Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Хæдзари-хæдзар



Хæдзари-хæдзар

— Куы мæ ныууагътаис, мæнæ лæппу, уæд бæргæ хуыздæр уыдаид загъта Сасанет, йæ фырты горæтаг фатеры къæсæрæй куы бахызт, уæд. — Æз мæ иу къахæй ингæны был лæууын, ды та мæ сугсæттæн къодахы хуызæн ралас-баласыл схæцыдтæ.

Бекмæрза æмæ йæ бинойнаг Кодиннæ, цыма уыцы ныхæстæ хъусгæ дæр нæ кодтой, уый хуызæн зæронд усы къæлæтджын бандоны цурмæ арæхстгай бахуыдтой. Чындз ын йæ тинтычъи кæлмæрзæн систа, цъæтджын сынтæджы къухыл æй æрцауыгъта æмæ та фæстæмæ йæ цуры алæууыд. Бандоныл æй сбадын кодта, йæ туфлитæ йын фæлмæн дзабыртæй аивта æмæ фынг æвæрынмæ фæци.

Сасанет иучысыл йе ’муд æрцыд. Афтæ æнæхъару бæргæ нæ вæййы, фæлæ йæ хъæуæй фæстинонæй раластой. Ноджы фæндагыл дæр бафæлмæцыд æмæ йæ къабæзтæ йæхицæй нал сты. Бæргæ йæ нæ фæндыд ардæм цæуын. Цæрæнбонты æвал-æвидийæ цы адæмы ’хсæн фæцард, уыдоныл ахуырæй йын горæты зын кæй уыдзæн, уый æмбæрста, фæлæ йæ хистæр фырты ныхмæ æрлæууын йæ бон нал баци.

Бекмæрза æмæ Кодиннæйыл стыр хорздзинад æрцыд. Ацал-ауал азы цæмæ бæллыдысты, уый сæ къухы бафтыд. Сасанетæн лæгъстæйæ се ’взæгтæ цъиуы ’взагау слыстæг сты, фæлæ сын абоны онг горæтмæ цæуыныл никуы сразы. Ныр æртæ бинойнаджы баисты æмæ ма сын дыууæ уаты ма раттæнт. Тæккæ райсомæй фæстæмæ уыцы хъуыддагыл зилын райдайдзысты. Уый тыххæй та уал æппæты фыццаг зæронд усы сæхимæ æрфысдзысты. Уæдæ йæм чи хъуамæ кæса! Ныронг ма йæ цоты кæстæр йæ фарсмæ уыди æмæ йæ ницы хъуаг уагъта, фæлæ уый дæр ауалдзæг йæ райгуырæн хæдзарæй йæ цæрæн хæдзармæ афардæг. Уæдæй нырмæ йæм фырт æмæ чындз къахихсыд баисты.

Бекмæрза æмæ Кодиннæйау хъæумæ арæхдæр æфтын райдыдтой Куыцыкк æмæ Къыно дæр — Сасанеты кæстæр фырт æмæ чындз. Горæтæй-иу хъуамæ иумæ æрцыдаиккой, уымæн æмæ сæ фæндтæ иухуызон уыдысты, фæлæ сæ кæрæдзийæ сусæг кæй кодтой, уымæ гæсгæ архайдтой, цæмæй сæ фæндаг макуы баиу уа.

Кодиннæйы быны дон бацыд. Къыно æфсины йæхирдыгæй куы фæкæна, уымæй тарсти. Фыццаг бонæй фæстæмæ йæ, хæрдæй гуыбын чи нæ кæны, ахæмыл нымадта. Кодиннæ чындзы цыппар азы раздæр æрцыд, фæлæ йын цот нæ уыди. Къынойæн та сывæллон фараст мæйы æмæ æртæ бонмæ райгуырд. Æндæраз сын дыууæуатон фатер раттой, ныр та æртæ уатмæ бахъавыдысты. Уæд цавæр у?!. Кодиннæйæн сывæллон дæр куы нæ и, æмæ дыууæ уаты дæр! Нæ фæлæ мæ фылдæр кæмæ уа, уый зыддæр у!..

Кодиннæ йæ фынджы кой фæуагъта, Сасанеты кæлмæрзæн сынтæджы къухæй радавта æмæ йæ шифанеры рæбинаг ауындзæныл авæрдта. Йе ’фсинмæ цæуыны зонд куы ’рцæуа, уымæй бынтон æдас нæма уыд. Æхсæвæры фæстæ йын фæлмæн хуыссæны уат бакодта...

Сасанетыл афæдзы дæргъæн бонтæ нытътъанг сты. Гуыбынæй, рагъæй хъуаг ницæмæй уыд, фæлæ хъæу йæ зæрдæйæ нæ цух кодта. Зных æмæ æхсонау æнгомæй кæимæ фæцард, уыцы сыхбæсты уындмæ бæллыди. Йæ фыртæн-иу бæргæ загъта, хъæумæ ма мæ иу хатт уæддæр алас, зæгъгæ, фæлæ Бекмæрзайы уымæ никуы равдæлд. Усæй, лæгæй сæ уæгъд рæстæг иууылдæр хардз кодтой ног фатер райсыныл æмæ æппынфæстаг сæ бæллиц сæххæст: Терчы былгæрон цы хæдзар сарæзтой, уымæн йæ дыккаг уæладзыджы æрцардысты.

Банхъæлæн уыд, Сасанеты уавæр фæхуыздæр уыдзæн, зæгъгæ. Æртæйæ иу къуымы уæддæр нал рахау-бахау кæндзысты, фæлæ хъуыддæгтæ иннæрдæм ныддæлæ-уæлæ кодтой. Ног фатеры хицæуттæ йæм ног цæстæй акастысты. Уыцы ног цæстæнгасы сæйрагдæр миниуджытæ та уыдысты уазал æмæ æцæгæлон. Сæ ныронджы ахастдзинæдты ног бынатыхицау къæсæргæронæй кæсын дæр нæ бауагъта. Кæстæрты аудындзинад къуыттыйау йæхи бынтон ницызонæг скодта.

Хъуыддаг афтæ кæй рауайдзæн, уый Куыцыкк æмæ Къыно хорз æмбæрстой æмæ йæм гæппæввонгæй лæууыдысты. Куыддæр сын архайыны фадат фæци, афтæ Бекмæрзатæм иу æхсидавыл дыууæ уады кодтой. Ноджы цыма файнустыты æндæртæй аивдæуыд, уый хуызæн кæрæдзийæ атонын нал куымдтой. Цин кодтой дыууæйæ дæр. Кодиннæ ног фатер кæй райста æмæ Сасанетæй кæй фервæздзæн, ууыл. Къыно — Сасанеты йын сæхимæ æрбахоныны фадат кæй фæци æмæ æртæуатон фатерыл тох кæнын кæй райдайдзæн, ууыл, фæлæ уыдон сæ дыууæйæн дæр нырма уыдысты фæндтæ. Фæндтæ та æцæгдзинад цæмæй суой, ууыл тох кæнын хъуыд. Æмæ тох кодтой дыууæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ лæгты æххуысæй.

Иу изæр та кæстæр фыртæн йæ мадимæ ныхас бацайдагъ.

— Гыцца, ирон æгъдæуттыл хæст бæргæ дæ, фæлæ сæ иуæй-иу хатт ницæмæуал фæдарыс, — Сасанеты фарсмæ æрбадгæйæ, райдыдта Куыцыкк.

Зæронд усмæ ахæм аипп фыццаг хатт æрхастæуыд æмæ куыддæр фæкъуырмайау. Иуцасдæр, цы загътаид, уый нал зыдта.

— Цæмæн афтæ зæгъын, уый зоныс? — мады бæсты йæхи бафарста Куыцыкк æмæ дзуапп дæр йæхæдæг ратта: — Ныронг-иу ныййарджытæ кæстæр фыртимæ цардысты...

Сасанетæн дзæвгар фенцондæр. Æнхъæлдта, йæ фырт æй стырдæр хъуыддаджы азымджын кæны.

— Уымæй бæргæ раст зæгъыс, мæ хъæбул, фæлæ уæ кæимæфæнды куы цæрон, уæддæр ын фыдæбойнаджы хос йеддæмæ ницы дæн æмæ бавдæлут, æмæ мæ фæстæмæ хъæумæ аласут.

— Хъæу дæр дын никæдæм алидздзæн, — загъта Куыцыкк. — Махимæ уал иу-дыууæ боны фæу, стæй дæ бар дæхи уыдзæн.

Сасанетæн та ацы хатт дæр йæхи фæнд ницуал амардта, æмæ йæ йæ цæрæн бынат нæвæндонæй дыккаг хатт ивын бахъуыд.

Раст зæгъын хъæуы, Куыцыктæм æм хицæн уат æрхауд, стæй йыл йæ фырты чысыл чызджы рæвдаугæйæ рæстæг тагъддæр ивгъуыдта, фæлæ уæддæр йæ цард зæрдæйы фæндон нæ рауад. Уыимæ йæ уавæр февзæрдæр, куыддæр йæ фырт æртæуатон агъуыст райста, афтæ. Хистæр фырт æмæ чындзы хуызæн кæстæртæ дæр уайтагъд къæссавæлдæхт фесты. Сасанетæн цы буц митæ фæкодтой, уыдон цыма фæстæмæ исыныл ныллæууыдысты, уый хуызæн ерысæй февнæлдтой. Уыимæ йын къусбарæй кæй фæлæвæрдтой, уыдон фæстæмæ истой тагъдгомау, æмæ дзы куыницыуал баззад, уæд та мад æмæ фырты æхсæн рауад ахæм ныхас:

— Гыцца, дæ тæригъæдмæ кæсын мæ бон нал у, — загъта Куыцыкк.

Сасанет йæ фыртæй ахæм фæлмæн ныхæстæ рагæй нал фехъуыста. Ныр æм дыккаг аз Гыццайæ дæр никуал сдзырдта æмæ куыддæр йæ зæрдæ æрбауынгæг.

— Æвæццæгæн, Бекмæрза дæр æмæ æз дæр фæрæдыдыстæм, ардæм дæ кæй раластам, уымæй. Хъæуы дын хуыздæр уыдзæн...

Зæронд ус йæхи ныхъхъæддых кодта, фæлæ уæддæр цæстысыгты фæндаг æрæхгæнын йæ бон нæ баци. Йæ къæсхуыр рустæ йæ тæнæгцъар уæлкъухтæй асæрфгæйæ, сдзырдта:

— Бæргæ уын дзырдтон, мæ мæгуыр хæдзары къуымы мæ уадзут, зæгъгæ...

— Тæккæ райсом дæм машинæ æрбакæндзынæн...

Къыно йæ цин бамбæхсын нæ бафæрæзта. Йæ цæстытыл ставд дамгъæтæй фыст уыдис. Æнæуи та йæхи афтæ дардта, цыма йын йе ’фсинимæ фæхицæн уæвын зын уыд.

... Сасанет машинæмæ куы бахызт, уæд Куыцыччы чызг ныккуыдта, æз дæр демæ цæуын, зæгъгæ.

Къыно йæ йæ хъæбысы фелвæста, æмæ йæ иууыддæр куыд хъусой, афтæмæй загъта:

— Ма ку, нана фæстæмæ тагъд ссæудзæн.

Сасанет йæхицæн дзурæгау ныллæг хъæлæсæй бакодта:

— Нана тагъд нæ, фæлæ æрæджиау дæр нал ссæудзæн...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.