Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆРТÆ ФÆРВЫ (Радзырдтæ æмæ миниатюрæтæ)



Радзырдтæ

«Уый æваст æрбалæудзæн...»

Уалдзæг æрцæуы мæргъты зарджытæ æмæ дидинджытимæ. Уый фæстæ ралæууы сæрд, фæззæг... Ныууары мит. Дымгæ хæхтæ æмæ быдырты зилынæй нал фефсæды. Цъиутæй ма ам чи баззайы, уыдон дæр æддæмæ нал фæзынынц. Хæдзæрттæ æмæ сараты дæлбазырты сæхи бааууон кæнынц. Цыма, æмбæхст ран æнæуынæрæй бадгæйæ, уалдзæг тагъддæр ралæудзæн, уый хуызæн. Æмæ зымæг цыфæнды даргъ куы вæййы, уæддæр ын йæ хъару басæттынц хуры хъарм тынтæ. Ног та ралæууы уалдзæг. Урсдоны раивылдимæ раивылынц бæллицтæ æмæ æнкъарæнтæ. Хъызт бонты раивынц æртæхдзæст райсомтæ æмæ хурæфсæст зæрæхсидтæ. Миты гæлæбуты фæстæ арвæй фæуары зарæджы зæлтæ æмæ зæлдаг тынтæ. Дымгæйы къуыззитт бамынæг вæййы булæмæргъты зардæй. Фæлæ Госæдайы зæрдæйы цы маст æмæ катай ныссалд, уымæ нæ хæццæ кæнынц хуры тынтæ, нæ йæм хъуысы ницавæр зарæг. Зымæджы фæстæ уалдзæг куыд ралæууы, афтæ зæронд усы зæрдæйы сагъæсы бынат цин никуы бацахсы.

Бады Госæда рудзынджы цур. Хъуыдытæ кæны. «Халæттæ фæстæмæ тæхынц, — дзуры йæхинымæр. — Абон сæумæцъæхæй дæлæрдæм уыди сæ балц. Ныр раздæхтысты. Уыдон дæр сæ уаг нæ халынц. Атæхынц, фæлæ та сæ бынæттæм раздæхынц. Уæд Тасолтан куыд никуыцæй зыны ацал-ауал азы? Хæстмæ куы цыди, уæд мын фидар зæрдæ куы бавæрдта, мæнæн дурты бын дæр тас нæу, Дзыцца, фæстæмæ дæм зындзынæн, зæгъгæ. Чи йæ зыдта, уыдон ма ныртæккæ дæр фæзæгъынц: «Тасолтан мард нæу. Ахæм лæппумæ мæлæт нæ бауæнддзæн».

Хæрзæрыгон уыди. Хъазты кафынæй нæ бафсæст. Тамарæйæн йæ зæгъинæгтæ дæр нæ загъта. Йæ зæрдæйы сусæгдзинæдтæ раргом кæныны бон дæр æй нæ фæци. Йæ райст-бавæрды дзаумæттæ итувæрдæй баззадысты. Ме ссæуынмæ, дам мын сæ рæвдз дар. Госæда сæ чырыны бæргæ бафснайдта, фæлæ сæ хицау нæ зыны. Нæ зыны йæ фæтæнуæхск Тасолтан, къæсæрæй дуармæ дæр кафгæ чи цыди, йæ мадыл æрхъæцмæ дæр чи нæ хъæцыди, уыцы Тасолтан. Йе ’мбæлтты ’хсæнæй нал хъуысы йæ хъæлдзæг ныхас, йæ хъæрæй худын, фæлæ ма абон дæр Хоситæм Тасолтаны номæй дзурынц. Уымæн æмæ Госæдайы иунæг фырт йе ’мгæрттæй нæ фæхъуыд. Цыппар æмæ ссæдз азы размæ Германы хæстмæ ацыд æмæ уырдыгæй нæма сыздæхт. Йæхæдæг æй хуыздæр зоны: куыддæр ын фадат фæуа, афтæ зындзæни. Æнафоны æрбахойдзæн сæ дуар. Мидæмæ, зæгъгæ йын куы зæгъой, уæддæр нæ бацæудзæн, цалынмæ йæм Госæда ракæса, уæдмæ. Уадз æмæ сæ фембæлд æнæнхъæлæджы рауайа. Æвиппайды цин амонд тыхджындæр кæны.

Ныййарæг æмæ хъæбул кæрæдзиуыл ныттыхсдзысты æмæ, цалынмæ мады зæрдæйы цы маст нындзыг, уый стайа, уæдмæ мидæмæ нæ бацæудзысты. Стæй уæд ногæй цæрын райдайдзысты... Хæсты размæ куыд уыд, афтæ. Нæ, уымæй ноджы хуыздæр, хъæлдзæгдæр. Тамарæйы нал æрхæсдзысты: уый цыппæрдæс азы размæ чындзы ацыд. Бирæ фенхъæлмæ каст йæ уарзонмæ, фæлæ æгæр æрæгмæ куы зынди, уæд иу æрыдойнагмæ смой кодта.

Чызджы тыххæй сыл ницы ’рцæудзæн. Госæдайæн йæ чындзаг ныртæккæ дæр цæттæ у. Бечырты Дунетханмæ лæппутæ кæсынæй куы нæ ’фсæдынц. Йæ иу бакаст дæр чызджы йаргъ у. Сылгоймаджы куыстмæ — рæвдз. Æгъдау раттынмæ дæр — афтæ. Æмæ йæ Госæда дæр йæхинымæр чындзагæн уымæн равзæрста. Цалынмæ йæ ничима ракуырдта, уæдмæ куы фæзынид Тасолтан, кæннод та уымæй дæр æнæхай фæуыдзысты. Ныр цал æмæ цал чындзаджы равзæрста йæхицæн æмæ та аирвæзынц. Фæлæ Дунетханæн ауадзæн нал ис. Ацы фæззæг дæр ма нæ фæзындзæн йæ бæлццон?! Нæ, уымæн уæвæн нæй. Фæстаг рæстæг æй йæ фыны мæлæты арæх уыны. Æвæццæгæн, фæндагыл ис...

Госæда йæ мидбынат фестъæлфыд, цыма кæй æрталынг, уымæй фæтарст, уый хуызæн. Йæхицæн ныхæстæ кæныныл фæци: «Кæд, мыййаг, афонмæ уынджы ссæуы, уæддæр æз ам æнцад бадын».

Йæ раздарæны дзыппы йæ къух атъыста. Дæгъæлтæ æмæ дзы къухмæрзæн йеддæмæ куы ницы уыд, уæд иннæ уатмæ фæзылд, пецы уæхскæй спичкæтæ райста æмæ дуары ’дде фæци. Кулдуармæ куы рахæццæ, уæд спичкæ ссыгъта æмæ хъавгæ æрлæууыд, дынджыр дзыхъхъ къахт кæм уыд, уымæ ’ввахс.

— Ацы телыхъæд ма тагъддæр куы ныссадзиккой. Тасолтан æнафон куы фæзына, уæд дзы ныххаудзæн. Хæсты размæ куыд лæгъз уыди, афтæ ’нхъæл ма йын уыдзæн...

Рæстæг фæсахсæвæртæй фæфалдæр, уæддæр Госæдайыл хуыссæг нæма ’рхæцыд. Йæ мой Садуллæ куы амард, уæдæй нырмæ дыууæ азы йеддæмæ нæма рацыд, фæлæ йæм цæмæдæр гæсгæ афтæ кæсы, цыма иунæгæй раджы баззад.

Садуллæ йæ мæлæты рынчын куы ’рци, уæд йæхимæ ’рбасидти йæ бинойнагмæ æмæ тыхулæфтгæнгæ дзурын райдыдта:

— Цомиан, мæ царды кæрон æрхæццæ. Нымад фæдæн, Хуыцауæй мын цы бонтæ лæвæрд уыд, уыдон...

— Ныууадз, дæ хорзæхæй, дæхи ма тыхсын кæн, фæдзæбæх та уыдзынæ, — йæ цæстытысыг тыххæй уромгæйæ йын зæрдæтæ авæрынмæ хъавыди Госæда, фæлæ йæ Садуллæ йæ къухы змæлдæй æрурæдта æмæ дарддæр йæ ныхас кодта:

— Мæлын та мæ нæма фæнды. Ома чысыл фæцардтæн, уый тыххæй нæ. Ныронг дæр, æвæццæгæн, мæ Хуыцауæй рох фæдæн, Барастыры минæвар мæм дзæгъæл хуымæтæджы афтæ æрæгмæ æнæзынгæ нæ уыди. Ныр æрхæццæ мæ царды кæрон, æмæ дын ацы ныхæстæ дæр уымæн кæнын. Нæ мæ фæндыд æнæ Тасолтаны фенгæ ацы дунейæн хæрзбон зæгъын. Уал азы бæргæ фидар лæууыдтæн, фæлæ кæронмæ нæ бафæрæзтон. Ныр дæ иунæгæй æнхъæлмæ кæсын бахъæудзæн. Бузныг дæ дæн, мæнæй фидардæр кæй разындтæ, уымæй. Стæй дæм хæлæг дæр кæнын: ды мæнæй амондджындæр дæ, Тасолтаны чи фендзæн... Хъусыс, хатыр-иу дзы ракур...

Зæронд лæджы фæстаг ныхæстæ кæмдæр хурхыуадындзты масты æртæхтимæ сæмхæццæ сты æмæ дзæбæх хъуысгæ дæр нал ракодтой. Дыууæ цæстысыджы къæмисæнтыл æртылдысты æмæ базыл атадысты. Госæда уымæй размæ дæр йæхи тыххæй урæдта, фæлæ ныр йæ мойы афтæмæй куы федта, уæд йæ кæуын йæ былалгъмæ схæццæ, æмæ богъбогъгæнгæ иннæ уатмæ рацыд. Сыхæгтæй чидæртæ фæдисы уайæгау æрбакодтой. Хъуыддаг куы бамбæрстой, уæд Госæдайы æрсабыр кодтой, сæхæдæг рынчыны размæ бацыдысты.

Уыцы изæр Садуллæ амард. Иры хъæутыл апырх фыдохы уац. Хоситæм мардмæ æрцыдысты сæ хæстæджытæ, сæ къабæзтæ, сæ зонгæтæ. Мыггаджы хистæр ингæнкъахджыты уæлмæрдтæм арвитыны агъоммæ бацыди Госæдамæ æмæ йын афтæ:

— Цомиан, цы уавæры дæ, уый мах иууылдæр æмбарæм. Стыр зынæн стыр хъару хъæуы. Фæразын — йæ хуыздæр хос. Нал ис Садуллæ. Ныр цалдæр æмæ ссæдз азы хабар нæй Тасолтанæй дæр. Зын у, фесæфтис, зæгъгæ, сдзурын. Æвзаг уыцы ныхæстæ зæгъынмæ тасгæ дæр нæ кæны, фæлæ абоны онг йæ ном рохуаты кæй ис, уый мæм раст нæ кæсы. Садуллæйы фарсмæ йын цырт куы ныссадзиккам...

Зæронд лæг цыма йæ фæстаг ныхæстæй тæрсгæ фæкодта, уый хуызæн уайтагъд æндæрæрдæм фæци:

— Кæд ма, мыййаг, æгас у — цы нæ вæййы! — уæд ын уымæй ницы уыдзæн. Куы ссæуа, уæд æй йæхæдæг сæфтаудзæн...

— Кой дæр æй ма кæн, Хъæлæмырзæ, — йæ кæуын тыххæй уромгæйæ, загъта Госæда. — Æз мæ иунæгæн цæрдудæй цырт нæ садзын. Райсом куы фæзына æмæ мын, куыд тагъд мæ аныгæдтай, зæгъгæ, куы бауайдзæф кæна, уæд та йын цы дзуапп ратдзынæн? Нæ, уыцы хъуыддагæй ницы рауайдзæн. Мæ хъæбулмæ ма цы цæсгом равдисдзынæн?..

Бавæрдтой зианы. Адæм сæ хæдзæрттæм фæцыдысты. Госæда иунæгæй баззад. Цæрын ын бæлвырд фæзындæр. Хуыцау хорз, æмæ йæм сыхæгтæ сæ цæст дарынц, æндæр цы фæуид?! Æххуыс ын кæнынц, тыхсын æй ницæмæй уадзынц. Æрмæст сæ хæсджынæй никæмæй баззайдзæн. Тасолтан куы ссæуа, уæд йæ хæрзгæнджытæй алкæмæн дæр арфæ ракæнын базондзæн. Цæугæ та æнæмæнг скæндзæн. Сæхимæ хæсты фæудæй бирæ фæстæдæр чи сыздæхт, ахæмтæ иу æмæ дыууæ ис. Æхсæз азы размæ дыууæ црайуаджы æнæнхъæлæджы сæ хæдзары дуæрттæ куы бахостой. Науæд Дзуццаты Сæрæби та! Хъæдгæронмæ сæм Госæда йæхæдæг куы фæцыди! Зæгъгæ дæр никæмæн ницы кодта, афтæмæй фæраст. Сыхæгтæй та йæ бæсты исчи ацыдаид, фæлæ Госæда хъуамæ йæхи цæстытæй федтаид уыцы лæппуйы, кæннод та фæсмон кодтаид. Цраумæ дæр æй нæ ауагътой, зæрондæн, дам, даргъ фæндаг у, зæгъгæ, æмæ ма абон дæр йæхимæ мæсты кæны, кæй нæ ацыди, уый тыххæй.

Хъæдгæроны фæзилæнмæ куы бахæццæ, уæд йæ къухмæрзæнæй йæ хид асæрфта æмæ хæстæгдæр бацыди, æфсæйнаг быру кæуыл уыд, уыцы цыртдзæвæнмæ. Хъалæгаты Тæтæрийы фондз фырты кой уый размæ дæр фехъуыста, фæлæ сын цырт ам сæвæрдтой, уый нæ зыдта. Йæ хус цæстытæй къамтæм бирæ фæкасти, стæй йæхицæн дзурæгау загъта:

— Ахæм хъæбултæй бавдæлон у! Фаг фæрсты фидар ис сæ ныййарæгæн...

Йæ цуры чидæр кæй æрлæууыд, уый зонгæ дæр нæ бакодта Госæда.

Фæстæмæ куы фæкаст æмæ æнæзонгæ нæлгоймаджы куы ауыдта, уæд куыддæр фефсæрмы. Бæлццон ын, æвæццæгæн, йæ уавæр фæфиппайдта æмæ йæ цыма ныртæккæ фæхъуыды кодта, уый хуызæн æй бафарста:

— Хорз ус, искæмæ æнхъæлмæ кæсыс?

— Никæмæ... Хъæдгæронмæ цæуын æмæ мæнæ ам афæстиат дæн...

— Уæдæ иумæ цом. Æз дæр хъæдгæройнаг дæн.

— Бахатыр кæн, фæлæ кæй лæппу дæ? — бафарста Госæда, иуцасдæр куы ауадысты, уæд.

— Дзуццаты...

Зæронд ус уыцы мыггаг куы айхъуыста, уæд æваст сдзурын ницыуал бафæрæзта. Йæ зæнгтæ адон сты. Йæ бынаты æнæхъару лæуд æркодта. Стæй æрæджиау сдзырдта:

— Æрæджы сæ лæппу кæмæн ссыд, уыцы Дзуццаты нæ зоныс?

— Уый мæхæдæг дæн æз. Кæд нæ хæстæг дæ, уæддæр дæ нал хъуыды кæнын... Дæхи мын бацамон...

— Нæ дæн уæ хæстæг. — Фæндаджы астæу лæугæйæ, дзырдта Госæда. — Фæлæ нæхицæй дæумæ рараст дæн. Мæ лæппу дæр хæсты ис æмæ йыл, зæгъын, кæд искуы фембæлдтæ. Йæ ном Тасолтан хуыйны... Хоситæй...

Зын кæсæн уыди комкоммæ уыцы сахат зæронд усы цæсгоммæ. Сæрæби, цыма цыдæр æрымысыныл архайдта, уыйау Госæдайы уæхсчы сæрты кæдæмдæр нымдзаст. Йæхинымæр та хъуыды кодта: цы зæгъа зæронд усæн? Хоситы Тасолтаныл никуы сæмбæлд. Никуы йын фехъуыста йæ кой дæр...

Куы ссыди, уæдæй нырмæ ахæм уазджытæ сæ къæсæрæй цалдæр бахызт. Æмæ сын цы зæгъын йæ бон уыди зæрдæвæрæн ныхæстæй дарддæр?..

— Тасолтан... Тасолтан... Хоситæй... — сабыр хъæлæсы уагæй сдзырдта Сæрæби. — Нæ зонын... Æргом куы дзурон, уæд ыл никуы сæмбæлдтæн... Кæд ыл фембæлдтæн, уæддæр уæдæй нырмæ бирæ рæстæг рацыд æмæ...

Æрдæгфæндагæй раздæхти фæстæмæ Госæда. Сæрæби йæ сæхимæ бæргæ хуыдта, фæлæ ма сæм цæмæ цыдаид?! Кæд ын йæ хъæбулы тыххæй ницы загъта, уæддæр йæ зæрдæ чысыл фæфидардæр. Ноджы тынгдæр æй бауырныдта, Тасолтан æгас кæй у, уый.

Цæуы рæстæг. Тасолтан сывæллонæй кæй ныууагъта, уыдон сæхæдæг ныр сывæллонджынтæ сты. Госæда дæр зæрондæй зæронддæр кæны. Низтæ йæм хæстæг нæ уæндынц. Æвæццæгæн, уыдон дæр зонынц, Цомианы йæ уарзон хъæбулмæ æнхъæлмæ кæсын кæй хъæуы, уый æмæ та йæ иувæрсты ахизынц. Афтæ куы нæ уаид, уæд афонмæ раджы амардаид. Ныртæккæ та йæ мæлынмæ не ’вдæлы.

Рудзынгæй та кæсы Госæда. Уынджы сабитæ хъазынц. Сæ хъæлæсыдзаг худынц. Сыхæгты кæртæй цæуы фæрæты къупп-къупп. Фæлæ сæ Цомиан нæ уыны, хъусгæ дæр сæ нæ кæны. Диссаджы хур бон скодта. Рагуалдзæг ахæм рæстæг арæх вæййы. Фæлæ æрттивгæ тынтæ нæ хæццæ кæнынц зæронд усы зæрдæмæ. Уымæн йæ хъуыдытæ Тасолтанимæ сты.

Куыддæр уынджы тигъæй постхæссæг æд хызын æрбазынд, афтæ Госæдайы цæстытæ фæрухсдæр сты. Æнцъылдтæ цæсгомыл цыма цины тынтæ бакалд, уыйау фæхъæлдзæгхуыз. Рудзынджы акомкоммæ куы ’рбахæццæ, уæд æм Госæда фæрссаг ахоста. Постхæссæгмæ уыцы хост хъуысгæ дæр нæ фæкодта, фæлæ та иннæ бонты хуызæн ацы хатт дæр рудзынджы ’рдæм разылд æмæ йын къухæй ацамыдта, писмо уæм нæй, зæгъгæ.

Зæронд усы цæстыты зынг æрхуыссыд. Æрдæбоны циндзинад русты æнцъылдты æрбайсæфт, æмæ та цæсгом йæ фыццаг хуыз райста.

— Нæй та абон дæр писмо, — загъта Госæда æмæ уыцы фæлладхуызæй йæ рæмбыныкъæдзыл æрæнцой кодта. — Уæвгæ, Тасолтан писмо нæ сæрвитдзæн. Дзæгъæлы йæм æнхъæлмæ кæсын. Уый æваст æрбалæудзæн. Æвиппайды æрбахойдзæн дуар...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.