Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆРТЫККАГ ХАЙ 1 страница



«Творчество — это рассказанная жизнь»

Марина Литвинова

I

Фондз азæй йыл чысыл фылдæр цæуы, афтæ мæ кусæн уаты телефоны дзæнгæрæг райхъуыст. Хæтæл систон æмæ мæ хъусыл ауад сылгоймаджы хъæлæс:

— Дæ бон хорз!

Салам ын куы раттон, уæд мæ йæ хæдуæлвæд уырыссагау афарста:

— А мамы нет?

Телефонæй пайда кæнын куы райдыдтон, ууыл æнусы æмбисæй фылдæр рацыд, фæлæ мæм ахæм фарст никуыма ничи ратта æмæ фæуыргъуыйау дæн, афтæмæй мæм сылгоймаг та тагъд дзуапп раттын æнхъæлмæ каст. Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, бамбæрстон, дзурæг мæнмæ рæдыдæй кæй æрбахауд, уый, фæлæ ахæм уавæры цы ныхæстæ фæзагъдæуы, уыдон сдзурынмæ ме ’взаг нæ батасыд, исты зæгъын та уæвгæ хъуыд æмæ йын, цыбыр рæстæг афæстиаг уæвыны фæстæ, дзуапп раттон:

— Мамы у меня сорок шесть лет нет.

Бахатыр кæн, зæгъгæ ма мын загъта æмæ хæтæл æрæвæрдта...

Иуцасдæр ме ’муд æрцæуын нæ бафæрæзтон. Исчи мæ афтæ бафæрсдзæн, уый æнхъæл никуы уыдтæн æмæ алыхуызон хъуыдыты ахæсты дæр уымæн бахаудтæн. Цынæхуызонæй ауад мæ мад мæ цæстыл! Куыннæ хъуамæ уа амондджын уыцы адæймаг, дæ мад уæхимæ ис, зæгъгæ, бафæрсæн кæмæн ис! Уæвгæ фæрсгæ мæн дæр бакодтой, фæлæ цас амондджын дæн, мæ ныййарæджы мысгæйæ, мæ царды бонтæ куы арвыстон, уæд?!

Хæрз æрæджы, мæ куысты фарсмæ цы афтек ис, уырдæм бауадтæн æмæ дзы йæ кусæджы саударæджы дарæсы баййæфтон. Куыд мын радзырдта, афтæмæй йæ мад фæзиан. Æз ын йæ маст фæрогдæр кæныны охыл, мæ кæстæр хотимæ бирæ азты размæ цы уавæры баззадтæн, уыцы хабæрттæ радзырдтон æмæ мын хуыздæрæн афтæ куы бакæнид, сымах гыццылтæ уыдыстут æмæ, дам уын мæ хуызæн зын нæ уыд.

Диссаг мæм фæкастысты, мæнæй бирæ кæстæр чи нæ уыд, уыцы сылгоймаджы ныхæстæ. Ныхас дæр ыл нæй, мад цыфæнды кары куы ацæуа, уæддæр йæ хъæбулты зæрдæты æнæбайгасгæнгæ нос ныууадзы, фæлæ ныййарæгæй дæ тæккæ мадуарзгæйæ куы фæхицæн уай, уæд уыцы рыстæн ницæимæ сбарæн ис.

Мæ царды хабæрттæ дзурыны ’рдæм здæхт никуы уыдтæн. Алчи алкæй уавæр не ’мбары, стæй дæ куы бамбæрстæуа, уæддæр дын дзы цы пайда ис?! Исчи дын батæригъæд кæндзæн, уымæй дæ уавæр фæхуыздæр уыдзæн?! Уæвгæ ахæм адæймæгтæ дæр ис, æмæ йæхи тæригъæддаг уавæры æрæвæрынæй æхсызгондзинад чи исы, кæм хъæуы æмæ кæм нæ хъæуы, уым йæ мæгуыры бонтæ æрымысын хорз кæмæ кæсы. Æз уыдонæй нæ дæн, стæй, сидзæр дæн, зæгъгæ, мæ дзыхæй ныхас уæвгæ дæр никуы ссыди. Ныр, мæ азты дæс æмæ æртиссæдзмæ аст мæйы дæр куынæуал хъæуы, мæ цæсгом мын бонтæ дæргъмæ æмæ цæхгæрмæ куы бахуым кодтой, мæ сæрыхъуынтæй сæ цыппæрæм хай дæр куынæуал баззад, уæд та мыл сидзæры ном тыххæй ныхасгæйæ дæр нал сбаддзæн.

Æнкъард хабæрттæ дзурын, фæлæ мæ мидбылхудт бауромын мæ бон нæу, уымæн æмæ Плиты Грисы ныхæстæ мæ зæрдыл æрлæууыдысты. Йæ дзæбæх зæрдæйыл-иу куы уыди (уæвгæ йæ дзæбæх зæрдæйыл та кæд нæ уыди!), уæд-иу фылдæр хъазæн ныхæстæ кодта æмæ-иу ахæм заман йæ сидзæры кой æнæракæнгæ никуы фæци.

— Æз сидзæр дæн, сидзæр, — загъта-иу уыцы æцæгхуызæй. — Мад дæр мын нæй, фыд дæр.

Мæнгæй-иу ницы загъта, фæлæ йын-иу тæригъæд кæнынмæ ничи фæци, уымæн æмæ цыппарыссæдз азæй фылдæр кæуыл рацæуы, уымæн, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ ныййарджытæ æгас нал вæййынц æмæ-иу Грисы ныхæстæ тæригъæды æнкъарæнтæ никæмæ сæвзæрын кодтой. Фæлæ, куы зæгъын, ис ахæмтæ, йæ рихитæ халас адарынц, суанг ма йæ мад дæр æгас вæййы, афтæмæй хорздзинад рафæлгъауыны сæраппонд йæхи сидзæр чи рахоны. Мæнæн та, мæ ивгъуыд бонтæ мæ зæрдыл чи ’рлæууын кæны, уымæй дæр мæхинымæр разы нæ вæййын.

Институты куы ахуыр кодтон, стæй уый фæстæ дæр, хорз мæ чи нæ зыдта, уыдон-иу мæ æфсоны ирон фарст куы акодтой, дæ мад куыд у, зæгъгæ, уæд-иу мæхинымæр батыхстæн, мæ хабæрттæ мæ дзурын кæй хъæудзæн, уымæй. Æнæрадзургæ та-иу сын уæвгæ нал уыди. Фæлæ, æвæццæгæн, дзурын æмæ фыссын иу не сты. Фысгæйæ лæгæн æвдисæнтæ нæ вæййы, йæ царды хабæрттæм ын чи цы цæстæй акæсдзæн, уый нæ фæзоны. Куы сæ базоны, уæд дæр — фæстæдæр, дунейы рухсмæ куы рацæуынц æмæ сæ кæсджытæ куы фæвæййы, уæд.

Мæ ацы фыстыты дыккаг хайы фæстаг стъæлф куы сæвæрдтон, уæдæй нырмæ рацыд дыууæ азы æмæ сæ дарддæр фыссын, уæды хуызæн Ирыстонæй цалдæр сæдæ километры дарддæр дæн, афтæмæй, фæлæ уæды дуг æмæ ныртæккæйы дугæн абарæн ницы хуызы ис, уымæн æмæ уæд мæ кæстæр хо Дибæхан цардæгас уыд. Æвирхъау низы ахæсты бахаудзæн, уый мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Уæд мæ зæрдæ æхсайдта, Дибæйы нæ, фæлæ мæ райгуырд дæр абоны хуызæн чи хъуыды кæны, мæ фыды уыцы хо Олямæ, уымæн æмæ йæ тыхст рынчынæй ныууагътон. Бон нæхимæ цалдæр хатты дзырдтон, куыд у, зæгъгæ. Дибæ ма мыл-иу бустæ дæр скодта, æнцад дæ улæфыны куыст кæн, ницы йын уыдзæн, зæгъгæ. Æмæ йын æцæгæйдæр ницы уыд. Абон дæр, куыд уыди, афтæмæй лæууы. Уæвгæ куыд уыди, уымæй фæсæрæндæр: диваныл бадынхъом фæци, фæлæ уæды хуызæн йæ уавæры раппæлинагæй ницы и. Зæгъæн ис, æмæ никæйуал зоны, цавæрдæр дунейы аныгъуылы æмæ кæимæдæрты ныхæстæ фæкæны. Иуæй-иу хатт адæймаджы хъуыдыты бафтауы, цыма мæнг дунейæ æцæг дунемæ минæвар у, адæймагмæ афтæ кæсын байдайы æмæ йын йæ ныхæстæн уæларвон нысаниуæг фæагуры...

Куы зæгъын, Оляйыл сагъæс мæ цух куы нæ уагъта, уæд Дибæ та карз низимæ йæ тæккæ тохгæнгæйæ уыд. Йæхæдæг дохтыр уæвгæйæ, алцыдæр зыдта æмæ, цыдæриддæр хосæй уыд, уыдонæй алкæцыйы дæр фæлвæрдта, æрмæст уæлæмæ ницы дзырдта. Йæ низыхатт нæ басусæг кодта æрмæстдæр иу адæймагæй — мæ бинойнаг (уæ фарн бирæ уæд!) Фатимæйæ. Уымæн дæр, куыд никæмæн æй зæгъдзæн, уый тыххæй ард бахæрын кодта, афтæмæй. Æвирхъау низæй ма, чи зоны, фервæзæн уыдаид, фæлæ Дибæ операцийы ныхмæ цæхгæр ныллæууыд. Нæ йæ бафæндыд химийы фæрæзтæй пайда кæнын дæр æмæ æртæ азы бæрц, уæззау низимæ фæтох кæныны фæстæ, æнæуи куыд сабыр уыди, афтæ сабырæй ацыди йе ’нусон дунемæ.

Уый æнхъæл та чи уыди, не ’ппæты кæстæр нæ разæй фæуыдзæн æмæ йæ мады дыууæ зæнæгæн сæ зæрдæты чи никуы байгас уыдзæн, ахæм нос ныууадздзæн...

Æллæх, уæдæ, мады зæнæджы рыст куыд зын уромæн у! Мæ фыдгулæн дæр æй Хуыцау ма бавзарын кæнæд.

Дибæ куыд фидар разынд, ууыл æдзухдæр дис кæндзынæн, уымæн æмæ ахæм тых æмæ фæразондзинады хицау бирæтæ нæ вæййынц. Веринкæйы мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта: мæлгæ-мæлын дæр ма мах мæт кодта. Æппæты тынгдæр та мæнæн тарст, ахсæв, дам-иу æй Музаферæн ма зæгъут, æмæ ма мæ фæлмæнзæрдæ ныййарæджы руаджы ацы дунейы иу æхсæв, мæ мадæн æгас æнхъæл уыдтæн, афтæмæй фæцардтæн. Дибæ та мæ йæ низ цалдæр азы фембæхста. Цавæр тыхджын æнкъарæнтæ хъуамæ тæлфа уыцы зæрдæйы, дæ уды катай кæнгæйæ, дæ низы кæрон цæмæ цæуы, уый зонгæйæ йæ хо æмæ йе ’фсымæрыл сагъæс кæй уыди, уыдоны зæрдæ ма фæриссын кæныны мæт кæй æндæвта.

Уыцы рæстæджы Райæ йæ фырт, йæ чындз æмæ сæ дыууæ сывæллонимæ уыдысты Грецийы, æмæ йæ кæд се ’рбацыд тынг фæндыд æмæ сæм алы бон дæр æнхъæлмæ каст, уæддæр йæ зæрдæйыуаг никуы равдыста. Нал сдзæбæх уыдзæн, уый куы базыдта, уæд йæ зæрдæйы катай æмæ сагъæстæ йæ боныджы фыссын райдыдта. Уæвгæ бынтон йæ ныфс никуы асаст. Чысыл-иу куы рангæсдæр, уæд-иу йæхицæн ныхæстæгæнæгау загъта: «Чи зоны, æмæ ма сыстон...» Ахæм заман-иу мæхи зæрдæ дæр цæуылдæр фæлæууыд æмæ-иу, дызæрдыгдзинадæн йæ кой дæр кæм нæ уыд, ахæм хъæлæсыуагæй йæ хъуыдыйы фарс рахæцыдтæн: «Сыстдзынæ, уæдæ цы кæндзынæ! Рынчын чи кæны, уыдон дзæбæх куы нæ кæниккой, уæд зæххыл цæрæг куынæуал уаид». Райæ æмæ мын æй Фатимæ та афтæ фæзмыдтой: «Тæхуды, æмæ дæхи æрцараз, афтæмæй ма иу хатт уæддæр горæты уынгты ’руай!..»

Фарон сæрды дæр ма Дибæ йæ къæхтыл цыд. Уымæй размæ йæ куыст ныууадзынвæнд цалдæр хатты скодта. Æз-иу кæддæриддæр йæ ныхмæ радзырдтон. Ныхмæ, зæгъгæ, цæхгæр никуы ныллæууыдтæн, фæлæ-иу ын мæ хъуыды бамбарын кодтон, куыст уадзын афон дын нæма у, зæгъгæ. Цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ каст, цыма йæ куыст куы ныууагътаид, уæд йæхимæ хъусыныл фæуыдаид, æмæ йе ’нæниздзинад цæхгæр фæцудыдтаид. Бафæлладтæн, зæгъгæ-иу мын загъта, фæлæ йæ низы кой никуы скодта.

О, æмæ йæ боныджы кой кодтон. Йæ хъуыдытæ фыссын дзы, йæ мидсагъæстæ кæмæн ракæна, ахæм адæймаг куы нæ уыди — чи дзы уыди, уыдонæй та сæ сусæг кодта — уæд фыссын райдыдта. Мæнæ дзы цалдæр рæнхъы: «Абон мын улæфты бон у. Цымæ афтæ æнкъард цæмæн дæн? Мæ цæссыгтæ згъæлынц æмæ згъæлынц. Кусын дæр мæм ницы цæуы. Кæд мæ буары цы къуызыр фæзынд, уый тыххæй. Æмæ мын рисгæ дæр куы нæ кæны. Цы бон æй базыдтон, уæдæй фæстæмæ йын компресстæ кæнын. Куыстмæ дæр афтæмæй цæуын. Мæлæтæй æппындæр нæ тæрсын. Тæрсын, бирæ хъизæмæрттæ куы фæкæнон, уымæй. О Хуыцау, куыд тæхуды кæнын, чи амард æмæ кад æмæ радимæ кæй баныгæдтой, уыдонмæ! Æз бæлвырд зонын мæ низ, уæлдайдæр та мæ мард æнæкæрон стыр зын кæй æрхæсдзæн мæ иунæг æфсымæр æмæ мæ иунæг хойæн, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ сывæллæттæн. Хуыцау мын ахæм амонд раттæд, æмæ се ’ппæты разæй куыд фæуон. Хуыцау дзы мæ разæй макæй фæкæнæд: ахæм уæззау цæфæн нæ бафæраздзынæн. Фæстаг рæстæг телефоны дзæнгæрæгæй афтæ тæрсын райдыдтон, æмæ мæ тас ныхæстæй зæгъын мæ бон нæу. Цыма мын исчи мæ низы тыххæй исты æвзæр зæгъдзæн, афтæ мæм фæкæсы.

О Хуыцау! Мæ цæссыгтæ бауромын мæ бон нæу. Æгъгъæд фæуæд. Мæ цæссыгтæй ницыуал уынын æмæ нал фыссын. О Хуыцау, тагъддæр мæ дæхимæ айс. Ахæм цардæй цæрын мæ бон нал у. Алкæй æмæ алцæй тыххæй мæт кæнынæй бафæлладтæн!!! 2004 азы 4 январь райсомы 9 сахаты».

Иннæ ран та фыссы, Райæмæ куыд тынг æнхъæлмæ кæсы, уый тыххæй: «Æмæ мæнæ ’рбадзырдта мæ хо. О Хуыцау, куыд бæллын йæ фенынмæ! Ам кæй нæй, уый мыл куыд тынг зыны. Æнæхай дæн йæ узæлд, уарзондзинад æмæ рæвдыдæй. Мæ сæр кæм фæцæвон, уый нæй. Цæрын, кæд æрбаздæхдзысты, уыцы бæллиццимæ».

Æмæ æцæгæйдæр 2005 азы фыццæгæм июлы, фараст азы æддæ фæуыны фæстæ, Райæ æрбаздæхт. Æргом дзургæйæ, æз ын рæхджы æрбацæуын æнхъæл нал уыдтæн, уымæн, æмæ мын уымæй размæ алы аз дæр æрбацæуынæй зæрдæ æвæрдта. Райæйы нæхимæ тынг фæндыди, уый зыдтон. Телефонæй-иу куы ныхас кодтам, уæддæр-иу æнæкæугæйæ дзурын йæ бон нæ уыд, нæхимæ мæ фæнды, фæлæ, дам, чысыл лæппу æмæ чызджы куыд ныууадзон, сæ ныййарджытæ кусгæ куы кæнынц, уæд.

Бæлццоны фæзынд не ’ппæтæн дæр æхсызгон куыннæ уыди, фæлæ, æвæццæгæн, Дибæйæ стырдæр цин никæмæн æрхаста. Уæд ма фæстаг хатт йæ бæрæгбоны дарæс скодта æмæ Райæтæм æрбацыд. Цæргæ дæр иу кæрты кодтой æмæ йæ дард цæуын нæ хъуыд. Райæ йын, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ уæззау низы хабæрттæ нæ зыдта æмæ йыл уыцы хъæлдзæгæй сæмбæлд. Дибæйæн та йæхи дарын амонын нæ хъуыди. Æз ыл уыйбæрц рæстæг кæм никуы фæдызæрдыг дæн, уым ыл Райæ иу хатт фембæлгæйæ куыд хъуамæ фæгуырысхо уыдаид. Мах дæр нæхи хъæлдзæг дардтам. Цалдæр боны фæстæ хабæрттæн æнæрадзургæ нал уыд, æмæ мæ фыдгул дæр Райæйы хуызæн куы фæуыдаид. Сывæллæттæй фæстæмæ, иннæ бинонтæ фæсарæнты баззадысты, сæ раздæхыны гæххæттыты ма цыдæр кæнинæгтæ кæй уыд, уый тыххæй. Хабар уырдæм куы байхъуыст, уыцы рæстæг Грецийы иу хосæй тынг æппæлыдысты. Рады, дам æм цалдæргай мæйтæ лæууын хъæуы. Чындз Жаннæ (Дзуццон) кæмæйдæр зынаргъæй рад балхæдта, æмæ хос нымад бонтæм йæ къухы бафтыд, фæлæ йе ’рбарвитын бынтон æнцонтæй нæ разынд: арæныл джигул кодтой æмæ, тæнгъæд цы авджы уыд, уый хæссынмæ йæ ныфс ничи хаста, фæлæ йæ цалдæр фæлтæрæны скæныны фæстæ Жаннæйы бон æрбарвитын баци. Дибæ йæ нуазын бæргæ райдыдта, фæлæ йæ уавæрыл хуыздæрæрдæм нæ зынд, ницы фæхуыздæр, нызт æй куы фæци, уæд дæр. Алыхуызон хостæ йын схастой — уыдон дæр фæсарæйнæгтæ — нæ хæрæфырт Цомайты Сослæмбег æмæ йæ бинойнаг Фатимæ дæр. Уыдон сæхæдæг дыууæйæ дæр дохтыртæ сты æмæ йын, цавæр хос хъæуы, уый куыннæ зыдтой, фæлæ низ афтæ арф ацыд, æмæ йын ницуал баххуыс кодтой. Хорз цæстæй йæм канд хиуæттæ нæ кастысты — уæлдайдæр та Райæ æмæ мæ бинойнаг, фæлæ æцæгæлæттæ дæр. Ссæдз азæй фылдæр бакуыста фельдшер Суетнова Ленæимæ. Ахæм бон не скодта, цалдæр хатты йæ кæд нæ абæрæг кодта. Иннæ ахæм Хъайтмазты Фатимæ, Карели Этери, Дзыгасты Ларисæ, Гусаты Зойæ æмæ бирæ æндæртæ.

Дибæйæн, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ алкæй фæзынд дæр æхсызгон уыд. Йæ низ-иу дзы æрбайрох æмæ йæ цыма æппындæр ницыуал хъыгдарæг уыд, уый хуызæн йæхи дардта. Зæрдæсæттæн ныхас дзы никуы фехъуыстон, лæмæгъæй йæхи никуы равдыста, цы йæм æнхъæлмæ кæсы, уый йæхицæй хуыздæр ничи зыдта, афтæмæй, йæхи куыд дардта, ууыл æппындæр никæцырдыгæй зынди. Мæхинымæр дис кодтон, уыйбæрц ныфс æмæ йæм хъару кæцæй уыди, ууыл. Дисы ма мæ бафтыдта, иу хатт мын, афтæ зынаргъ уын дæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн, зæгъгæ, куы загъта, уæд дæр.

Дибæ нæ кæстæр уыди æмæ не ’ппæтæй æнæрæвдыддæрæй баззад, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд нæ фæрæдидзынæн. Уый, мæнмæ гæсгæ, йæхæдæг дæр æмбæрста, æндæр йæ боныджы нæ фыстаид: «Рак сæвзæры, сывæллонæй исты уæззау психологон цæф чи бавзары æмæ йæ царды дæргъы йе ’ппæт æппæрццæг монцтæ æмæ æнкъарæнтæ йæ зæрдæйы чи фæхæссы, ахæм адæймагмæ. Психологон цæфтæм хауынц: дæ уарзон дæ куы афæлива, дæлджинæг дæ куы чындæуа, гадзрахатæй дыл куы рацыдæуа, рæстæй дæ куы ’фхæрдæуа.

Уыцы хъуыддæгтæй æз ницы бавзæрстон? Æгæр дæр ма бавзæрстон. Æрмæст мæ куысты цы ’нæрай хъуыддæгтæн уыдтæн æвдисæн, уый дæр мын фаг уыди. Уæлдайдæр диспетчерон службæйæ».

Дибæ æдзухдæр рæстдзинадыл тохгæнæг уыд. Йæ хъуыды никæмæй æмбæхста. Уæлдай йын нæ уыд, хуымæтæг кусæг уа æви хицау. Галиу хъуыддаг уынгæйæ, йæ иувæрсты никуы ахызт. Куынæуал уыд, уæд йе ’мкусджытæй иу афтæ загъта: «Ныр ма-иу нæ фарс чи рахæцдзæн?». Раздæр йемæ чи куыста, уыцы сылгоймæгтæй йæ иу йæ рынчыны рæстæджы куы бабæрæг кодта, уæд дзы уый та хатыртæ куырдта, Цæгат Ирыстоны сгуыхт дохтыры ном йæ разæй кæй райста, уый тыххæй.

Дыууадæс æмæ ссæдз азы бакуыста Дибæ тагъд æххуысы станцæйы кардиологæй. Раздæр — æхсæвыгон, фæстæдæр та — бонæй. Иу сменæйы-иу йе ’ххуыс бахъуыд дæсгай тыхст рынчынты, æмæ дзы иу рахъастгæнæг никуы фæци. Хъаст нæ, фæлæ дзы иууылдæр бузныг уыдысты, арфæтæ йын кодтой. Уыцы арфæтæй-иу æз дæр æнæхай нæ уыдтæн.

Раджы кæддæр æххуысмæ фæзынди, бирæ азты «Севосетинавтодор»-ы разамонæгæй чи фæкуыста, Æлбегонты уыцы Хасанмæ, æмæ-иу мæ Хасан кæм федта, уым-иу æнæмæнг Дибæйы кой ракодта. Æппæлыди дзы, тынг, дам мын баххуыс кодта. Уыцы цауыл дзæвгар азтæ рацыд, æмæ та Æлбегоны-фырты дохтыры æххуыс бахъуыди æмæ та йæм æнæнхъæлæджы Дибæйы цæугæ æрцыди. «Тагъд æххуыс»-мæ алчидæр тагъд фæзынын æнхъæлмæ фæкæсы, фæлæ уыцы хатт дохтыр, цафон æмбæлд, уымæй фæстæдæр æрбацыд. Дибæ хатыр ракуырдта, кæй афæстиат сты, уый тыххæй, мах аххос нæ уыди, электрокардиограммæ барæн аппарат, дам, асаст æмæ цалынмæ уый цалцæг кодтам, уæдмæ нын байрæджы. Кæй зæгъын æй хъæуы, рынчынæн æмбæлгæ æххуыс бакодтой, фæлæ дыккаг бон Хасан Дибæйæн барвыста электрокардиограммæтæ исæн зынаргъ дзыхъхъынног аппарат.

Дибæйæ цæрæнбонты арфæгондæй баззад нæ республикæйы адæмон артист, зындгонд драматург Темыраты Давид дæр:

«Мæнмæ гæсгæ, адæймаджы царды æнæниздзинадæй стырдæр хæзна нæй. Хуыцаумæ куы фæкувæм, уæд фыццаджыдæр курæм æнæниздзинад. Не ’рдхæрдтæн арфæ куы фæкæнæм, уæд сын фыццаджыдæр фæзæгъæм, æнæниз у, зæгъгæ. Нæ кæстæрты хорздзинадмæ куы фæбæллæм, уæд сын фыццаджыдæр Хуыцауæй, дауджытæй курæм æнæниздзинад. Æмæ, уыцы хъуыддагæн йæ цард чи снывонд кодта, уыдонæй зынаргъдæр адæм нæй. Уыдон мæнмæ кæсынц æппæты уæздандæр, æппæты фæрнджындæр æмæ уарзондæр адæм. Уыдон сты дохтыртæ. Æмæ æрвылбон дæр кæй цæрæнбонмæ хъуамæ кувæм, уыдонæй иу у Дзасохты Дибæхан.

Куыдæй базыдтон Дибæханы? Тыхст уавæры уыдтæн: инфаркт мæ ’рцахста. Фæдзырдтой дохтырмæ. Дохтыр æрцыди, федта мæ æмæ загъта: „Райсом æй рынчындонмæ аласут, анализтæ скæндзыстæм æмæ зæгъдзыстæм, цы кæнгæ у, уый“. Дохтыры ацыды фæстæ мæ уавæр фæфыддæр. Бинонтæ куы ницыуал сæ сæрæн хос зыдтой, уæд „тагъд æххуыс“-мæ фæдзырдтой, æмæ Дибæхан йе ’мбалимæ æрбахæццæ. Уайтагъд уколтæ кæнынмæ февнæлдтой. Ноджы тугдадзинтæ дæр дзæбæх нал зындысты, æмæ сын уый сæ куыст зындæр кодта. Йæ хид къоппæй калд, афтæмæй æппæт дæр сарæзта, цæмæй мæ уавæр иучысыл уæддæр фæхуыздæр уыдаид. Иуцасдæр куы рангæс дæн, уæд Дибæхан загъта, æнæмæнг рынчындонмæ ласгæ у, зæгъгæ. Сыхæгтæй кæмæдæрты фæдзырдтой æмæ мæ асинтыл куы ’рцæйхастой, уæд сын Дибæхан амыдта, арæхстгай мæ хæссын куыд хъæуы, уыдæттæ. Реанимацийы мæ сæвæрдтой, æмæ мæ уым дæр цух нæ ныууагъта. Цал боны дзы фæдæн, уал хатты мæ бабæрæг кодта, бафарста-иу мæ ме ’нæниздзинадæй, загъта-иу мын, дарддæр цытæ кæнын хъæуы, уыдæттæ.

Абон мæнæн фидарæй мæ бон зæгъын у: иу цард мын ратта Хуыцау, мæ дыккаг райгуырдыл та нымайын, Дибæхан мæ куы фервæзын кодта, уыцы бон. Дибæханæн мæ зæрдæ зæгъы бирæ хорздзинæдтæ.

Стыр цинтæ дæр хорз сты, стыр бынæттæ дæр — афтæ, фæлæ, Дибæхан, дæу бынат у æппæтæй амондджындæр бынат, æппæтæй арфæйагдæр бынат, æмæ дзы фæрнæй, дзæбæхæй бирæ азты фæкус!»

Æмæ мыл кæцырдыгæй нæ сæмбæлди Дибæйы тыххæй арфæтæ! Суанг-иу, æппындæр æнхъæл кæцырдыгæй нæ уыдтæн, ахæм рæттæй дæр.

Иу райсом та мæм телефонæй Ирыстоны адæмон поэт Гуырдзыбеты Иринæ æрдзырдта:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.