Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





AElig;намонд фæндаг



Æнамонд фæндаг

Автобусмæ куы бахызтæн, уæд бæлццæттæй иумæ дæр нæ бакастæн, афтæмæй мæ бынаты сбадтæн. Чысыл раздæр цы газеттæ балхæдтон, уыдон кæсыныл фæдæн. Мæ цæстытæ уайтагъд афæлладысты: автобус æгæр змæлыд æмæ-иу рæнхъытæ æддæг-мидæг ауадысты. Газеттæ фæстæмæ мæ дзыппы сæвæрдтон.

Талынг уаты иудзæвгар алæууыны фæстæ дзаумæттæ иугай-дыгай зынын куыд райдайынц, уый хуызæн бæлццæтты цæсгæмттæ уынын райдыдтон. Зонгæ мын дзы ничи ис, уый куы сбæлвырд, уæд, цыма, абон мæ размæ цы хæстæ уыд, уыдонæй иу ме уæхсчытæй ахауд, уыйау арф ныуулæфыдтæн. Ме ’ргом размæ сарæзтон æмæ шофыры иувæрсты, фæндаг автобусы бынмæ куыд лæбуры, уымæ кастæн.

Машинæйы иугæндзон уынæрыл куы фæцахуыр дæн, уæд мæм, мæ фарсмæ цы дыууæ усы бадти, уыдоны ныхас дзæбæх хъуысын райдыдта. Мæ сыхæгтæ ахæм зæрдиаг ныхас кодтой, æмæ сæм, æз куыд бамбæрстон, афтæмæй иннæтæ дæр сæ хъус æрдардтой.

Рудзынджы цур цы сылгоймаг бадт, уымæн йе ’ргом мæнæрдæм здæхт уыд. Куыннæ мыл фæгуырысхо уа, афтæ йæм аивæй кастæн.

Иу-æртиссæдз азæй йыл къаддæр нæ цыдаид. Фæлæ йæ цæсгом — урсцъар. Цыма йыл иунæг хуры тын дæр никуы аныдзæвд. Æгæр стæмæй ма йыл æнцъылдтæ бæрæг дæр нæ зынди. Бинаг дæндæгтæ — иууылдæр конд. Куы-иу бахудт, уæд-иу, цыма исчи консервы къопп фегом кодта, уый хуызæн-иу ферттывтой. Афтæ дæсны худти, æмæ-иу суанг рæбинаг дæндæгтæ дæр разындысты. Тинтычъи кæлмæрзæны бынæй æрлæстысты халасдзыд сæрыхъуынтæ. Уыдон ыл комдзог куы нæ цыдаиккой, уæд ма йын йæ азтæ ноджыдæр фæкъаддæргæнæн уыдаид.

Йæ пъалтойы хъуырыл æфцæгготы бæсты уыдис цавæрдæр бурхъуын сырды царм. Йæ ныхасæй-иу иучысыл фенцад, зæгъгæ, уæдта-иу æфцæггот раст кæнынмæ фæци, кæд-иу æм æппындæр æвналын нæ хъуыди, уæддæр. Иуафон фæстæмæ разылди æмæ, фæстаг бадæныл саурихи æрыгон лæппулæджы ауынгæйæ, адæмы сæрты адзырдта:

— Уый Таймураз куы дæ æмæ дæ куы нæ базыдтон...

— Дæ бон хорз, Асиат, — йæ бынатæй фестыныл ацархайдта лæппу, фæлæ йæ фарсмæ афтæ æнгом бадтысты, æмæ йын чысыл базмæлын йеддæмæ нæ бантыст. — Æрдæбон дын салам раттон. Æвæццæгæн, мæ не ’рхъуыды кодтай...

— Базæронд дæн, мæ хур, æмæ хъусæй дæр хорз нал хъусын, стæй, æвæццæгæн, цæстæй дæр фæцудыдтон...

— Нырма зæрондæн раджы у!

Асиаты цæсгомыл бæрæг уыд, уыцы ныхæстæ йын æхсызгон кæй уыдысты. Иуцъусдуг æнæдзургæйæ алæууыд æмæ та фæстæмæ разилгæйæ загъта:

— Дзыллæйæ дæ куыннæ фæрсын, куыдтæ у, куыдтæ?

— Бузныг, амæлттæ кæны...

— Кæдæй нырмæ йæ нал федтон...

— Горæтмæ нын нæ комы...

— Сымахимæ йын æнцондæр уаид, бæргæ.

— Дзурæм ын, фæлæ нын нæ ныхас кæронмæ ахæццæ кæнын никуы бауагъта. Фарæстæм уæладзыджы, дам, ауыгъдæй цæрын нæ базондзынæн.

— Æмæ йæм уæдæ алы хуыцаубон хъæумæ цæуын чи бафæраздзæн? — йæ ныхасы барджын мыртæ фæфылдæр кæнгæйæ, загъта Асиат.

— Махæн бæргæ ницы у, фæлæ йæхæдæг бирæ фыдæбон кæны. Уый карæн адæймагæн иунæгæй æнцон у?..

— Зын у, зын, мæ къона. Адæймагыл азтæ куы рацæуы, уæд йæ хъарутæ сусæны мæйы доны акæлæнтау æрцыбыртæ вæййынц. Æз Дзыллæйæ кæстæр дæн, уæддæр мæ ныфс куы ницæмæуал хæссын. Ацы хъуыддаджы тыххæй ныр цалæймаг хатт æрцыдтæн...

Фæстаг ныхæстæ Таймуразмæ кæнæ хъуысгæ нал фæкодтой, кæнæ та йæ дзуапп раттын нал бафæндыд.

Сылгоймæгтæн ногæй ныхас бацайдагъ.

— Хæрзæгъдау цот схъомыл кодта Дзыллæ, — йæ хъæлæс фæныллæгдæр кæнгæйæ, райдыдта Асиат. — Йæхи хуызæн рауадысты...

— Йæ цуры дзы иу уæддæр куы уаид, — бакатай кодта иннæ ус.

— Ахæм рæтты сахуыр кодтой, æмæ дзы хъæуы бынат никæмæн разынд. Уыдоныл дæр худæн нæй, — лæппуты раст кæнынмæ фæци Асиат. — Таймураз мах хистæр лæппуимæ иу ран кусы...

Уыцы ныхæстæ йын æгæр хъæрæй загъд рауадысты. Бæлццæттæ цалдæрæй Таймуразы ’рдæм ракастысты, афтæ кæмæй æппæлынц, уыцы лæппуйы мах дæр фенæм, зæгъгæ.

Асиаты ныхæстæ йæ хъустыл куы ’рцыдысты, уæд цыма Таймуразмæ ницы бар дарынц, уый хуызæн йæхи скодта. Цæмæндæр йæ зæрдыл æрбалæууыд Асиаты хистæр фырт Хамырзæ. Иумæ кусынц. Уый проекттæаразæн институты хистæр инженер у, Таймураз та — сæйраг конструктор. Хæларæй цæрынц. Иу хъæуы райгуырдысты, иу сыхы схъомыл сты. Ныр та — кусгæ дæр иумæ. Знон сæ улæфты рæстæг институтæй иумæ рацыдысты. Сахаты бæрц фæразил-базил кодтой. Хамырзæйæн йæхи фæндыд Таймуразимæ аныхас кæнын æмæ йын уымæн замманай фадат фæци.

— Дзыццаимæ нæм дæрзæг ныхас рауад, — загъта Хамырзæ, Терчы былмæ куы бахæццæ сты, уæд.

Уымæй размæ бынтон æндæр цæуылдæр дзырдтой, æмæ Таймураз йе ’мбалы ныхæстæ нæ бамбæрста. Дзуапп ын ницы ратта, кæд йæхæдæг дарддæр дзурид, зæгъгæ. Хамырзæмæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд:

— Кæцæйдæр йæ хъустыл æрцыд, нæ хъæуы, дам, бирæтæн пенси рацыд æмæ уæдæй нырмæ скатай. Нæ сыхæгты чызгæн цавæрдæр гæххæттытæ фыссын кодта, æмæ мын сæ уый радзырдта. Мæнæн æй не схъæр кодта. Æз ын загътон, адæмы цæсты мæ ма ’фтау, пенсийы сæр дæ ницæмæн хъæуы, стæй дын æмбæлгæ дæр нæ кæны, зæгъгæ, фæлæ мæм нæ байхъуыста.

Таймуразы дзыхæй иу ныхас дæр не схауд. Йе ’мбалæн ницæмæй зæрдæтæ авæрын йæ бон уыд. Йæ уавæр ын бамбæрста — ныййарæгимæ быцæуы бацæуын æнцон кæмæн вæййы?..

— Абон дæр та дзæгъæл цыд куы фæуон, уымæй тæрсын, — ацахста Таймуразы хъус Асиаты ныхæстæ. — Дзаххотты бынаты баййафын зын у...

... Асиат совхозы директоры дуарыл куы бахæцыд æмæ гом куы разынд, уæд йæ цæсгом фæрухс. Йæ дадалитæ йæ кæлмæрзæны бын амбæхста, йе ’фцæгготыл йæ къухтæ æрхаста, йæ пъалтойы фæдджитæ æрцагъта, стæй уæздан къахдзæфтæй мидæмæ бараст.

Дзаххотт йæ бынатæй сыстад, уазæджы къух райста. Арфæ йын ракодтой, диваныл цы дыууæ лæджы бадт, уыдон дæр.

— Цы хорз у, ам дæ кæй æрбаййæфтон, уый, — йæ фарсмæ йын цы бандон æрæвæрдтой, ууыл сындæггай йæхи æруадзгæйæ, загъта Асиат.

— Хъусын дæм, Асиат. Æгайтма дын исты хъуыддаджы баххуыс кæнын нæ бон у. Уæвгæ, горæтагæн хъæуккаг цы хъуыддаджы бабæздзæн?!

Дзаххотт фæстаг ныхæстæ хъазгæйæ загъта. Асиат, цыма ницы бамбæрста, уый хуызæн дзуаппыл батагъд кодта:

— Мæгуыр лæг горæты дæр æххуысхъуаг у æмæ хъæуы дæр.

— Мæгуырæй дæ Хуыцау бахизæд, — йæ мидбылхудт айсæфт, афтæмæй загъта Дзаххотт. — Хамырзæ æмæ Хазбийы хуызæн фырттæ кæмæн ис, уый йæхи мæгуыр куыд хъуамæ схона?!.

— Мæ пенсийы тыххæй разил-базил кæнын, — цыма уыцы ныхæстæ хъусгæ дæр нæ фæкодта, уый хуызæн дарддæр дзырдта Асиат.

— Пенсийы тыххæй, зæгъыс?

— Цас æхца у, фæлæ уæддæр цæмæн баззайа зæфцы фыдæй?!.

Дзаххотт иуцъусдуг сагъæсты аныгъуылд, йæ рахиз къухы амонæн æнгуылдзæй графины уæхск катайгæнæгау æрхоста, стæй йын, æвæццæгæн, уый дæр куы ницы феххуыс, уæд секретармæ фæдзырдта æмæ гæххæттытæ æрбахæссын кодта.

— Æрдæбон дæм чысыл раздæр горæтæй дæр дзырдтой, Дзаххотт, — загъта, гæххæттытæ чи ’рбахаста, уыцы чызг. — Ды быдыры уыдтæ. Тынг фæдзæхстой, Асиатæн, дам, баххуыс кæнут...

Асиат, цыма йын цæргæ хъæутæ балæвар кодта, уый хуызæн бузныг фæци секретарæй. Ноджы сæ мæлæты хорз афон дæр загъта.

Асиат хъæумæ цæуыны размæ Хамырзæйы æмбæлттæй иумæ сæ сыхæгты чызджы телефонæй бадзурын кодта, Дзаххоттимæ аныхас кæн æмæ мын мæ хъуыддаг сараза, зæгъгæ.

«Йæ цæрæнбон бирæ Сидæмонæн, — ахъуыды кодта йæхинымæр сылгоймаг. — Нæ йæ ферох. Мæ фырты цур та сдзурын дæр нæ уæндын... Паддзахады æхцатыл мын ауæрды!..»

— Горæты мæ мæнæ ахæм гæххæтт агурынц, — загъта Асиат, Дзаххотт чингуытæ фæлдæхт куы фæци, уæд æмæ йæ пъалтойы мидæггаг дзыппæй цыппæрдигъон тыхтæй систа тетрады сыф æмæ йæм æй балæвæрдта.

— Ахæм гæххæтт раттын дын нæ бон нæу, — йæ хъæлæсыуаг фæбарджындæр кæнгæйæ, загъта Дзаххотт. — Мæнæ чингуытæм дæр æркастæн, стæй йæ мæхæдæг дæр зонын, ды фæстаг дæс азы колхозы кæй нæ куыстай. Уымæй размæ дæр, дæхи зæрдæ де ’вдисæн, быдыры искуы иу хатт йеддæмæ никуы уыдтæ. Цæмæй пенси райсай, уый тыххæй та хъуамæ раздæр, колхоз ма куы уыдыстæм, уæд, уый фæстæ та совхозы дæр бæлвырд азтæ бакуыстаис.

— Ау, уæдæ мæ сидзæрты куыдæй схастон?! Искуы ма æгуыстæй æнæлæг хæдзарæн дарæн ис? Уæдæ Сæлимæ дæр фæкæсын хъуыди. Исты, мыййаг, йæ гуыппырсар лæппутæ йæ уæлхъус куы нæ уыдысты.

Дзаххотт йæхи гæххæттытимæ архайæг скодта, йæ цæстæнгасæй та дзырдта: «Хъуыддаг æмбæрстгонд у, дарддæр ыл дзурын нал хъæуы». Сылгоймагмæ куынæуал каст, уæд Асиат, диваныл чи бадт æмæ æрдæбонсарæй æнæдзургæйæ чи хъуыста, уыдоны ’рдæм азылд:

— Хъамболат, дæуæй хуыздæр чи зоны мæ фыдæбæттæ?! Фæрсæй-фæрстæм фæцардыстæм, æмæ мæ искуы мæ дыууæ къухы æддæгуæлæ æрæвæргæ федтай?

Хъамболат цыдæр сцæйдзурынмæ хъавыд, фæлæ Асиат фæраздæр:

— Уалæ ма уæм горæтæй дæр куы дзурынц... Æви та уыдоны ныхас дæр ницыуал давы?

— Мах нæ хъуыддæгтæ нæхæдæг хуыздæр зонæм, — гæххæттытæ иуварс æрæвæргæйæ, загъта Дзаххотт. — Баууæнд мыл, фыдæнæн дын ничи кæны.

— Ау, уæдæ, ацы хъæуы пенси чи нæ исы, ахæм куынæуал баззад, уæд дзы мæн цæмæн хъулон кæнут? Ам нал цæрын, зæгъгæ, мæ фæсвæд æрæвæрынмæ хъавут?

— Кæмæн не ’мбæлы, уыдонæй иуæн дæр пенси нæма раттой, Асиат, — ацы хатт ныхас йæхимæ айста Хъамболат.

— Хорз уæдæ! Кæмæн æмбæлы æмæ кæмæн не ’мбæлы, уый æз сбæрæг кæндзынæн!..

Сылгоймаг йæ бынатæй сыстад, йæ кæлмæрзæны баст тынгдæр балхъывта, йе ’фцæггот йæ дыууæ къухæй æрсæрфта æмæ дуар йæ фæстæ мæсты гуыпп ныккодта.

— Аххосджынæй мах нæ баззадыстæм? — загъта иучысыл æнæдзургæйæ алæууыны фæстæ Дзаххотт. Йæ хъæлæсыуагæй зын раиртасæн уыд, Хъамболатиты фарста æви йæхæдæг йæхицæй дзуапп агуырдта, уый.

— Иуæй-иутæ диссаг сты, — загъта Хъамболат. — Асиаты бынаты æндæр адæймаг ныхасы ’рдæг дæр не скæнид. Дыууæ боны йæ фæд-фæдыл быдырмæ ацæугæ ничи федта. Ноджы ма Сæлийы дæр цæсты æфтауы. Уый йæ хистæр файнуст уыд, æмæ Хазби æмæ Хамырзæйы хъуагæй йæ хъуыры къæбæр никуы ауагъта. Сæли, мæнæй цыфæнды фæуæд, бирæ хорздзинæдты бацыд Асиатæн, уæддæр æй цæрæнбонты ратон-батон фæкодта. Уæхæдæг æй зонут, Сæлийы лæг раджы амард. Йæхицæн сывæллæттæ нæ уыд æмæ йæ зæрдæйы хъарм иууылдæр йæ файнусты цотæн ратта. Сыхаджы фыдгой кæнын раст нæу, фæлæ йæм ныр хъусут! Тæригъæд ныхæстæ сты уыдон.

... Асиат кæройнаг уынджы уæлæмæ фæраст. Дзæхирæты ма йын æнæфенгæ нæй. Уадз æмæ йæ лæгимæ аныхас кæна. Тæрсы, Дзаххотт уымæ дæр куы нæ байхъуса, уымæй. Фæлæ йæ уæддæр бафæлварын хъæуы. Дзæхирæтимæ дыууæ хойы цард куы фæкодтой. Уæвгæ адæмыл æууæнк нал и. Чи ’нхъæл уыд, æмæ йæм Дзаххотт ахæм цæстæй ракæсдзæн?! Уагæры ма сæ йæхи дзыппæй куы фидид!

Фæстаг дæс азы, дам, колхозы нæ бакуыстай. Цыма йæ йæхæдæг нæ зоны! Азтæ йын куы фаг кæнид, уæд ма искæмæн лæгъстæ кæнид? Хъамболат дæр ын куы аххуыс кодта! Сыхаг ма дзы хуыздæр цы уа?!.

Хъуыдытæгæнгæ автобусы лæууæн бынатмæ схæццæ. Нырма ныр фембæрста, хъæумæ лæппуты ’вастæй кæй рацыд, уыд. Фæстæмæ йын æнæздæхгæ нæй. Фенæууæнк ыл уыдзысты.

«Цы уа, уый уæд! — скарста йæхинымæр. — Дзæхирæтмæ дæр нал цæуын. Хъуыддæгтæ иууылдæр горæты аразынц æмæ уым архайын хъæуы», — алыг кодта Асиат æмæ автобусы ’рдæм азылд.

Таймуразимæ та иумæ бадт фесты. Ацы хатт — фæрсæй-фæрстæм. Æрмæст ыл Асиат фыццагау нал бацин кодта. Нал æй бафарста Дзыллæйæ.

Удæгас адæймаг мæстытæ куыннæ бавзары, фæлæ Асиатæн абоны цаутæ æгæр хъомыл баисты. Цæмæдæр гæсгæ йæ сагъæстыл бафтыдтой.

Йæ цардвæндагыл куы фæхъуыды кæны, уæд æппæты фыццаг йæ зæрдыл, чындзы куы цыди, уыцы бон æрлæууы, æмæ та ныр дæр уырдыгæй райдыдтой йæ мысинæгтæ.

Диссаджы хур бон дæр скодта. Цæйбæрц хæлæггæнджытæ йæм уыди! Æмæ йæм хæлæг кæнын не ’мбæлди?! Иласы хуызæн лæппутæ бирæты фæсдуар æрбалæууы?!

Хорз фæцарди Асиат. Йæ къух ын уазал доны атулын дæр никуы бауагъта. Адзалæн та никæй бон ницы у. Куы марди, уæд лæппутæ хъомыл уыдысты. Кæстæрыл æхсæрдæс азы цыд, Хамырзæ та уымæй дыууæ азы хистæр у.

Иласы фæстæ дæр хъуаг никуы ницæмæй баййæфта. Йе ’фсымæртæ йæм сæ цæст дардтой. Сæли дæр дзы йæхи дард никуы аласта.

Æрдæбоны ныхæстæ йын Хуыцау бахатыр кæнæд. Зындзинад никуы бавзæрста, фæлæ... Фæлæ абон... абон цыдæр æнамонд фæндагыл рацыд.

Æнамонд фæндаг... Æмæ кæд, мыййаг, йæхи цард æнæхъæнæй дæр æнамонд уыди, æмæ кæйдæр чъылдымты æмбæхсгæйæ фæцарди, уæд та?!

Автобусæй куы рахызт, уæд йæ пъалтойы фæдджитæ æрцагъта, йæ кæлмæрзæн адзæбæхтæ кодта, йæ фæлмæн æфцæггот та йын цалдæр хатты æрсæрфта æмæ сæхимæ араст. Æрдæбонсарæй цы хъуыдыты ахæсты уыдис, уыдон сырддонцъиутау фæйнæрдæм ныппырх сты. Иу дæр дзы нал аззад. Ногæй та йæ пенси йæ зæрдыл æрбалæууыд. Бацархайын ыл хъæуы. Зæфцы фыдæй цæмæн баззайа?..



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.