Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Тъибылы цуан



Тъибылы цуан

— Абон мын уыцы арсы кой æнæбакæнгæ нæй, — загъта Тъибыл æмæ сарамæ бацыд. Уæлгоммæ фæлдæхт халамæрзæн систа, топпы хуызæн ыл фæхæцыд, кæдæмдæр дзы ныхъхъавыд, стæй «хæцæнгарз» йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, цы! — къулы ’нцой йæ æрæвæрдта æмæ фæстæмæ кæртмæ раздæхт.

Йæ ус Сеска йæ тæккæ æфснайгæйæ уыд. Тыргътæ йын марзт фесты æмæ кæртмæ бавнæлдта.

— Абон мын, зæгъын, уыцы арсы кой æнæбакæнгæ нæй, — дыккаг хатт загъта Тъибыл. Æрдæбон дæр Сескамæ дзырдта, фæлæ йæ ус нæ фехъуыста æмæ йæм, иуæй, хæстæгдæр бацыд, иннæмæй йæ хъæлæс фæбæрзонддæр.

— Цавæр арсы? — йæ мæрзын фæуагъта Сеска, йæ уисойыл йæ уæз мæнг уагъд акодта æмæ иууылдæр хъус фестад.

— Айфыццаг дæр ма дын æй куы дзырдтон. Уæлæ Тилыны обауы цур цы дынджыр хъæддаг кæрдо бæлас ис, уый нæ зоныс?

— Куыннæ йæ зонын!..

— Гъемæ та уымæн ацы аз йæ зайæн у. Æлæм никуы федтай! Дысон йæ бын хуыры хуызæн уыд. Абон райсом та мæ фæндаг ууылты акодтон æмæ, марадз-зæгъай, кæд ма дзы иу гагайыл дæр мæ цæст æрхæцыд.

— Æмæ сæ кæд адæмæй исчи æруыгъта, уæд та?..

— Нæ, мæ хур акæнай! Æз æй зонын. Зæронд цуаноны нæ асайдзынæ. Уыцы тъæпкъах дзы йæ фаджысæй дæр фæд ныууагъта, стæй йæ фистæй дæр. Æвæццæгæн æм, бынæй чи уыд, уыдон фаг нæ фæкастысты æмæ хæрдмæ дæр сбырыди. Йæ хъуынæй къалиутыл цалдæр бындзыджы баззад.

... Куыддæр æрталынг, афтæ Тъибыл кæртæй рахызт. Куынничи йыл амбæла, уымæ бæллыдис æмæ йæ фæндон сæххæст. Суанг хъæугæронмæ куыдз йæ разæй фæтахт, стæй æрлæууыд. Æнхъæлдта, уыцы афон йæ хицау дæр дарддæр нал ацæудзæн, зæгъгæ, фæлæ фæрæдыд. Тъибылы цыд ноджы фæтагъддæр. Куыдз уæддæр йæ фарсмæ тæхыныл архайдта. Куыройыдонмæ куы бахæццæ сты, уæд мæйы бур-бурид чъири разынд. Лæг иуцасдæр фæныфсджындæр æмæ куыдзы дарддæр цæуын нал бауагъта.

Тъибыл йæ дæларм йæ кæрц тынгдæр æрбалхъывта, йе уæхск батылдта, дыууæхстон ма йæ бынаты ис, нæ уый бæрæггæнæгау. Обаумæ йæ бирæ нал хъуыд, афтæ мæйы чъири мигъты фæстæ амбæхст æмæ йæ алыварс æрталынг, фæлæ йын фæдзæгъæл уæвынæй тас нал уыд æмæ йæ ных комкоммæ къуыбырмæ сарæзта. Бæласы бынмæ бацæуыны агъоммæ цалдæр хатты схуыфыд, тæрсæн хъæртæ дæр фæкодта, кæд арс мæнæй фæраздæр ис, зæгъгæ.

Обауы сæр æрлæууыд. Ноджы та мæйы цæст мигъты ’хсæн фæзынд, æмæ цалынмæ хуыздæр уыдта, уæдмæ тагъд-тагъд дæргъæй-дæргъмæ кæрц зыгъуыммæ фæфæлдæхта, йæхи дзы æрбатыхта æмæ бæласы бынмæ фæцæуæг. Иуцалдæр къахдзæфы ма йæ хъуыд, афтæ фæлæууыд. Йæ алывæрстæм айхъуыста. Иу сыбыртт, иу уынæр куы никуыцæй цыд, уæд бæласмæ тагъд-тагъд къахдзæфтæй бараст. Дыууæхстон йе уæхскæй фелвæста, йæ босы йæ сæр фæцавта æмæ хæцæнгарз йæ фæсонтыл февзæрд. Бæласы бинаг къалиуыл фæхæцыд æмæ уæлæмæ бырыныл фæци.

Цалынмæ, бæласы ставддæр къалиу кæм фæсаджил, уырдæм схæццæ, уæдмæ йæ бырынæй нæ банцад. Йæ лæф-лæф ссыд, йæ хид акалд. Иуцасдæр фæразил-базилы фæстæ йе змæлынæй банцад.

— Гъеныр æй Хуыцау рауадзæд, æндæр нал аирвæздзæн, — йæхицæн ныхæстæ кæны Тъибыл.

Йæ кæрцы фæдджитæ æрбамбырд кодта, йæ къæхтæ дзы амбæрзта, йæ сæр æфцæгготы аныгъуылд. Йæ дыууæхстон ын цыма исчи исынмæ хъавыд, уый хуызæн ыл ныддæвдæг æмæ æнхъæлмæ кæсын райдыдта.

«Мæй куынæуыл аныгуылид, — хъуыдытæ кæны Тъибыл. — Куыддæр арс фæзына, афтæ йын хæрдмæ æнæскæсгæ нæй. Зыгъуыммæ фæлдæхт кæрцы йæхи хуызæн тъæпкъах фенхъæлдзæн æмæ бæласмæ бырынмæ фæуыдзæн. Куы мæм сцæйхæццæ уа, афтæ йын топп йæ тæккæ ныхыл банымайдзынæн...»

Гæ-ра-х! Гæ-ра-х! Дуне ныццарыдта. Æнахуыр уынæр бæстæ йæ хъæлæсы ахаста. Тъибыл афтæ фидар цы топпыл хæцыд, уый æваст йæ къухтæй феуæгъд, æмæ æртыккаг гæрах дæр райхъуыст.

— Æллæх, бабын дæн, чидæр мæ амардта!!!

— Кæцы дæ уый? — чъылдымæрдыгæй кæйдæр хъæлæс ацахстой Тъибылы хъустæ.

— Амардтай мæ, мауал фехс, мауал фехс, мауал фехс!.. — йæ дзыхы дзырд нал бадт, афтæмæй лæгъстæ систа Тъибыл. — Æз Тъибыл дæн, Тъибыл, кæрдзинаг.

— Оу, дæ хæдзармæ дæ рардæуа, фыдджинаг дæ куы рауайа, уымæй та куыннæ тæрсыс?! Æмбисæхсæв дæ бæласмæ схизыныл цавæр хæйрæг ацардыдта? Хуыцау хорз, æмæ тæрсæн æхст фæкодтон, æндæр дæ хæдзар дæр нæ хæлд æмæ мæ хæдзар дæр нæ хæлдтай?!

Тъибыл бæласы ставддæр цонгæн ахæм фидар хъæбыс ныккодта, æмæ йыл фæйнæрдæм æнæхъæн хъæды æрсытæ куы ахæцыдаиккой, уæддæр æй не суагътаид, фæлæ æхстытæ тæрсæн уыдысты, уый куы фехъуыста, уæд йæ къухты тыхт феуæгъддæр æмæ бынмæ бырынмæ фæци.

Куыд рабæрæг, афтæмæй топпæй чи фехста, уый дæр Тъибылы хуызæн арс марынмæ рацыд æмæ, бæласы сæр арсæнгæс цыдæр ауынгæйæ, дыууæ тæрсæн æхсты фæкодта.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.