Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГÆДЫ ÆМÆ МЫСТ



ГÆДЫ ÆМÆ МЫСТ

Уæрмæй дын йæ нарæг хуынкъыл мыст

Сусæгæй нæ хæдзармæ ысхызт.

 

Хъæдын къусы ахордта гуымбыл,

Æхсыры дæр атъыста йæ был.

 

«Ауыл дæр ма ц' ауæрдын æниу?» —

Райвæзта та афтæ дзургæ фиу.

 

Фырхæрдæй уæд портиау ныддымст:

Хуынчъы нал цыди фæстæмæ мыст.

 

Гино дæр æм рагæпп кодта уæд —

Де 'нæ уарзон ахæм раи фæуæд!

ÆХСÆРТÆГ

(Мæ номæвæрд Джыккайты лæппуйæн)

Æфсургъ дын æз æрбакодтон — фæдисон.

Дæттын дæм фат æмæ æрдын, цыргъ кард,—

Мæхи къухæй зæлдагбаст у йæ фистон:

Тых кæнын нæ — тых сæттын у йæ ард.

 

Ыскатай бæх: нæртон барæджы хаты.

Хъæбæр-ма йын йæ æхтæнгтæ нылвас!

Нæ дын тæрсын лæгæй-лæгмæ хъазуаты,

Æрмæстдæр у бæттын-бийынæй тас.

 

Æхсар дæм сиды: «Йа, кæм дæ, Æхсæртæг!» —

Гуымирытимæ бакъубал фыдран...

Ехсы къæрцц... Скалдта арт-цæхæртæ сæфтæг...

Фæдисы хъæрмæ атахти мæ хъан!

ДЫЗГЪУЫН

Иу æвзæр миниуæг уыд

Скъоладзау Дызгъуынмæ:

Алчи-иу рæстырдæм цыд,

Уый та цыд зыгъуыммæ.

 

Йе 'мбæлттæ æнцад лæууынц,

Уый хæцы хъæбысæй;

Фæйнæг хæцъилæй сæрфынц,

Уый сæрфы йæ дысæй.

 

Уыдон хинымæр кæсынц,

Уымæн ссыд йæ хъуыр-хъуыр;

Уыдон ног чиныг хæссынц,

Уымæн та — ныббызгъуыр.

 

Алчи райдыдта фыссын,—

Уæдæ чъиу æууила?

Уыд æгуыст æрмæст Дызгъуын:

Нæй, дам, мæм чернила.

 

Кæртмæ дуарыл дæр нæ цыд —

Сгæпп-иу кодта сисыл.

Уыд йæ рæмбынкъæдз ыскъуыд,

Йе 'фцæггот ныпписи.

 

Карчы-иу хуыдта Дызгъуын

«Цъиусур» кæнæ «уасæг»,

Згъарæджы хуыдта «уызын»,

Насы хæтæл — «уасæн».

 

Хуры бæсты загъта «рух»,

«Нод» ысхуыдта доны.

Бакодта дын уæд æрмкъух

Иу сæрддон тæвд боны.

 

Уарзта бирæгъау хъырнын,

Сайынмæ уыд рувас.

Ахуыр та йæм касти зын,—

Чиныг аззад иуварс.

 

Иубон та æрæгмæ 'рцыд,

Згъордтой йæм уынынмæ:

Уыд Дызгъуын йæ ног кæрцы,

Скодта йæ зыгъуыммæ.

 

Сабимæ фæзылд æваст:

— Утт, хæрын дæ! Мамм дæн! —

Саби дзы, мæгуыр, фæтарст,

Балыгъди йæ мадмæ.

 

Иу æвзæр æгъдау ма уыд

Скъоладзау Дызгъуынмæ:

Алкæмæн — рæстмæ йæ дзырд,

Уымæн та — зыгъуым.мæ.

 

Загътой-иу ын: — Бавнал, кус! —

Нæ, Дызгъуын нæ куыста,

Хорз митæм нæ дардта, хъус,

Йе 'мбæлтты-иу схуыста.

 

— Зæхх тымбыл у,— радтой фарст,—

Æви уый тъæпæн у?

Уый Дызгъуынмæ хъыг фæкаст:

— Мах хъуыддаг цæмæн у?!

 

— Зæгъ, кæд амарди Къоста,

Стæй-ма зæгъ, кæм царди?

— Уый цæмæй зонын æз та,

Кæд нæ уыдтæн мардмæ!..

 

— Цæй-ма уæдæ раст дзуапп зæгъ

Мæнæ ацы фарстæн:

Хур у стырдæр æви зæхх?

— Никуыма сæ сбарстон.

 

Бирæ галиумитæ уыд

Скъоладзау Дызгъуынмæ:

Алчи-иу рæстырдæм цыд,

Уый та цыд зыгъуыммæ.

 

Фидарæй уын æз зæгъын,

Сабитæ, фæстагмæ:

Чидæриддæр уа «дызгъуын»,

Н' ацæудзæн уый размæ!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.