|
|||
ЗОНДАБИ ÆМÆ ÆРРАБИЗОНДАБИ ÆМÆ ÆРРАБИ «Дон хæссæм тæсчъы!» — Загъта Æрраби. «Уый та куыд фæтчы?» — Фарста Зондаби.
«Хур ма æрисæм!» — Сдзырдта Æрраби. «Нæй йæм ысхизæн»,— Загъта Зондаби.
«Слæууæм нæ сæртыл!» — Ратæвд Æрраби. «Ма фæзм æвзæрты!» — Домдта Зондаби.
«Басудзæм кæрдæг!» — Сцырд та Æрраби, «Фос та цы хæрдзæн?» — Батыхст Зондаби.
«Аппар дæ чиныг!» — Домдта Æрраби. «Афтæ нæ чины»,— Фенкъард Зондаби.
«Æз дæн «зондаби!» — Загъта Æрраби. «Уæд æз — «æрраби!» — Бахудт Зондаби. ÆНÆХСАД ЛÆППУ ÆМÆ БАБЫЗ «Бабыз, бабыз, Сырхкъах бабыз, Узгæ-узгæ, Сындæг-сындæг, Дæ лæппынты Кæдæм кæныс? Цæуыл уасыс: Бапп-бапп?»
«Мæ бабиты Найынмæ кæнын, Уыдзысты мын Дуду-сыгъдæг. Дæуæн та ис Дæ фындзы бын Гаппар! Бапп-бапп». 8-Æ ММАРТЪИ Абон — 8-æм, 8-æм мартъи! Арфæ дын кæнæм, нана. Бирæ рухс бонтæ ма царды Хъуамæ фенай ды нырма.
Мах уыдзыстæм космонавттæ. Мæймæ балц куы кæнæм, уæд Махæн ды зæгъдзынæ афтæ: «Цæй, уæ нау фæндараст уæд!» ИРИДÆ Иубон райсом дын мæнмæ Дуар уæздан æрбахост. Байгом æй кодтон, æмæ Гыццыл чызг æрбахызт.
— Мидæмæ! Æгас цæуай! Ды кæй дæ 'мæ чи дæ? — Æз дæн мамæйы чызгай, У мæ ном Иридæ.
— Замманай ном у, уæздан. Гъы, цы хур, цы къæвда? Чызг мын радзырдта: æз, дам, Агурын æмдзæвгæ.
— Цы? Æмдзæвгæ!.. Уый зын нæу, Ууыл та цы тыхсыс? — Æз дæр уымæн ссардтон дæу: Ахæмтæ фæфыссыс.
Райдыдтон ын æз кæсын, Хъусы мæм Иридæ. — Цæй, куыд у? — зæгъгæ, фæрсын. — Дарддæр! Иннæ! Иннæ!
Райдыдтон кæсынтæ ног, Дарддæр — карзæй-карздæр! — «Рувас», «Уæрцц», «Дызгъуын», «Коко» Стæй ма — «Хъæды арс» дæр...
— Адон та? — зæгъын. — Мæ-гъа... Нæ... цыма сæ иу дæр... Æмдзæвгæйы хъуамæ уа Афтæ фыст — И р и д æ.
Æмæ ахæм фыст кæнын Кæд нырма нæ зоныс, Бахатыр кæн, фæлæ мын Уæд фыссæг цы хоныс?
Цæй, поэт нæ дæн, фæлæ Дæн ирон уæддæр та: Азилæн кодтон æмæ Рахастон цыдæртæ.
Зæгъын: — Фынгмæ дæр æркæс! — ..Бацымдта мæм иу цай. — 'Рбацæудзынæн ма дæм æз: Чи зоны, ныффыссай,—
Загъта мын æмæ цæуын Сфæнд кодта сæхимæ. Уазæгæн æгъдау хъæуы — Рахызтыстæм иумæ.
Касти хур æмæ сыгъта. Зæхх ыскъуыди фаркæй... Чызг æрымысыд ныр та Мемæ цæуын паркмæ.
Ацыдыстæм, уæдæ куыд! — Хистæрыл цы бон и? Куы-иу бæлæгъ мах бар уыд, Куы нæ скъæфта пони.
Уым цы нæ федтам æниу! Бахордтам сæлдæг дæр. — Хорз уыд... Нал балхæнис иу? — Иу цæмæн? Дыууæ дæр!
Уалынмæ æрцыд изæр, Хур фæсхох ныгуылди. Саби бафæллад æгæр, Мад-фыды мысыди.
Мæнæ — галуан. Ам цæры. — Цæй, дæ къух æри,— дам. Радтам къухтæ, стæй зæгъы Гыццыл чызг Иридæ:
— Хорз лæг дæ, нæ дæ гæды, Стæй нæ дæ чъынды дæр, Фæлæ ма куы зонис ды Афтæмæй фыссын дæр...
— Гъемæ кæд мæ бон ысуа... Тынг фæнды мæхи дæр... — Æмдзæвгæйы хъуамæ уа Афтæ фыст — И р и д æ.
Фезгъоры. Æз æм кæсын: «Удыгага, уæвгæ!» Йе 'рбацыдмæ мæн фыссын Ныр хъæудзæн æмдзæвгæ!
|
|||
|