Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Миниатæрæтæ. Хъæбулты мæт



Миниатæрæтæ

Хъæбулты мæт

Æхсæрджыны цы бал бæлас æрзад, уымæн кæд йæ ном хъæддаг хуыйны, уæддæр æй йæхи хуызæн бал бæлæстимæ цæрын фæнды, зайгæ та тæрс æмæ фатхъæдты æхсæн æркодта. Æппæты фыццаг зæххæй йæ сæр куы сдардта, уæд куыннæ бацин кодтаид йæ алыварс дунейыл, уæлдайдæр худгæ хурзæрин æмæ æнæкæрон цъæх арвыл. Уыдоныл цин кæнынæй куы бафсæст, уæд йæ сыхæгтыл афæлгæсыд æмæ дзы йæхицæй ныллæгдæрыл йæ цæст куы не ’рхæцыд, уæд йæ фыццагдæр бæллиц уыди дæлджинæджы бынатæй фервæзын.

Цыди рæстæг æмæ циндзинад хаста бал бæласæн. Йæхæдæг куыд рæзт, афтæ æфтыди йæ циныл дæр. Фæлæ æрмæст цины æнкъарæнты ахæсты нæ уыд, фæзындис æм сагъæссаг хъуыдытæ дæр. Хъынцъым кодта, йæ алыварс бæлæстæй иу дæр уый хуызæн кæй нæ уыди, æцæгæлон бæстæйы æцæгæлæтты æхсæн зын цæрæн кæй у, ууыл, фæлæ хъысмæты ныхмæ зын тохгæнæн у æмæ йæ уавæрыл хъæцыди. Фæрæзта, кæд ын æнцон нæ уыди, уæддæр. Уый нæ, фæлæ ма архайдта йæ сыхæгтæй иу хъуыддаджы дæр фæсте нæ баззайыныл. Æмæ йын æнтысгæ дæр кодта. Фатхъæдтæ æмæ йын тæрсытæй (хæристæ æмæ фæрвыты кой нал кæнæм) дæлдæр абад, зæгъгæ, ничи загътаид, уымæн æмæ дзы дæлдæр æцæгæй никæмæй уыд: се ’мрæзт кодта хæрдмæ дæр æмæ фæйнæрдæм дæр. Уæдæ бакастæй дæр цауддæр никæмæй уыд. Дыргътæ йыл кæй зад, уымæй та се ’ппæтæй дæр хуыздæрæрдæм хицæн кодта. Уый тыххæй та йæ мæргътæ хъулон уарзт кодтой, сæ иуæй-иутæ ма йыл суанг ахстæттæ дæр скодтой.

Бал бæласыл кæд искуы амондджын бон акодта, уæд, йæ быны дыууæ талайы куы фæзынд, йæхи туг æмæ стæг дыууæ талайы, уæд. Кæсынæй сæм не ’фсæст, йæ къалиуты змæлдæй сæ арвы цъæхмæ хуыдта, йæ сыфтæртæй сын æмдзæгъд кодта æмæ-иу дзы авдæны зарæг рауад. Рæхснæг талатæ сæ мады дæлбазыр бон уылынг рæзтысты, æхсæв — уыдисны. Мад-бæлас куыд æнхъæлдта, афтæмæй талатæ дыууæйæ дæр хъуамæ уыцы уалдзæг дидинæг ракалдтаиккой, фæлæ кæцæйдæр фæзынди адæймаг, скъахта сæ æмæ сæ йемæ скæсæнæрдæм ахаста. Бал бæлас, цалынмæ йæм зындысты, уæдмæ сæ фæдыл бæргæ каст... Уæдæй фæстæмæ бæлас йæ хъæбулты нал федта. Æнхъæлмæ сæм бæргæ каст, кæд сæ æндæр ран ныссагъдæуыд, уæд æм, куыд рæзой, афтæ сæ сæртæ искуы сзыниккой, зæгъгæ, фæлæ уымæй дзæгъæлы зæрдæтæ æвæрдта йæхицæн: хъæуы бæлæстæй йæм чи зынд, уыдоны фарсмæ йæ хъæбулты никуы бафиппайдта. Уæддæр скæсæнмæ кæсынæй нæ фæллад, йæ къалиутæ уыцырдæм ивæзтау атасыдысты, уæддæр æм йæ хъæбултæ никуыцæй разындысты.

Афтæ, æнхъæлмæгæсгæйæ, бæлас базæронд. Раздæр кæд йæ дæргъ æмæ уæрхыл æфтгæ цыд, уæд ныр та къаддæрæй-къаддæр кодта. Фыццаджы хуызæн æй нал урæдтой йæ уидæгтæ. Хуыздæр уавæры нæ уыдысты йæ сыхæгтæ дæр. Кæмæн дзы раздæр æрцыд йæ мæлæт, кæмæн — фæстæдæр. Чи фæлдæхтæй лæууыд, чи та уæлхъæдæй бахус, фæлæ уый хъæдыл никæцырдыгæй фæзынд, сæ бæсты æрзад æндæртæ. Йæ кæрон кæй æрхæццæ, уый бал бæласмæ дæр хъарын райдыдта. Кæд цыфæнды бирæ фæцард, уæддæр йæ хъæбултыл сагъæс нæ фæкъаддæр. Фыццагау сæ мысыди, бæллыди, иу хатт ма сæ уæддæр куы федтаид, уымæ.

Дымгæ-иу йæхи хъæдыл куы ахафта, уæд-иу цыма йе ’ппæт тыхтæ дæр уымæ сарæзта, балмæ афтæ каст æмæ-иу дзы тас бацыд. Йæ къалиутыл-иу ризæг бахæцыд, йæ уидæгты дыз-дыз-иу ссыд. Цыфæнды тæссаг уавæры дæр ма-иу йæ кæддæры чысыл талатæм йæ зæрдæ ’хсайдта, уыдоны фенынмæ-иу æнхъæлмæ каст.

Мæлæты хорзæй кæй ницы ис, уый, йæ цуры боны рухс чи нал æнкъардта, зæххы сой кæмæ нал хæццæ кодта, уыцы бæлæстæм кæсгæйæ куыннæ уыдта, фæлæ йæм уæлхъæдæй бахус уæвынæй зæххыл афæлдæхын хуыздæр каст. Йæ мæлæтæй дæр ма йæ хъæбулты зæрдæ фæриссын кæнынæй тарст. Ахæм хъуыдыты ахæсты дæр-иу бафтыд, кæд афонмæ уыдон дæр бæлæстæ систы æмæ йæм дардæй фæкæсынц, зæгъгæ. Иугæр кæд æцæгдæр афтæ у, уæд лæугæйæ куы амæла æмæ йæ къалиутæ сыфтæр нал калынц, уый йæ саби-бæлæстæ куы феной, уæд зæрдæдзæфтæ куы фæуыдзысты...

Йæ мæлæты размæ бон дæр та бæллыди, бирæ бонтæ æмæ азтæ цæмæ ’нхъæлмæ каст, уый фенынмæ, фæлæ та йыл иннæ хæттыты хуызæн æнæзæрдæрайæ хур аныгуылд. Хуры аныгуылдимæ хъæдмæ æрбалæбурдта тыхджын дымгæ. Цæвгæ кæд тыхджын нæ кодта, уæддæр бæласмæ йæ хъару уæды хуызæн никуы бахъардта, чи зоны, йæхæдæг уæды хуызæн лæмæгъ кæй никуы уыд, уый тыххæй. Бамбæрста, йæ царды кæрон кæй æрхæццæ æмæ ныхмæ лæууыныл дæр нал архайдта. Дымгæ ныгуылæнæрдыгæй кæй кодта, уый йын хуымæтæджы æхсызгон уыд! Йæ мæлæтыл хъуыды кæнгæйæ-иу æдзухдæр уымæ бæллыд: кæд фæлдæха (афæлдæхын та йæ уæвгæ фæндыди), уæд — скæсæнæрдæм, йæ хъæбулты йын кæцырдæм ахастой, уырдæм цалдæр сардзины хæстæгдæр цæмæй æрхауа, уый тыххæй...

Кæд хæрдмæ фæлдæхын зындæр уыд, уæддæр дымгæйы тых æмæ бæласы фæндон сæ куыст бакодтой, æмæ мæйдар æхсæвы сабырдзинад æмыр гуыпп фехæлдта...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.