Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Хонджытæ æмæ хъæргæнджытæ



Хонджытæ æмæ хъæргæнджытæ

Дыууæ æрфыджы мын ис æмæ сæ мæ сæрæн нал дæн. Къуырийы кæрон мæ улæфты бонтæ æрцæйхæццæ кæнынц, зæгъгæ, уæд мæ æргæвдын байдайынц. Куы мæ дзы иу схæры, куы иннæ. Уыимæ дзы алкæмæ дæр хицæн миниуæг ис. Рахизмæ бавнæлдтон — масты мын æнæбахаугæ нæй. Галиу мæ схъыдзы кодта — цинмæ мын асайы. Ахæм ма дзы диссаг уа! Рахиз дын галиумæ сайæд, галиу та — рахизмæ! Иннæ мардæрцыд та уый у, æмæ мæ дыууæйæ дæр уыцы иумæ срæхойынц. Æмæ ма афтæмæй лæг циныл дæр куыд бацин кæна, æмæ хъыгыл дæр куыд фæрисса. Уыциу рæстæг худын дæр кæй бон у æмæ кæуын дæр?!.

Абон сабат у, æмæ нæ хæдзарæй никуыдæм ацыдтæн, уымæн æмæ куыддæр сыстадтæн, афтæ мæ мæ рахиз æрфыг æргæвдын райдыдта. Сагъуыйгæ куыд вæййы, афтæ мыл сагъуыд, иу ран мæ нал уадзы, мæ сау туджы цъыртт мын банызта.

Æрдæбон мæ чысыл раздæр мæ галиу æрфыг дæр схордта, фæлæ йæм мæ зæрдæ фæкъæпп кодта: æгæр тагъд банцад. Искуыдæм мæхи аирхæфсынмæ ацæуынмæ дæр рахъавыдтæн, фæлæ мæ ныфс нæ бахастон, æз иуæрдæм куы фæуон, цæуын та мæ иннæрдæм куы бахъæуа, зæгъгæ. Рагацау дыууæ хъуыддагмæ дæр мæхи цæттæ дардтон.

Уалынмæ нæ зарæггæнаг дзæнгæрæджы хъæр райхъуыст. Хъуыдытæ сæры æддæг-мидæг ауадысты, иу дзы иннæйы разæй фæуынмæ хъавыд. Бирæ адæм нарæг дуарыл куыд ныссæдзой, уый хуызæн кæрæдзийæн бар нал лæвæрдтой.

Дзæнгæрæджы хъæрмæ мын æнæракæсгæ нæ уыд æмæ æддæмæ фæцæуæг дæн. Дуары æхгæнæн фæзылдтон æмæ къæсæргæрон ауыдтон мæ сыхаг Бадджерийы. Йæ хъæлдзæг цæстæнгас дæр ын ницæмæ æрдардтон, йæ мидбылты худт дæр мæм нæ бахъардта, уымæн æмæ ахæм кæнгæ митыл ахуыр уыдтæн. Йæхи афтæ барæй кæй дары, уый мæ рахиз æрфыгæй хуыздæр чи зыдта? Уыцы хиуылхæцгæйæ йын салам раттон æмæ æнхъæлмæ кастæн, дарддæр цы уыдзæн, уымæ.

— Алмахситты къух асаст, — уыцы хъæлдзæгæй сдзырдта уазæг, æгæр бирæ рæстæг хъусæй куы лæууыдтæн, уæд.

«Гъе уый æндæр хъуыддаг у! — мæхинымæр сулæфыдтæн æз. — Æндæр мæм хъазгæ-худгæйæ ’рбацыди, цыма йын исчи сывæллон у! Табу Стыр Хуыцауæн! Æгайтма къухсастыл ахицæн хъуыддаг. Раст зæгъын хъæуы, тæригъæд дæр ын фæкодтон. Æрбацæуæгæн нæ, фæлæ Алмахситтæн. Фарон дæр ма фыдбылызæй тыххæй фервæзт. Йæхи аххос та куыннæ уыди! Уæдæ йын æй кæй æфсон скæнæм?! Æгæр анызта, мæгуыр, æмæ æнафоны сæхимæ æрбацæйцыд. Тротуарæй стыр фæндагмæ æрхизæн нæ фæхъуыды кодта æмæ йе ’мбудтæ размæ бахаста. Ахæм заман иннæтæ куыд фæкæнынц, афтæ уый дæр йæ къухтæ фæбыцæу кæнынмæ хъавыд, фæлæ йæ иу къух йæ дзыппы тъыст разынд æмæ йæ сисынмæ нал фæцарæхст. Иннæ къухы бон та цастæ уыд. Ноджы йыл цыдæр æнахъинон хауд æркодта, æмæ цонджы хъул фелвæст. Дзæвгар фæхъизæмар кодта. Йæ фырдиссагæй ма къуылых цæуын дæр райдыдта. Чидæртæ ма йæ мæстæй дæр мардтой, кæйдæр карчы æмбисонд, дам, дыл æрцыд. Уымæн дæр, дам, цæф йæ сæрыл суад, тилгæ та йæ къæхтæ кодта. Ныр та йыл ноджы стырдæр бæллæх æрцыд: æлвæст æмæ саст иу не сты».

Уыцы хъуыдытæ мæ сæры магъзы сæрбихъуырæйттæгæнгæ куы атахтысты, уæд æрбацæуæджы уыцы тыхстхуызæй афарстон:

— Уæууа, ныр та йын сæтгæ акодта?

Куыд бамбæрстон, афтæмæй æрбацæуæджы цæсгомæй худæндзаст хуымæтæджы хъуыддæгтæй иуварс асурын нæ бакомдзæн. Цыма мæ хъусгæ дæр нæ фæкодта, уый хуызæн дарддæр йæ ныхас кодта:

— Æмæ куывд кæны...

Æз фæуыргъуыйау дæн. Йæ ныхæстæ кæрæдзиуыл нæ бадтысты. Комкоммæ мæ дызæрдыгдзинад равдисын мæ бон нæ баци, фæлæ йæ уæддæр бафарстон:

— Уый та куыд? Йæ цонг асаст, æмæ куывд кæны?

Лæппумæ, æвæццæгæн, йæ ныхæстæ мæнмæ куыд диссаг фæкастысты, уымæ мæ ныхæстæ уымæй ноджы диссагдæр фæкастысты, фæлæ уæддæр хатыркурæгау загъта:

— Сæтгæ йын фарон акодта, ацы аз та куывд кæны!..

Æз хъуыддаг нырма ныр фембæрстон. Куыд рабæрæг, афтæмæй Бадджери хабæрттæн уыйас дæсны нæ уыд, æмæ йын мæхæдæг æххуыс кæнынмæ бавнæлдтон:

— Уæдæ уый саст нæ уыд, фæлæ æлвæсгæ фæкодта...

— Хуыцау æй бæрзæйдыууæ дæр фæкæнæд, — йæ къухтæ мыл сцагъта, цавæр зындзырд адæймаг дæ, зæгъгæ. — Сауджыны загъдау, махæн та цы уæлдай у?! Адæмы æрхонæд, хорз сæ фенæд, æндæр цæйфæнды тыххæй дæр уæд. Нæ фыдæлтæ йæ махæй хуыздæр зыдтой: кæмæ ис, уый йæ фыды фыдæн дæр дугъ уадзы.

Цы хъуамæ загътаин йæ ныхмæ! Арфæ йын ракодтон, æгайтма, зæгъын, нæ сыхаг йæ уарзон адæмимæ абадынхъом фæцис. Стæй йын фæзынынæй дæр зæрдæ бавæрдтон.

Уазæг цæуынмæ куы рахъавыд, уæд æм æз дæр хъæлдзæгæй сдзырдтон:

— Хуыцауы хатыр бакæн, нæ хойрагæй чи нæ сахода! Хорз хабар мын фехъусын кодтай æмæ иучысыл мидæмæ чи нæ рахиза... Алмахситты цонджы тыххæй...

— Нæ-нæ-нæ! — цæхгæр ныллæууыд хонæг. — Тынг æнæвдæлон дæн. Бирæтыл ма мæ азилын хъæуы...

— Æрмæстдæр фæйнæ сыкъайы!

Марадз-зæгъай, кæд мын бакуымдта!

Æз тыргъты лæугæйæ баззадтæн. Сæры та хъуыдытæ базмæлыдысты. Ноджы ма сæ Бадджери дæр кæрæдзиуыл сардыдта æмæ бынтон диссаг та ныр фесты.

Мæ сыхаджы цонг æцæг куы асастаид, уæд дыууæрдæм æвзæр уыдаид: йæхицæн — дæ цонг асæттæд, уый хорздзинадæй цы ис?! — æмæ мæнæн хуынтæ кæнын та мæ бахъуыдаид. Йæ цонг фарон кæй фелвæсти, уый æвзæр у, ацы аз ын куывд кæй кæны, уый та — хорз: йæ хæстæджытæ, йæ зонгæтæ æмæ хæлæрттæ æмгуыппæй æрбацæудзысты, кæй зæгъын æй хъæуы, хуынтæ æмæ лæвæрттимæ, мæнæн та дзы уыйас хорзæй ницы ис, уымæн æмæ мæ, адæм сæ цæст кæуыл æрæвæрой, ахæм хуын саразын бахъæудзæн. Фæлæ уыцы хъуыддаг цыфæндыйæ дæр æнцондæр бакæнæн у.

«Иу дзырдæй, Алмахситты къух фарон нозтджынæй сæхимæ æрбацæйцæугæйæ кæй фелвæст æмæ йын ацы аз куывд кæй кæны, уый нæ дыууæйæн дæр пайда у, иннæты хъуыддаг мæн нæй», — скарстон фидарæй æз æмæ мын цыма царды стырдæр фарстатæй иу алыг кæнын бантыст, уыйау хъæлдзæг æмæ сæрыстырæй къæсæрыл æрбахызтæн.

Мидæггаг уатмæ нæма бахæццæ дæн, афтæ та нæ дуары дзæнгæрæджы зарын уыцы уæзданæй райхъуыст. Фæстæмæ фæзылдтæн, зæгъын, Бадджерийæ исты ферох, кæнæ та йæм нозты тыххæй фæсмон æрцыд, фæлæ фæрæдыдтæн: нæ къæсæргæрон лæууыд, иу-ссæдз азы кæуыл цыдаид, ахæм къæсхуыртæ, бæрзонд, саухил лæппу.

Кæнæ боцъотæ рауадзынвæнд скодта, кæнæ та йыл иу-дыууæ мæйы размæ судзгæ фыд æрцыд æмæ ууыл сау дардта. Нæ, цыфæндыйæ дæр фæстаг модæйы фæдыл чи цыд, ахæм уыд, сæрдасæнæй боцъотæм куыд зылд, уый бæрæг дардта. Цыдæр æнахъинон даргъ мæм фæкаст. Цыма мæм æгæр уæлиауæй кæй дзуры, уымæй æфсæрмы фæци, уый хуызæн асинтыл дыууæ къæпхæны дæлдæр æрлæугæйæ сдзырдта:

— Хъазмæхæмæттæ ам цæрынц?..

— Уый æз дæн Хъазмæхæмæт...

Мæ зæрдæ йæхи къултыл ныххоста, уæдæ мын цы хабар фехъусын кæндзæн, зæгъгæ.

— Бечмырзæ мæ æрбарвыста...

Æз мæхинымæр мæ зонгæтыл азылдтæн, æмæ дзы Бечмырзæ куы ничи хуынди, уæд мын иучысыл фенцондæр. Хъæрæй та йæ бафарстон:

— Кæй Бечмырзæ?

— Уæртæ фаллаг уынджы цæры... Ды йæ нæ зоныс, фæлæ дæ йæхæдæг хорз зоны. Æрæджы æрбалыгъд...

Дарддæр æй ницæмæйуал бафарстон, кæд йе ’рбацыды сæр йæхæдæг бамбарын кæнид, зæгъгæ.

— Йæ каисы усы мадæн дыууиссæдзæймаг бон кæны æмæ мæ сæрмагондæй дæумæ ’рбарвыста, — сдзырдта та лæппу.

Мæхинымæр хъуыдытыл фæдæн. Адæймаг куы райгуыра, уæд æй мæлын хъæуы, ичъынайы калмау уæлæуыл ничи баззайы. Уæдæ йæ амæлæты фæстæ алкæмæн дæр дыууиссæдз боны рацæуы, фæлæ æз кæй нæ зонын, мæхи та мын хорз чи зоны, уыцы Бечмырзæ йæ каисы усы мадæн йæ хæдзары дыууиссæдзæм бон цæмæн кæны, уый бамбарын мæ бон нæ уыди. Æрмæст дзы æрбацæуæджы нал бафарстон. Тæфæрфæс ын ракодтон æмæ та уымæй дæр фæхицæн дæн.

Къæсæрæй ме ’рбахызт æмæ тилифоны дзæнгæрæг баиу сты. Мæ галиу æрфыг ма куыддæртæй аныхтон æмæ хæтæлмæ фæлæбурдтон, Хуыцау æй хонæг фæкæнæд, зæгъгæ.

— Кæй райсом у, уый хорзæх дæ уæд! — райхъуыст мæм цыдæр зонгæ хъæлæс.

Уый Алимырза йеддæмæ ничи уыдзæн. Ахæм хъазæн ныхæстæ уый фæкæны.

— Дæ хорзæхæй, Алимырза нæ дæ?

— «Нæ дæ» — нæ, фæлæ дæ!

— Цы хур, цы къæвда?

— Къæвдайы коймæ мæ зæрдæ риссы. Абон мæнæн хур бон у, æмæ хъуамæ йæ тынтæ дæумæ дæр хæццæ кæной.

— Ома?

— Цы «ома?!»

— Дæ ныхас, зæгъын, фæбæлвырддæр кæн.

— Нæ гыццыл Зæринæйы тыххæй дæ фæйнæ баназын нæ фæнды?

— Уæллæй, фæнды. Иучысыл фæлæуу, æз нуазæн рахæссон, дæуæн, æвæццæгæн, дæ сыкъа дæ къухы ис, — загътон æз æмæ цæлгæнæнмæ фæцæйцыдтæн.

— Æз дын æцæг ныхæстæ кæнын, ды та хъазынмæ фæдæ, — сбустæ мыл кодта мæ хæлар. — Абон мæ хæдзары куыд уай, афтæ. Зæринæйы гуырæн бон у, æмæ дæ уырдæм хонын.

Æз йæ ныхмæ фæлæууынмæ хъавыдтæн, айфыццаг дæ фаззæтты тыххæй бон-сауизæрмæ гаджидæуттæ куы фæуагътам, зæгъгæ, фæлæ мæ сдзырд нæ бауагъта, уый, дам, æрмæст Аланы куывд уыд, ныр та сæрмагондæй Зæлинæйы ном ссарын хъæуы. Ницуал та сдзурын мæ бон баци. Фæарфæтæ йын кодтон. Цалынмæ йын æрбацæуынæй зæрдæ бавæрдтон, уæдмæ мæ нæ ныууагъта æмæ та уыимæ дæр нæ ныхас ахицæн.

Ме ’рфгуытæ мæ нал хъыгдарынц. Æвæццæгæн мæм абон хонæг дæр никæцæйуал уыдзæн æмæ хъæргæнæг дæр. Уæвгæ, цы бæрæг и?!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.