Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Хуы æмæ цъымара. Алыхуызон фæстиуджытæ



Хуы æмæ цъымара

Ацы лæгъз быдыры цъымара уыдзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн. Кæдæмдæриддæр акæс æмæ фендзынæ кæрдæгæмбæрзт тъæпæнтæ. Иу хæмпæлыл дзы цæст не ’рхæцдзæн, иу дзыхъхъ дзы нæ бафиппайдзынæ.

Цас ма рауадаин, чи зоны, фæлæ мæ хъусыл хуыйы хъох-хъох ссыд. Цъымара æнхъæл кæм нæ уыдтæн, уым ма суанг хуы дæр разынд. Хуы цъымара кæмфæндыдæр кæй ссардзæн, уый рагæй зындгонд у, фæлæ цымæ цъымарайæн йæхи хъуыддаг та куыд у? Цымæ йæм хуы куыд фæбæллы, йæхæдæг дæр ыл афтæ тыхст вæййы, стæй йæ уый куыд æнцонæй ссары, цъымара дæр хуыйыл афтæ тагъд сæмбæлы?..

Алыхуызон фæстиуджытæ

Кæдæй-уæдæй ма хъæдмæ рафтыдтæн! Кæд дзæвгар рæстæг йæ арфы нал аныгъуылдтæн, йæ хæрдтæ æмæ уырдгуыты нал суадтæн æмæ æруадтæн, йæ гакъон-макъон къахвæндæгтæ мæ сæ фæдыл нал ахуыдтой, уæддæр сæ мысыдтæн, бæллыдтæн сæ фендмæ, æмæ та мын абон уыцы фадат фæци.

Æвæдза, адæймаджы æрдз кæй сфæлдыста, уый æппæты тынгдæр, æрдзы хъæбысы куы вæййы, уæд банкъары. Зæхх æй кæй ратта, уый йæм, зæхмæ хæстæгдæр куы вæййы, тынгдæр уæд бахъары.

Фæцæуын, æппындæр фæндаг бæрæг кæм нæй, ахæм рæтты, фæлæ фæдзæгъæл уæвынæй нæ тæрсын. Иуæй мын хæхтæ фæндаг амонынц, иннæмæй — даргъ æмæ уæрæх адаг. Арв мигъæхгæд куы уаид, уæддæр мæ ададжы бæрзонд фæхстæ мæ фæндагæй иртæсын нæ бауадзиккой. Мæ фæндаг та у бæрзонддæр рагъмæ. Хъуамæ йæ сæрмæ схизон æмæ дæлвæзыл мæ цæст ахæссон, банкъарон, быдырæй бæрзондмæ кæсын куыд хорз у, бæрзондæй быдырмæ кæсын дæр афтæ хорз кæй у, уыцы æхсызгондзинад.

Цæуын, мæхицæн фæндаг лæгæрдын. Иу фæхæрдгæнæны мын мæ фæндаг æрæхгæдта æхсæры къалиу. Цæмæдæр гæсгæ йæ бирæ æфсымæртыл сыстырзæрдæ æмæ, уырдыг чи лæууыд, уыдонæй уæлдай иуварс ратасыд æмæ, æз кæуылты ацæуынмæ хъавыдтæн, уый сæрмæ фатхъæды саджилæгыл æрæнцад. Æнхъæлдтон, йæ бынты ахизын мын æнцонæй бантысдзæн æмæ, зына-нæзына мæхи фæгуыбыр кæнгæйæ, фæфале дæн. Фæфале дæн мæхæдæг, фæлæ мын лыстæг къалиутæй иу мæ цъында худы гоппыл фæхæцыд æмæ гомсæрæй аззадтæн. Мæлæты хъыг мын уыди. Уымæй размæ æнæраны рæтты цæуынæй бафæлладтæн æмæ, кæд уазал уыд, уæддæр мæ хид акалд, æмæ мын миты рагъыл æнæ худæй аззайын цас æхсызгондзинад æрхастаид! Тагъдгомау къалиуæй мæ худ æристон æмæ йæ мæ сæрыл раздæрæй ноджы арфдæр æркодтон.

Цæуын æмæ хъуыдытæ кæнын. Кæй рамæсты дæн, ууыл мæм фæсмон æрцыд. Кæд искæй аххосджын кæнын æмбæлд, уæд — мæхи, уымæн æмæ, къалиуы бынты цæугæйæ, цас æмбæлд, уыйбæрц не ’ргуыбыр кодтон. Æргуыбыр кæнын та мæ æнæмæнг хъуыд. Афтæ нæ бакодтон, æмæ къалиуæн дæр æндæргæнæн нал уыд. Хорз, æмæ мын мæ худ зæхмæ не ’руагъта, æндæр, йæ быны цы дондзаст уыд, уым стæлфыдаид.

Цыфæндыйæ дæр фæтасын хорз у. Искæмæн, стæй, æвæццæгæн, истæмæн дæр дæ сæрæй ныллæг акувынæй æгад нæ фæуыдзынæ. Уый нæ, фæлæ ма дæ кадыл дæр бафтдзæн. Уæдæ искæмæн дæ худ сисынæй дæр дæ намысæй нæ ахаудзæн. Дæ худ дæхæдæг сисынмæ куы базивæг кæнай, уæд дын æй исджытæ фæуыдзæн. Уымæн та бынтон æндæр фæстиуджытæ ис.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.