Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Хуыпп дæр нал!



Хуыпп дæр нал!

Цыцыри æмæ Гуыцыри хъæуккæгтæ сты. Иу сыхы, мыййаг, не схъомыл сты фæлæ сыхæгтæй æнгомдæр цæрынц, зæгъгæ, куы зæгъæм, уæд фæрæдидзыстæм, уымæн æмæ сыхæгтæй бирæ æнгомдæр цæрынц. Иу хæдон дæр сын уæрæх у, кæрæдзиуыл æрхъæцмæ нæ хъæцынц, айк дыууæ дихы кæнынц.

Æмæ куы зæгъын: сыхæгтæ дæр ма куы уаиккой. Иу дзы хъæуы тæккæ бын цæры, далæ раздæр Абыкуыры куырой кæм уыд, уымæй чысыл ацырдæмдæр. Уый — Гуыцыри. Цыцырийы хæдзар та Куыройыдонмæ æввахс ис, мæнæ-иу раздæр колхозы æхсыртæ заводмæ аласыны размæ, цæмæй ма сæнхъизой, уый тыххæй уазалмæ цы малы ауагътой, уый акомкоммæ, уый та хъæуы астæумæ хæстæгдæр у.

Цыцыри кæд дæрддзæфгомау цæры, уæддæр фембæлдмæ раздæр фæзыны. Сæ фембæлд та вæййы бичетты. Сымахæй, æвæццæгæн, бичетт цы у, уый зонгæ нæ, фæлæ хъусгæ дæр никуы ничи фæкодта, мах хъæуы та йæ амонын никæмæн хъæуы, уымæн æмæ алы сыхæн дæр йæхи бичетт ис.

Бичетт у рагон ныхасы хуызæн. Фылдæр рæтты æрбынат кодта, цыппар фæндаджы кæм баиу вæййынц, уым. Зиуæй сагъд бæлæсты æхсæн даргъ фæйнæджы лыггæгтæй бандæттæ сарæзтой, йæ астæумæ йын сыджыт æрбаластой, обаугонд дзы рауад, æмæ уый хуыйны бичетт. Кæцыфæнды сыхы нæлгоймæгтæн дæр у сæ уарзондæр бынат, фæлæ йæ æппæты фылдæр Цыцыри æмæ Гуыцыри кæй уарзынц, ууыл дзурын дæр нæ хъæуы, уымæн æмæ афтæмæй дæр бæрæг у.

Æмæ уын уый дзырдтон... Гуыцыри кæд хъæуы бын цæры, уæддæр бичетмæ Цыцырийæ раздæр фæзыны. Мæнæ та ныр дæр æхсæвыцъæхæй схæццæ, къуыбырыл слæууыд æмæ Цыцыриты кулдуарæй йæ цæст нал исы. Цыма хуры тынтæ уырдыгæй скæсдзысты, уый хуызæн æнхъæлмæ кæсы. Йæ дыккаг тамако фыццаджы зынгæй ссыгъта, уæддæр йе ’рдхорд зынæг нæма ис. Уалынмæ Цыцыриты куыдзы рæйын ссыд. Гуыцыри фестъæлфыд. Йæ цæстæнгас кулдуарæй атыдта æмæ цыма йæ хъаймæты æфсымæры хæдзар арæзт у æви аразинаг у, уый дæр нæ зоны, уый хуызæн йæхи акодта.

Кулдуары уынæр райхъуыст. Цыцырийы хуыфын ссыд. «Райдыдта та, — сдзырдта йæхинымæр Гуыцыри. — Ныр æй ардыгæй изæрмæ уромæг уромын нал фæраздзæн».

Кулдуар байгом. Фыццаг дзы куыдз расæррæтт ласта, уый фæстæ фæзынд йæ хицау. Цыма Гуыцырийы уынгæ дæр нæ кæны, уый хуызæн йæ тамакойыл арт бандзæрста. Йæ сæрмæ фæздæджы къуыбылæйттæ тулгæ сфардæг сты. Иудзæвгар фæхуыфыд, стæй бичетты ’рдæм араст.

Гуыцыриимæ кæрæдзиуыл ницы уыйас баузæлдысты. Цыма сæ дзуринæгтæ раджы конд фесты, сæ кæрæдзийы хъуыдытæ та чиныджы фыстау — каст, уыйау дзы иуцасдæр ныхас никæйуал дзыхæй сирвæзт. Цыцыри кæд йæ сигарет раздæр ссыгъта, уæддæр æй Гуыцыриимæ иумæ аппæрста. Цыцыримæ хуыфын уыйас нæ цыди, фæлæ уæддæр æфсоны хуыфт скæныны фæстæ Гуыцыримæ дзуры:

— Дæ цæстытæй та агуывзæтæ кæрæдзийы хуылфы æвæрдæй куы зынынц...

Гуыцырийы былтæ зынæрвæссон зылын фесты æмæ, æхситгæнæгау раулæфгæйæ, дзуапп ратта:

— Сæтти, дам, Бæттийыл худти...

— Сæтти Бæттийыл нæ худти, фæлæ Цыцыри Гуыцырийæн рæстытæ дзырдта, — хæбæцц æм фæлæууыд Цыцыри.

— Мæнмæ дæ рæстытæ куыд никæцæй зынынц, уый куы зонис... — йæ цæсгомы æнцъылдтæ дыууæ хатты фæфылдæр кæнгæйæ тыхстхуызæй сдзырдта Гуыцыри.

— Уæдæ дæм ацы хатт тынгдæр цы зыны? — хин фарст æй акодта Цыцыри.

— Зынгæ мæм ницы кæны, фæлæ мæм куы разынид, уый мæ фæнды, — чысыл фæхъæлдзæгдæр Гуыцыри.

— Уæд нæ дысон бæрц зонын хъуыд...

— Стæй дæ хуызæн хъуджы лыгъд ракæнын... — фæцарæхст Гуыцыри.

— Дæумæ гæсгæ, Бирæгъты фынгыл чи фæбады, уый æнæмæнг сырды лæбурд фæкæны, мæтыхы бæрц фæхæры, теуайы бæрц фæнуазы?

— Дæ зондджын ныхæстæм та бахæццæ дæ, мæнæн мæ сæр тъæппытæ хауы, уый та дæм мелæй фыст дæр никуы у, — йæ цæсгомы æнцъылдтыл та бафтыди Гуыцырийæн.

— Уæдæ цы дæ зæрды ис? — цыма æппындæр ницы æмбары, уыйау æй афарста Цыцыри.

— Фæйнæ кæм баназæм?.. — фæлмæн хъæлæсæй фарстæн фарстæй дзуапп ратта Гуыцыри.

— Ацы хъæуы абон æртæ чъирийы нæ, фæлæ дыууæ чъирийы дæр никæмæ зонын.

— Уæд та Бирæгъты ’рдæм нæхи ныйисиккам? — ноджы фæфæлмæндæр Гуыцыри.

— Бирæгътæ нæ, фæлæ кæд Æрсойтæм цæуыс, уæддæр дын мæнæй æмбал нæй...

— Æз знон дæ фæдыл куы ацыдтæн, уæд ды абон мæ фæдыл цæуылнæ цæуыс?

— Цæуылнæ куы зæгъай, уæд æртæ хъуыддаджы тыххæй! Фыццаджыдæр, знон Бирæгътæм авдæнбæттæн уыд, абон та сæм нæй. Дыккаджы сæм знон хуынд уыдтæн, абон — нæ дæн. Æртыккаджы та — æз дæуимæ иу къахдзæф дæр никæдæмуал акæндзынæн!

— Цæуылнæ?

— Дæ усы дзых нæ бæззы, æмæ уымæн.

— Цы дын кодта?

— Алывыд мын акалдта. Гуыцырийы, дам, фехæлдтай. Нозтыл, дам æй фæцахуыр кодтай. Цыма дæ ахуыр кæнын хъуыд?! Хуымæтæджы æртхъирæнтæ мæм бакодта!

— Сылгоймаджы ныхæстæ! — йæ къух ауыгъта Цыцыри.

— Тагъд, дам, дæуæй уый йæ нозт ныууадздзæн æмæ, дам, рагацау дæхицæн æмбал бацагур, — йæ ныхас дарддæр кодта Цыцыри.

— Æмæ йын ды цы загътай? — фæхъæлдзæгдæр Гуыцыри.

— Дæу тыххæй æви мæхи тыххæй?

— Мæн тыххæй дæр æмæ дæхи тыххæй дæр.

— Мæхи тыххæй — ницы, фæлæ йын дæу тыххæй афтæ загътон, æз, зæгъын, цы Гуыцырийы зонын, уый нозт никуы ныууадздзæн, стæй æз цы нозт зонын, уый та Гуыцырийы никуы ныууадздзæн.

— Ахæм ныхæстæ куы кæнис, уæд та дæм чи хæцид?! — йæ мидбылты бахудт Гуыцыри. — Уæллæй, нæхи Сасилойы загъдау, ацы нозт куыд æвзæр хонынц, афтæ æвзæр нæу. Афтæ æвзæр цæуылнæ у, уый та дын мæхи загъдау зæгъон?

— Дæ хорзæхæй, — æнæбары сразы Цыцыри, — кæд дæ зондджын ныхас æнæнхъæлæджы уæддæр сирвæзид.

— Хуыцауæй дын ард хæрын, ацы нозт куы нæ уаид, уæд мæ мæ судзгæ фыдтæ уысмы бæрц дæр никуы æрбайрох уаиккой.

— Уагæры дæм цавæр судзгæ фыдтæ ис, Гуыцырыхъо?

— Мæ усы хуызæн усимæ мæ хуызæн лæг нæ, фæлæ дæс хатты хуыздæр лæг дæр нæ фæцæрид!..

— Æх-ха, уæдæ! Цæмæй та нал бæззы Къуымæллæгон?

— Фыццаджыдæр, — йæ галиу къухы кæстæр æнгуылдз армытъæпæнмæ æрбайвазгæйæ, сдзырдта Гуыцыри, — истæмæн куы бæззыдаид, уæд Калачы йæ аккаг къабайаг разындаид.

— Уымæй раст нæ дæ. Калачы къабайаг Пухоны аккаг нæ разынд Къуымæллæгоны нæ фæлæ.

— Дыккаджы та, — æнæном æнгуылдз кæстæры фарсмæ авæргæйæ, дарддæр нымадта Гуыцыри, — бæндæныл кафджытæй у.

— Уымæй дæр рæдийыс, — йæ хъуыры абадт Цыцыри. — Бæндæныл кафджытæ Кокайты хуыдтой.

— Æртыккаджы та, — астæуккаг æнгуылдз февзæрд иннæты фарсмæ, — йæ хотæ сæ синысæр хъаматæ хастой.

— Арахъхъы боцкъайы дæ цæстыты дзаг дысон ракастæ, дæ сæр-дæ фат та абон нал æмбарыс! Хъамаджынтæ Хæдарцонты хуыдтой, кæд дын дæ дынджыр корто нæ ралыгчынди, уæд! Стæй ды цы хабæртты кой кæныс, уыдон кæд æмæ кæд уыдысты! Ноджы ма раст дæр куы уыдаиккой!..

— Уæдæ, зæгъыс, иуæй, раджы уыдысты, иннæмæй, мæнг.

— Æнæмæнг афтæ!

— Гъемæ хорз! Демæ разы дæн, фæлæ ма дын мæ къæбæргæнæджы аиппытæй иуы тыххæй æнæзæгъгæ нæй. Уый дæр ма дæм раст куы нæ фæкæса, уæд абонæй фæстæмæ ды — дæхицæн, æз — мæхицæн.

— О хуыцæутты Хуыцау, зылын æй фæкæн, кæд дзы афтæмæй уæддæр фервæзин! Дзур, дæумæ хъусын...

— Истæмæн куы бæззыдаид, уæд мæнæн нæ бакуымдтаид...

— Кæмæндæр йæ сины саст куыд фæрæстмæ, уыйау ды дæр мысан æнæнхъæлæджы акъуырдтай. Гæды лæг гæды ныхас зæгъæд: ацы хатт дæ ныхмæ сыпп скæнынхъом нал дæн, афтæмæй та мæ, куы фæрæдыдаис, уый нырæй тынгдæр никуы фæндыд. Утæппæт усгурты астæу дæу чи равзæрста, уый æцæгæйдæр зондджын рахонæн ницы хуызы ис!.. Уæвгæ æз зондджын мæхæдæг дæр нæ дæн. — Цыцыри йæ дзурынæй фенцад æмæ хъуыдытыл фæци.

— Дзур, дзур. Ныртæккæйы хуызæн лæмбынæг дæм никуыма хъуыстон. Зондджын цæуылнæ дæ, загътай?

— Уæлæ уыцы цъæх арвы бын, мæнæ ацы сау зæххыл адæмы арæхæй дæу мæхицæн æрдхордæн кæй равзæрстон, уый, зæгъыс, æмæ мæ зондыл дзурæг у?!

— Дæ тæккæ хынджылæг скъæрынмæ та бахæццæ дæ!

— Хорз, æз ницыуал дзурын. Æрмæст мын цыма дæ судзгæ фыдтæ кæронмæ нымад нæма фæдæ...

— Уæллæй, нæма фæдæн.

— Хуыцау та мæ дæумæ хъусыныл скодта.

— Айфыццаг æй мæ бинойнагæн дæр бакой кодтон. Уæллæй, зæгъын, ацы нозт мын мæ судзгæ фыдтæ æрбайрох кæнын кæны. Æмæ мын цы загъта, уый зоныс?

— Нæ зонын.

— Куы йæ базонис, уый дæр дæ нæ фæнды?

— Фæнды.

— Дæуæй, дам, дæ судзгæ фыдтæ куы ферох вæййынц, мæнæн та, дам, мæ зæрдыл раст уæд æрлæууынц.

— Æмæ дын афтæ цæмæн загъта, уый зоныс?

— Нæ-а!

— Адæмы нæ фæзмыс æмæ уымæн.

— Цæмæй сæ нæ фæзмын?

— Адæм фынгыл куы ’рбадынц, уæд фæнуазынц, цæйбæрц сæм фæцæуы, уыйбæрц, — йæ рахиз къухы амонæн æнгуылдз арвмæ фæцаразгæйæ, сдзырдта Цыцыри.

— Æз та?

— Ды та, цæйбæрц дæ фæцæуы, уыйбæрц.

— Æндæр ма цы?

— Ноджыдæр ма дæ хъæуы? Табуафси!

— Дзых дзурынæн у, æмæ дзур, — мæсты мидбылты бахудгæйæ, сдзырдта Гуыцыри.

— Дзых канд дзурынæн нæу, фæлæ ма у хъæнтæ хурмæ хæссынæн дæр.

— Ы, цавæр хъæн ма дæ ферох?

— Иннæ адæм æмæ ма дæу æхсæн ноджыдæр цы хъауджыдæрдзинад ис, уый дын загъон?

— «Ма йæ зæгъ» дын куы зæгъон, уæддæр мæм нæ байхъусдзынæ, фæлтау — зæгъ.

— Дæ хъуыддаг раст! Æгайтма йæ æмбарыс. Адæм фæнуазынц, сæ бон цас вæййы, уыйбæрц, ды та, цас дзы вæййы, уыйбæрц, — æмæ йæхи ныхæстыл худынмæ фæци.

— Худгæ та цæуыл кæныс?

— Ныртæккæ йæ бамбардзынæ, — йæ цæстысыгтæ сæрфгæйæ сдзырдта Цыцыри. — Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдтон, уый нæма фехъуыстай? Нæма фехъуыстай! Ныртæккæ дын дзы иуцалдæр куы бакæсон, уæд мæм æндæрхуызон цæстæй ракæсдзынæ.

— Мард, дам, æхснырсгæ нæ кæны...

— Хъус, хъус, стæй æхснырсын кæй бахъæудзæн, уый кæстæртæ фендзысты.

— Ы, дæ хорзæхæй. Æрмæст дæ зæрдыл дар, дæ карæнæй ахæм куыстмæ чи бавналы, уыдон кæрон цæмæ ’рцæуы, уый!..

— Æппындæр-ма тыхсгæ ма кæ! Фæлтау байхъус, æмæ дæ сурæт дæ цæстытыл ауайа. — Цыцыри йæ риуы дзыппæй гæххæтт систа æмæ кæсын райдыдта:

 

— Æнæ нозтæй кæны йæ комдзаг маст ад,

Зыд гуыбынимæ зонд хæцынæй бастад.

Бæргæ ма уаид амондæн æрцахсæн,

Фæлæ, дам, сæры аныхъуырдта ахсæн.

 

— Кæд дæхи сурæт у, уæд та?

— Мæхиуыл дæр нæ бацауæрстон, — сдзырдта Цыцыри æмæ йæ риуы иннæ дзыппы йæ къух фæцавта. — Мæнæ адон та мæхиуыл ныффыстон, — æмæ цыппар дыдагъы тыхт гæххæтт халынмæ фæци.

— Æнхъæлдæн æмæ дæ сæры зонд цæуын райдыдта!..

— Уымæй ницы мæнг зæгъыс, — хъæлдзæгæй дзуапп ратта Цыцыри. Мæ сæры зонд цæуын райдыдта æмæ мæм мæнæ ахæм хъуыдытæ дæр уымæн æрцыд. Байхъус та ма:

 

Хорз адæймаг нозтæй никуы вæййы разы,

Фесты йын цæстысындз, худинаджы хос:

Хорз лæджы æвзæрæй авæры нæ разы,

Афтæмæй æвзæрæй никуы скæны хорз.

 

— Уæллæй, ды иу хатт мæ бæрц куы баназис, уæд, æвзæр æмæ хорз цы у, уый дыккаг бон нæ, фæлæ дыккаг аз дæр нал равзарис...

— Уымæй, чи зоны, æмæ раст зæгъыс, фæлæ уæддæр ды мæнæй фæразондæр нæ дæ.

— Дæн!

— Нæ дæ! Ды цасфæнды куы баназыс, уæддæр дæ æз ме ’ккой дæ хæдзармæ бахæссын бафæразын. Уæлдайдæр дын фæстаг рæстæг æппындæр нал тайы. Нал дын бæззы, æмæ йæ куы ныууадзис, уæд бирæ хуыздæр уаид.

— Уый мын бæргæ бæззы, фæлæ йын æз нал бæззын.

— Уæуу, дæ хъуыддаг та мын раст æрбауа! — йæ къухтæ фæйнæрдæм аппæрста Цыцыри. — Æмæ бæзгæ та кæд кæмæн кодта?! Цæрæнбонты йæ тыххæй нæхиуыл ныхасæм æмæ нæ никуы никæуыл ма баныхæсти.

— Цыма ныронджы хуызæн нал уыдзæн, цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ кæсы, — фенкъард Гуыцыри.

— «Цæмæдæр гæсгæ» нæ, фæлæ æцæгæйдæр афтæ уыдзæн. Нозты ныхмæ ацы хатты хуызæн хъæддых никуыма æрлæууыдысты.

— Иуæрдæм акъахдзæфгæнæн дæр нал ис, — цыма хъуыддæгтæ Цыцырийæ аразгæ уыдысты, уыйау Гуыцыри хъæстытæ кæнынмæ фæци. — Лæг ма-иу куысты йæ мондæгтæ суагъта. Ныр уым дæр адæймаджы размæ къæдзæхау æрлæууыдысты. Иннæ ахæм, уынджы. Æдæрсгæйæ нал ацæудзынæ. Ныронг æртхъирæнтæ кодтой, ныр та хъуыддагмæ рахызтысты. Кæм иварæй æвзидынц, кæм — фатеры радæй фæхауынæй, кæм — отпусчы сæрды нал ацæудзынæй, кæм — æртындæсæм мызд нал райсынæй... Æмæ цæмæй нæ цæвынц адæймаджы?!

— Уыдон цæфтæ не сты, фæлæ адæймаджы раст фæндагыл аразыны мадзæлттæ.

— Ау æмæ ма уæд уыцы нозт хъуыды та цæмæн æркодтой?

— Хъуыды йæ цæмæн æркодтой, уый нæ зонын, фæлæ йын йæ мыггаг сыскъуыныныл цæмæн ныллæууыдысты, уый хорз æмбарын.

— Тæккæ дысон дæр ма бынтон æндæр зондыл хæст куы уыдтæ?

— Ма зæгъ, Цыцыри. Райдайæн цæмæн вæййы, уымæн кæрон дæр вæййы æмæ, мæнмæ гæсгæ, махæн дæр нæ худинаджы цардæн кæрон скæнын хъæуы.

— Иу ныхасæй, ног фæндагыл фыццаг къахдзæфтæ акæнын дæ зæрды ис?

— Уæллæй, ис. Цæрæнбонты цы банызтон, уый мын хæлар фæуæд, ардыгæй фæстæмæ та æндæр зондыл ныххæцыдтæн:

 

Арахъхъ уыд мæ фыдты фыд, æдзух мæ

Тардта былмæ фыдбылызы нозт.

Нуазæн ма куы сисон æз мæ къухмæ,

Уæд мæ сæр æрцæуæд дуртæй хост.

 

Гуыцыри хъуыдыты аныгъуылд. Иуцасдæр æнæдзургæйæ алæууыны фæстæ сдзырдта:

— Мæ зæрдæмæ фæцыд.

— Æмдзæвгæ æви, нозтыл мæ къух сисынмæ кæй хъавын, уый?

— Дыууæ дæр.

— Æмæ дæм цы фæнд ис? Æви мæнимæ ахæцынмæ дæ ныфс нæ хæссыс?

— Хъуыддаг сæ тæккæ æнцонтæй нæу, фæлæ йæ кæнын, æвæццæгæн, бахъæудзæн...

Гуыцырийы чъылдым Æрджынарæджы ’рдæм здæхт уыд æмæ, йæ фæстæ цытæ цыд, уый нæ уыдта, фæлæ йæ Цыцыри кæй нал хъусы, уый бафиппайдта æмæ йе уæхсчы сæрты ракаст. Сыхæгты лæппу сцæйтахт. Лæфлæфгæнгæ сæ цуры алæууыд.

— Исчи дæ расырдта? — фæрсы йæ Цыцыри.

Лæппу, йæ къухы цы тыхтон уыд, уый Гуыцыримæ дæтгæйæ, сдзырдта:

— Гъа!

— Цы у?

— Арахъхъ.

— Кæм уыди?

— Адæбе дын æй сæрвыста.

— Кæй Адæбе?

— Бирæгъты.

Цыцыри иннæрдæм азылд æмæ йæхицæн дзурæгау загъта: «О, бирæгътæ дын дæ сæр куыд бахордтой, цы лæг дæ!..»

Гуыцыри иуцасдæр сагъдауæй аззад, стæй тыхтон райста æмæ лæппумæ дзуры:

— Цу æмæ йæ фæстæмæ ахæсс, Адæбейы хуын бирæ уæд, фæлæ, зæгъ, мæнæй уый абонæй фæстæмæ арахъхъ нал нуазы!

— Исты дæ куы рауайа, уымæй тæрсын райдыдтон, — сдзырдта Цыцыри лæппуйы ацыды фæстæ æмæ, Гуыцырийы йæ дыууæ уæхскæй ныууыгъта, — æз та ма дын, мæнмæ уал бакæс æмæ мæ бафæзм, зæгъгæ, фæдзæхсинаг уыдтæн, афтæмæй та дæхæдæг æнæхъæн лæг дæ!

— Ахсæн скъæт у, скъæты цы кæнай, уый та адæймагæн йæхицæй аразгæ у. Искæуыл мæ хъару ма цæуæд, фæлæ мæхиуыл дæр нæ цæуы?! Уæдæ æз лæджы фырт ма фæхуыйнон, нозты хурхыл куы нæ бахæцон!..

— Лæг дæ æмæ лæджы ныхæстæ кæныс! — йе уæхск ын æрцавта Цыцыри æмæ æмхуызонæй базарыдысты:

 

Нозтыл хъоды бакодтам æнусмæ,

Систам ыл цæрæнбонтæм нæ къух.

Ныр цæудзыстæм саумылазæй рухсмæ,

Афтæ уыдзæн абонау æдзух.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.