Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆРТЫККАГ ХАЙ 6 страница



— Мæнæй дын ницы пайда ис: æз райсомæй нæ фæнуазын.

— Æз та ма цин бакодтон, куы дæ ауыдтон, уæд.

— Райсомæй цай дæр нæ фæцымын. Фæссихорæй фæстæмæ — табуафси. Дæ фарсмæ чи ’рбалæудзæн, уый — æз.

— Цытæ дзурыс? Фæссихормæ мæ уд куы схаудзæн...

Ахæм мæгуыр хуыз ын уыди æмæ йын фæтæригъæд кодтон. Бацыдыстæм, кæм цардысты, уырдæм. Сæ дысоны фынг исгæ дæр не скодтой, сæ фæлхæрттæ уыцы æнæфснайдæй стъолыл лæууыдысты. Алыксандр сынтæджы бынæй тæнæг фанерæй конд рагон чумæдан раласта, байгом æй кодта æмæ дзы салдаты флягæ систа. Дыууæ цайцымæны дзаг дзы рауагъта æмæ мæм дзы иу дæтты.

— Цы у? — фæрсын æй.

— Спъирт.

— Сыгъдæг спъирт?

— О! — сæрыстырхуызæй мын дзуапп дæтты Алыксандр.

— Æмæ мæ маргæ кæныс? Цайцымæнæй уанцон нæу!

— Ницы дын кæндзæн! Иу хатт мæн тыххæй куы фæриссай, уæд цас диссаг у! Уæдæ кæимæ баназон?!

Мæ фæлмæн зæрдæйæ та мын пайдачындæуы, уый æмбæрстон, фæлæ дыууæ зæгъын мæ бон нал баци. Уыцы тыхстхуызæй йæм дзурын:

— Дон мын уæддæр ратт.

Рахаста мын дон. Мæ дзых байгом кодтон æмæ спъирт хъæлхъæладжы ауагътон. Цæй спъирт æмæ цæй цыдæр — хуымæтæджы дон! Ныр Алыксандр худæгæй артæндихтæ кæны. Асайдта мæ. Афтæ алкæй дæр асайдзынæ, стæй дзы худæгæй дæр ницы ис, уымæн æмæ ахæм ми бакæнынæн бирæ зонд нæ хъæуы. Æз ын мæхинымæр тæригъæд кодтон, мæ «дин» уый тыххæй фехæлдтон, уымæн та худæджы хос фæци. Ноджы ма, кæй зыдта, уыдонæн йæхицæй æппæлыди, Муратæн ахæм ми бакодтон, зæгъгæ. Йæхицæй æппæлыди мæхи цур дæр, спъирт ын куыд баназын кодтон, уый ма йын радзурын кæнут, зæгъгæ. Æз дæр-иу мæ мидбылты мæллæг худт бакодтон, мæхинымæр та, йæ «хæс» ын куыдæй бафидон, ууыл сагъæсы уыдтæн.

Уыцы рæстæджы проспект æмæ Максим Горькийы номыл уынджы тигъыл хилдасæн уыди. Уæд ма ахæм рæтты дасгæ дæр кодтой. Алыксандр дæр мæ хуызæн йæхи дасынмæ дæр æмæ йæ сæр æлвынынмæ дæр уырдæм цыдис. Æз-иу мæ хъуыддаг куы бакодтон, уæд-иу рацыдтæн, уый та ма-иу уым кусджытимæ ныхæстыл фæци, семæ-иу шашкæтæ кæнæ шахмæттæй дæр хъазыди. Иу дзырдæй, иууылдæр æй хорз зыдтой æмæ, къæсæрæй куы бахызт, уæд ыл-иу нæлгоймагæй, сылгоймагæй цинтæ кæнынмæ фесты, мæнæ ма нæм Сашæ фæзынди, зæгъгæ.

Иуахæмы та мæхи дасынмæ бацыдтæн æмæ къæлæтджыныл æрбадтæн. Иу ирыхъæуккаг чызг дзы куыста æмæ уый радмæ бахаудтæн. Фыццаг хатт мæ нæ даста, фæлæ мæ уæд фæрсы:

— Телеуынынады нæ кусыс?

О, зæгъгæ йын дзуапп раттон.

— Æз уырдæм хæстæг цæрын. Телеуынынадæй равдыстытæ куыд февдисынц, уый базонын мæ тынг фæнды, фæлæ дæ бафæрсын нæ бауæндын, æнæуи та дзы никæй зонын.

— Æмæ уым нæуæндинагæй цы ис?! Æрбацу æмæ дын алцыдæр фенын кæндзынæн, — зæрдæ йын бавæрдтон æз.

— Æнхъæлдæн, Сашæ дæр уым кусы. Ды дæр æй зоныс, уый дæр йæхи дасынмæ ардæм фæцæуы, фæлæ йæ фæстаг рæстæг нæ уынын.

Мæхинымæр цин кæнынмæ фæдæн, ай саг фæрæтмæ куы ’рцыди, зæгъгæ, æмæ чызгæн загътон:

— Фæрынчын та, мæгуыр, фæлæ йын кæд бирæ нæ ахæссид.

— Æмæ йæ низыхатт цы у?

— Суртæ кæны. Ды дæр æй фæдасыс?

— Куыннæ! Арæх.

Уыцы рæстæг Алыксандр йæ усимæ нал цард, æмæ хилдасæгæн дзурын:

— Йæ бинойнагимæ дæр уый тыххæй ахицæн. Сывæллæттæ сын нæй, стæй æндæр ус куы ракура, уæд дæр ын нæ уыдзæн...

Чызг фыр адæргæй дасынмæ дæр нал арæхст æмæ мын мæ ныхæстæм, йæ сæрдасæн йæ къухы бæрзонд сисгæйæ, хъуыста. Ныр æз дзурын уыцы æцæгхуызæй. Мæ ныхæстыл фæдызæрдыг уæвæн ницы хуызы уыдис.

— Мæгуыр йæ бон, — тæригъæдтæ кæнынмæ йын фæцис чызг. — Афтæмæй цы хъæлдзæг адæймаг у! Куы ’рбацæуы, уæд нæ худæгæй амары.

— Иу сурæй иннæйы ’хсæн ыл ничи фæгуырысхо уыдзæн, æнæниз адæймаг цы уа, уый вæййы. Фæлæ йæ низ куы ’рцахсы, уæд — дæ балгъитæг афтæ: уромæг æй уромын нал фæфæразы. Дæлæ æфсæнвæндаджы станцæйы цы хилдасæн и, уый зоныс?

— Зонын. Раздæр кусынмæ уырдæм цæуынмæ хъавыдтæн, фæлæ ам бынат суæгъд и. Иуæй, горæты астæу, иннæмæй та мын нæхимæ дæр хæстæгдæр у.

— Уæдæ йæ иу хатт уым йæ низ æрцахста æмæ чысыл ма бахъæуа йæ хурх ын ма ахауын кæной. Йæ хъуырмæ йын никуы фæкомкоммæ дæ? Йæ нос ма ныр дæр бæрæг дары. Хъуыддаг суанг тæрхондонмæ дæр бахæццæ.

Ныр цæй нос æмæ цæй цыдæр! Иунæг нос дæр ыл нæ уыди, фæлæ афтæ барæй загътон, уадз æмæ тынгдæр тæрсой.

Чызг бынтондæр сагъæсы бацыди. Тыххæй-фыдæй мæ кæронмæ даст фæци. Раст зæгъын хъæуы, хатгай-иу мæхи хурхæн дæр старстæн. Йæ къухтæ цыма зыр-зыр кæнын райдыдтой, афтæ мæм каст. Къæлæтджынæй куы сыстадтæн, уæд мæ фæдыл рацыд æмæ мын афтæ:

— Ацы хатт нæм куы ’рбацæуа æмæ мæ рад куы уа, уæд ын цы ’фсон скæндзынæн, нæ дæ дасын, зæгъгæ? Мæ цæсгом æм нæ бахъæцдзæн, рынчын дæ йын зæгъын.

— Æнцон нæу, кæй зæгъын æй хъæуы, адæймагæн комкоммæ афтæ зæгъын, фæлæ дын æз иу хос амонын. Дасыныл-иу сразы у, æрмæст æм æдзынæг кæс, æмæ, куыддæр йæ цæстытæ æрцъынд кæна, афтæ сур кæнынмæ хъавдзæн æмæ-иу уæд дæ сæрдасæн иуварс айс.

Афтæ йын барæй загътон, уымæн æмæ дасгæ-дасын адæймагæн йæ роцъойыл кæнæ русыл куы схæцай, уæд ын йæ цæстытæн æнæрцъындгæнгæ нæ вæййы. Чызджы ма мæнæй ноджыдæр истытæ фехъусын фæндыди, фæлæ æз батагъд кодтон, чидæр мæм æнхъæлмæ кæсы, зæгъгæ. Мæнæй цы фехъуыстай, уыдон-иу макæмæн радзур, зæгъгæ йын бафæдзæхстон. Афтæмæй та мæ зæрдæ дардтон, æнæрадзургæ сæ кæй нæ фæуыдзæн, уый.

Иу ныхасæй, иу афон, æнæсрæмудзгæ кæмæн нæ уыд, ахæм бомбæ ифтыгъдæй бавæрдтон æмæ æнхъæлмæ кастæн, йæ гуыпп кæд райхъуысдзæн, уымæ. Æмæ мæ бирæ ’нхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд.

Дыккаг бон уыдаид æви æртыккаг, афтæ сæм Алыксандр тасгæ-уасгæ фæмидæт. Хилдасджыты хистæр Житомирский уыди, æмæ уый радмæ бахауд. Хилдасæг, цыма ницы зоны, уый хуызæн йæхи сæрдасæн цыргъгæнæг скодта. Йе ’мбæлттæ йæм аивæй сæ хъус дарынц, ома, хинæй ныл цæуыс, фæлæ дын дзы ницы рауайдзæн, зæгъгæ.

Ныр Алыксандр Житомирскийы къæлæтджыныл æрбадти æмæ æнхъæлмæ кæсы. Цæмæй хæйрæг уыди, æз ирыхъæуккагæн цы хабæрттæ ракодтон, уыдон хилдасæны кусджытæ уайтагъд кæй базыдтой. Житомирскийæн гæнæн куынæуал уыди, уæд ын йæ хъусы дзурæгау загъта:

— Сашæ, куыд хæларæй цæрæм, уымæн дæхæдæг — æвдисæн. Аргъ дын куы нæ кæнин, уæд мæнæй ацы ныхæстæ нæ фехъусис. Дæхицæн, лыг кæнынæй тас кæмæй нæу, ахæм дасæн балхæн æмæ дæхæдæг дæхи дас.

Алыксандр йæхинымæр дисы бацыд, мæ хъис хъæбæр уаид æмæ мын æй уæд ацал-ауал азы куынникуы загъта.

— Нæ дæ ’мбарын, ныронг мæ куы дастай, уæд ныр æндæрхуызон фæдæн?

— Ныронг дæр дæ нæ дастаин, рынчын дæ, уый куы зыдтаин, уæд. Суртæ чи кæны, уыдонмæ сæрдасæнæй æвналын тæссаг хъуыддаг у. Дæхи дæр бабын кæндзынæ æмæ мæн дæр...

Уыцы ныхæсты фæстæ уайтæккæ дæр бамбæрста, арт ыл æз кæй бандзæрстон, уый.

— Уый уын Мурат загъта?

— Чифæнды йæ зæгъæд, æз дæумæ сæрдасæнæй нал бавналдзынæн, — йæ хъуыды бамбарын кодта Житомирский. — Сæр æлвынынæй цы зæгъыс, уый зæгъ.

Дасын æй нал бакуымдтой иннæтæ дæр, стæй канд уыцы хатт нæ, фæлæ уый фæстæ дæр, цалынмæ мæхæдæг бацыдтæн æмæ сын, цæмæн ын афтæ бакодтон, уыдæттæ радзырдтон, уæдмæ.

Ам дæр та Мураты ныхмæ сдзурын мæ бон ницы баци. Раст кæм уа, уым йæ ныхмæ куыд хъуамæ сдзурон! Фæлæ йын æндæр хабар йæ зæрдыл æрлæууын кодтон:

— Темботтæй дæр дæ маст истай? Уый та дын цы кодта?

— Темботт æндæр хъуыддаг у, — йæ мидбылты бахудт Мурат æмæ цæсгомы æнцъылдтæ дыууæ хатты фылдæрæй разындысты... — Йæхицæй сыгъдæгдæр зæрдæ адæймагæн ссарæн нæ уыд. Куыстыл — æнувыд, æнæхин, журналистæй дæр — тыхджын, фæлæ — тыхст æмæ уырыд. Æдзухдæр цæмæйдæр хъаст кодта, цыдæр ын нæ фаг кодта. Мæнмæ та, хъуыр-хъуыр-иу куы кодта, уæд уымæ хъусын хорз каст. Радиокомитеты иу рæстæг куыстам. Нæ электрик æндæр горæтмæ цæрынмæ ацыд æмæ нæ йæ бæсты лæг райсын хъуыд. Радиойæ фехъусын кодтам, ахæм æмæ нæ ахæм кусæг хъæуы, зæгъгæ, æмæ нæм адæм цæуын райдыдтой. Иу бон нæм Темботтæн йæхи карæн лæг æрбацыд æмæ йæ Хуыцау мæ кусæн уатмæ æрбауагъта. Цы хъуыддаджы фæдыл æрбацыд, уый куы базыдтон, уæд мæ сæры æвиппайды февзæрд æнахуыр хъуыды æмæ йæ Темботмæ барвыстон, уыцы хъуыддæгтæ уымæ хауынц, æрмæст, зæгъын-иу æм хъæрæй дзур: уæзхъус у. Ныр Темботт мæ фарсмæ цы уат уыд, уым бадт æмæ-иу мæм йæхи ныхæстæ, телефонæй куы дзырдта, уæд дæр хорз хъуыстысты. Æрбацæуæг æм хъæрæй куы дзура, уæд уый дæр хорз кæй хъусдзынæн, ууыл мæ зæрдæ дардтон æмæ кæд æнæвдæлон уыдтæн, уæддæр рæстæгмæ мæ куыст фæуагътон æмæ хъусынмæ мæхи æрцæттæ кодтон. Уалынмæ æцæгæйдæр мæ хъустыл ауад уазæджы тыхджын хъæлæс: «Дæ бон хорз!» Темботт та йæ тæккæ тыхстæй уыд æмæ йын уыцы æцæгæлонхуыз салам ратта. «Афтæ фехъуыстон, электрик, дам, уæ хъæуы!» Темботт йæ маст уромын нал бафæрæзта æмæ, æрбацæуæджы хъæлæсæй сабырдæр чи нæ уыд, ахæмæй дзуапп ратта: «Омæ хъæртæ та цæуыл кæныс? Стæй мæн электриктимæ цы хъуыддаг ис? Æз уацхæссæг дæн».

Куы мыл фæгуырысхо уа, ды йæ ’рбарвыстай, зæгъгæ, уымæй фæтарстæн, мæ дуар ахгæдтон æмæ мæхи уынгмæ айстон. Куыстагурæг дæр мæ фæдыл тагъд рахызт, æмæ фæстæмæ бацыдтæн. Тембот нæ базыдта, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый, æмæ æз дæр мæ кусинагыл æрбадтæн.

Æндæр хатт та сæ Барисимæ сардыдтон кæрæдзиуыл. Уый дæр ахудыны тыххæй. Ахæм митæ куы нæ кодтаиккам, уæд цыма цард дзæвгар æгъуыздæр уыдаид, афтæ мæм кæсы.

Ацы хабар дæр, радиокомитеты куы куыстон, уæд æрцыди. Цæвиттон, Барисæн уыд лыстæг чырынтæ цъæх костюм. Иу-дыууæ азы бæрц кæй фæдардта, ахæм. Йæ хуыз, кæй зæгъын æй хъæуы, сивта, фæдæрдвæд æмæ, цыма чъизи уыд, афтæ зынди. Темботт та дзыхъхъынног ахæм костюм балхæдта.

Сæрдыгон æнтæф рæстæг скодта, æмæ Темботт, аппаратный кæй хуыдтой, уым пленкæ монтаж кодта æмæ йæ пиджак механикты уаты фæуагъта. Уыдон цыдæртæ куыстой æмæ мæ куыннæ бафиппайой, афтæ Темботты пиджак рахастон æмæ йæ мæ уаты рагъæныл æрцауыгътон, стæй Барисмæ бацыдтæн æмæ йын афтæ:

— Не ’рвадæлты лæппу денджызон у. Цы нæ бæстæйы вæййы, ахæм нæй æмæ мын Австралийæ дзаумæттæсыгъдæггæнæн диссаджы хос æрбаласта. Зæронд дзаума дæр дзыхъхъынноджы хуызæн акæны. Æри-ма дæ пиджак, æз дын æй ныссыгъдæг кæнон. Бирæ рæстæг ын нæ хъæуы, ныртæккæ дын æй фæстæмæ ’рбахæсдзынæн.

Рахастон æй. Темботты пиджаччы дзыппыты цыдæриддæр ссардтон, уыдон, чи дзы кæцы дзыппы уыд, уый хынцгæйæ, Барисы пиджаччы дзыппыты сæвæрдтон æмæ йæ аппаратты уаты сауыгътон, стæй Темботты пиджак Барисмæ бахастон. Хуымæтæджы цин ыл бакодта:

— Æцæгдæр, дзыхъхъынногæй куы агæпп ласта, — æмæ йæ фырцинæй йæ уæлæ скæныны бæсты рагъæныл æрцауыгъта. Касти æмæ йæм касти. Мæ хæлаф дæр ма мын куы ныссыгъдæг кæнис.

— Цæуылнæ дын æй ныссыгъдæг кæндзынæн. Æрмæст — райсом. Кæннод ныр мидæггæгты цæудзынæ?

Уæдмæ Темботт йæ куыст фæци æмæ пиджак райста. Куы йæм æркаст, уæд хорзау нал фæци. Уый зæрде йын æй механиктæй исчи скодта æмæ йын æй чъизийæ фесæфта. Дыккаг уæладзыгмæ схызт æмæ бæстæ хъуыр-хъуырæй байдзаг кодта. Æнæуи-иу иронау дзырдта, фæлæ-иу куы смæсты, уæд хъуыр-хъуыр та уырыссагау кодта. Æмæ техникты цы нæ рахуыдта. Мæ ног пиджак, дам мын цы хуызæн акодтой. «Хуытæ дæр хуытæ æмæ уыдон дæр — хуытæ!» Йæ уавæрмæ кæсын мæ бон нал уыд æмæ йын загътон:

— Уый Барисы пиджак у, дæууон та уымæ ис.

Фардзины-фырты уатмæ куы бахызт æмæ йæ ног пиджак рагъæныл ауыгъдæй куы ауыдта, уæд ыл сбустæ кодта:

— Цы хынджылæг скъæрыс, мæ пиджак мын цæмæн рахастай?

Барис йæ роцъо хæрдмæ сиваз-сиваз кæны, ома цавæр пиджаччы кой кæныс, зæгъгæ.

— Дæхиуыл дæр æй нæ абарстай, къабайæн дын куы бæззы...

Барис уæддæр не ’мбары, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый:

— Цавæр пиджак дæ хъæуы? Уый мæн у, уæртæ мын æй Мурат ныссыгъдæг кодта, йæхи дæр-ма йын бафæрс.

Хъаугъа куы скарз уа, уымæй фæтарстæн æмæ сын хъуыддаг бамбарын кодтон.

— Æнæхудгæйæ цæрын дæр зын у, фæлæ мын ноджы зындæр вæййы, дзырдхæсджытæ æмæ зæвæттæсдæрджытæм кæсын æмæ дзы кæцыдæртæн сæ аккаджы митæ бакæныныл бацархайын. Ныртæккæ кæй кой ракæнынмæ хъавын, уый ды дæр хорз зоныс, иумæ «Рæстдзинад»-ы дзæвгар фæкуыстам.

— Симона уыдзæн, æндæр чи?

— Акъуырдтай йæ. Валодямæ дзырдтæ хаста, уый зыдтон, фæлæ йæ хъуамæ йæ дыууæ хъусæй хурмæ раластаин æмæ мæхиуыл æрымысыдтæн.

— Йæхи мадзалæй йын спайда кодтай, нæ?

— О. Иу хатт не ’ппæтыл дæр æнæном хахуыр куы ныффыста, уæд дзы йæхи дæр нæ фæхъулон кодта, уымæй раст зæгъыс. Йæ рæздæры куыстæй йæ нозты тыххæй систой æмæ уый тыххæй йæхи «иваргонд» рахуыдта. О, æмæ редактормæ дзырдтæ кæй хæссы, уый раргом кæныны тыххæй мæхиуыл æрымысыдтæн. Цæвиттон, райсомæй-иу куысты размæ бульвары не ’рæмбырд стæм?! Æмæ та нын иу ахæм бон уынджы ныхас бацайдагъ. Кусгæ рæстæг райдыдта, уæддæр ма мах Симонаимæ ныхæстæ кодтам. Мæ хабæрттæ йын, цыма мæ хуыздæр хæлар уыд, уый хуызæн дзурынмæ фæдæн:

— Ацы нозт ныхъхъуытты уадзын хъæуы, адæймаг дзы æгад цы кæны, æндæр дзы ницы пайда ис.

Цыма мæ уыцы дзырдтæм æнхъæлмæ каст, уый хуызæн ныхас йæхимæ айста:

— Æз дæм æрдæбонсарæй мæ цæст дарын, æмæ мæм дæ цæсгом цыдæр æнæитувæрд фæкаст. Æвæццæгæн дзы дысон кæмдæр ныххаудтæ.

— «Ныххаудтæ» цы хоныс? Дыууæ хатты ресторанмæ бацыдыстæм. Бæгæны нуазынмæ та ма цæмæ баздæхтæн... Бынтондæр мæ уый фесæфта... Арахъхъы фæстæ бæгæны куы баназын, уæд мын никуыма батад. Цы фæвæййын, уый нал базонын. Трамвайы ма куыддæртæй сбадтæн, стæй, цы фæдæн, уый нал бамбæрстон. Иу афон мæ кондуктор райхъал кодта, кæдæм цæуыс, ныр, дам, æртыккаг зылд кæныс. Райсомæй мæ хуыссæны райхъал дæн, фæлæ нæхимæ куыд æрбацыдтæн, уый нал хъуыды кæнын. Ныууадзынæй хуыздæр хос ын нал и...

Мидæмæ куы бацыдыстæм, уæд, цас абадтаин, Хуыцау йæ зонæг, афтæ мæм Хъаныхъуаты Валодя фæдзырдта æмæ мын афтæ:

— Уæ быны къæйтæ нуазут æви цы?

— Цæй тыххæй зæгъыс? — цыма ницы ’мбарын, уый хуызæн мæхи дарын.

— Абондæргъы мæм цалдæрæй æрбадзырдтой, уæ фельетонист фельетон йæхиуыл цæуылнæ фыссы, дысон-бонмæ, дам æй трамвай горæты цалдæр зылды куы ’ркодта æмæ йæм адæм дисмæ кæсæгау куы кастысты.

Цы базонын ма мын хъуыд, кæй дзыхæй дзырдта, уый. Æмæ йын хабæрттæ куыд уыдысты, уый кæрæй-кæронмæ радзырдтон. Валодя хорзау нал фæци.

— Зæгъыс, æмæ дæм дзырдтæ чи хæссы, уый дæ хæрзгæнæг у? Иуахæмы дын дæхиуыл дæр нæ бацауæрддзæн.

Æмæ йыл, æцæгæйдæр, фæстæдæр æнæном писмойы цъыфкалæн фæкодта. Фæлæ уæддæр нæ фылдæр, ома «Рæстдзинад»-ы кусджытæ, диссаджы хорз адæм уыдысты. Хорз адæм кæм вæййы, уым та хæлæггæнджытæ дæр разыны. Тæккайы ма хъуыды кæныс?

— Ау, куыннæ йæ хъуыды кæнын? Мæнæ йе ’фцæггот дæр тамакойы тæф кæмæн кодта, уый?

— О, о, фæсномыг дæр ма йын куы ’рхъуыды кодтам. Кæддæр Мæскуыйы КИЖ-ы (Коммунистический институт журналистики) ахуыр кодта æмæ-иу, кæм хъуыди æмæ кæм нæ хъуыди, уым йæ кой æнæракæнгæ нæ фæци: «Вот когда я учился в КИЖе». Ныр журналистикæйæн та æмбаргæ ницы кодта. Фыссын нæ зыдта, уый иу хабар уыд, фæлæ ма хæлæггæнаг æмæ æдзæстуарзон дæр уыди. Æмæ йын алы фыдмитæ кæныныл нæ ауæрстон. Йемæ бадын æй ничи уагъта æмæ-иу æй куы кæцы уатмæ барвыстой, куы кæцы. Иу заман та мемæ бадти. Уæд ма тамако дымдтон æмæ-иу сæрмагондæй райсомæй раздæр æрбацыдтæн æмæ-иу дуарæхгæдæй тамако фæдымдтон, цæмæй тагъддæр фæлидзæг уа, уый тыххæй. Дуарæй-иу куы ’рбакаст, уæд-иу афтæ фæкодта: «Фи-фи-фи, дæ фæздæг дæ сæрмæ куы сбадти! Куы фæхуыдуг уай, уымæй дæр нæ тæрсыс? Нæхимæ куы ныццæуын, уæд мæ мæ бинойнаг æнæбафæрсгæ нæ фæвæййы, тамако дымын, дам, райдыдтай? Де ’фцæггот дæр, дам, тамакойы тæф кæны».

Куы зæгъын, фыссынмæ нæ арæхсти, афтæмæй-иу кæй фыдгой нæ ракодтаид, ахæм нæ уыди. Мах-иу алы рæттæм фыстам: радио, телеуынынад æмæ нын-иу газеттæй æрмæг ныффыссын бахæс кодтой æмæ-иу нæм мæйы кæрон кæнæ йæ райдайæны гæххæттытæ æрбарвыстой гонорары тыххæй. Уый та-иу никæцæй ницæмæ ’нхъæлмæ каст æмæ йæ цæсты фиутæ тадысты. Æз-иу бухгалтерийæ, гонорар кæм æрвыстой, ахæм бланктæ райстон, профцæдисы мыхуыр-иу сыл æрæвæрдтон, чысыл-иу æй йæ бынатæй фезмæлын кодтон, цæмæй йæ фыстытæ бынтон хорз ма зындаиккой, уый тыххæй æмæ-иу сæ сусæгæй редакторы секретары стъолыл æрæвæрдтон. Уый-иу сæ адæмыл уаргæ рацыди. Ноджы сын-иу ахæм бирæ гонорар «рафыстон» — исты йæ мæ фыды хардзæй куы нæ лæвæрдтон æмæ-иу Тæккайæн йæ мастыл ноджы тынгдæр æфтыдтой. Уыдон уынгæйæ-иу Тегаты Сулейманæн — уæд иумæ бадтысты — йæ хъæстытæ кодта:

— Æрмæстдæр гонорары куыст кæнынц, кæм цы расыггæнаг и уыдон! Нæхицæн та ма кæд фæфыссынц?..

Уæвгæ йе ’рвад дæр хуыздæр нæ уыд. Кæцæй цы ратона, ууыл никуы бацауæрста.

— Æмæ уымæн дæр хорз куы фæдæ...

— Æмæ йын нæ хъуыди? Дæ фыртæн хъуыддаг кæныс, адæмы æрхуыдтай æмæ сын сæ разы мацы æрæвæр, уый кæцы æгъдауы фидауы? Мæгуыр куы уыдаид, уæд ма йын ныббарстаин, фæлæ йæ рæбынтæ ракæл-ракæл кодтой. Цæрæнбонты хъæууонхæдзарадон хайады фæкуыста æмæ колхозтæ æмæ совхозтæй цынæ емынæ фæласта, ахæм нал баззад. Уæдæ йæ ус дæр бæрнон бынæтты фæкуыста æмæ йæхи хъуаг ницæмæй уагъта. Куы зæгъын, дæ иунæг фыртæн ус хæссыс æмæ адæмæн æгъдау ратт, афтид фынджы уæлхъус сæ кæдæм бадын кæныс?!

Æз, Мурат цы чындзæхсæвы кой кæны, уым нæ уыдтæн, фæлæ мын дзырдтой, галы сæртæ, дам дзы дыууæ уыдис, æмæ йæ Муратæн куы бакой кодтон, уæд загъта:

— Йæ мардæрцыд дæр уый мидæг ис, æмæ дзы сæртæ йеддæмæ кæй ницы уыд. Куыд бамбæрстон, афтæмæй дзидзайы комбинатæй сæртæ сласта, уыимæ дынджыр сæртæ — уадз æмæ адæм æнхъæлой, фондзаздзыд галтæ акалдта, зæгъгæ, дзидза та, æвæццæгæн, хицæнæй лæварæмхасæнтæй балхæдта, æмæ нозты фæстæ адæймаг йæ дзыхы цы акодтаид, уый нæ уыди. Ноджы нозт дæр ницæмæн бæззыд: спъирт донимæ тæнæг хæццæйæ æмæ хъуыртæ арыдта. Кусæрттæ кæй нæ акодта, уый та уымæй бæрæг уыдис, æмæ фынгыл нæ игæр æрæвæрдтой, нæ уæцъæф кæнæ æндæр хуылфыдзаума. Ныр ын мах нæхæдæг редакцийы цы ’хца æрæмбырд кодтам, уый нын рестораны цалдæр бадты фаг дæр уыдаид.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.