Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Тыхбегара



Тыхбегара

Хъæуы æндæр кой нал и: Алхæст Душанбейæ ссыд æмæ ус куры. Цыма йын йæ хæдзармæ æнæус кургæйæ цæуæн нал ис, уый хуызæн. Аххосджын комкоммæ йæхи бинонтæ сты. Ныхас уыдонæй рацыд. Раздæр ын йæхицæн загътой, фæстæмæ, дам дын иунæгæй ауадзæн нал ис. Стæй йæ хæстæджыты хъусы дæр бацагътой. Уыдон æй сæ зонгæтæн радзырдтой, æмæ хабар æгас хъæуыл дæр ахæлиу. Ацу æмæ уый фæстæ уыдонимæ дзур!.. Бынтон диссаг та йæ мад Дзыллæ басгуыхт. Кæй йæм нæ баминæвар кодта, ахæм нал баззад. Ай Хуыцауы бæллæх нæу?! Ис, нæй, уæддæр, дам, ус ракур. Æмæ уæд Гульчехра та цы фæуа? Уый хуызæн рæсугъд чызгыл куы никуыма сæмбæлд.

Алхæст иуæй-иу хатт йæ сусæгдзинæдтæ раргом кæнынмæ дæр рахъавы, фæлæ йæхиуыл ныххæцы. Йæ зæронд мады зæрдæхудты бацæуынмæ йæ ныфс нал бахæссы æмæ та йæ дарддæрмæ аргъæвы. Балцы куы цыд, уæд ын цытæ ныффæдзæхста, уыдон æй рох нæма сты. Æндæр адæмæй, дам мын чындз ма фенын кæн. Афтæмæй та йæхи æфсымæрæн уырыссаг ус ис æмæ уымæй æппæлынæй фылдæр нæу. Нæ, Гульчехрайы тыххæй йын ныхас дæр нæма зæгъдзæн, кæд ын цытæ дзурдзæн, уыдон рагацау цæттæйæ лæууынц, уæддæр. Памиры хæхты уымæй хæрзконддæр чызг нæма райгуырд. Ноджы ма уымы цæрæг адæм ирæттæм æппæты хæстæгдæр сты. Æвзагæй дæр, æгъдауæй дæр, бакастæй дæр.

Ницы хуызы бауырндзысты Дзыллæйы уыцы ныхæстæ, æмæ Алхæст йæ сызгъæрин доны цы кала! Фæлтау уал сын сæ уайдзæфтæ ныхъуырдзæн. Уæдмæ кæд йæ цæуыны рæстæг дæр æрхæццæ уаид.

Фæлæ цыма хъуыддаг цæхгæр алыг кæнынмæ хъавынц, афтæ йæм кæсын райдыдта, сæумæрайсом та йыл дзæгъæлы не ’рæмбырд сты.

— Алхæст, хъуыддаг кæнын афон дын раджы уыди, — ныхас райдыдта йæ мадыфсымæр Бæбыдзæ. — Азæмæт дæуæй кæстæр у, фæлæ уымæн дæр, дæумæ кæсгæйæ, йæ азтæ фæцæуынц...

Цал æмæ сын цал хатты загъта, æз никæй фæндагыл лæууын, æмæ мæн тыххæй мачи къуылымпы кæнæд, зæгъгæ!

— Мæ хæрæфырт йæ хистæры разæй фæуа, ууыл та никуы сразы уыдзынæн, — дзырдта дарддæр Бæбыдзæ. — Сохъхъыр нæ дæ, къуылых дæр афтæ. Дæ конд — конд, дæ уынд — уынд. Цæмæн хъуамæ æгады бынаты æрлæууай!..

Алхæст хъусы, йæ дзыхæй иу сыбыртт нæ хауы.

— Æз дæуæн ныхæстæ кæнын, дæуæн, цы нын зæгъыс? — фарста цæхгæр æрæвæрдта Бæбыдзæ.

Адæм æм куы ’ркастысты, уæд лæппу ноджы тынгдæр ныфсæрмы. Æнæдзуапп ратгæ та йын уæвгæ нал уыд æмæ æрæджиау тыххæй-фыдæй сфæрæзта:

— Никæй зонын, æмæ...

Бæбыдзæйы æккойæ цыма стыр уаргъ æристæуыд, уыйау ын дзæвгар фенцондæр.

— Тыхсгæ ма кæн, мæ хæрæфырт, хъæуы чызджытæ «мæн ракур, мæн ракур» куы кæнынц, уæд дзы иуы мах уæд та скъæфгæ акæндзыстæм...

«Æнхъæлдæн æмæ мæхи фесæфтон», — сæры аленк кодта тæссаг хъуыды.

— Ацы хатт махмæ дæр байхъус. Нæ дæ фæрæдийын кæндзыстæм, ноджы хъæлдзæгдæрхуызæй сдзырдта Бæбыдзæ. — Хъуамæ дын ме ’рдхорды чызджы дæ фыццаг скæнон.

— Сæлизæтæн йæ иу рацыд дæр чызджы йаргъ у, — хæлæггæнаг улæфт ныккодта Дзыллæ.

Бæбыдзæимæ ныхасгонд уыдысты æмæ йын ныр сæ хъуыды æргомæй загътой.

Алхæстæн фездыхсæн куынæуал уыд, уæд æппынфæстаг Бæбыдзæимæ сразы. Хъуамæ сом изæр сæ минæвæрттæ Буцатæм барвитой. Алхæст сын бæргæ дзырдта, æнæ мæн уал бацæут, зæгъгæ, фæлæ йæм ничиуал байхъуыста.

... Фысымтæ мæлæты рæвдз уыдысты. Уайтагъд фынг ацæттæ кодтой. Алхæстæн дæр минæвæрттимæ бадгæ æрцыд. Сыхæгты лæппу йын йæ графин йæ къухæй акъахта, уыцы хъуыддæгтæ дæумæ нæ хауынц, зæгъгæ.

Хистæрæн хæдзары хицау йæхæдæг бадт. Фыццаг сидт фæкодтой Стыр Хуыцауы тыххæй. Уый фæстæ ссардтой Уастырджийы ном. Алхæсты кой дæр скодтой, бæлццон у æмæ йæ фæндæгтæ лæгъз куыд уой, уый тыххæй йын бакуывтой.

Ныхас ныхасы къахта. Фыдæлты æрымысыдысты. Алхæсты хъуыдытæ та æндæр кæмдæрты уыдысты. Мæсты кодта Сæлизæтмæ. Йæхинымæр æм хæцыди, афтæ тагъд кæй айрæзт, уый тыххæй. Астæуккаг Азимæ куы цыд, уæддæр ма хæрз чысыл уыди, тута бæласы сæрæй йæм хъæр кодта, къафеттæ мын-иу слас, зæгъгæ. Ныр æм ничи кæсы!..

Нæ, исты æрхъуыды кæнын хъæуы, кæннод Буца дæр мæлæты лæгъз æвзагæй дзуры, æмæ сын Гульчехраимæ сæ фæндтæ халдзысты.

Ныхасы бар æрхауд Бæбыдзæмæ:

— Гаджидæуттæ ардыгæй райсоммæ дæр уадздзыстæм, Буца, фæлæ мæ фæнды, не ’рбацыды сæр куы схъæр кæниккам, уый.

Алхæст хъуыддаг бамбæрста æмæ тамако дымын æфсон йæхи тыргътæм райста.

Сæры алыхуызон хъуыдытæ кæрæдзи ивтой. Бапъирозы фæздæг мидæмæ зыдæй улæфыд, фæлæ йын уый дæр ницуал æххуыс кодта. Афтæ йæм каст, цыма йын æппæты карздæр тæрхон рахæсдзысты, æмæ ныртæккæ куы ницы æрхъуыды кæна, уæд ын срастгæнæн нал уыдзæн.

Дуары уынæр фæцыд. Алхæст тыргъты кæрон æрбацæйцæугæ ауыдта Сæлизæты. Йæ цурмæ куы ’рбахæццæ, уæд йæ цыд фæсабырдæр. Алхæсты сæры диссаджы хъуыды февзæрд. Йæ фæндагыл æрлæууыд æмæ йæ фæрсы:

— Цæй, куыд, фæнды дæ?

Чызг иуцасдæр хъусæй алæууыд, стæй ныллæг хъæлæсæй дзуапп ратта:

— Нæгъа!

— Мæн дæр бæргæ нæ фæнды, уæлæ мæ нæхимæ нал уадзынц, æндæр...

Сæлизæт лæппуйы ныхæстæм кæронмæ дæр нал байхъуыста, афтæмæй тæргайхуызæй хæдзары фæмидæг...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.