Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆРТЫККАГ ХАЙ 2 страница



— Дæ хо Дибæхан мæ фыдбылызæй фервæзын кодта. Йæ цæрæнбон бирæ уæд! — загъта Ирæ.

Цы кодтай, зæгъгæ йæ куы бафарстон, уæд мын радзырдта:

— Мæ ходыгъд культурæйы министры хæдивæгæй кусы. Йæ куысты йæ зæрдæ бавзæр. Æз йæ цуры фæдæн æмæ йын, ахæм сахат мæхæдæг цы хостæй фæпайда кæнын, уыдонæй иу авæрдтон, æмæ куы фæфыддæр уаид. Фыр адæргæй ма цы акодтаин, уый нал зыдтон. Цалынмæ «тагъд æххуыс»-ы машинæ цыди, уæдмæ мæхицæн бынат нал ардтон. Уалынмæ дохтыр къæсæргæрон фæзынд. Ныр мах рынчыны алыварс æмбырдæй лæууæм. Дохтыр уайтагъд рынчыны цур февзæрд æмæ йын цыбыр рæстæгмæ, цыдæриддæр хъуыд, уый йæ фельдшеримæ акодтой. Сылгоймаг æрчъицыдта. Цалынмæ æрномыл æмæ йæм йæ зæрдæ ницæмæйуал æхсайдта, уæдмæ йæ цурæй нæ ацыд. Хуыцау ма зæгъæд, фæлæ мæ ходыгъдыл исты ’рцыд, уæд ме ’фсон фæуыдаид. Дибæ уый дæр æмæ мæн дæр фыдбылызæй фервæзын кодта. Мæ бæсты ма йын-иу ноджыдæр иу хатт арфæ ракæн...

Æнхъæлдæн, Владимир Бехтерев загъта, рынчынæн дохтыримæ аныхас кæныны фæстæ йæ уавæр куы нæ фæхуыздæр уа, уæд уый ницы дохтыр у. Дибæ цыфæнды тыхст рынчынимæ дæр ныхас кæнын зыдта. Суетнова Ленæимæ, уæлдæр куыд загътон, афтæмæй ссæдз азæй фылдæр фæкуыста æмæ уый куыд зæгъы, афтæмæй Дибæйы хуызæн рынчынтимæ ныхас кæнын бирæтæ нæ зыдтой. Кæмæнфæнды дæр-иу ахæм ныхæстæ ссардта, йæхимæ хъусынæй-иу æй чи фервæзын кодта, йæ тыхтыл-иу кæй фæрцы баууæндыд, ныфс-иу дзы чи бауагъта.

Йæ уыцы миниуæг ын æз дæр хорз зыдтон. Цыдæр мæ риссы, зæгъгæ-иу ын куы загътон, уæд-иу мæ æппæты фыццаг мæ тæссаг хъуыдытæй фервæзын кодта, зæрдæ цæуыл фæлæууа, ахæм ныхæстæ-иу райардта æмæ-иу мæ цыма ницыуал рыст, афтæ-иу мæм фæкаст. Мæхицæй-иу фефсæрмы дæн, ахæм ницæйаг хъуыддаг Дибæйæн хъæр та куыд скодтон, зæгъгæ.

Йæхицæн дæр ныфсытæ кæй æвæрдтаид, уый мæ фидарæй уырны, стæй канд ныфсытæ нæ. Бирæ азты дæргъы иста алыхуызон газеттæ æмæ журналтæ, рафыста-иу медицинон брошюрæтæ æмæ чингуытæ. Фембырд кодта æмæ бахуыдта газет «Здоровый образ жизни». Уым куыннæ уыдаид, алыхуызон низтæ чи дзæбæх кæны, ахæм хостæ! Æмæ дзы йæхицæн баххуыс кæнын æнхъæл кæмæй уыд, уыдонæй бирæты бафæлвæрдта, фæлæ йын дзы никæцыуал баххуыс кодта.

Райæ Грецийæ куы ’рбацыд, уыцы бон изæрæй æрхуыссыд æмæ уæдæй фæстæмæ нал сыстад. Йæ амæлæтæй дзæвгар раздæр 2003 азы 6 октябры райсомы 10 сахаты æмæ 10 минутыл фыста: «Тынг тæрсын, уазал, къæвда бон куы амæлон, уымæй. Исчи мæн тыххæй суазал уа, схуылыдз уа, уæлдайдæр — фæрынчын уа, уый мæ нæ фæнды.

Ме стырдæр курдиат, мæ фæстаг фæдзæхст: мæ зæрдæмæ тынг хæстæг чи у æмæ бирæ кæй уарзын, мæ уыцы райгуырæн бæстæ Бæрæгъуыны-иу мæ баныгæнут».

Мæхицæн та мын афтæ загъта: «Нæ хæдзар мæм кæцæй зына, нæ уæлмæрдты-иу мæ ахæм ран баныгæн». Ахæм ныхæстæ-иу куы кодта, уæд-иу мын зын куыннæ уыдаид, зæрдæтæ йын-иу авæрдтон, фæлæ Дибæ, æвæццæгæн, йæ уавæр мæнæй хуыздæр зыдта æмæ 2005 азы 16 ноябры æхсæвы иу сахат фондз минуты хъуаг куы уыд, уæд йæ зæрдæ йæ кусынæй банцад. Æз йæ цурæй уымæй чысыл раздæр рацыдтæн, æмæ мæм фæсæмбисæхсæв фæхабар кодтой, Дибæ нал и, зæгъгæ. Йæ цуры уыдысты Райæ æмæ Фатимæ. Уыцы ’хсæв уæлдай тыхстдæр уыд: йæ улæфт улæфты æййæфта, йæ сынтæджы-иу рабадт, фæлæ, йæ царды кæрон æрхæццæ, уый æнхъæл нæ уыдтæн, уымæн æмæ йæ уымæй размæ тыхстдæртæй дæр федтон.

Къостайæн, мæгуыр, мадызæнæг дæр куы нæ уыди, уæддæр хъарæггæнæгау афтæ куы фыста: «Мæ мадызæнæг мæ мардыл кæуа». Куыдтам мах дæр Райæимæ нæ мадызæнæджы мардыл, мæ фæлмæн, æгъдауджын, фырнымд æмæ алцæмæй дæр рæсугъд мадызæнæджы мардыл. Райæ ма мæм афтæ дæр æрбахъарæг кодта, Дибæимæ, дам, нæ дæхицæй амондджындæр хуыдтай, сымахæй алкæмæн хо дæр ис, æфсымæр дæр, мæнæн та æрмæстдæр хотæ, ныр, дам, мæнæн æфсымæр йеддæмæ хо нал ис.

Дибæйы царды фæстаг цалдæр боны хур мигъты фæсте нæ ракаст, фæлæ 16-æм ноябры куы срухс, уæд арв уыцы сыгъдæгæй разынд. Ахæм хорз рæстæг скодта йæ ныгæнæн бон дæр. Йæхæдæг цæмæ бæллыд, ахæм бон. Æвæццæгæн, йæ курдиат уæлæрвтæм фехъуыст. Бæрæгъуыны йæ кæй баныгæндзыстæм, уый бæлвырд уыд, фæлæ нæ хæдзар кæцæй зына, ахæм бынат уæлмæрдты разындзæн, ууыл мæ зæрдæ нæ дардтон, æмæ та бахъуаджы сахат мæ хуыздæр æмбал Лолаты Хадзыби мæ фарсмæ ’рбалæууыд. Телефоны йæм ныдздзырдтон, æмæ мын чысыл рæстæджы фæстæ фехъусын кодта, ахæм бынат уæлмæрдты разынди, зæгъгæ, фæлæ йæ дæхæдæг куы фенис, уæд, дам, хуыздæр уаид. Мæ хæрæфырт Артуримæ машинæйы абадтыстæм æмæ Хадзыбиимæ уæлмæрдтæм ацыдыстæм. Диссаг мæм фæкаст, уыцы бынаты ныронг куыд ничи ныгæд æрцыд, уый. Чехойты Сæрæби æмæ Хъуппеты Гугуйы фарсмæ, нæ хæдзар æппæты хуыздæр кæцæй зыны, ахæм ран уæгъд разынд, æмæ Дибæйæн Бæрæгъуыны кæстæртæ (цардаудæн сыл фæкæнæд!) йе ’нусон бынат сцæттæ кодтой. Фæстæдæр райгуырдысты ацы рæнхъытæ:

 

Афтæ дæ фæндыд, Дибæ, мæ хæдзар:

Бæрæгъуыны баныгæдтам дæу.

Ардыгæй дæм хорз зындзæн нæ хæдзар,

Ардыгæй дæм хорз зындзæн нæ хъæу.

 

Кæддæр Веринкæйæн мæрдтæм зæрдæтæ бæргæ æвæрдтон:

 

Ныллæг æркъул кодтам нæ сæртæ,

Нæ цæссыгтæй ысуымæл зæхх.

Нæхимæ ма ’хсайæд дæ зæрдæ:

Ыстæм æртæйæ дæр дзæбæх.

 

Ныр уыцы ныхæстæ зæгъын мæ бон никуыуал бауыдзæн...

Диссаг у, æвæдза, цард. Йæ мидис, йæ нысаниуæг ын ничима раиртæста. Фæцæр, бирæ цыдæртæ базон, цыдæр ис-бисы хицау су æмæ иу бон се ’ппæтæн дæр хæрзбон зæгъ æмæ сау мæры зулчъыты амæттаг дæхи бакæн. Цымæ уый тыххæй райгуырын æмбæлы?

Омар Хайям афтæ загъта, æз, дам, куы зыдтаин, цард ахæм уыдзæн уый, уæд гуыргæ дæр нæ ракодтаин (цыма йæ райгуырд йæхицæй аразгæ уыд!). Дзуттæгтæм та ахæм æмбисонд ис: чи нæ райгуырд, уымæй хуыздæр никæмæн у, фæлæ алкæмæ ахæм амонд нæ хауы. Райгуыр, фæхъизæмар кæн æмæ амæл. Мæнмæ уым бæллиццагæй ницы кæсы. Фæлæ кæд, мыййаг, адæймаджы цард ууыл нæ фæвæййы? Чи зоны, йæ райдайæн у? Мæлæт æрмæст йæ буарæн ис, йæ уд та æнусон у?..

Истæмæй тынг куы фæтæрсæм, уæд кæд, мыййаг, хуымæтæджы афтæ нæ фæзæгъæм: «Мæ уд мæ къæхты бынæй ауад!» Фæлæ нæ тас куы ’рцæуы, уæд та уд йæ раздæры бынат бацахсы æмæ йæ иннæ ахæм фæтарсты онг хъыгдарæг нал вæййы? Нæ тарстæн æфсон куы вæййы æмæ ныл мæлæтдзаг цæф куы сæмбæлы, уæд дæр, æвæццæгæн, нæ уд нæ къæхты бынæй ауайы, æрмæст фæстæмæ нал æрбаздæхы. Кæй нал æрбаздæхы, уый бæлвырд у, фæлæ цы фæвæййы? Кæдæм атæхы æмæ дарддæр цы кусæг вæййы? Уыдон, чи зоны, æмæ æдылы фæрстытæ сты, фæлæ лæг хъуыдыты куы ацæуы, уæд сын иуæй-иу хатт сæры æнæсæвзæргæ нæй. Æрмæст сын дзуапп раттын ныронг никæй бон ма баци. Æрдз кæнæ Хуыцау адæймагæн цы зонд ратта, уый дæр ын, зæгъæн ис, æмæ æгæр бирæ у, уымæн æмæ дзы пайда кæнын нæ зоны. Йæхицæн дзы хорздзинæдтæ аразыны бæсты йæ фыддзинæдтыл æфтауы, дунейы сæфтмæ чи тæры, ахæм мадзæлттæ хъуыды кæныныл æй хардз кæны...

Уыдис Дибæ æмæ нал ис. Веринкæйы дæр Джеуæргуыбайы мæй ахаста æмæ Дибæйы дæр:

 

Кǽуындзæг кæмдæр мæ хъуыры бады,

Судзины фындз зæрдæсæр рæхойы...

Ацы мæй мын ахаста мæ мады,

Ацы мæй мын ахаста мæ хойы.

 

Æмæ рагацау алцæуыл дæр куыд ахъуыды кодта, уый та?! Йæ цæстытыл уадысты канд йæ фæстаг бонтæ нæ, фæлæ чырыны хуысгæйæ цы хуызæн уыдзæн, уый дæр. Уым та хъуамæ йæ къам стырдæр истæй æвæрд уыдаид. Æмæ равзæрста, йæхи зæрдæмæ тынгдæр чи цыд, уыцы къам. Йæ дохтыры дарæсы, йæ фонендоскоп йæ хъуырыл ауыгъд, афтæмæй. Кæд æй, цалдæрæй иумæ кæм уыдысты, ахæм къамæй сисын кодта, уæддæр хорз рауад. Хъæлдзæгæй, йæ мидбылты худгæйæ.

Райæйы лæппуйы лæппу æхсæзаздзыд Марат, къам фыццаг хатт куы федта, уæд йæ фыдымады цымыдис фарст акодта:

— Дибæ дохтыр уыди?

«О», зæгъгæ йын куы загъта, уæд йæ цымыдисдзинад фæфылдæр:

— Æмæ уæд йæхи цæуылнæ дзæбæх кодта?

Бынтон æндæр фæрстытæ йæ кодта Артуры чызг Даянæ. Дибæ куынæуал уыди, уæд цыппараздзыд чызг йæ фыдымадмæ æруырдыг:

— Улæф, зæгъгæ йын цæуылнæ загътай? Загътай йын, улæф, зæгъгæ?

Антон Чехов афтæ фыста: «Зæрдæйæн адджын, зынаргъ, æнæферохгæнгæ сабидуг! Æнустæм чи ацыди, фæстæмæ раздахæн кæмæн нал и, уыцы рæстæг нæм, цы уыди, уымæй рухсдæр, бæрæгбонхуыздæр æмæ хъæздыгдæр цæмæн фæкæсы?» Алы адæймагæн дæр йæ райгуырæн зæхх зынаргъ у. Уæвгæ Фыдыбæстæ зынаргъ у, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд фæрæдидзынæн, уымæн æмæ Фыдыбæстæйæн аргъ нæй. Райгуырæн уæзæг адæймагæн у йæ ивгъуыд, йæ абон æмæ сом, йæ цин æмæ хъыг, йæ фарн æмæ амонд, йæ кад æмæ намыс. Райгуырæн бæстæ æмæ ныййарæг мадæн аргъ нæй. Уыдон адæймаджы хъæуынц канд æгасæй нæ, фæлæ мардæй дæр. Александр Фадеев йæхимæ йæ къух систа. Цæмæн, уый, йæ мæлæты размæ цы писмо ныууагъта, уым бæлвырдæй дзуры. Йæ фыстæг фæвæййы ахæм ныхæстæй: «Курын, æмæ-иу мæ мæ мады фарсмæ баныгæнут».

Дибæйы, нæ хæдзар æм кæцæй зынд, уым баныгæдтам. Тынг хæстæг æм у Веринкæйы ингæн дæр. Сæ уарзон зæххыл æрæнцадысты, кæрæдзийы уындæй чи нæ бафсæст, уыцы ныййарæг æмæ хъæбул. Æнусты дæргъы сæ ничиуал фæхицæн кæндзæн. Махæн та уыдзысты цæрæнбонты мысинаг, цалынмæ цæрæм, уæдмæйы рис æмæ цæссыгты суадон.

Дибæ цавæр адæймаг уыд, уый мæм йæ мæлæты фæстæ тынгдæр хъарын райдыдта, йæ фæлгонц мæ разы ирддæрæй разынд. Уый, æвæццæгæн, æдзухдæр афтæ вæййы. Цæстæй цы фæуынæм, уымæн фаг аргъ нæ фæкæнæм. Æндæр Дибæйы хуызæн адæймæгтæн хъуамæ уæлдай кад кæниккам, уымæн æмæ алцæмæй дæр фæзминаг вæййынц.

Цымæ искуы искæй зæрдæхудты бацыд?! Не ’мбæлд, афтæмæй тызмæгæй сдзырдта?! Искæй йе ’ххуыс хъуыд, æмæ йæ рæзты ахызт?! Рæстæй æфхæрды нæ барæвдыдта?!

Никуы никæй батыхсын кодта. Суанг йæ мадызæнæг хо æмæ æфсымæры дæр. Фæлмæн дзыхы ныхас йеддæмæ дзы зæрдыл ницы лæууы. Цыфæнды зын ын-иу куы уыди, уæддæр æй æддæмæ никуы равдыста. Иунæгæй цæргæйæ йæхи иунæг никуы хуыдта. Йæ хæрзæфснайд уаты йын бирæ хæлæрттæ уыди: чингуытæ æмæ газеттæ, журналтæ æмæ брошюрæтæ. Уарзта литературæ. Уæлдай æнувыддæр уыди ирон фысджыты уацмыстыл. Æрмæст се ’ппæтыл нæ. Уыдис дзы, йæ зæрдæмæ чи нæ цыд, ахæмтæ дæр æмæ-иу мын æргомæй йæ хъуыды загъта. Кæрæдзийы-иу бамбæрстам. Дибæйы зæрдæмæ цы фыстытæ нæ цыдысты, уыдон-иу фылдæр хатт мæнæн дæр æцæгæлон уыдысты, æз дæр сæм Дибæйы хуызæн цæстæй кастæн. Цыд йæ зæрдæмæ поэзи дæр. Йæ боныджы йын ссардтон ахæм фыст: «Ацы хуымæтæджы, фæлæ зæрдæйæ фыст æмдзæвгæйæ нын 1992 азы 29 апрелы нæ ном ссардта нæ шофыр Борис Фисюков:

 

Диба, Лена и Залина[4]

Ищут хлеба в магазинах.

В магазинах хлеба нет,

Значит, сорван наш обед.

«Мчимся мы на площадь Штыба! —

Так скомандовала Диба, —

Там всегда бывает хлеб.

Значит, будет нам обед.

Если хлеба нет нигде —

Перебьемся на воде.

Виновата в этом только

Горбачева перестройка».

 

Куы зæгъын, Дибæ поэзи бирæ уарзта. Райæйæ уый зæгъын мæ бон нæу. Уый чысылæй фæстæмæ дæр чингуытæ æмæ газеттæм хъусдарæг нæ рахаста. Стæй, раст куы зæгъон, уæд æй уымæ æвдæлгæ дæр нæ кодта. Ацы дунейы нал ис, Дибæйы хуызæн ма мын мæ фыстытæ чи кæсдзæн, иунæг ахæм адæймаг дæр. Йæ тыхст рынчыны рæстæджы, зæрдæ цæуыл фæлæууа, цалдæр ахæм рæнхъы ныффыстон, æмæ сæ куы бакаст, уæд йæ цæстытæ бауымæл сты. Æмдзæвгæ фæци ахæм рæнхъытæй:

 

Дæхæдæг ныр æруатон дæ, рынчын фæкæны саг дæр.

Дæ низ дæхицæй разынæд æдых æмæ тæрсагдæр.

 

Мыхуырмæ йæ раттон, æмæ мын йæ рауадзынæй зæрдæ бавæрдтой, зæгъгæ йын куы загътон, уæд йæ цæстæнгасыл банкъардтон æхсызгондзинады фæд. Уымæй бон æви дыууæ боны фæстæдæр йæ уавæр цæхгæр февзæрдæр æмæ мын афтæ зæгъы, уыцы æмдзæвгæ, дам ма мыхуыргондæй куы федтаин. Афтæ тынг æнхъæлмæ йæм каст. Йæ рыстытæ та фæкъаддæр сты, æмдзæвгæ дæр мыхуыргондæй федта, æмæ мын дзæвгар фенцондæр. Цæмæй йæ цин иучысыл фæфылдæр уа, уый тыххæй сфæнд кодтон æмдзæвгæ уырыссаг æвзагмæ дæр ратæлмац кæнын. Дæлрæнхъон тæлмац æй Дзуццаты Зæлинæ скодта æмæ йæ телефонæй Гуырдзыбеты Иринæйæн бакастæн. Бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ мыл æй уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй сæмбæлын кодта. Мæ зæрдæмæ фæцыд. «Владикавказ»-ы сæйраг редактор Петр Сафроновмæ сдзырдтон æмæ йæ сæ газеты ныммыхуыр кодта. Дибæйы зæрдæйы та цыдæр ныфсы зынг ферттывта. Уымæй размæ Суетнова Ленæйы хо Татьянæ Сыбырæй ссыди. Дибæимæ йæ хойы фæрцы зонгæ уыдысты, æмæ йæм рынчынфæрсæг бацыди. Æмдзæвгæ «Рæстдзинад»-ы мыхуыргонд æрцыд, уый базыдта, загътой йын, уырыссаг æвзагыл дæр рацæуинаг кæй у, уый æмæ ныффæдзæхста, мыхуыры куы фæзына, уæд-иу мын æй рарвитут, зæгъгæ. Æмæ йын æй арвыстой. Йæ зæрдæмæ кæй фæцыд, уый фæстæдæр йæ писмойы фыста.

Бирæ цæуылдæрты хъуыды кодта Дибæ йæ тыхст рынчынæй дæр. Уæ фарн бирæ уæд, фæлæ мын æртæ усгур лæппуйы ис æмæ, дам дзы исчи хъуыддаг куы кæна, уæд-иу æй мæн тыххæй ма бакъуылымпы кæнут. Фæдзæхста, уæхи мыл-иу ма марут, æнæ мæн дæр цард йæ цыды кой кæндзæн, æз, дам, дуне мемæ нæ ахæсдзынæн...

Дибæ йæ куыст афтæ бирæ уарзта, æмæ, йе ’нæниздзинад куы амыдтаид, уæд куыстаид æмæ куыстаид, уымæн æмæ æххуысхъуаг адæймаджы фарсмæ æрбалæууын йæхицæн амондыл нымадта. Афтæ кæй уыд, уый тыххæй фыстой газетты, дзырдтой радиойæ. Адæмæн куыд лæггад кодта, уый тыххæй «Рæстдзинад»-ы фыстой зындгонд журналисттæ Черчесты Хъасболат æмæ Тепсыхъоты Зойæ, радиойæ йæ хорзы кой кодта драматург Темыраты Давид, Джусойты Нинæ æмæ «тагъд æххуысы» сæйраг дохтыры хæдивæг Бырнацты Иринæ. Дзырдтой, суанг æз кæй нæ зыдтон, ахæм хабæрттæ дæр.

1992 азы мæхъхъæлон тыхгæнджытæ хæст куы ракъахтой, уыцы тызмæг рæстæджы «тагъд æххуыс»-ы кусджытæ — райдай дохтырæй æмæ фæу шофырæй — равдыстой хъæбатырдзинад æмæ стыр ныфс. Уыдоны раззагдæр рæнхъыты уыди Дибæхан дæр. Мæнæ куыд дзырдта йæхæдæг, цалдæр азы размæ йыл сæрмагондæй цы радиобакаст бацæттæ кодтой, уым: «Мæхъхъæлон быцæу куы райдыдта, уæд æз кусгæ нæ кодтон. Кæдæмдæр рацæйцыдтæн, афтæмæй радиойæ айхъуыстон, ахæм æмæ ахæм хабар æрцыдис, зæгъгæ. Фехъусын æй кодта Галазты Æхсарбег. Куыддæр мæ зæрдæ ауазал, æмæ мæ куыстмæ бадзырдтон, кæд, мыййаг, дохтыртæ нæ фаг кæна æмæ ме ’ххуыс бахъæуа, уæд нæхимæ дæн æмæ-иу мæм фæдзурут, зæгъгæ. Загътой мын: «Ныртæккæ нæма хъæуыс, фæлæ куы бахъæуай, уæд дæм дзурдзыстæм».

Дыккаг бон куыстмæ куы ’рбацыдтæн, уæд нæ æхсæз машинæйæ арвыстой Назранмæ. Уырдæм ластам мæхъхъæлон цæфтæ æмæ рынчынты, уырдыгæй та — ирæтты. Уый фæстæ уыдыстæм Дæллагхъæуы. Амынæты кæй райстой, уыдонæн хъуыди медицинон æххуыс: чи дзы цæф уыди, чи-иу йæ зæрдæйæ бавзæр... Цæфтæ ластам нефтебазæйы цурæй æмæ Хуссайраг поселокæй дæр».

Ахæм тæссаг уавæрты кæй куыстой, уый тыххæй сын иннæты хуызæн хъуамæ аккаг аргъ скодтаиккой, сæ хъуыддаг тæрхондонмæ бадæттынмæ дæр хъавыдысты, фæлæ сын дзы, мæнмæ гæсгæ, абоны онг ницыма рауад. Æхца æрæмбырд кодтой, Дибæ дæр цалдæр мины ратта, фæлæ, хъуыддаг цæуыл ахицæн, стæй ахицæн æви нæ, уыдæттæн ницыуал базыдтон. Дибæйы фæстæ мæ уыдæттæ нал æндæвтой...

Уæлдæр ма йæ куы загътон: уарзта йæ куыст Дибæ, иста дзы æхсызгондзинад. Цыфæнды фæлладæй-иу куы ’рбацыд, уæддæр-иу, цы сарæзта, ууыл йæ цæст куы ахаста, уæд-иу йæ зæрдæйы цины цырагъ ссыгъди. Йæ рынчынтæй йæ бирæтæ лæгæй-лæгмæ зыдтой, уымæн æмæ-иу сæм иу æмæ дыууæ хатты нæ сæмбæлд. Зæрдæйы низмæ æдзухдæр цæстдарæг хъæуы, рæстæгæй-рæстæгмæ йын дохтырмæ æнæфæдзургæ нæ вæййы. Тагъд æххуысы станцæмæ-иу телефонæй куы дзырдтой, уæд æй, хорз чи зыдта, уыдон, Дзасохты дохтыры мæм æрбарвитут, зæгъгæ, куырдтой. Дыууадæс æмæ ссæдз азы дæргъы сæдæгай нæ, фæлæ мингай рынчынты уæлхъус балæууыд Дибæ æмæ-иу дзы алкæмæн дæр йе ’ххуысы хай бакодта. Йæ зонындзинæдтæ æмæ хъарутыл никуы бацауæрста. Арæхдæр-иу, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлладæй æрбацыд, фæлæ-иу йæ фæллад кæй фæрцы ферох кодта, ахæм хабæрттимæ дæр æрбаздæхт.

Хъуыды ма кæнын, иу хатт мын цы хабар радзырдта, уый. Цæвиттон, иу ацæргæ нæлгоймаджы-иу дохтыры æххуыс арæх бахъуыд. Уыцы хатт дæр та йæм Дибæйы цæугæ æрцыди. Йæ адрис, йæ ном æмæ йæм йæ мыггаг куы раттой, уæд дис кодта, фарон йæ ирон усимæ (нæлгоймаг дзуттаг уыди) Израилмæ куы ацыд, зæгъгæ, фæлæ фатеры хицау æнафоны уазджытæм (рæстæг фæсахсæвæртæй фæфалдæр) йæхæдæг куы ракаст, уæд дохтырты бауырныдта, рæдыдæй кæй не ’рбацыдысты. Лæг Дибæйыл ныццин кодта, мæхи дохтыр та мæм фæзынди, зæгъгæ. Рынчынмæ куы базылди, уæд æй Дибæ йæ царды хабæрттæй рафарста.

— Мæ фыдæлты бæстæм ацыдтæн, фæлæ фыдæнхъæл фæдæн. Нæхи Ирыстонæй хуыздæр дзы иу ран дæр нæу. Се ’гъдæуттæ æмæ сæ хабæрттæй мæ зæрдæ нæ барухс æмæ лидзæг фæдæн, фæлæ мæ бинойнаг нал ракуымдта. Уым æм хуыздæр фæкаст æмæ йæ ныууагътон. Æз фæлтау нæхимæ иунæгæй дæр цæрдзынæн, кæйдæр зæххыл Ирыстон мысыны бæсты...

Æндæр хатт та, бирæ кæуыл фæхудт æмæ ма æз дæр кæуыл фæхудтæн, ахæм хабаримæ — уæвгæ уыдоны нымæц дзæвгар фылдæр уыди — æрбаздæхт йæ куыстæй. Уæд дæр та нæлгоймаг рынчынмæ уыди. Зæронд лæг æмæ йæ чындзы баййæфтой хæдзары. Лæг йæ зæрдæйæ дæр хъæрзыдта, йæ гуыбынæй дæр хъаст кодта æмæ йæ куы бафарстой, дæ уддзæф æддæмæ цæуы, зæгъгæ, уæд, цы дзуапп раттаид, уый нæ зыдта, æмæ чындз фарст фæбæлвырддæр кодта:

— Никъо, гъ... тт кæныс?

Бирæ хæттыты-иу æрымысыдыстæм уыцы ныхæстæ æмæ-иу ныл æдзухдæр худæг бахæцыд. Дибæимæ та нын «Никъо» паролы хуызæн сси.

Иннæ хабар та йыл кинойы æрцыд. Йе ’мбал чызгимæ сæ фарсмæ иу лæппулæг бадт фæци. Кино райдыдта, фæлæ лæппуйы хæдразмæ чи бадт, уыцы нæлгоймагыл стыр фæтæнчъил худ уыд, экранæй йæм ницы зынд æмæ йæ бандоныл раздыхс-баздыхс кодта. Йæ сæр дыууæрдæм разил-базилæй куы афæллад, уæд йæ разæй бадæгмæ дзуры:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.