Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Мæ зæрде ма нæ лæппу уыдтæ.»



«Мæ зæрде ма нæ лæппу уыдтæ...»

Ацы хæдзары дуарæй бирæ хæттыты бахызтæн. Уæлдайдæр та, гыццыл куы уыдтæн, уæд. Сæрды каникулты рæстæг-иу нæ хæстæджытæм ссыдтæн æмæ-иу мыл бонтæ куыд атахтысты, уый зонгæ дæр нæ бакодтон. Ныр цалдæр азы ам нал уыдтæн, фæлæ та мæ хъысмæты фæндæгтæй иу ауылты æрбахуыдта.

Мæ зонгæ асинтыл схызтæн. Бæрзонд тыргътæй дыргъдоныл мæ цæст ахастон. Далæ, кæддæр кæмæй рахаудтæн, уыцы фæткъуы бæлас, йæ хæдфарсмæ стыр фаты бырынкъау арвы чи сныхсти, уыцы æртæтигъон кæрдо. Кæд сæ сыфтæртæ раджы азгъæлдысты, уæддæр бæлæстæ мæ цæстытыл цъæх-цъæхидæй уайынц, уымæн æмæ сæ сæрд йеддæмæ ацафон никуы федтон. Сисрæбын цы чылауитæ уыд, уыдон, æвæццæгæн, бахуыскъ сты, æндæр сæ бынаты ног талатæ нæ ныссагътаиккой. Æрыгон бæлæстæ фæзынди, кæддæр-иу хъæбæрхор конд кæм уыд, уыцы ран дæр. Цæмæдæр гæсгæ мæм хъæбæрхор тæригъæд фæкаст. Цы диссаджы зад-иу æркодта. Сæлимæт-иу æй иууылдæр задыл схардз кодта. Нæртон бæгæны-иу дзы сфыхта. Мыды хуызæн-иу æнгуылдзтыл ныхæсти.

Нæ фæлæ цыбыр рæстæгмæ мæ зæрдыл цæйбæрц хабæрттæ æрбалæууыд! Иу ран æгæр бирæ кæй лæууын, уый æрæджиау фæхъуыды кодтон. Тæккæ схизæны цы голладжы гæбаз уыд, ууыл ма мæ къæхтæ асæрфтон æмæ даргъ тыргъты араст дæн.

Зымæгмæ хæстæг-иу Саханджеритæ астæуккаг уатмæ балыгъдысты, æмæ кæд сæ ахуыр нæ фехæлдтой, уæд та сæ ныр дæр уым баййафдзынæн, зæгъгæ, къæсæргæрон æрлæууыдтæн. Астæуккаг уаты дуар гом разынд. Æз иугыццыл хъусæй алæууыдтæн. Дынджыр дурын пецы фарсмæ Сæлимæты ныллæг бандоныл бадгæ къуымбилтæ æвзаргæ ауыдтон. Ахуыргæнæн чингуыты цы кæсæнцæстджын зæронд устытæ вæййы, уыдоны хуызæн мæм фæкаст. Базæронд кæддæры хъал Сæлимæт. Цыфæнды зын уавæрты дæр йæ сæр дæлæмæ чи никуы ’руагъта, уыцы хъаруджын сылгоймаджы æддаг бакастæй йæм ницуал уыд. Йæ мойы фæстæ æхсæз сывæллонимæ куы баззад, уæддæр æй ахæм æгуыдзæг уавæры никуы федтон. Цыдæр тæригъæдхуыз мæм фæкаст. Бынтон дисы та мæ йæ дарæс бафтыдта. Æдзухдæр йæхимæ зилаг уыди Сæлимæт. Æнæфснайдæй-иу уынджы дæр искæй куы федта, уæд ыл-иу худгæ кодта. Ныр йæхиуыл цыдæр мæгуырау дзаумæттæ уыд. Йæ сæрыл тар морæ дæрдвæд сæрбæттæн. Йæ ныхыл — æнахуыр зылын сынчытæй æмпъузæн. Сау къабайы фæдджитæ зæххыл æнцадысты.

Фæлæ уæддæр æппæты тынгдæр фæдис кодтон йæ сагъæсæйдзаг цæсгомыл. Цал æмæ йыл цал ног æнцъылды фæзынд! Мæнæрдыгæй цы æхсæрфарс уыд, ууыл кæсæнцæст хъусыл хæцыди сау æндахы цалдæр тагæй. Мæнмæ гæсгæ, Сæлимæт, чидæр кæй æрбацыд, уый бамбæрста, фæлæ йæ кусын нæ ныууагъта. Кæд йе ’нгуылдзты змæлд иуцасдæр фæсындæгдæр, уæддæр йæхи афтæ дардта, цыма ницы хъусгæ кæны, ницы — уынгæ. Æз æнхъæлмæ кастæн, уæдæ мæм æппынфæстаг сдзурдзæн, зæгъгæ, æмæ æнцад лæууыдтæн. Æрæджиау къухтæ се змæлынæй банцадысты. Æвæццæгæн, Сæлимæтмæ мæ лæуд æгæр гуырысхойаг фæкаст æмæ мæм, цыма искæмæй исты давы, уый хуызæн аивæй зулмæ ракаст. Фæлмæст цæсгомы хуыз фендæрхуызон. Цæстытæ æвиппайды адынджыр сты, сæ хуылфы ссыгъди цавæрдæр æртытæ. Сæ рухсмæ фæуæлæнгайдæр сты цæсгомы æнцъылдтæ. Рустыл цыдæр тæмæн йæхи ахафта, æмæ сойæ сæрстау сæрттывдтой.

— Мæнæ диссæгтæ! — сдзырдта Сæлимæт, æнæнхъæлæджы уазæджы фенд ын-иу йæ дзыхы æппæты фыццаг цы дзырдтæ авæрдта, уыдон æмæ, йæ къуымбилтæ йæ хъæбысæй иуварс аппаргæйæ, цырдгомау фестад. Йæ раздарæны рыгтæ йæ армытъæпæнæй цалдæр хатты æрцавта æмæ уыцы цæрдæгæй мæ размæ рауад.

Уатмæ бацыдыстæм.

— Мæ зæрде ма нæ лæппу уыдтæ... — йæхи растгæнæгау сдзырдта Сæлимæт.

Æз хорз зыдтон, «нæ лæппу» чи у, уый. Йæ хистæр фырт Саханджерийы чысылæй фæстæмæ афтæ хуыдта, фæлæ йын цымæ йæ хъæбулы æрбацыд афтæ зын цæмæн уыдаид!?. Мæхинымæр та хъуыдыты аныгъуылдтæн. Тæккæ фылдæр фыдæбæттæ кæуыл фæкодта æмæ иннæтæй буцдæрæй кæй фæхаста, уыцы Саханджериимæ се ’хсæн ахæм ахастдзинæдтæ куыд хъуамæ сæвзæрдаид?!

Хабæрттæ дыккаг бон базыдтон. Кæддæр иумæ кæимæ хъазыдыстæм, Сæлимæтты уыцы сыхаг лæппу Майрæм мын сæ фæдзырдта.

Саханджери куыддæр æфсадæй сыздæхт, афтæ хъуыддаг бакодта. Раст зæгъын хъæуы, йæхимæ ницы бæлвырд фæндтæ уыд, фæлæ йæ йæ мад нал æмæ нал уагъта, хъуыддаг бакæн, афон дын у, зæгъгæ, æмæ æрæджиау сразы. Æфсин фыццаг бонтæй фæстæмæ ног бинойнаджы æддæмæ дзæбæхæй æвдыста. Раст фæндагыл æй ардыдта. Амыдта йын, кæм нæ арæхсти, уым æм йæ цæст дардта. Комы йæ никуы ницæмæй æфтыдта. Æрмæст уыцы рæстæг бирæ нæ ахаста. Чындз йæхæдæг ницы дзырдта, фæлæ арæхстгай фырты мадыл ардауын райдыдта. Йæ коммæ кæй кæсы, уый куы бамбæрста, уæд æй йæ фæдтæ æмбæхсыны сæр ницæмæнуал хъуыд æмæ æргомæй архайынмæ рахызт. Цыбыр рæстæгмæ сæ кард æмæ фыд фестын кодта. Йæ мадæн суадонæй дыууæ бедрайы дзаг дон æрбахæссын чи никуы бауагъта, уыцы лæппу къæссавæлдæхт фæци, æмæ йæм фæстагмæ рæстмæ дзургæ дæр нал кодта.

Мад йæ хъаст никуы никæмæ бахаста. Æфхæрдхуызæй йæхи никуы равдыста, уымæн æмæ йæ фырты митæ адæмы æхсæнмæ рахæссын кадыл нæ нымадта. Фæлæ ахæм хъуыддаг цасфæнды куы фембæхсай, уæддæр ын иуафон æнæрайхъуысгæ нæй. Æппæты фыццаг æй базыдтой Майрæмтæ. Рагæй-æрæгмæ дæр хæларæй цардысты, æмæ хъуыддæгтæ уыдонæй зын басусæггæнæн уыдысты. Майрæм хабæрттæ иууылдæр зыдта, фæлæ йæхиуыл хæцыд. Кæд Сæлимæты цот æндæр горæтты цардысты, уæддæр æм уыдоны сæрты хизын аив нæ каст. Сæлимæты уавæр æмбæрста æмæ йын кæм зæрдæтæ æвæрдта, кæм та йын-иу æххуыс дæр бакодта. Уæлдайдæр фæстаг рæстæг, Саханджери йæ мады æппындæр куы ницæмæуал дардта, уæд. Мад æмæ фырт кæрæдзийæн знæгтæ фестадысты. Сæлимæтмæ дзæбæх чи сдзуры, уымæ Саханджери зулмæ кæсын райдайы, зонгæтæй йыл чи бацин кæны, уымæ йæ ахастдзинæдтæ фендæрхуызон вæййынц.

Хæрз æрæджы та мады зæрдæ йæ тæккæ бындзарæй нызмæлыд. Саханджери йæ усимæ сфæнд кодта ног хæдзар саразын. Бирæ бинонтæй иумæ куы цардысты, уæд сын чи фаг кодта, уыцы дыууæуæладзыгон хæдзар йæ зæрдæмæ нал цыд æмæ кæрты ног агъуыст аразынмæ бавнæлдта. Сæлимæтæн ма цы базонын хъуыд, йæ хъæбул дзы йæхи ахицæн кæнынмæ кæй хъавы, уый, фæлæ цы йæ бон уыд? Æнцад йæхицæн бадт æмæ æнхъæлмæ каст, дарддæр цы уыдзæн, уымæ.

Хæдзар арæзт куы фæци, уæд æм Саханджери йæ ус æмæ йæ дыууæ сывæллонимæ ныллыгъди, Сæлимæтæн «рацу» зæгъæг нæ фæци, афтæмæй. Дæс æмæ æртиссæдзаздзыд зæронд ус дыккаг уæладзыджы цæргæйæ баззад (фыццаг уæладзыджы къæбицтæ ис), колхозы пенси цы æхсæз туманы бакуыста, уый æвджид. Саханджери йæ дыууæ чызгæн бафæдзæхста, цæмæй дыккаг уæладзыгмæ иу къахдзæф дæр мауал скæной. Сæлимæт бамбæрста йæ уавæр, бамбæрстой йæ сыхæгтæ дæр æмæ алцæмæй дæр архайдтой æфхæрд сылгоймаджы уавæр фенцондæр кæныныл. Айфыццаг та йын Майрæм суг дæр æрласта. Хъæдæй куы ’рæздæхт, уæд Саханджери йæ тæккæ размæ фæци æмæ йын алывыд акалдта, искæй хæдзары хъуыддæгты дæхи цæмæн тъыссыс, чи, дам, дæ тæригъæдгæнæг скодта, зæгъгæ. Уæдæй фæстæмæ Майрæм Саханджерийæ йæхи хъахъхъæнын райдыдта: барвæндонæй йæхи чи мæстджын кæны.

Сæлимæты цот æндæр горæттæй бирæ хæттыты æрцыдысты сæ мады ахонынмæ, уымæн æмæ се ’фсымæры зонд базыдтой æмæ йыл сæ къух ауыгътой, фæлæ дзы мад никуы никæмæн сразы, æз, дам, ацал-ауал азы цы хæдзары фæцардтæн, уырдыгæй никуыдæм цæуын.

Ехх, Саханджери, Саханджери!.. Уый æнхъæл та чи уыд, æмæ дæ зонд афтæ сзыгъуыммæтæ уыдзæн. Дæхимæ гæсгæ ды дæ цард сарæзтай, афтæмæй та йæ халгæ фæкодтай. Чи зоны, канд дæхи нæ, фæлæ ма дæ сывæллæтты цард дæр. Уыдон дæр дæумæ кæсынц, дæу бафæзмдзысты фидæны æмæ дыл цæуыл сахуыр уыдзысты?! Зæронд лæджы æмбисонд ма хъуыды кæныс. Йæ бон куыницыуал уыд, уæд æй йæ фырт тæсчъы нывæрдта æмæ йæ къæдзæхы сæрмæ былæй æппарынмæ фæцæйхаста. Хохы цъуппыл æм фыд дзуры:

— Лæппу, мæнæй хицæн кæныс, фæлæ мæ æд тæскъ ма аппар. Дæхицæн-иу æй бавæр.

— Æмæ дзы цы аразын?

— Дæу ницæмæн хъæуы, фæлæ дæ фыртæн бабæздзæн, мæнæ дæ мæ хуызæн былæй куы ’ппара, уæд, — дзуапп ратта зæронд лæг.

Уыйадыл фырт фæстæмæ раздæхт, фыды дæр нал аппæрста, афтæмæй. Æгæр тынг æм бахъардтой йæ фыды ныхæстæ.

Уыцы фырт ма æппæты фæстагмæ йæхи æнæазым скодта, кæд йæ ныййарæг фыды раз цыфæнды къæмдзæстыг уыд, уæддæр, фæлæ ма ды та дæхи цæмæй сраст кæндзынæ?! Уæвгæ ды уымæ тырнгæ дæр нæ кæныс. Ды стыр азымы аккаг дæ, дæ усы афтæ тынг бирæ кæй уарзыс, уый тыххæй нæ, фæлæ дæ мады ахæм æгады бынаты кæй æрæвæрдтай, уый тыххæй.

Ды дæхи зондджын хоныс, фæлæ зондджын адæймаг ахæм митæ нæ фæкæны. Йæ бинойнагæн хорз бирæ чидæртæ вæййы. Чындзы чи ацæуы, уыдон иууылдæр амондджын уæвынмæ фæтырнынц, сæ фидæн сæм хъæлдзæг æмæ зæрдæрухсæй фæзыны æмæ, сæ амонд цы бон ссарынц, уый дыккаг райгуырдыл уымæн фæнымайынц. Фæлæ алкæмæн дæр царды йæхи бынат ис. Усы бынат мад хъуамæ макуы байса, мады бынат ус куыд макуы бацахса, афтæ. Ды та уыцы бынæттæ раст равæрын нæ базыдтай æмæ царды рæстдзинадыл комдзог рацыдтæ. Цард та ахæмтæ нæ бары. Абон дæм, чи зоны, дæ хъуыддæгтæ хорз кæсынц, фæлæ рагон хæцæнгарзау дæ ныййарæджы ныхмæ цы фæттæ арвыстай, уыдон бирæ азты фæстæ дæхиуыл сæмбæлдзысты æмæ уæд бамбардзынæ мады сагъæс æмæ мады хъизæмар.

Дæуимæ дзурын зын у, уымæн æмæ кæд дæ цæстытæй кæсыс, уæддæр уынгæ нæ кæныс, хъустæ дыл ис, фæлæ сæм адæмы хъæр нал хъуысы, сæр дыл ис, фæлæ йæ зонд сгалиу. Бирæ дын фæдзырдтой дæ аиппытæ дæ хотæ æмæ ’фсымæртæ, дæ хæстæджытæ æмæ къабæзтæ, кæд дæм дзы иуы ныхас дæр нæ бахъардта, уæддæр.

Дæ ныййарæг мад, дæу йæ зæрдæйы бын фараст мæйы чи фæхаста, æхсæз азы дын дзидзи чи фæдардта, — о, о, æхсæз азы дæ дзидзи дæйын кæй нæ ныууагътай, уый сыхæгты хистæртæй бирæтæй фехъуыстон — йæ комы комыдзæгтæй дæ чи фæхаста æмæ дæ стыр лæг чи скодта, уыцы ныййарæг мад сси дæ цыфыддæр знаг, йæ алы ныхасыл дæр хъамайы рæхуыстау кæмæн æмбæлыс, дæ цæстыты дзаг бакæсын æвгъау кæмæн кæшэю, ахæм æнæуынон адæймаг.

Йæ мады чи нæ уарзы, уый искæй та æппындæр нæ бауарздзæн, дæуæн та, дæ мадимæ зулдзых чи у, уыдонæй æмуддæр хæлæрттæ нæй, уыдон сты дæ хуыздæр уынинаг уазджытæ, алы изæр дæ цард хъæлдзæгдæрæй кæимæ æрвитыс, ахæм фысымтæ. Ды дæ къух систай дæ хотæ æмæ æфсымæртыл дæр, дæ хуызæн сæ мады кæй нæ аппæрстой, дæ аиппытæ (уæзданæй зæгъгæйæ) дын æргом кæй загътой, уый тыххæй. Ды уыдонмæ æцæгæлон цæстæй кæсыс, дæу хуызæн кæй нæ разындысты æмæ Сæлимæтæн æрвылбон дæр кæй æххуыс кæнынц, иу горæтæй йæм иннæмæ арæх кæй æруайынц æмæ йын фидар ныфс кæй сты, уый тыххæй. Ды иунæгæй æрлæууыдтæ бирæйы ныхмæ. Дæ ныййарæджы цин дæуæн маст у, дæ хотæ æмæ æфсымæрты мастыл цин фæкæныс, æхсызгон дын вæййы сæ алы къуыхцы дæр. Фæлæ дæ ферох, иунæджы маст бирæ кæй у, иунæджы цин куыд чысыл у, афтæ...

Цалдæр боны фæстæ та ногæй бахызтæн Сæлимæты къæсæрæй. Ацы хатт æй баййæфтон æндæр уавæры. Цыма ме ’рбацыд зыдта, уый хуызæн уыди йæ тæккæ уæлибæхтæ кæнгæйæ. Йæ уæлæдарæс дæр мæм цыдæр бæрæгбонхуыз фæкаст. Цыма йæ ибон цауд дзаумæтты кæй федтон, уый тыххæй йæхи раст кодта, уый хуызæн.

Ногæй та мыл ныццин кодта. Мæ фындзы рагъ мæ хордта, уазæг нæм цæудзæн, уый, дам, зыдтон æмæ рагацау мæхи срæвдз кодтон.

Фæстæмæ куы рацæйцыдтæн, уæдмæ хур аныгуылд, фæлæ ма рухс уыд. Дыккаг уæладзыджы тыргътæй та фæлгæсыныл фæдæн. Сæлимæты хæдзар кæддæры хуызæн сæрыстырæй каст иннæ бæстыхæйтты сæрты. Кæрты цы агуыридурæй амад хæдзар уыд, уый уæле кæсгæйæ бынтон чысыл зынд, æдде цæуджытæй та йæ æнæ мидæмæ æрбацæугæйæ уынгæ дæр ничи кодта. Æнахуыр фæндаггонæн йæ зæрды кæрон дæр никуы æрæфтдзæн, дыууæуæладзыгон хæдзары кæрты æндæр хæдзар кæй ис, уый.

Сæлимæт суанг кулдуары онг мæ фæдыл рацыд. Æз уыцы тагъд-тагъд асинтыл æрхызтæн, Саханджерийыл куы амбæлон, уымæй тæрсгæйæ. Тигъы аууон куы фæдæн, уæд мын иучысыл фенцондæр æмæ æхсызгонæн сулæфыдтæн, фæлæ иучысыл рæстæджы фæстæ мæ зæрдыл æрлæууыд, айфыццаг Сæлимæты цы уавæры баййæфтон, уый.

«Мæ зæрде ма нæ лæппу уыдтæ...» — мæ хъустыл ауадысты Сæлимæты ныхæстæ...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.