Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ТЕГ ÆМÆ БЕГ. АРСЫ ÆМБИСОНД



ТЕГ ÆМÆ БЕГ

Ахуыргæнæг скъоладзаутæн

Райуæрста контролон куыст...

Тег куы разынд тæккæ цауддæр:

Иунæг уый нæ радта фыст.

 

Бафтыдта йæхи уый цæсты,

Сæр бынмæ æруагъта тынг.

Ахуыргæнæг æм ысмæсты:

Уымæн уый куыд нæ уыд хъыг!

 

— Тег, цы дæ мæнæн зæгъинаг,

Цæй, кæм ис дæ куыст? — фæрсын.

— Бег фæкæны мын хынцинаг,

Уый та абон у рынчын...

АРСЫ ÆМБИСОНД

Арс дын нал уагъта цæрынтæ

Бындзыты æнцад.

Ссардта сын кæмдæр сæ чыргъæд,—

Уырдæм-иу фæуад;

 

Мыд-иу бахордта хæларæн...

Бындзбал æм фæзыст.

Чысыл судзин арсы буары

Афтæ тынг кæм ныхст?

 

Æмæ арсмæ иугай-иугай

Баластой сæхи:

— Мыдæн дын дæттæм йæ иу хай,

Иннæ та — нæхи.

 

Арс сæ ариуыгъта къахæй:

— Уымæн нæй гæнæн.

Ницы агурын сымахæй —

Мыд у 'рмæстдæр мæн.

 

Сфæнд кодтой уæд арсы ныхмæ

Бындзытæ æцæг:

Чыргъæд ахастой æмдыхæй

Стыр былмæ хæстæг.

 

Уырдыгæй æддæмæ 'ртасыд

Иу зылын бæлас.

Чыргъæд уыцы мæнг бæласыл

Уæд æрцыди баст.

 

Арс ныр систа сонты хъæртæ:

— Бамбæрстон уæ фæнд! —

Мыд цы фæци, гъей, сæлхæртæ?

Амонгæут фæд!

 

Бындзбал уæд йæ разæй атахт

Къæдзæхы былмæ.

Арс дæр балæууыд уым уайтагъд:

Сысмыста хæрдмæ.

 

Бахылд бæласыл уый узгæ

Чыргъæды æмбæрц.

Фенцой кодта хус къабузыл...

Уалынмæ дын — къæрцц!

 

Иунæг хатт ма арсæн сыхъуыст

Арф комæй йæ богъ.

..Арсы 'мбисонд нæу уæгъды фыст,

Макæмæй уæд рох.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.