Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Талынг рудзгуытæ



Талынг рудзгуытæ

Арсæн, дам, мыдмæ ласгæйæ, йæ хъустæ атыдтой. Фæлæ дзы куы фæхъæстæ, уæд та сын фæстæмæ нал куымдта. Æмæ йын йæ къæдзил дæр атыдтой. Ахæм хабар цыма мæныл дæр æрцæудзæн, афтæ кæсын мæм райдыдта.

Мæ раздæры куыстæй цæуын мæ нæ фæндыди. Стæй барвæндонæй цæмæн хъуамæ ацыдаин?! Нудæс азы нудæс боны не сты, стæй нудæс мæйы дæр. Æз та уыйбæрц бакуыстон иу бынаты. Иу бынаты иу хицауимæ. Уый кæд искæмæ гыццыл хъуыддаг кæсы, уæд рæдийы. Бирæтæ мæ хицауæй се сæфт уыдтой, фыдгой кæнынæй йыл нæ ауæрстой. Йе сæфт дзы ныр дæр къаддæр адæм нæ уыны. Уæдæ йæ фыдгойгæнджыты нымæц фылдæр цы фæци, æндæр къаддæр нæ фæуыдаид.

Никуы дзы никæмæ байхъуыстон. Ома сын сæ ныхæстæ никуы ницæмæ ’рдардтон. Æнæдзургæйæ-иу мæ куыст бакодтон. Æнæдзургæйæ — фыдгойгæнджыты цур, дзургæйæ — хицауы раз. Чидæриддæр-иу цыдæриддæр загъта, уыдон-иу ын итувæрдæй йæ разы авæрдтон. Уымæн та æндæр хорздзинады ма бацу.

Цыбыр рæстæджы фæстæ-иу, комдзог кæуыл рацыдтæн, уыдоны пакъуы калынмæ фæци. Æнæ фыдбылызæй-иу дзы никуы ничи баззад. Фæстагмæ дзырд хæссын сси мæ хуыздæр хæцæнгарз, мæхи знæгты цæгъдынмæ дзы бавнæлдтон. Искæуыл-иу мæ зæрдæ куы фæхудт, уæд-иу æм ме ’взаг ауагътон, хицауы ныхмæ-иу иуцалдæр дæлгоммæ ныхасы загътон æмæ та-иу ме ’мныхасгæнæг дæр йæ судзгæ фыдтæ нымайынмæ фæци. Æз-иу хабæрттæ æвæстиатæй бынатыл сæмбæлын кодтон, æмæ-иу хъуыддаг дарддæр йæхæдæг йæхи амыдта.

Афтæ иу бон æмæ дыууæ боны нæ, фæлæ нудæс азы. Æргом дзургæйæ, мæ хицауæй мæхæдæг дæр бынтон æвыд нæ уыдтæн. Гуымиры ныхас кæнынæй никуы бафæллад. Адæмæй никæуыл ауæрста. Мæнæй хæстæгдæр æм ничи уыд, уавæрмæ гæсгæ дæр æмæ уды кондæй дæр. Уæддæр мыл никуы бацауæрста. Ауæрдгæ нæ, фæлæ-иу адæмы ’хсæн мæн райардта! Æмæ-иу мæ цы нæ рахуыдта! Æлгъитыныл дæр никуы бацауæрста, бафхæрын та йæм нымады дæр нæ уыд. Быхсыдтон ын. Фæстæмæ сдзурын æм никуы бауæндыдтæн. Йæ ныхмæ сдзурыны хъуыды мæм уæвгæ дæр никуы æрцыд, уымæн æмæ зыдтон, гæдзæйы бын сой кæй ис æмæ уыцы сойы ратæдзæнтæ мæ дзыхыл хæцынимæ баст кæй сты.

Алы æмбырды фæстæ дæр нын-иу фембæлд уыд. Нæ дыууæйæн. Дзургæ та-иу уым дæр мæ хицау кодта. Адæмы цæсты-иу мæ кæй бафтыдта, уый пайдатæ æвзарынмæ-иу бавнæлдта. Уадз, æмæ, дам, нæ ахастдзинæдты æцæг бындур мачи зона. Æз, дам, дæуимæ цас дæрзæгдæр æвзагæй дзурон, уыйас нæ иумæйаг хъуыддаг тыхджындæр кæндзæн, нæ мыды къæм ныппарын никæй зæрды æрæфтдзæн.

Æмæ æцæгæйдæр. Буарæй хæдоны æхсæн нæ, фæлæ хæдонæй кæрцы æхсæн дæр йæ къух атъыссыныл никуы ничи бацархайдта. Афтæмæй «а» æмæ «о»-йæ цæрыны бæсты «нæгъ» æмæ «о»-йæ уал азы фæцардыстæм.

Ног куыстмæ ацæуыны кой мын куы бакодтой, уæд марды хуызæн дæр уымæн фæдæн. Арвæй мæм галдзармы йас нæ, фæлæ мысты цармы йас дæр нал зынд. Цыма мæ быны зæххæй иу сыджыты мур дæр нал аззад, уыйау сæрсæфæнмæ фæцæйцыдтæн. Уал азы кæй сæргъы лæууыдтæн, мæ уыцы дæлбартæй фæхицæн мæхицæн нымадтон æппæты æвирхъаудæр хъуыддагыл. Уал азы мæ сæргъы цы хицау лæууыд, уый мæм фæкаст уæларвон зæд, æрмæст йæ базырты пæр-пæр дæр амондхæссæг кæмæн у, ахæм зæд.

Куыд дзырдтой, афтæмæй мæ ног куыст алцæмæй дæр хуыздæр уыд. Иуæй — уæлдæр, иннæмæй дзы мызд фылдæр, æртыккагæй та мæ пенсийы хъуыддагыл дæр хуыздæрæрдæм фæзындаид, фæлæ мæ уыцы хорздзинæдтæй иу дæр не ’ндæвта. Мæ ног бынатæй цас тынгдæр æппæлыдысты, уыйас мын æнаддæр кодта.

Æнæцæугæ мын нæй, уый куы бамбæрстон, уæд сразы дæн. Фыццаг бонты хасты хуызæн уыдтæн. Æппæты тынгдæр мæ амардта мæ кусджыты нымæц. Къуырийы бонты бæрц дæр не ’ййæфтой æмæ-иу дзы кæцыдæримæ къуыри дыууæ хатты хыл кæнын бахъуыд. Раздæр та-иу мæ афтæ кæнын бахъуыд мæй æмæ ’рдæг — дыууæ мæйы иу хатт. Ноджы бæстæ афтæ сабыр уыд, æмæ-иу æгуыппæгдзинад мæ хъусты гуыр-гуыр систа. Бон-иу мыл афæдзы дæргъæн ныцци. Хатгай-иу сыхæгты арæнтæ фехалынмæ дæр æрхъавыдтæн, адæймаджы куы фæнда, уæд хылгæнæг æмбал кæм не ссардзæн, фæлæ мæм уыцы ныфс никуы разынд. Ома загъд-заманамæ нæ сарæхстаин, уый тыххæй нæ. Мæ ног сыхæгтæ тæрхондоны кусджытæ разындысты æмæ мын уый мæ рохтыл хæцыд.

Цыд рæстæг æмæ мын раздæр мæ ног куыстмæ цæугæйæ цытæ дзырдтой, уыдоны рæстдзинадыл сабыргай æууæндын райдыдтон. Мæ ног куыст дзæвгар хуыздæр кæй уыд, ууыл мæ зонд æууæндыд, зæрдæ — нæ. Мæ раздæры бынат мæ нæ рох кодта.

Иу хъуыддаг та мæ бынтон аргæвста, мæ ног куыстмæ цыдтæн мæ зæронд куысты рæзты. Æндæр уынгты аздæхыныл дæр бирæ хæттыты ацархайдтон, фæлæ мæм мæ къæхтæ никуы байхъуыстой. Цæмæдæр гæсгæ æнхъæлмæ кастæн диссагмæ. Цыма, иумæ кæимæ фæкуыстон, уыдон лæгæвзæрстæй мæ размæ рацæудзысты æмæ мын табутæ кæнынмæ фæуыдзысты, фæстæмæ мæ здахдзысты, мах дæу йеддæмæ ничи хъæуы, зæгъгæ мын зæгъдзысты. Фæлæ диссаг иу райсом дæр никуы æрцыд æмæ иу изæр дæр. Ме ’мкусджытæй мыл зæрдиагæй никуы ничи бацин кодта. Кæуыл-иу дзы амбæлдтæн, уыдонæй-иу бирæтæ мæ рæзты аивгъуыдтой, иннæтæ та мын-иу æнæбары салам раттой.

Æнæхъæн сæрд афтæмæй мæ куысты рæзты фæцыдтæн. Ме ’взаджы кæрон мæ бæргæ хордта, мæ бынаты чи æрбадт, уый куыстмæ бирæ аиппытæ дæр ссардтаин, фæлæ дардæй кæсæджы цæст цы хъуамæ федтаид, хæстæг бацæуæн та мæнæн нæ уыди.

Цæугæ цыфæндыйæ дæр бакодтаин, фæлæ кæмæ? Стæй «цæмæ?», уымæн дæр æфсон хъуыд æмæ æнæхъæн фондз мæйы, бирæгъ фысты дзугмæ хъæдрæбынæй куыд кæса, афтæ фæкастæн.

Фæззæг йæ тыхы бацыд. Нæхимæ цæугæйæ-иу мын мæ раздæры куысты бæстыхайыл мæ цæст цы нæ ахæсгæ уыд. Цæмæдæр гæсгæ-иу дзы иу рудзынгæй дæр рухс нал калд. Куырм уæйыджы цæстытау-иу сау дардтой. Уыйхыгъд-иу мæ цæстытæ та цæхæртæ акалдтой. Фырцинæй. Мæ раздæры хицаумæ мын дзырд бахæссыны фадат кæй фæци, стæй, мæ къæлæтджыны чи æртъæпæн, уый цæсты бафтауын мæ бон кæй бауыдзæн, уымæн. Мæ рæстæджы дын æхсæз сахаты фæстæ кусæн уæтты рухс ма ахуыссыдаид! Авд-аст сахатмæ-иу дзы кæй баурæдтон, ахæмтæ дæр уыдис. Мæ фæстæ дæр ма уыцы фæтк дзæвгар рæстæг йæ бынаты уыд. Æвæццæгæн, хорз æгъдау фехалын дæр бынтон æнцон нæ вæййы. Фæлæ сын æппынфæстаг бантыст, уый бæрæг уыд. Ныр дыууæ къуырийæ фылдæр фæскуыст æнæхъæн галуаны иу рудзынг дæр йæ цæстæй нал ракаст.

Мæ раздæры хицауыл æрæгмæ куы ’мбæлдтæн, уæд мæ зæгъинæгтæ мæ раздæры кусджытæй иуæн радзырдтон. Мæ зæронд куысты раз баиу стæм. Нæ ныхæстæ фæуынмæ хъавыдысты, афтæ бафиппайдтон:

— Æз куынæуал дæн, уæд фæскуыст адæм лидзынмæ куыд фæвæййынц, уымæ кæсыс?! Ныронг ма-иу дзы чи аззад, уый дæр мæ фæрцы. Æз цы фидар æгъдау сæвæрдтон, уый цалдæр мæймæ фехалын нæ бакуымдта.

— Уыцы æгъдау, ды куыддæр ацыдтæ, — загъта мæ раздæры æмкусæг, — афтæ фехæлд, дæу чи раивта, уый æндæр æгъдæуттæ æрæвæрдта. Кусын, дам, кусгæ рæстæджы хъæуы, фæскуыст нæ фæлæ. Изæрыгон ма-иу бирæтæ æхсæз сахаты фæстæ кусгæйæ баззадысты, зæгъгæ дæр дзæгъæлы æнхъæлыс. Уæд-иу сæ цырæгътæ æфснайæг ссыгъта, ныр æфснайæг райсомæй æрбацæуы. Уый дæр ног æгъдаумæ гæсгæ кусын райдыдта. Изæрæй райсоммæ кусæн уæтты рыг ногæй æрбады...

Уæдæй фæстæмæ мæ зæронд куыстæн йæ тæфты дæр никуыуал ауадтæн.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.