Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆРТЫККАГ ХАЙ 5 страница



Уыцы рæстæджы хъæдмæ арæх цыдтæн æмæ-иу алы хатт дæр мемæ лæдзæг æрбахастон. Арæхдæр — æхсæры талайæ. Гъе æмæ ахæм лæдзджытæй цалдæр мæ кусæн уаты æрбахизæны къуымы лæууыдысты. Арæх æвналæг сæм нæ уыди, фæлæ-иу сæ, æвæццæгæн, æфснайæг хаттæй-хатт райста, сæ рыгтæ-иу сын ныссæрфта æмæ та-иу сæ фæстæмæ сæ бынаты сæвæрдта. Фæстаг хатт ын дзы иу цæмæдæр гæсгæ къуымы нæ, фæлæ чингуыты тæрхæджы фарсыл æвæрд фæци. Уыцы рæстæг Мураты йæ фыдбылызы къæхтæ мæ уатмæ æрбахастой æмæ мын цыдæр хабар дзурын райдыдта. Ныхас кæнгæйæ та бæлвырд дзурын уарзы. Гъе, æмæ иуцасдæр куы фæдзырдта, уæд йæ чъылдыммæ дæргъæй-дæргъмæ ставд лæдзæджы тъæпп паркетыл фæцыд. Мурат цæкуыйау хæрдмæ фæхаудта. Схъиугæ æз дæр, стæй чифæнды дæр фæкодтаид, фæлæ мæм диссаг, Юрийы цæмæй фæтæрсын кæнынмæ хъавыд, йæхæдæг уымæй кæй фæтарст, уый фæкаст. Æз, лæдзæг æвæрд кæм уыд, уыцырдæм кастæн æмæ, йæ бынатæй æнæуынæрæй куыд фезмæлыд, уый федтон, зæххыл йæ тъæпп куыд фæцыд, уый дæр мын æнæнхъæлæджы нæ уыд. Æнæнхъæлæджы мын уыд, Мурат йæхи тæрхъусы хуызæнæй кæй равдыста, уый. Æнæнхъæлæджы йыл цы ном сæвæрдтон, уый та мæм æнæнхъæлæджы нал каст. Ноджыдæр ма мæ иу хатт бауырныдта, уд кæмæн ис, уыдонæй, тæрсгæ чи нæ кæны, иунæг дæр ахæм кæй нæй. Суанг Мурат дæр, тыхми кæмæн кодтой, уыцы сылгоймаджы фондз фыдгæнæджы дзæмбытæй чи скъахта.

Мæ ацы фыстытæ куы бакæса, уæд хъуамæ мемæ ма сразы уа, уымæн æмæ йæ кæмдæрты, йæхи зæрдæмæ кæм нæ фæцæудзæн, ахæм уавæрты æвдисын, стæй ма йæ, чи зоны, дарддæр дæр æвдисдзынæн, фæлæ, цы уыди, уый ныхмæ зын дзурæн у, суанг дæ мыггаг Мамсыратæй куы уа, дæ ном Мурат куы хуыйна, уæд дæр. Сæ мæсыджы кой кæнын дæр нæ уарзы, афтæмæй уыцы хабар дæр æцæг уыди.

Муратæн ныр дæр арæх фæзæгъын:

— Уæллæй, ды тынг бирæ цæрыс.

Цæмæн, зæгъгæ, мæ никуыуал бафæрсы, уымæн æмæ зоны, цы дзуапп ын ратдзынæн, уый: дæ бынаты, зæгъын, æндæр исчи куы уаид, уæд æй раджы амардæуыдаид.

— Йарæбын, æз рæстæй никуы никæй ма бафхæрдтон, — йæхи раст кæнынмæ-иу фæци Мурат фыццæгты. — Æфхæрыны аккаг чи вæййы, уыдоны иувæрсты ахизын та мæ бон нæ бавæййы. Малиты Васо та мын афтæ загъта, Мурат, ды, дам, сызгъæрин адæймаг дæ, фæлæ — æнæхатыр. Æмæ цæмæй æнæхатыр дæн? Чи цы у, уый кæй фæзæгъын, уымæй æви рæстæй кæй фефхæрынц, уый фарс кæй рахæцын, уымæй?

Æмæ-иу мын, кæмæн цы ракодта, уыдон дзурын куы райдыдта, уæд-иу æм хъусынæй нал æфсæстæн. Се ’ппæтыл чи аххæсдзæн, фæлæ дзы мæ зæрдыл кæй бадардтон, уыдоны кой ракæндзынæн.

Селиван, зæгъгæ, уыди иу ахæм музыкант. Æз дæр æй зыдтон. Радиойы оркестры дæр куыста. Балалайкæйæ цагъта. Æрмæст уый мæ размæ уыди, фæлæ зонгæ уыдыстæм. Хурдзаст лæппу, адæймагыл-иу кæддæриддæр худæнбылæй сæмбæлд. Мурат нæ уыди, зæгъгæ, уæд ын йæ удыхъæды цауд миниуджытæн ницы базыдтаин, фæлæ, æвæццæгæн, цæххы пут хæрыны хабæрттæ хуымæтæджы нæ баззадысты.

Цæвиттон, ацы Селиван чи у, уый йæ дæсныйадыл сыстырзæрдæ æмæ бизнесы хъуыддæгтæм рахызти. Уæды рæстæджы ма «бизнесмен» æфхæрæн ныхасыл нымад уыд, фæлæ ахæм куыст кæнгæйæ цы сойтæ смæрзæн ис, уый Селиван бирæтæй раздæр банкъардта æмæ Æрыдонæй Дигорайы ’хсæн буфетгæсæй кусын райдыдта. Мурат æй дзæвгар рæстæг нал федта æмæ йыл куы амбæлд, уæд ыл хуымæтæджы цин бакодта. Селиванæн дæр æхсызгон куыннæ уыдаид йæ рагон зонгæйы фенд. Суанг ма йын йæ ног куыстæй дæр феппæлыди, ныронг дæр, дам, дзæгъæлы бирæ рæстæг фесæфтон.

— Мæсты та йæм цæуыл сдæн? — дзырдта мын Мурат. — Адæм, дам мæм бирæ цæуы, уæлдайдæр нартхорæфснайæн рæстæджы.

Æцæгæйдæр, Æрæфы æмæ Дыгуры районтæ сæ паддзахадон хæс Æрыдоны хорцæтгæгæнæнмæ ластой, æмæ уыцы фæндагыл машинæтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, дыууæрдæм кодтой, стæй дзы æнæуи змæлджытæ дæр чысыл нæ уыди. Æмæ Селиваны дзыпп дзагæй-дзагдæр куыннæ хъуамæ кодтаид! Ноджы ма йæхицæй дæр æппæлыди, цалдæр кусæджы, дам, куы дарон, уæд сын мызд бирæ фидын хъæуы. Чи ’рбацæуы, уыдон та, æвæццæгæн, уæлдæйттæ бирæ уагътой æмæ-иу сын се ’рдæгхæрд къусты былтæ йе ’нгуылдзæй расæрфта — куыд-иу æй расæрфта, уый ма йæ къухæй дæр ацамыдта — дзидзайы мур-иу дзы ныппæрста æмæ та-иу æй æндæрæн рахаста.

Уыцы ныхæстæ куы фехъуыстон, уæд мæ маст мæ хуылфы нæрсынмæ фæци, фæлæ уæлæмæ ницы сдзырдтон, фæлæуу, æз дын цы хъæуы, уый куы нæ бакæнон, зæгъгæ. Хабæрттæ Сафарæн ракодтон, уымæн æмæ йæ уый дæр зыдта. Уымæн дæр æхсызгон кæм уыдаид! Æмбæлын та арæхдæр райдыдтой. Горæтмæ сæфтгæйæ ма хуымæтæджы хæрæндæттæм цæуын йæ сæрмæ чи хаста! — æрмæстдæр «Интурист»-мæ. Иуахæмы Сафаримæ хæрхæмбæлд фесты. Сафар хæрынмæ фæцæйцыд, уый та ресторанæй рацæйздæхт. Кæрæдзийæн салам раттой æмæ ныхæстыл фесты. Селиван, нозтдзæф кæй уыд, уый йæ дынджыр цæсгомы сырхæй дæр бæрæг уыд, æмæ йын Сафар афтæ куы бакæнид:

— Æнхъæлдæн æмæ дзы бахаудтай.

Ома банызтай.

Къæрных ахæм ныхæстæ йæхирдыгонау æмбары æмæ йæ уыцы тарстхуызæй афарста:

— Хъаст мыл æрбацыди?

— Мамсыраты Муратмæ йæ барвыстой, — загъта йын Сафар уыцы æцæгхуызæй. — Хъуыддаг цыма сæ хæрзтæй нæу, афтæ мæм кæсы...

Уый фæстæ мын Мурат хабæрттæ радзырдта:

— Иубон мæ куыстмæ ’рбацæуын, æмæ дын Селиван редакцийы дуармæ лæууы. Салам, зæгъгæ мын фæкодта. Æз ын мæ сæры чысыл фезмæлдæй дзуапп раттон æмæ асинтыл цыппæрæм уæладзыгмæ хизыныл фæдæн. Хæрзаг йæхинымæр загъта, рæстмæ салам мын кæм нал дæтты, уым, æвæццæгæн, мæ хъуыддæгтæ æцæг тъайлаг сты.

Мæ кусæн уатмæ бацыдтæн, æмæ уайтагъд мæ уæлхъус писмоты хайады кусæг алæууыд, абоны газеты уæ хайадæй цы ’рмæджытæ ис, уыдоныл сæ ныффысджыты мыггæгтæ фæнысан кæн, цæмæй, дам сын редактор гонорар рафысса. Цалынмæ уыцы куыст кодтон, уæдмæ Селиван дуары зыхъхъырæй æрбакаст. Писмоты хайады кусæг куы ацыд, уæд дуары уынæр фæцыд. Æз æй, цыма нæ хъусын, афтæ мæхи газеткæсæг скодтон. Аивæй дуармæ мæ хъус дарын æмæ, æвæццæгæн, уыцырдæм кæсын, уый Селиван дуары чысыл зыхъхъырæй федта æмæ йæ уæрæхдæр байгом кæнгæйæ, сдзырдта:

— Æмбæлы?

— Мидæмæ, — æцæгæлонхуызæй йын дзуапп раттон æз.

Цыма йыл судзаджы мард æрцыд, уый хуызæн хъуызгæ къахдзæфтæй уаты астæу æрлæугæйæ ныллæг хъæлæсæй бафарста:

— Цы уыди, цы, уæддæр? Хæблиаты Сафар мын цыдæртæ дзырдта, фæлæ мын бæлвырдæй ницы загъта.

— «Цы уыди» та цы хоныс? — цыма мæ, æппындæр архайын кæм нæ фæнды, ахæм хъуыддаджы нытътъыстой, уый хуызæн загътон æз. — Хъаст дыл æрбацыди. Хуымæтæджы хъаст дæр ма куы уаид — фельетон. Чи йæ ныффыста, уый дæ ницæмæн хъæуы, фæлæ йын, мæнмæ гæсгæ, цыргъ æвзаг ис. Радиойы оркестры, дам ма балалайкæйæ фæстаг бонтæ куы цагъта, уæд æм телты зæланг æвзист æхцаты зæлланджы хуызæн кæсын райдыдта æмæ, дам, ресторан дæр уый фæстæ байгом кодта.

Уыцы ныхæстæ куы фехъуыста, уæд дзæвгар фæныфсджындæр, йæ рахиз къух æрбатымбыл æмæ æртхъирæнтæ кæнынмæ фæци:

— Чи уыди, уый æз тынг хорз зонын. Фæлæууæд, æз ын йæ дынджыр гуыбыны кæд кард нæ нытътьыссон!

Иуцасдæр æнæдзургæйæ алæууыд, стæй, фæныфсджындæр уæвгæйæ, ноджы хъæддыхдæрæй загъта:

— А вообще-то, пусть докажет!

— К сожалению, доказывать теперь мне придется, — загътон ын æз дæр уырыссагау. — Кæй дæ базылынджын кæндзынæн, уый та дæхæдæг зоныс.

Йæ тымбылкъух куы райхæлд æмæ, дарддæр цы кæнгæ у, уый куынæуал зыдта, уæд æй æрбадын кодтон. Уымæй размæ йын уыцы уæздандзинад равдисын дæр мæ зæрдæ нæ батардта. Мæ кæнгæ тызмæгдзинад фæлæмæгъдæр кодтон æмæ иуцасдæр фæлмæндæр хъæлæсæй сдзырдтон:

— Æртхъирæнтæ ’мæ карды рæхуыстытæй ницы бакæндзынæ, фæлæ дыл чи ныффыста, уымæ фæндаг ссарын хъæуы...

— Æмæ йæм куыд ссардзынæ, кæд æй нæ зоныс, уæд?

— Æз та йæ куыннæ зонын?!

— Уæдæ афтæ цæмæн загътай, мæнмæ гæсгæ йын цыргъ æвзаг и, зæгъгæ?

— Уымæн æмæ йæ уымæй размæ фельетонтæ фыссæгæй нæ зыдтон. Ныр хъæздыг æрмæгыл фæхæст æмæ йæ фельетон ныффыссынмæ дæр уый сразæнгард кодта.

— Омæ йæ кæд зоныс, уæд ма йемæ аныхас кæн. Кæимæ йæ фæнды, уыимæ рацæут æмæ мæнæ уæ фарсмæ рестораны абаддзыстæм...

— Рестораны абадынæн бирæ нæ хъæуы...

— Горæты кæронмæ фыс дæр аласдзыстæм.

— Уыдæттæ æз дæр æмбарын, фæлæ йæ цы хуызы сразы чындæуа, уый у сæйрагдæр...

— Исты йын æрхъуыды кæн, Мурат. Кæрæдзийы иу бон куы нæ зонæм, мыййаг. Никуы дын æй ферох кæндзынæн...

— Хорз, ахъуыды кæндзынæн... Исты кæд æрымысин. Æвзæр лæппу нæу, фæлæ иуæй-иу хатт куы ныццæхгæрмæ вæййы, уæд никæйуал коммæ фæкæсы.

— Мæнмæ гæсгæ, дæ коммæ бакæсдзæн...

— Хорз. Æрмæст ныртæккæ тынг æнæвдæлон дæн æмæ-иу мæ иннæбон фæссихор ссар.

Дыууæ боны æмгъуыд ын барæй раттон. Иуæй, æртыккаг бон сабатмæ цыди æмæ фæссихор куысты фæстæ кæдæмфæнды ацæуæн дæр уыдаид, «фельетоны авторы» дæр мæ ссарын хъуыд, стæй, немæ чи ацæудзæн, уыдоны дæр.

Дарддæры хабæрттæ мын Мураты дзурын нал хъæуы, уымæн æмæ сын мæхæдæг æвдисæн уыдтæн. Кæд ма исты зонын, уæд Селиванимæ фондз уыдыстæм: Мурат, Сафар, æз, «фельетоны автор» Барис æмæ йæхæдæг. Мурат ын рагацау бамбарын кодта, фынджы уæлхъус фельетоны кой æппындæр куыннæ рацæуа, афтæ, кæннод, дам, хъуыддаг фехалдзынæ. «Интурист»-ы ахæм хъæлдзæг бадт бирæ хæттыты нæ фæкодтон.

Дыккаг бон Селиван сæумæрайсом Мураты кусæн уаты æрбалæууыд æмæ, салам дæр нæма ратта, афтæмæй йæ бафарста:

— Цæй, куыд уыди? Йæ зæрдæмæ фæцыд нæ бадт?

— Бадт йæ зæрдæмæ фæцыд, фæлæ, адæмæн уæлдæйттæ кæй хæрын кæныс, уый тыххæй йæ маст цыма тагъд не ссæудзæн, афтæ мæм фæкаст.

— Дæ хорзæхæй, зæгъ ын, ахæм хъуыддагæн дзы, зæгъ, йæ кой дæр нал уыдзæн. Куырттаты комы кусарт акæндзыстæм æмæ йын уæд мæхæдæг дæр зæгъдзынæн...

— Гъер ды фæзæгъыс, марын дæ хъæуы, зæгъгæ, фæлæ, Селиванæн афтæ кæй бакодтон, уымæй исты рæдыд æруагътон? — бафарста мæ Мурат, ныхас куы фæцис, уæд.

— Ацы ран дæ ныхмæ ницы зæгъын мæ бон у.

— Уæдæ дарддæр хъус. Уæд ма радиойы куыстон. Уым дæр-иу хъæлдзæг митæ кодтам, кæй зæгъын æй хъæуы. Хæларæй кæимæ цардтæн, ахæм лæппутæ дзы уыдис æмæ-иу фæскуыст фæйнæ сыкъайы дæр анызтам.

Иуахæмы мын мæ зонгæтæй — æви мæ хæстæджытæй уыди, бæлвырд æй нал хъуыды кæнын — чидæр хуын æрбахаста: балоны дзаг арахъхъ, карчы мард æмæ æртæ уæлибæхы. Цогты Басил нæ хистæр уыди, æмæ сæ уый кусæн уатмæ бахастон, фæскуыст абаддзыстæм, зæгъгæ. Звукорежиссер Гуыриаты Гермæнæн дæр загътон. Балон æртæйы фаг йеддæмæ куы нæ суа, уымæй тарстæн æмæ фылдæр адæмы хонынмæ фæзивæг кодтон.

Фондз сахатыл Басилы кабинетмæ бацыдтæн æмæ æхгæд куы разынид. Цы фæци, зæгъгæ, фыццаг уæладзыгмæ æруадтæн æмæ дуаргæс тæтæйраг Юсупы фæрсын:

— Басилы нæ федтай?

— Чысыл раздæр ацыд, — загъта лæг. — Йæ дæгъæлтæ ратта æмæ ацыд.

Дæгъæл райстон, дуар байгом кодтон. Каркæн ма йе стджытæ рагъамадæй баййæфтон. Æмæ хуымæтæджы карк уыди! Ныртæккæйы кæрчыты хуызæн нæ, фæлæ — хæдзарон. Арахъхъæй иу гыццыл йеддæмæ хъуыд нæ уыд, уæлибæхтæ дæр — цалдæр карсты цух. Стъолыл ныууагъта ахæм фыст: «Бирæ-иу бахæрут, лæппутæ!»

Ацы ран Мураты чысыл мæ зæрды бауромын ис. Цæмæн, уый дæр зæгъдзынæн: карчы тыххæй. Карчы фыдæй фылдæр ницы уарзы. Кæцыранфæнды куы вæййы, уæддæр æй бацагуры. Кæм ын æй æрæвæрынц, уым та йын дзы бафсис нæ вæййы. Йæ хуыны карк ын кæй бахордæуыд, уый йæ хуымæтæджы масты кæй нæ баппæрстаид, ууыл æнæрасомыгæнгæйæ дæр тынг æууæндын, уымæн æмæ уымæй цауддæр каркмæ дæр куы нæ фæлæууыд æмæ ма бæллæхы дæр куы фæцæйхауд...

Æндæр фынгыл дæр та сын карк æрæвæрдæуыд, æмæ дзы Мурат куыннæ бахордтаид! Йе ’мвынг адæм дзы аходгæ дæр не скодтой, тæф кæны, зæгъгæ. Муратæн ма уый æхсызгон дæр уыд, æз, дам, тæф не ’мбарын æмæ мæ ницы хъыгдары, зæгъгæ. Ныццавта карк, уæдæ цы уыдаид. Ходы Камал кæйдæр фæфæзмы, уазæгæн, дам, карк аргæвстой. Иннæ хæринæгтимæ йын æй æрæвæрдтой. Фысым цыбыр рæстæгмæ фынгæй йæхи ракуырдта æмæ йæ фæстæмæ ’рбаздæхынмæ каркæй фынгыл ницыуал уыд. Фысым æй фæрсы: «Карк хæргæ бакодтай, фæлæ йе стджытæ та цы фесты?» — «Æмæ карчы та цæй стæг ис?» — фарстæй йын дзуапп ратта уазæг. Уыйау Мурат смаггæнаг карк фæдæле кодта. Æхсæвыгон ахсæн куы скуыста, уæд йæ артæнтæ калынмæ фæци, райсоммæ та йе ’ппæт буар дæр фадæгау ракодта. Куыстмæ æрдæгмардæй æрбацыд. Хабæрттæ куы радзырдта, уæд ын Тыджыты Юрий афтæ:

— Омæ дыл фындж нæй, фындж, фæлæ дыл шæстытæ дæр нæй, æмбыд карк кæдæм хордтай?..

Æмбыд каркмæ кæм нæ фæлæууыд, уым, хæдзарон карчы минасæй цы ’хсызгондзинад райстаид, уый цæстытыл æнцон ауайынгæнæн у. Цæстытыл ноджы æнцондæр ауайынгæнæн у, куыд смæсты уыдаид, уый.

— Куыннæма хъуамæ смæсты уыдаин! — дзуры дарддæр Мурат. — Æз ын, куыд хистæр, афтæ кад кæнынмæ хъавыдтæн, уый та мын мæ хуын иунæгæй смарзта. Фæлæуу, зæгъын, цъаммар чи у, уый. Æз дын дæ хæрд дæ фарсы тæнæгæй куы нæ фæкæнон!

Ноджы ма дыккаг бон адæмыл зилы æмæ йæхицæй æппæлы, знон Муратæн ахæм куыст бакодтон, зæгъгæ. Уый мын мæ маст тыхджындæр фыцын кодта. Хъуыды кодтон, уæдæ дзы мæ маст цы хуызы райсон, зæгъгæ, æмæ, мæхимæ гæсгæ, хорз мадзал ссардтон...

Уыцы аз Ирыстоны картоф не ’рзади, æмæ алчи йæ зымæгон хардз кæм ссара, ууыл тыхсти. Искуы-иу уæййаг куы фæзынди, уæд-иу æй цыфæнды аргъæй дæр цыбыр рæстæгмæ аскъæфтой.

Раздæр мæ зæрды уыди хъусынгæнинаг машинисткæтæм мыхуыр кæнынмæ раттын, фæлæ сæ дзыхыл куы нæ фæхæцой æмæ мæ сусæгвæнд куы рахъæр кæной, уымæй фæтарстæн æмæ йæ фæскуыст мæхæдæг иу æнгуылдзæй фæтъæпп-тъæпп кодтон. Къорд экземпляры куы баисты, уæд сæ изæрдалынджы, баныхасæн кæм уыди — телыхъæдæй, кулдуарæй, бæласæй — уымыты фæныхæстон. Хъусынгæнинаджы та ныффыстон: «Советты уынджы — Басил уæд уым иумæйаг кæрты цард, бацамыдтон хæдзары номыр дæр — уæй кæнын картоф». Йæ аргъ дæр ын, æнæуи цасыл уæй кодтой, уымæй асламдæр фæкодтон.

Дыккаг бон Басил райсомæй куы ’рбацыд, уæд дæр ма йæхицæй æппæлыд, карк кæй бахордта, уымæй, уымæн æмæ уыцы изæр хъусынгæнинаг талынджы ничи бакаст, фæлæ куы срухс æмæ змæлæг куы сарæх, уæд адæмæй чи голлагимæ, чи — гыццыл уæрдонимæ, чи та — хуымæтæджы хызынимæ Басилты дуармæ æмбырд кæнын райдыдтой. Басил йæ куыстæй цæмæдæр гæсгæ раздæр рацыд æмæ сæ дуармæ уыйбæрц адæм лæугæ куы ауыдта, уæд йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта, йæ мад рынчын уыд æмæ йыл кæд исты ’рцыд, зæгъгæ.

Ацы ран та Мураты ныхасæй иучысыл иуварс ахизынмæ хъавын. Цæвиттон, Муратимæ кæмдæр хуынды бахаудтам æмæ фæстæмæ хъæлдзæгæй здæхтыстæм. Мæ фæндаг йæ фатеры рæзты уыди æмæ йæ, зæгъын, æххæст сæхимæ бахæццæ кæнон, цæмæй йæм мæ зæрдæ ма ’хсайа, уымæн æмæ ма уымæй размæ дæр кæмдæр уыди æмæ йыл мæнæй фылдæр уæз æрæнцади. Сæ кæртмæ куы бахызтыстæм, уæд йæхи фæхъæбатыр кодта, йæ сæр бæрзонддæр систа, йæ къухтæ дæлæмæ ’руагъта æмæ кæрты, йæ сыхаг устытæ бандоныл кæм бадтысты, уыдоны рæзты уыцы тагъдгомауæй бараст. Æз дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ фарсмæ. Устытæй иу фестад æмæ Мураты разæй сæ хæдзары фæмидæг. Æз Мураттæм иуцасдæр афæстиат дæн. Фæстæмæ куы рацыдтæн, уæд та æрдæбоны сылгоймаджы кæрты раййæфтон. Нæ разæй лидзæг кæй фæци, уый тыххæй йын хъазгæмхасæн бауайдзæф кодтон:

— Уайтагъд лидзæг куы фæдæ, уагæры ма сымахмæ куы цыдаиккам...

— Бахатыр кæн, Муратмæ куы бакастæн, уæд мæ удæй мæ мидæг ницыуал аззад, мæ мад нæфæразгæ у æмæ, зæгъын, кæд уый исты кодта. Мураты митæ мæм тæфæрфæсгæнæджы миты хуызæн фæкастысты.

Ныр дарддæр Муратмæ хъусæм:

— Æлхæнджытæ кæм схъомпал сты, Басил уырдæм куы ныххæццæ, уæд се ’хсæн фæмидæг, фæлæ йæ нæ уадзынц, æнæ радæй кæдæм бырыс, зæгъгæ. Æмæ йæм цынæхуызон æвзагæй сдзырдтой! Чи йæ æдзæсгом рахуыдта, чи — кæсæнцæстджын калм, чи — цы. Цавæр рад æмæ цавæр картофы кой кæнут, æз, дам, ам цæрын æмæ мæ мæ хæдзармæ бауадзут. Тыххæй-фыдæй сæхимæ баирвæзт æмæ йæм дзы уым та йæ ус æрлæвæрдта, дæ сæры зонд кæд бацæудзæн æмæ де ’рра митæ кæд ныууадздзынæ, зæгъгæ.

Адæмы дзолгъо-молгъо фæтынгдæр. Рæстæг цыппар сахатмæ фæцæйхæццæ кодта, фæлæ «картофуæйгæнæг» никæцæй ма зынди. Басил сæ хъæлæбайæ куынæуал фæрæзта, уæд сæм рацыди æмæ сын загъта, уый чидæр хъазгæйæ ныффыста хъусынгæнинæгтæ, махæн картоф нæхимæ дæр куы нæ ис, зæгъгæ. Бирæты уыцы ныхæстæ нæ бауырныдтой æмæ бæлæсты бынтæм сæхи айстой, «картофуæйгæнæджы» фæзындмæ цæттæйæ лæууыдысты.

Дыккаг бон адæмы нымæц фылдæр йеддæмæ къаддæр нæ фæци. Басил куыстмæ дæр не ’рбацыд: хъуыды кодта, адæмæй цы хуызы фервæза, ууыл. Æрæджиау йæ сæр æрцахста: дынджыр картон-гæххæттыл ставд дамгъæтæй ныффыста: «Картоф уæйгонд фæци!» æмæ йæ кæрты дуарыл сауыгъта. Æрмæстдæр æй уæд ныууагътой йæ адыл.

— Уæдæ мæм ацы ран дæр исты азым ис? — йæхи фарста æви мæн, уый дзæбæх нæ бамбæрстон, афтæмæй загъта Мурат æмæ дарддæр йæ ныхас кодта: — Карчы фыдæй мæ æнæхай чи фæкодта, уый афтæмæй куыд хъуамæ ныууагътаин?! Гермæны дæр ма фыдæнхъæл фæкодтон. Уæвгæ бынтон фыдæнхъæл нæ фæци. Дуканийæ килькæ-кæсæгтæ æрбахастам æмæ уыдонимæ æнад нызт бакодтам, фæлæ, куыд федтай, афтæмæй мæ Басил дæр æвыдæй нæ аирвæзт. Ахæм ми ма мын Буциты Алыксандр дæр бакодта. Уый та афтæ уыд.

Уæд дæр ма радиохъусынад æмæ телеуынынады комитеты куыстон. Алыксандр æмæ Барис Горькийы уынджы цардысты. Уым комитетæн æмдзæрæн уыд. Райсомæй мæ куыстмæ фæцæуын æмæ дын тигъыл Алыксандры лæугæ куы сæййафин. Йæ цæсгом уыцы тыхстхуыз уыд. Дысон дзы кæмдæр кæй фæразуæз, уый йыл бæрæг дардта.

— Знон дзы Барисимæ фегæр стæм æмæ мæ сæр тъæппытæ хауы, — уыцы мæгуырхуызæй дзуры йæ судзгæ фыдтæ Алыксандр. — Иунæгæй нуазынмæ фæзивæг кодтон æмæ ардæм дæр уый тыххæй рацыдтæн, кæд, зæгъын, искæуыл фембæлин...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.