Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Сыхæгты маст



Сыхæгты маст

Знауыр æмæ Хъанцау иу сыхы базæронд сты. Иу аз æрхастой устытæ, иу аз сын райгуырд лæппутæ. Знауыр йæ фыртыл сæвæрдта Аслæмбег. Хъанцау — Будзи. Бæтæйы фыртты хабæрттæ дыууæйæ дæр хорз зыдтой. Уæдæ хъæбатыр гуырдтæй иу Аслæмбег кæй хуынди, иннæ — Будзи, уый дæр сын æнæзындгонд куыд хъуамæ уыдаид: сæ фырттæн уыдоны мондагæй раттой ахæм нæмттæ. Аслæмбег чысылæй фæстæмæ дæр ныв кæнынмæ зæрдæргъæвд рахаста. Йæ мад Хъуырманхъызы хыссæ-иу скъæфтæй фæци. Чъиритæ кæны, уый-иу куы базыдта, уæд-иу арынджы цурæй æддæмæ нал цыд. Хъуырманхъыз ын-иу фæтæригъæд кодта æмæ та-иу ын, кæд дзы не ’нтыст, уæддæр армыдзаг хыссæ йæ къухы фæсагъта. Лæппу-иу уайтагъд алыхуызон сырдтæ æмæ фосы нывтæ кæнынмæ фæци. Фæстагмæ афтæ тынг сдæсны, æмæ-иу æм мад æмæ фыд кæсынтыл фесты.

Цыдысты бонтæ. Аслæмбег иу къласæй иннæмæ хызт. Иннæ предметтæм ницы уыйас арæхст, фæлæ ныв кæнынмæ дæсны кæй уыд, уымæ гæсгæ йын бирæ хъуыддæгтæ барстой.

Дæс къласы фæстæ ацыд Мæскуымæ æмæ нывгæнæгыл ахуыр кæнын райдыдта. Фондз азы фæстæ Ирыстонмæ ссыд. Æппæлыдысты дзы газетты, йæ кой кодтой радиойæ, фæлæ йæ ном уæлдай тынгдæр айхъуыст мæрдджынты æхсæн. Цæвиттон, Аслæмбег фæстагмæ рахызт мæрдты сурæттæ кæнынмæ. Уыимæ, куыд дзырдтой, афтæмæй иста бирæ æхца.

Бынтон æндæр фæндагыл ацыд Будзи. Ахуыргæнджытæ йын æппындæр ницы æнхъæл уыдысты, афтæмæй йæм ничи кæсы! Сывæллонæй фæстæмæ хыссæимæ Аслæмбег архайдта, хæринаггæнæг та Будзийæ рауад. Уæвгæ, хæринаггæнæг раздæр уыд. Иуцасдæр акусыны фæстæ йæ фæуæлдæр кодтой æмæ хæринаггæнджыты сæргъы æрлæууыд. Ууыл ма ноджыдæр цалдæр азы рацыд, æмæ рестораны директорæй агæпп ласта. Уæдæй нырмæ уæлæмæ дæр нал гæпп кæны æмæ дæлæмæ дæр. Уыйхыгъд æхцатæ йæ дзыппытæм гæпп кæнынæй нал æнцайынц. Ноджы дæлæмæ мæлæты æнцонæй ныггæпп ласынц, фæлæ дзы фæстæмæ сгæпп кæнын бирæйæн нал бантысы. Цыма æфсымæрон ингæны ныгæд æрцæуынц, уый хуызæн сæ хъæр, сæ цъист нал райхъуысы. Лыстæг æхцатæ куы уаиккой, уæд ма, чи зоны, сæ дзæгъ-дзæгъ уæддæр ссæуид, фæлæ æрхуы æмæ æвзист æхцатæй чъынды дзыпмæ фæндаг никæмæн ис.

Ныхæстæ дардыл ацæуынц, фæлæ Хъанцау æмæ Знауыр хъæуы цæргæйæ баззадысты. Аслæмбег æмæ Будзи та горæтæгтæ систы. Æрыгæттæ хъæуыл нал æрвæссыдысты, зæрæдтæ — горæтмæ не ’фтыдысты, фæлæ адæмы ныхæстæ дыууæрдæм дæр хæццæ кодтой. Горæты кодтой Аслæмбег æмæ Будзийы хорзы кой. Хорзы кой, зæгъгæ, ныхæстæн сæ фылдæр уыдысты, æхцаджын кæй сты, уый алыварс. Хъæуы сæ цытæ дзырдтой, уыдон дæр сæ хъæздыгдзинады фæрсты нæ хызтысты, фæлæ тынгдæр здæхт уыдысты, дыууæ лæппуйы дæр сæ зæронд ныййарджыты рохуаты кæй ныууагътой æмæ сæ кæй ницæмæй хъуыды кæнынц.

Цыдысты бонтæ, фæлæ Будзи æмæ Аслæмбег сæ райгуырæн хæдзæрттæм нæ цыдысты. Знауыр æмæ Хъанцау кæд уæлæмæ ницы дзырдтой, уæддæр сæ зæрдæтæ æмхуызон сагъæстæй дудыдтой, æмхуызон маст сæ хордта. Адæмы ныхæстæн сæ хъустыл цы ’нæцæугæ уыди, æмæ сæхимæ хъусыныл фесты.

Бады Знауыр Хъанцаутæм фынджы уæлхъус. Фæйнæ дæр анызтой, фæлæ дзы арахъхъ иуæн дæр йæ сæр фæбæрзонддæр кæнынæн ницы баххуыс. Ноджыдæр та фæйнæ рауагътой. Хъанцау хæдзары хицау у æмæ хистæрæн бады. Уастырджийы ном ссардта æмæ сыкъа сындæггай йæ былыл сдардта.

Ныхасы бар Знауырмæ æрхаудта. Цыдæр зæгъынмæ кæй хъавы, уый бæрæг у. Бæрæг у, йе сдзурын æм зын кæй кæсы, уый дæр.

— Уæллæй, Хъанцау, Будзийæ мæ цæстыты дзагæй ракастæн, — загъта æрæджиау Знауыр.

Хъанцау æм æнæууæнк цæстæнгасæй бакаст, ацал-ауал азы йын йæ фырты хорзы кой куы никуыма ничи скодта, уæд абон Знауырыл цы ’рцыд, зæгъгæ.

Знауыр иуцасдæр хъусæй алæууыд. Хъанцауы цымыдисдзинад басхойæгау кодта æмæ, цыма размæ бахауынæй фæтарст, уый хуызæн йæ сыхаджы афарста:

— Цæмæн?

— Цыма йæ дæхæдæг нæ зоныс? — къахæгау загъта Знауыр.

— Хуыцауыстæн, нæ зонын! Мæнæ дын ацы цæхх æмæ къæбæрæй ард хæрын. — Йе ’ртæ æнгуылдзы цæххæрæныл авæргæйæ, сдзырдта Хъанцау.

Знауырмæ карз сомытæ бахъардтой æви æнæ уыдонæй дæр йæ ныхас кæнынмæ хъавыд, цы! — фæлæ загъта:

— Ныртæккæ æхцахъуаг ничиуал у, фæлæ уæ æгайтма уæддæр æрхъуыды кодта...

Хъанцауы цæсгомыл æрдæбонсарæй цымыдисдзинад æмæ цин дыууæрдæм рауай-бауай кодтой, фæлæ уæйыг агуаты цур куы æрыхснырса æмæ йæ фæнык фæйнæрдæм куы ныппырх уа, уый хуызæн цымыдисдзинад дæр æмæ цин дæр сæхи тарст гæлæбутау фæйнæрдæм аппæрстой. Зæронд лæджы цæсгом та йæ фыццаг хуыз райста. Знауырæн ма уæддæр йæ нуазæн йæ къухы уыд. Хъанцау æй æрæджиау фæхъуыды кодта.

— Дæ гаджидауы кой уал бакæн, — æрхатыд æм Хъанцау.

Знауыр йæ сыкъа анызта æмæ йæ дурыны фарсмæ æрæвæрдта.

— Фондз туманы уыйбæрц æхца не сты, фæлæ сæйрагдæр сæ кад у, — дзырдта дарддæр Знауыр. — Уæдæ исчи махоны хуызæн у. Ацал-ауал азы мæрдтæй иуы зæрдæхудты дæр нæма бацыд, йæ æгас мад æмæ фыды зæрдæ та иу хатт дæр нæма балхæдта.

Хъанцауы уæнгтæ ноджы тынгдæр æртасыдысты. Цыма йыл Знауыры алы ныхас дæр йæ уæхсчытыл здыйы къуылдыхтæ æвæрдта, уыйау ныкъкъæдз. Æрæджиау — йæ астæуæн ныкъкъæрцц кæнынæй фæтарст, цы — уæззау уаргъыл схæцæгау, йæ сæр бæрзонддæр сисгæйæ сдзырдта:

— Знауыр!

Ныхасгæнæг æрлæууыд. Йæ сыхаджы катайхуыз цæсгом ауынгæйæ йæм дарддæр дзурыны ныфс нал разынд.

— Ныхас ахæссынæй дæ нæ тæрсын, — дзырдта дарддæр Хъанцау. — Дæ ныхæстæм хъусын мын уымæй бирæ зындæр у æмæ ныхас мæхимæ уый тыххæй райстон. Нæ лæппу мын цы фондз туманы æрæрвыста, уыдон мæхи ’хцатæ уыдысты...

Æмæ Хъанцау йæ сыхагæн, ивгъуыд къуыри зæрæдтæ калгæ горæтмæ куыд фæцыд, йæ мæгуыр æхцайы капеччытæ йæхи номыл сæ хъæумæ куыд æрæрвыста, уыдæттæ радзырдта.

Знауырæн чысыл раздæр Хъанцаумæ фырхæлæгæй йæ цæсты фиутæ тадысты, ныр та йын тæригъæд кæнынмæ фæци.

Иннæ хæттытæй хъауджыдæр Хъанцауæн йæ фырт æхца кæй æрæрвыста, уыцы хабар Хъуырманхъызмæ Знауырæй фæстæдæр байхъуыст. Будзи, цы уыди, уымæй йæм дыууæ ахæмы фæкаст, йæхи фырты та йæ цæсты бындзы кад дæр нал уыд. Æгæр-æгæр куы кодта, уæд ын Знауыр зæхмæ ныуулæфæгау æцæгдзинад радзырдта.

Рацыд ма ноджыдæр æртæ къуырийы. Хъанцауы сусæгдзинад куы нæ рахъæр, уæд æй Знауыр æмæ Хъуырманхъыз дæр бафæзмынвæнд скодтой. Знауыр горæтмæ цæуынмæ йæхи ныфс нæ бахаста æмæ Хъуырманхъызы арвыста.

Сылгоймаг фырт æмæ чындзы сæхимæ баййæфта. Дыууæ уды къоппайы йеддæмæ не сты, афтæмæй сæ фатеры цынæ диссаг ис!

Хъуырманхъыз чындзы цур йæ ныхæстæ зæгъынмæ нæ хъавыд æмæ куыддæр Аслæмбегимæ хицæнæй аззадысты, афтæ йын хъуыддаг бамбарын кæныны фæстæ æхца йæ дзыппы фæцавта. Уазæг куы ацыд, уæд ус æмæ лæгæн быцæу бацайдагъ. Аслæмбеджы зæрдæйы, къæйдурты бын фынæйæ цы æнкъарæнтæ лæууыд, уыдон зына-нæзына базмæлыдысты.

— Мæхи сæр уый куынникуы æрцахста?! — сдзырдта Аслæмбег, кæй фарста, уымæн йæхæдæг дæр ницы зыдта, афтæмæй.

— Цы никуы ’рцахста? — тигъмæ йæм бакаст ус.

— Мæ мад æмæ мæ фыды куынникуы ’рхъуыды кодтон?!

— Æмæ мæ мад æмæ мæ фыды та кæд æрхъуыды кодтай?

— Уыдоны уавæр æндæр у.

— Куыд æндæр у?

— Куыд вæййы, афтæ. Искуы мæрдтæ æмæ æгæсты уавæр иухуызон вæййы?!

Ус дын уый айхъуыста, цы! Æхсон дур æфсæйнаджы гæбазæй куыд ныццæвай, афтæ цæхæртæ акалдта, йæ цæстытæ судзгæ æхсидæвтæ фестадысты. Цыма йæ къухтæ уыцы ныхæстæм æнхъæлмæ кастысты, уыйау цæсты фæныкъуылдмæ сины сæртæ ацахстой, гуыр фæразуæз, рахиз къах йæхи размæ аппæрста, æфсæртæ скуыстой.

Æмæ цынæ фидис схауд йæ дзыхæй! Мæнæн мæ ныййарджытæ æрæджы амардысты, фæлæ дæуæн дæ цæсты гуырд дæр никуы уыдысты йын загъта. Дæхи мад æмæ дæ фыд куы нæ хъæуынц, уæд ма мæ ныййарджытæй цы кæныс, зæгъгæ йæ къуыммæ бахаста. Мæрдты сурæттæ сæнусон кæнынæн йæ курдиат нывондæн кæй æрхаста, уый зæгъын дæр дзы нæ ферох.

Лæг йæ усы æфсæрты ахаст зыдта æмæ æнæдзургæйæ хъуыста. Уыцы уавæр та сылгоймаджы ноджы тынгдæр мæсты кодта. Дзыхы ныхæстæй йæ тыппыртæ не суадздзæн, уый куы бамбæрста, уæд лæгмæ бауырдыг.

— Æри-ма уыцы æхцатæ ардæм!..

— Цы сæ кæныс?

— Æри-ма сæ, зæгъын! — ноджы хъæддыхдæрæй æрдомдта ус.

Аслæмбеджы æнæбондзинад йæ дзыпмæ нывналын кодта æмæ Хъуырманхъызы фондз туманы систа. Ус ын сæ йæ къухæй аскъæфта æмæ та йæ цъæхснаг хъæлæс райхъуыст:

— Уыдон æхцахъуаг куы уаиккой, уæд хъæуæй горæты ’хсæн дзæгъæл лекка нæ кæниккой...

Сылгоймаг астæуккаг уаты смидæг, фæлæ та уайтагъд къæсæргæрон алæууыд:

— Ацы æхцатæм сæ бирæ æнхъæлмæ кæсын бахъæудзæн! — æмæ йæ фæдыл дуар ныггуыпп кодта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.