙДЗАГ ГÆБÆТ

Хæрæджы хизынмæ тардта Гæбæт,

Саргъæн ыл авæрдта уайтагъд нымæт,

 

Абадти хæрæгыл, февзыста йæм:

Хæрæг дын размæ кæм фезмæлыд, кæм?

 

«Уæуу, мæнæ диссæгтæ, мæнæ бæллæх!

Амæн цы бакæнон, уый ма мын зæгъ!..»

 

Зæхмæ æргæпп кодта: «Кокыс, хæрæг!

Фосмæ нæма сæнтыст ахæм хæйрæг!»

 

Ралæууыд бæрзæйыл, фæрсчытыл дæр —

Хæрæг та н' азмæлыд размæ уæддæр.

 

«Уæуу, мæнæ диссæгтæ, мæнæ бæллæх!

Ахæм æвзæры куыд уромы зæхх?»

 

Дзыларыл ахæцыд размæ ныр та —

Хæрæг йæ къæхтæ ныббыцæу кодта;

 

Къахдзæф нæ комы, хъæрзы 'мæ нæты.

Лæппу ыскатай и, бацыд мæты.

 

Уæуу, мæнæ диссæгтæ, мæнæ бæллæх!

Лæппу цы акæна, уый ма мын зæгъ?..

 

Хæрæгмæ дзуры фæлмæнæй ныр та,

Хæрæджы фæсхъус къæцæлæй ныхта.

 

Аныхта ноджыдæр дынджыр гуыбын,

Къæцæлæй аныхта агъды рæбын...

 

«Уæуу, мæнæ диссæгтæ, мæнæ бæллæх!

Амæн ма ц' акæнон, уый ма мын зæгъ...»

 

Лæппу æрбамæсты, загъта йын: «Хорз,

Махмæ дæу хуызæттæн разындзæн хос!»

 

Лæппуйы цæсгом дын цинæй фæирд,

Ехсы къæдзилыл дын абаста 'фсир.

 

«Уæуу, мæнæ диссæгтæ, мæнæ бæллæх! —

Уымæй цы аразыс, уый ма нын зæгъ?!»

 

Зæххæй та фелвæста зæронд нымæт,

Саргъæн æй авæрдта, абадт Гæбæт.

 

Хæрæджы фындзмæ æруагъта йæ ехс,

Ехсыл нартхор ауыгъд: уæртæ ма кæс!

 

«Уæуу, мæнæ диссæгтæ, мæнæ бæллæх —

Ахæм ма хинæйдзаг фендæуыд, зæгъ?..»

 

Нартхормæ тындзгæйæ стырхъус хæрæг

Уайынтæ байдыдта размæ цæрдæг.

 

«Барæг»-иу фесхъиудта адли хæрдмæ!

Худ дæр æм нал уыди, нымæт дæр — нæ!

 

«Уæуу, мæнæ диссæгтæ, мæнæ бæллæх —

Хæрæг фæцапуал и, уайынмæ — бæх!»



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.