Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Агъуылбийы къæлиндар



Агъуылбийы къæлиндар

Рæстæг цæуы, фæлæ йын фæуæн нæй. Бонтæ къуыриты хъæбысы аныгъуылынц, къуыритæ мæйты астæу стæлфынц, мæйтæй афæдзтæ рауайы, афæдзтæй — æнустæ, дугтæ æмæ замантæ. Цыбыр дзырдæй, рæстæгæй иу уысм дæр нæ сæфы. Цы дзы аивгъуыйы, уый йыл фæстæмæ бафты.

Бынтон æндæрхуызон дары рæстæг йæхи адæймагимæ. Цы бонтæ йын ратты, уыдон ын радыгай фæстæмæ истæй фæвæййы. Æппынфæстаг йæ размæ бæрзонд хохау слæууы, æмæ йæ сæрты ахизын никæйуал бауадзы...

Агъуылби ныртæккæйы хуызæн сагъæсты арæх нæ бахауы. Абон дæр æм, чи зоны, æмæ хæстæг не ’рбацыдаиккой, фæлæ ног аз ралæууыд, æмæ йæ йæ зæронд къæлиндар ивгæйæ, хъуыдытæ сæ фæдыл ахуыдтой. Афæдз куыд тагъд агæпп ласта, уый йæ дисы бафтыдта.

Зæронд къæлиндары армыдзаг сыфтæ систа æмæ сæм иудзæвгар æдзынæг фæкаст, æрæджиау сæ йæ разы æрæвæрдта æмæ астæумæ æввахс сыфтæ фæлдахын райдыдта. Мæнæ фыццаг фыстмæ фæкомкоммæ: «Тохы бон ныккодта, лæппутæ!»

Агъуылбийы цæсгом фæрухс. Дæлгоммæ фыстытæ кæнынмæ йæ разæй никæй ауадздзæн. Йæхæдæг нæй, зæгъгæ, уæд ын йæ ныхæсты мидис Абæгиан дæр нæ равзарид. Æцæгдзинадæй та хъуыддаг афтæ уыд. Ныртæккæ цы базæйы кусы, уым æй хицау хуымгæнæны мæй сæвæрдтой. Гъе, æмæ къæлæтджынмæ кæй фæрцы баирвæзт, ууыл йæ лæппуты бацардыдта. Хъуамæ йын йæ уæздандзинадæн уæздандзинадæй дзуапп раттаид. Сусæны мæйы фыццаг бон йæ къæлиндары ахæм фыст дæр уымæн фæзынд.

Агъуылби къæлиндарæй йæ цæстæнгас атыдта æмæ рудзынгмæ нымдзаст. Йæ хъуыдыты уыцы сæрдыгон боны балæууыд... Ноджы мæлæты хорз рæстæг дæр скодта. Ивгъуыд сæрд къæвдайы цалдæр къуырийы фæд-фæдыл горæтæй ацæуын нæ бафæндыд, Агъуылби та йæ хæрзгæнæджы хъæдбынмæ хуыдта. Цалдæр боны, рæстæг рагацау чи базоны, уыдонмæ фæдзырдта æмæ йын фидарæй куы загътой, сусæны мæйы фыццаг бон къæвда нæ уардзæн, зæгъгæ, уæд йæ уазæджы хоныныл ныллæууыд. Уымæй размæ рæстæг бæрæггæнджытыл никуы æууæндыд, фæлæ кæддæр никæд сæ дзырдæн хицау разындысты. Уыцы бадты сын Агъуылби сæ цæрæнбоны тыххæй сæрмагонд гаджидау дæр ма рауадзын кодта. Хистæрæн кадджын уазæг бадт. Иуцасдæры фæстæ хъуыддаг бамбарын кодта. Уæвгæ æрмæст йæхæдæг нæ уыди хъуыддаг аразæг — нозт дæр йæ фарс уыди, æмæ сæ дыууæйы ныхмæ уазæджы бон ницуал баци.

Ахæм ма дзы хæраг уа!

Агъуылбийы мыггаг Бирæгътæй у, фæлæ бирæгътæй уыцы хистæры схонын хъуыд. Дыууæ сахатмæ тохъхъыл фæдæле кодта. Раст зæгъын хъæуы, æххуысгæнджытæ ма йын уыди, фæлæ йæ уыдоны сæр уыйас ницæмæн хъуыд. Цыма пианинойыл цагъта, уыйау-иу фынгыл йæ дыууæ къухы куы иуæрдæм айвæзта, куы иннæрдæм. Къамбец цъынайы фарс куыд бахæры, уыйау фынг йæхирдыгæй къахырæй баззад.

Агъуылби та ногæй сыфтæ фæлдахы.

«Мæнæ дын уый та сусæны мæйы фæндзæм бон», — хъæрæй сдзырдта Агъуылби æмæ лыстæг фыстытæ кæсыныл фæци: «Томы халагъуд».

Цæсгомыл цыдæр рухс йæхи ахафта æмæ дзы сабыргай мидбылхудт равзæрд. Хатиагау фыссын æй йæ секретарь сахуыр кодта. Йæ зæрдæ хорз у, фæлæ йæ дзых нæ бæззы. Маймулийæ цымыдисдæр у. Цынæ хуынкъ асгардзæн, ахæм ын нæй. Йæ къæлиндары сыфтæ дæр ын азмæнты. Уæдæ Агъуылби хатиаг æвзагмæ дзæгъæлы рахызт?! Томы халагъуд, дам! Иу Том дæр нæ æмæ иу халагъуд дæр! Том у йæ машинæ, халагъуд та — гараж.

Уыдоныл дæр æй цы тухæнтæ кæнын бахъуыд! Кæддæр иу зондджын лæг раст загъта: амондджын адæм иууылдæр иухуызон амондджын сты, æнамæндтæй та алчи йæхирдыгонау æнамонд у. Агъуылбийы æхца иу хордоны мыстытæ æххормаг заман афæдзмæ хæрд нæ фæуыдзысты, фæлæ уæддæр йæхи æнамондыл нымайы. Уый йæм уæлдай тынгдæр бахъардта машинæ æлхæныны заман. Йæ рæбыны иу капекк кæмæн нæ уыд, уымæй хъауджыдæр йæхи нæ хуыдта. Мæгуыр лæгмæ æхца кæй нæ вæййы, машинæ уый тыххæй нæ фелхæны. Агъуылбимæ та дзæвгар рæстæг хæдтулгæ йæ фырбирæ æхцайы тыххæй нæ уыд. Гыццыл мызд исгæйæ, машинæ цæмæй æлхæныс, зæгъгæ йæ кæй бафарстаиккой, уымæй йе уæны мигъ бадт. Æнæхъæн æртæ азы æфснайæн кассæмæ къахихсыд баци. Æппынфæстаг уæддæр йæ хъул сах абадт. Йæ лотерейон билет машинæ кæмæн рамбылдта, ахæм лæджы йын банымыгъдæуыд, æмæ йын фынддæс мины йæ къухы банымадта. Уый ауалдзæг уыд. Гаражы хъуыддаг та сæрды кæнын райдыдта. Æппынфæстаг уый дæр йæ къухы бафтыд.

Агъуылби йæ къæхты бынæй ныуулæфыд. Цыма кæддæры сагъæстæй ныртæккæ фервæзт, уый хуызæн йе уæхсчытыл схæцыд.

Цалдæр сыфы уыцы сыгъдæг уыдысты. Тагъд-тагъд сæ афæлдæхта. Æндæр фыстытыл та йæ цæст æрхæцыд: «Абон цыппар сахатыл — профцæдисон æмбырд».

«Æнæбайрайгæ дзы скæнут!» — ралгъыста Агъуылби æмæ сыфтæ тагъддæр фæлдахынмæ февнæлдта.

«Хицау мæм 10 сахатмæ дзуры», — бакасти Агъуылби æмæ та йе ’рфгуытæ, сæ бон цас уыд, уыйбæрц кæрæдзимæ хæстæг æрбацыдысты.

«Адæймаджы æппындæр кусын нæ уадзынц, — ахъуыды кодта Агъуылби. — Иу ран — æмбырд, иннæ ран — æмбырд. Зæрдæцъæх сæ кæд нæ фæдæн!»

Сыфты сыр-сыр та райхъуыст. Æрфгуытæ сæ фыццаг бынат бацахстой. Цæсгомы тар алыгъд. «Тæзуриф — хас», — æрмæстдæр ацы дыууæ ныхасы фыст уыд майрæмыкуадзæны мæйы дæсæм бон, фæлæ Агъуылбийы сæ хъармæй барæвдыдтой, йæ зæрдæйы цыргъдæр кæрон ын фæрæхуыстой. Ацы ран дæр та фыццаг æмæ дыккаджы кой скæнын бахъæудзæн. Уæдæ афтæ — фыццаджыдæр, Тæзуриф фæсте размæ бакæсын хъæуы, цæмæй дзы йæ сусæг уарзон Фирузæты ном рауайа, уый тыххæй. Дыккаджы та, Фирузæтæй хас кæнынмæ ничи хъавы. Уæвгæ, уыцы къæхтæ галыл куы ’рзадаиккой, уæд дзы æнæхъæн хъæуы фаг хас рауадаид.

Æрдæбонсарæй Агъуылбимæ рудзынгæй цы зымæгон нывтæ зынд, уыдон æваст атадысты æмæ сæ бæсты хурæфсæст райдзаст бон февзæрд.

Уыцы бон Фирузæты зæрдæ хас æрцагуырдта, æмæ йæ Млеты йæ гуырдзиаг æрдхорды хæдзары балæууын кодта.

Агъуылбийы дзыхæй иу ныхас дæр нæ сирвæзт, фæлæ йæм уыцы боны амонды рухс бирæ рæстæджы кæй æрттивдзæн, уый йæ цæсгомыл зынди.

Йæ цæстæнгас æрхæцыд æндæр дыууæ дзырдыл: «Айтег — „Кæфхъуындар“». Цы амонынц, уый агурæг сæры йæ хъуыдытæм джигул кæнынмæ февнæлдта. Уайтæккæ дæр æй райардта æмæ та æхсызгонæн сулæфыди. Айтегимæ кæнгæ æфсымæртæ загътой. Цæттæгæнæгæй йæм кусы. Журнал «Кæфхъуындар» йеддæмæ йын мацы ратт. Кæрæй-кæронмæ йæ бакæсы. Æртæ мæйы балцы цыд æмæ Агъуылбийæн ныффæдзæхста, рафысс, дам-иу мын æй. Цы дзы ’нхъæл у, Хуыцау йæ зонæг! Кæд, мыййаг, хамасхортæ сæхи, къæппæджы бахаугæйæ, куыд фæдарынц, уый бæстон сахуыр кæнынмæ хъавы. Уæллæй, кусджытæй ахæмтæ ис, æмæ дыууæ цæсты астæуæй фындз фелвасыныл дыууæ сикъунды дæр нæ бафæстиат уыдзысты. Афтæмæй ма сыл гуырысхо дæр исчи куы фæуид! Уæлдайдæр Айтегыл. Агъуылби уымæй тынгдæр йæ зæрдæ никæуыл дары. Тæккæ стырдæр хъуыддæгтæ йын йæ бæрны бакæны æмæ никуыма фæрæдыд.

Дарддæр фæлдахы. Цыма цъæх æхсынцъыдоны къус анызта, уый хуызæн йæ цæсгом анцъылдтæ. Нырхæны мæйы иу æмæ ссæдзæм боны фыстытæ йын йæ зæрдæйы судзинтæ тъыссынмæ фесты. «Хицау мæм дыууæ сахатмæ дзуры».

«Æнæкъона дæ Хуыцау фæкæнæд, — ралгъыста Агъуылби, — кæд мын мæ бынат хъарм кæнын цæуылнæ уадзыс! Ахæм къуыри нæ вæййы, æмæ йын йæ къухы дæс туманы кæд нæ банымайын. Уæддæр ын бафсис нæй, йæ сæгъдзаст цæстытæ адæймаджы дзыппытæ фæлдахынмæ фæвæййынц».

Цыма сæрсæфæны сæрты багæпп ласта, уыйау зæрдæриссæн фыстытæ фæсте аззадысты.

Иннæ фыстытæм афтæ лæмбынæг нал кæсы. Поезды цæугæйæ фæндаггæрон телыхъæдтæ кæрæдзи фæдыл куыд тæхой, уый хуызæн иу фыст иннæйы ивта: «Дзегуыдæ — кримплен». «Бексолтан — царв», «Хъæрæби — худ...»

«Адæймаг сæм мæстæй тонгæ нæ, фæлæ рæмудзгæ куыннæ акæны! — сдзырдта Агъуылби, æмæ мæсты мидбылхудтæй былтæ цалдæр тасты фесты. — Æмæ мæм цынæ хъуыддаджы тыххæй не ’рбадзурынц! Йæ комдзаг йæ хъуыры кæмæн нал фæцæуы, уый дæр æххуысмæ мæнмæ дзуры. Ды, дам, адæмимæ хорз цæрыс. Уæллæй, адæммæ дæр мæнæй цы хуынкъ арæзт ис, уырдыгæй сой куынæуал тæдзид, уæд æй афонмæ раджы сæхгæдтаиккой».

Цыппурсы мæйы сыфты кæронмæ куы рахæццæ, уæд къæлиндар баиу кодта æмæ йæ иуварс æрæвæрдта.

«Цыфæндыйæ дæр рæстæг æгъатыр у, — сæры та аленк кодтой сагъæссаг хъуыдытæ. Фæуæн дын ма уæд, афтæмæй, адæймагæн цы азтæ раттай, уыдон иу уысмы онг фæстæмæ байс! Ахсæв фæндараст цы азæн зæгъдзыстæм, уый фæстæмæ никуыуал раздæхдзæн. Стæй ма нæ алкæй цæрæнбон дæр афæдз къаддæр фæкæндзæн».

Дуары уынæр райхъуыст. Агъуылби къæсæргæрон йæ секретары ауыдта.

— Дæ райсом хорз! — салам ратта бæрзонд, нарæгастæу цъæхцæст чызг æмæ, йæ мидбылты бахудгæйæ, сдзырдта:

— Хицау та дæу агуры. Тилифонæй, дам, афтæ бирæ кæимæ дзуры...

Агъуылби йæ тилифонмæ дызæрдыггæнæджы каст бакодта. Йæ хæтæл раст æвæрд нæ уыд.

— Хорз! Ныртæккæ йæм бадзурдзынæн, — загъта Агъуылби æмæ тилифоны хæтæлмæ мæсты лæбурд фæкодта.

1975–1979



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.