Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆРТЫККАГ ХАЙ 3 страница



— Шляп сними, да!

Уыцы ныхæсты худæг дæр нын бирæ ахаста. Дибæ-иу мын сæ кæцыранфæнды дæр куы загъта, уæддæр-иу сæм æнæхудгæ нæ фæлæууыдтæн. Æз-иу куы фæраздæр дæн, уæд та-иу Дибæимæ худын иумæ райдыдтам.

Ацы хабæрттæ, цæмæй мæ зæрдæмæ иу рухсы цъыртт уæддæр бакæла, уый тыххæй æрымысыдтæн, æндæр Дибæйы коймæ мæ зæрдæ йæ уынгæг кæнынæй не ’нцайы. Мæ фæлмæнзæрдæ хойы хъæлæс кæй никуыуал фехъусдзынæн, ууыл баууæндын мын тынг зын у. Азтæ мыл куыд фылдæр цæуа, афтæ мæ, æвæццæгæн, дохтыры æххуыс арæхдæр хъæудзæн æмæ ма-иу Дибæйау æнæзивæгæй мæ разы чи алæудзæн, мæ мадызæнæджы хуызæн мыл чи баузæлдзæн, йæ ныфсы ныхæстæй мын мæ низ чи асурдзæн?

Мæ фæстаг фæндагыл мæ ме ’нусон бынатмæ куы фæцæйхæссой, уæд мыл Дибæйы хуызæн зæрдиагæй чи ныккæудзæн?.. Кæугæ мыл Райæ дæр къаддæр зæрдæрыстæй нæ кæндзæн, фæлæ мын Дибæйы цæстысыгтæ нæ фаг кæндзысты.

Æгъатыр низæн цы загъдæуа, мæн уыдонæй æнæхай чи фæкодта, кæстæры йæ хистæрæн ныгæнын чи нæ бауагъта!

Куы зæгъын, ныр Веринкæимæ мæрдтæм куы ныхас кæнон, уæд ын, æртæйæ дæр дзæбæх стæм, зæгъын дæр мæ бон никуыуал бауыдзæн, уымæн æмæ Дибæ ацы бæсты нал и, кæм и, уый та, æвæццæгæн, Веринкæ йæхæдæг хуыздæр зоны.

Хæрз æрæджы мын Райæ, ныронг кæй нæ зыдтон, Веринкæйæ ахæм цалдæр хабары радзырдта. Афтæ, дам мын-иу загъта: «Райæ æмæ мæ хуыйæн машинæйæ цы ’нцойдзинад зонын, уый никæмæй зонын».

Уыцы машинæ ма æз дæр хъуыды кæнын. Кæд ма исты зонын, уæд æй нæхи Минæтæй балхæдта. Хæрз æрæджы дæр ма нæхимæ уыд.

Веринкæ мæлæтдзаг цæф куы фæци, уæд, дам, афтæ загъта: «Чъырæй цæгъдинаг уыдтæи æмæ мæ мæнæ адæм куыдæй æрбаййæфтой!»

Рынчындонмæ йæ куы фæцæйластой, уæд нын, кæрæдзийы-иу уарзут, зæгъгæ, кæй фæдзæхста, уый зыдтон, фæлæ ма, æз дæр тагъд æрбаздæхдзынæн, зæгъгæ, загъта, уый Райæйæ фыццаг хатт фехъуыстон æмæ та мын уыцы ныхæстæ дæр мæ зæрдæ сæнкъуысын кодтой. Райæ ма мын ноджыдæр ахæм хабар радзырдта.

Иу заман нæм цалдæр сæгъы уыди. Кæцыдæртæ-иу дзы дыгæйттæ дæр ныззадысты, уый дæр ма хъуыды кæнын. Æмæ дам-иу Веринкæ быдырмæ куы цыди, уæд-иу ныффæдзæхста, сæгътæ цæхæрадонмæ ма бауадзут, зæгъгæ. Мах-иу, æвæццæгæн, хъазыныл фестæм æмæ-иу нæ сæгътæ айрох сты. Кæй зæгъын æй хъæуы, хуымтæ-иу фесæфтой. Веринкæ-иу изæрæй фæскуыст уыцы фæлладæй йæ бæстонкуыстгонд цæхæрадон афтæмæй куы ’рбаййæфта, уæд-иу æлгъитынмæ фæци:

— О, мæнагур фæхæтат, о, мæн мысгæйæ фæцæрат!

Раздæр ма йæ загътон, Веринкæ арæх не ’лгъыста. Кæд ын-иу æнæлгъитгæ нал уыд, уæд-иу йе ’лгъыстыты цæхæр йæхирдæм сарæзта, фæлæ йæхиуыл кæм нæ ауæрста, уым махæн дæр æвыдæй баззайæн ницы хуызы уыд, уымæн æмæ мæ фыдгул йæ ныййарæджы агурæг фæхæта, йæ мады мысгæйæ фæцæра.

Веринкæйæн гыццыл хуыздæр уавæртæ хъысмæты цæст куы бауарзтаид, уæд йæхицæй амондджындæр ничи уыдаид, фæлæ адæймагæн, æвæццæгæн, йæ ныхы фыстытæ, бынтон æнахуыргонд куы уа, уæддæр кæрæй-кæронмæ æнæбакæсгæ нæ вæййы, æмæ сæ Веринкæ дæр бакаст. Нæ йæ фæндыд, афтæмæй.

Афтæ мæм кæсы, цыма Дибæ дæр Веринкæйы фæндагыл ацыд. Хуыздæр амонды аккаг уыди, зæгъгæ, зæгъин æмæ мæм уый фаг нæ кæсы, уымæн æмæ йæ хъысмæт бирæ хуыздæр хъуамæ уыдаид. Хъуамæ уыдаид, фæлæ нæ уыди...

Оляйы Дибæйæ куы фарстой, уæд, дам, афтæ загъта:

— Бæрæгъуыны ис, фæлæ Веринкæмæ нæма бахæццæ.

Уый йæ дыууиссæдзæм боны размæ уыд...

Афонмæ йæм бахæццæ...

II

Къостайы цардимæ баст алы рæнхъ, алы дзырд, цыфæнды чысыл цауæн дæр цы ахадындзинад ис æмæ алы ирон адæймагæн дæр куыд зынаргъ у, ууыл нæ дзурдзынæн. Æз цы хабæрттæ ракæнынмæ хъавын, уыдон хуымæтæджы къамимæ баст сты, фæлæ цы дыууæ чызджы сурæт æвдисы, уыдон хуымæтæг нæ уыдысты. Сæ иу Цæлыккаты Аннæ кæй у, уый куы зæгъæм, уæд бирæтæ мæ ныхæсты æцæгдзинадыл баууæнддзысты.

Æвæдза, диссаг та куыннæ у! Цæлыккаты Аннæ, зæгъгæ, куы айхъусæм, уæд æвиппайды цæстыты раз Къостайы сурæт куыд февзæры! Къостайы ном куы сдзурæм, уæд æдзух Аннæйы не ’рымысæм, фæлæ иугæр «Аннæ» загътам, уæд æй æнæ Къостайæ æххæст фæлгонцыл нæ банымайæм. Æрмæст уый тыххæй дæр æнустæм зæрдылдаринаг у. (Хорз у, Къостайы мад Мариайы ингæн кæй бацагуырдтам — Хозиты Федыр æмæ Денджызты Уырызмæг мæрдты дзæнæты фæбадæнт — æмæ хъуыддаг цырт æвæрыны онг кæй æрхæццæ, фæлæ Аннæйы ингæн дæр рохуаты баззайынæн æвгъау у. Уый Къостайы зæрдæмæ куыд хæстæг уыд, стæй йæхæдæг дæр цытджын поэты фарсмæ куыд фидыдта, уый хынцгæйæ, сæ ингæнтæ кæрæдзимæ афтæ дард куы нæ уаиккой, уæд... Уæвгæ ацы хъуыддагыл бæстондæр ахъуыды кæнын хъæуы).

Бирæ рæсугъд хъуыдытæ равзæрын кодта Цæлыккаты чызг Леуаны фырты зæрдæйы. Бирæ æнкъарæнтæн басгуыхт æвидигæ суадон. Бирæтæ дзы æмдзæвгæты хуызы фыстæй баззадысты чингуыты, цæмæй фидæны фæлтæртæ кæсой æмæ зоной, сæ цытджын фыдæлы зæрдæйы цы уарзондзинад сыгъд, уый.

О, æмæ ныхас къамыл рауад. Цæвиттон, Райæ ирыхъæуккаг Лацойты чындз у. Йе ’фсин Верычкæ (Дойаты чызг) фондзыссæдз азæй фылдæр фæцард. Уый райгуырд Дзæуджыхъæуы Тарскæйы уынджы (ныртæккæ уый хæссы Цæголты Георгийы ном). Уым сæ сыхæгтæ уыдысты Цæлыккаты Алыксандртæ. Верычкæйы хистæр хо хуынди Дади. Дади æмæ Аннæ æмгæрттæ уыдысты, стæй канд æмгæрттæ нæ, фæлæ хæлæрттæ дæр. Цы къамы кой кæнын, уым дæр иумæ ист сты. Кьамы бынмæ фыст ис «Дзанайты-Хетæгкаты А. Владикавказ». Бирæтæ бамбæрстой, уый зындгонд хуызисæг Садуллæ кæй у. Иугæр Садуллæйы кой рауад, уæд уый тыххæй дæр дыууæ ныхасы зæгъон. Нæй йын фаг аргъ. Æцæгæй дæр Садуллæ номдзыд хуызисæг кæй уыд, уый дызæрдыггаг нæу. Адæмы рæгъмæ йын цы куыстытæ хаст æрцыд, уыдонмæ фау æрхæссæн нæй. Сты æцæг сфæлдыстад, зыны сыл курдиаты æрмдзæф. Æвзæр нæ уаид йæ фæллæйттæ йын æрæмбырд кæнын æмæ сæ альбомы хуызы рауадзын. Цыма ивгъуыд цæстытыл ирддæрæй ауаид, нæ историйы кæцыдæр сыфтæн бакæсæн уаид, афтæ мæм мæ зæрдæ дзуры.

Гъе æмæ Садуллæйы ацы къамы сты Цæлыккаты Аннæ æмæ Дойаты Дади.

Дадийы тыххæй мын йæ кæстæр хо (се ’хсæн уыди æхсæз чызг æмæ лæппуйы) Верычкæ афтæ радзырдта:

— Аняимæ хæларæй цардысты. Дыууæйæ дæр уыдысты ахуыргæнджытæ. Мæ хо раздæр куыста Хуымæллæджы, фæстæдæр та — Олгинскæйы. Иу заман Ирыстонмæ ссыд паддзахы ус æмæ йын æгасцуай зæгъынмæ чи ацыд, уыдонимæ уыдис Дади дæр. Уазæг ын балæвар кодта хъуырылдаргæ сызгъæрин сахат.

Верычкæ мын куыд радзырдта, афтæмæй Дади чындзы ацыд Зораты Муссæмæ. Муссæйы хабæрттæ дæр рохуаты баззайынæн æвгъау сты, уымæн æмæ Ирыстоны рухстауджытæй иу уыдис. Каст фæцис Æрыдоны семинар. Иуцасдæр сауджынæй акуыста, стæй йæ пæлæз раласта æмæ сси ахуыргæнæг. Революцийы размæ йæ уацхъуыдтыл фембæлæн уыд журнал «Чырыстон цард»-ы. Дадийы амарды фæстæ (1923 азы) Муссæ ракуырдта Байаты Гаппойы хо Залиханы.

Аннæ æмæ Дадийы ахастдзинæдтыл дзырдтам. Къамы куыд уынæм, афтæмæй дыууæ чызджы сты ирон дарæсы, сæ дыууæйыл дæр — риуыгънæджытæ. Дади æмæ уыцы риуыгънæджыты койыл æмбæлæм Къостайы фыстæджытæй цалдæры. 1899 азы 12 августы поэт Аннæмæ Херсонæй фыста: «Крючки Ваши меня сильно смущают... С самого начала не повезло моему проекту. Много виноват и Андухъапар, который до приезда моего в Петербург не дал мне знать, что там не берутся за такую работу... А после уже я не имел возможности попасть во Владикавказ, чтобы лично растолковать мастеру детали рисунка... И вот Вы с крючками a la Дади с примесью Зали — да? Посмотрим, Бог даст, что это за крючки. А все-таки своей идеи не оставлю без осуществления, — хочу во что бы то ни стало ввести новую моду в туалете своих юных соотечественниц, с условием, чтобы крючки по моему рисунку и вообще по этой уже „новой“ форме назывались „крючками Коста“ — хоть этим я буду памятен нашим осетинкам».

Уæлдæр цы фыстæджы кой ракодтам, ууыл бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ Къоста Херсонæй фыстæг сæрвыста, ацы хатт Аннæйы хо Юлианæмæ (1899 азы 30 августы): «Чем кончилась история осетинских крючков Вашей сестры?»

Æцæгæйдæр, зын зæгъæн у, риуыгънæджыты хабар цæуыл ахицæн, уый. Бæлвырд у, Къостайы кæй фæндыд ирон чызджыты зæрдæ балхæнын, исты хорзы сын бацæуын. Уый сæ дарæсыл куы фæзындаид, уæд, æвæдза, чысыл хъуыддаг нæ уыдаид. Фæлæ, куы зæгъын, риуыгънæджыты хабар дарддæр бæлвырд нæу. Уæвгæ ма Къоста ноджыдæр иу ран сæ кой ракодта (1899 азы 7 сентябры Херсонæй Аннæмæ йæ фыстæджы): «Правда, пришлите, я посмотрю Вашу карточку с Альмахсидом, тем более интересно, если вы в новых крючках». Цавæр ног «крючоктæ» уыдысты, Хуыцау йæ зонæг. Къостайы хуызæгмæ гæсгæ арæзт уыдаиккой, уый зын зæгъæн у, уымæн æмæ уыдон сцæттæ кæнынæн рæстæг хъуыд.

Мæнмæ гæсгæ, Къостайы цард æмæ сфæлдыстады нырма бирæ иртасинаг фæрстытæ ис. Æрмæст йæ фыстæджыты цы адæмы кой кæны, уыдоны фæдыл æрзил, сæ фæдонтимæ сын базонгæ у, уæд бирæ ногдзинæдтæ раргом уаид. Зæгъæм, Верычкæимæ куы ныхас кодтон, уæд мын иу фыстæджы кой ракодта, Къоста, дам æй Аннæмæ ныффыста. Аннæ та йæ ратта Дадимæ. Бирæ рæстæг уымæ фæци, стæй бахауд Зораты Муссæмæ. Æз йæ рæстæджы ныхас кодтон Муссæйы хойы чызг Гусаты (Гутнаты) Заретæимæ (царди Дзæуджыхъæуы, уæд ыл цыди 74 азы), æмæ мын ницы бæлвырд дзуапп раттын йæ бон баци.

Æмæ ма ноджыдæр иу ахæм хъуыддаг. Зындгонд куыд у, афтæмæй Къостайы Херсонмæ ахастой инæлар Кахановы хахуыртæм гæсгæ. Цæвиттон, ирыхъæуккæгтæ пъæлицæйæгтимæ фæбыцæу сты æмæ сын сæ амидингæнæджы мæнгæвдисæнтæ рахуыдтой Хетæгкаты Къостайы. Афтæмæй та Леуаны фырт Къоста уыцы хъуыддагмæ ницы бар дардта. Уым архайæг уыди Хетæгкатæй æндæр Къоста. Уый та уыди Верычкæйы мадыфсымæр — Хетæгкаты Созырыхъойы фырт Къоста.

III

Дзасохты Гигойы бинонтимæ хорз зонгæ уыдтæн. Уæлдай хуыздæр ын зыдтон йæ бинойнаг Маняйы (Басионы). Фæстаг азты йе сиахс Абайты Ираклий æмæ йæ чызг Эммæйы бинонтимæ царди, Дзæуджыхъæуы Советты уынджы 27 хæдзары. Маня, зæронд интеллигенттæ кæй хуыдтой, се ’гъдау æмæ уæздандзинадæй бæрæг чи дардта, сæ фыдæлты намыс бæрзæндты чи хаста, уыцы фæлтæрæй уыдис.

Зæронд заман уæлдæр ахуыргонддзинад райсын бирæты бон нæ уыди, фæлæ Маняйæн уый йæ къухы бафтыд. Цæрæнбонты фæкуыста дæндæгты дохтырæй. Зындгонд лæг уыди йæ сиахс Ираклий дæр. Цы хæдæфсарм адæмыл сæмбæлдтæн, уыдонæй иу уыди Абайты дæлбулкъон. Фæстаг азты куыста æфсæддон госпиталы хицауæй. Уыди Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, райста бирæ хæрзиуджытæ. Фыдæлтæ-иу афтæ загътой: «Цæмæй адæймаджы базонай, уый тыххæй йемæ цæххы пут бахæрын хъæуы». Æмæ уый, æвæццæгæн, раст у. Фæлæ адæймаджы базонынæн ис æндæр мадзæлттæ дæр. Зæгъæм, сылгоймагмæ цы цæстæй кæсы. Ираклийы хæдзары цы сылгоймæгтæ уыд, уыдонмæ касти, æцæг лæгæн цы цæстæй кæсын æмбæлы, ахæм цæстæй. Уæлдай стырдæр кад кодта Маняйæн. Цыма йæ ныййарæг мад уыд, уый хуызæн æй фæдардта, цалынмæ йæ каис æгас уыд, уæдмæ. Маняйæн чындз дæр уыди (йæ фырт Барис хæсты фæмард), уыди йын фырты фырт дæр, фæлæ уæддæр йæ чызджы бинонтимæ цард.

Арæх-иу сæмбæлдтæн Абайтæм. Цæмæфæнды-иу сæм куы баулæфыдаис, уæддæр-иу дæ фарсмæ æрбалæууыдаиккой, сæ бон кæм æмæ цæмæй уыд, уымæй-иу дын баххуыс кодтаиккой.

Гиго бирæ азты дæргъы, ирон адæмы историйы цы аккаг уыд, уыцы бынаты нæ уыди. Иуæй-иу ахуыргæндтæ йæ аххосджын кодтой, азимаг кæм нæ уыд, уыцы рæтты дæр, архайдтой, цæмæй йæ сыгъдæг цæсгом æххæстæй ма разына, ууыл. Фæлæ сызгъæриныл бырæттæ цасфæнды куы фæкалай, уæддæр ын кæддæр йе ’цæг хуыз æнæравдисгæ нæй. Гиго та ахæм адæймаг нæ уыд, æмæ фæсвæд кæй æрæвæрай, цы чысыл рацард — æдæппæт æстдæс æмæ ссæдз азы — уыцы рæстæджы цы стыр фæллæйттæ сфæлдыста, уыдон ын йæ ном рох кæнын бауадзой. Уæдæ рæстдзинадæн дæр æппынфæстаг æнæфæуæлахизуæвгæ нæ вæййы. Æмæ æцæгæйдæр, ралæууыд, æцæгдзинад цы у, уый зæгъыны рад.

Гигойы сыгъдæг сурæт æххæстæй равдисыныл тæккæ стырдæр фæллой чи бакодта, уыдонæй иу уыд Булацаты Хазби. Уый удуæлдайæ бацархайдта Гигойы бынтæ ссарын æмæ бабæстон кæныныл. Хъуыды ма йæ кæнын, йæ фыццагдæр статьятæй иу хуынди «Незнание не есть аргумент» æмæ мыхуыргонд æрцыд газет «Социалистическая Осетия»-йы. Уым æрыгон ахуыргонд наукон æгъдауæй, бæлвырд æрмæджыты бындурыл æнцайгæйæ, равзæрста, йæ рæстæджы йæ ныхасыл дыууæ зæгъæг кæмæн нæ уыд, уыцы профессоры рæдыдтæ æмæ, чи зоны, фыццаг хатт хъæрæй загъта, Дзасохты Гиго ирон культурæ æмæ рухсады историйы цы бынат ахсы, уый ахадындзинады тыххæй.

Бирæ сты Гигойы лæггæдтæ ирон адæмæн. Уый йæхи уды сагъæс дзыллæйы зындзинæдтæ æмæ хъизæмарæй уæлдæр никуы æвæрдта. Суанг ма йе ’нæниздзинадыл дæр никуы батыхсти. Кæмфæнды ма уыдаид — Ирыстоны сагъæс æй цух никуы уагъта, рох æй нæ уыд йæ дзыллæйы хъысмæт æмæ сомбон. Уæрæсейы алы къуымты дæр уымæн рахау-бахау кодта, йе ’рыгон бонтæ талынг ахæстæтты уымæн арвыста. Фæстаг хатт æрцахсынæй дæр æй ничиуал фервæзын кодтаид, йæ мæлæт куы нæ ралæууыдаид, уæд.

Гигойы æхсæнадон архайдыл дзургæйæ æнæзæгъгæ нæй, Къостайы хъысмæты куыд тынг сахадыдта, уый тыххæй. Зындгонд куыд у, афтæмæй Гигойы фыд Батджери уыди, Къостайы фыд Леуан æмæ се ’ннæ комбæстæгтимæ Лабæмæ чи алыгъд, уыдонимæ. Кæрæдзийы хорз кæй зыдтаиккой, ууыл дзурын дæр нæ хъæуы. Уæдæ сæ фырттæ дæр уыдысты иудугон. Батджери æмæ Къоста хæларæй кæй цардысты, уымæн ис историон æвдисæнтæ.

Маня мын куыд радзырдта, афтæмæй йæ хицау, кæд кæсын, фыссын нæ зыдта, уæддæр æмбæрста, чиныджы ахадындзинад стыр кæй у, уый æмæ архайдта, цæмæй йæ фырт ахуыры фæндагыл ацæуа. Æмæ йын фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй, æнтысгæ дæр бакодта. Гиго канд Æрыдоны семинары нæ бакаст, фæлæ ма фæци Хъазаны дины академи дæр. Стæй æрмæст уæлдæр ахуыргонддзинад нæ райста. Бантыст ын, абон дæр сæ ахадындзинад кæмæн нæ фæкъаддæр, бирæ ахæм фæллæйттæ сфæлдисын. Уыцы рæстæджы Фридрих Ницше, Федор Достоевский, Антон Чехов æмæ æндæр зындгонд адæймæгты сфæддыстад чи иртæста, уымæ чысыл зонындзинæдтæ куыд хъуамæ уыдаид! Уæдæ рухсад, педагогикæ æмæ æндæр фарстаты тыххæй цы хъуыдытæ загъта, уыдонæн дæр къаддæр ахадындзинад нæй.

Бадджери, адæм куырыхон кæмæй фæзæгъынц, ахæм лæг уыди. Куырыхоны зонд та дардыл феххæссы. Канд йæхи удыкъоппа æмæ бинонты мæт нæ фæкæны, фæлæ фæтыхсы æппæт дзыллæйы хъысмæтыл дæр. Куы зæгъын, Батджери хорз æмбæрста ахуырады ахадындзинад æмæ архайдта, цæмæй, йæ сыхбæсты, йæ хъæубæсты цы фæсивæд рæзыди, уыдон бамбарой чиныджы тых, дамгъæйы нысаниуæг æмæ дам-иу — уый дæр мын Маня дзырдта — хъæуы лæппутæй къорыпп байдзаг кодта, Стъараполмæ-иу сæ аласта, гимназы кæрты-иу сæ акалдта æмæ-иу сæ уым ныууагъта, ацы фæсивæды ахуыр кæнын фæнды, æмæ сын, цы кæнут, уый кæнут, зæгъгæ. Афтæ цалдæр хатты куы бакодта, уæд сын, æвæццæгæн, фæстагмæ цы кодтаиккой, уый куынæуал зыдтой, уæд Къостамæ фæхабар кодтой, афтæ æмæ афтæ, дæ хъæуккæгтæн, зæгъ æмæ гимназы цалынмæ бынæттæ фæзына, уæдмæ сæ мауал æрбаласæнт, зæгъгæ. Къоста дæр йæ иу писмойы 1896 азы августы Цæлыккаты Алыксандрмæ уымæн фыссы: «Батджери Дзасохову передай, что вакансии в пансион гимназии нет и в нынешнем году» (Дзасохты Батджерийæн фехъусын кæн, гимназы пансионы, зæгъ, ацы аз дæр бынат нæй). Фæстаг хатт ма Къостайы уацмысты фондзтомон мыхуыры куы рацыд, уæд уым фиппаинæгты Батджерийы тыххæй афтæ фыссынц: «Дзасохты Батчери (Батджери, Иван) — Къостайы хæлар, арæх-иу поэты Георгиевско-Осетинскойæ йæ бричкæйы аласта Стьараполмæ» (Хетæгкаты Къоста. Уацмысты æххæст рауагъд 5 томæй. Дзæуджыхъæу, 2001 аз, 5 том, 638 фарс).

Ахæм лæг уыди Батджери. Уæдæ йын Гиго цы фырт уыди, уый та ма ноджыдæр иу хатт разынди, Къостамæ цы цæстæй каст, цы аргъ ын кодта, йæ тæригъæддаг хъысмæт — уæлдайдæр йæ царды фæстаг азты — йæ зæрдæмæ куыд арф айста æмæ, цæмæй фæрогдæр уыдаид, ууыл куыд зæрдиагæй архайдта, уымæй дæр.

Мах, ирон адæм, стырзæрдæ стæм, стæй, нæ цуры цы уа, уый нæ цæсты нæ ахады. Къоста, цæсты чи нæ ахадыдта, ахæм лæг куы уыдаид, уæд ыл æгасæй — уымæй размæ ахæм хабар искуы æрцыди, уый æз никуы фехъуыстон — зарджытæ нæ кодтаиккой, таурæгътæ йыл нæ мысыдаиккой, фæлæ куы ’ррынчын, йæхæдæг адæмы сæрыл куыд тох кодта, йæхи сæрыл афтæ тох кæнын куы бахъуыд, уæд æм хæстæг ничиуал цыд, рохуаты йæ ныууагътой, Иры дзыллæйæн цы бирæ хæрзты бацыд, уый йæ зæрдыл никæмæнуал лæууыд æмæ йæ иунæг мæгуыр хо Олгайы æвджид дæр уымæн баззад.

Уыцы уавæрмæ кæсын иннæты хуызæн Дзасохы-фыртæн йæ бон куы бауыдаид, уæд æй абоны Гигойæ нæ зониккам, фæлæ уымæн æнкъараг зæрдæ уыд, искæй зын уавæрты уынгæйæ æнæ рисгæ кæмæн нæ уыд, искæй низæй рынчын чи кодта æмæ йæ тугтæ кæмæн калдысты, ахæм зæрдæ. Кьостайы хъуыдыгæнæг куыннæуал уыд, уæззау низ æй йæ быны куы скодта, уæд Гиго фæсидти ирон адæммæ, радзырдта сын, сæ сæрхъуызой зын уавæры кæй ис, фæсидти сæм, цæмæй йын, кæмæн цы йæ бон у, уымæй баххуыс кæна. Уыцы рæстæджы фæзындысты Олгайы писмотæ Гигомæ. Уым поэты иузæрдион хо бæлвырдæй фыста, Ирыстоны намыс цы уавæрмæ æрхауд, уый бæлвырддзинæдтæ. Гигойы фæрцы мах абон зонæм, фондзыссæдз азы размæ нæ хуыздæр лæг цы хъизæмæрттæ æвзæрста æмæ мæлгæ-мæлын йæ уарзон адæмæн цы фæдзæхста, уыдæттæ. Кæд Гиго йæ удæй арт цагъта, уæддæр æй, зæгъæн ис, æмæ ничи фехъуыста, æппæт адæмы хъыг кæмæ хъардта, уыдон ын йæхи хъыг нæ бамбæрстой.

Къостамæ æцæгæлон цæстæй кастысты йæ амæлæты фæстæ дæр. Комкоммæ йæхимæ нæ, фæлæ йе сфæлдыстадмæ, йæ бирæ æнæмыхуыргонд фыстытæм. Иуæй-иутæй фæстæмæ, ничи тыхст уыдон бахъахъхъæныныл. Цæмæй ма фесæфтаиккой æмæ фидæны фæлтæртæм фæхæццæ уыдаиккой, уый тыххæй сæ хъуыди æрæмбырд æмæ бабæстон кæнын. Стæй канд йæ фыстытæ нæ. Ссарын хъуыд йæ къамтæ, йæ писмотæ, бацæттæ кæнын хъуыд, чи йæ зыдта, уыдоны мысинæгтæ, иу ныхасæй, поэты цард æмæ сфæлдыстадимæ цыдæриддæр баст уыд, уыдон, амал æмæ гæнæн уæвгæйæ, иууылдæр хъуыди чиныгæй рауадзын. Афтæ нæ бакæнгæйæ, поэты бынтæн тæссаг уыди фесæфынæй, уымæн æмæ дзы бирæтæ боны рухс нæма федта. Уыцы хæс дæр йæхимæ райста Дзасохты Гиго æмæ ногæй фæсидти ирон адæммæ.

Бæргæ, йæхи къух куы амыдтаид — Гигойæ зæгъын — уæд газеты æххуысæй адæммæ курæджы хуызы бæргæ нæ рацыдаид, фæлæ, Чеховы загъдау, искæй тыххæй курæг ацæуын æфсæрмыйаг нæу, æмæ Гиго дæр афтæ уымæн бакодта, æмбæрста, цы хъæппæрис равдыста, уый Къостайы кæй нал хъуыд. Уæдæ дзы Дзасохы-фырт йæхицæн исты фæпайда кæныныл дæр нæ архайдта. Уый кодта йæ адæмы, йæ бæстæйы мæт.

Кæд цыфæнды зын уавæрты архайдта, уæддæр ын чысыл нæ бантыст. Æрæмбырд кодта, уымæй размæ мыхуыргонд чи нæма уыд, Къостайы уыцы æмдзæвгæтæ — æдæппæт фондзыссæдзæй фылдæр, поэты чи зыдта, уыдонæй бирæтæ ныффыстой сæ мысинæгтæ. Чысыл хъуыддаг нæ уыд, Къоста йæ хæстæджытæ, зонгæтæ æмæ хæлæрттæм цы письмотæ фыста, уыдон ссарын дæр. Фæлæ сæ Гиго ссардта. Ссардта йын ноджыдæр йæ хуызистытæ. Æппæт уыцы æрмæгæй саразын хъуыд чиныг. Чиныг рауадзынæн та хъуыди æхца. Ссæдз туманы. Агурын та райдыдта уыцы фæрæзтæ дæр. Мæгуыртæ йын цæмæй баххуыс кодтаиккой! Хъæздыджыты фылдæр хай та, удæй мæгуыр кæй у, уый тыххæй капекк сармадзанæй æхсы. Æддæмæ гыццыл кæй фæдæтты, бирæ дæр æм уымæн вæййы. Къусбаргæнæгау куыддæртæй, тыхтæ æмæ амæлттæй йæ тумантæ æппынфæстаг ссæдз баисты. Хъуыди ма чиныгæн разныхас ныффыссын, разныхас, зæгъгæ, Къостайы цард æмæ сфæлдыстадæн йæ рæстæджы æмæ фидæны фæлтæртæн цы ахадындзинад ис, уый тыххæй бындурон æрмæг бацæттæ кæнын. Уыцы хæс Гигойæ хуыздæр исчи сæххæст кодтаид, уый мæ нæ уырны, æмæ йæ, æвæццæгæн, йæхимæ дæр уымæн райста. Ныффыста йæ. Йæ хъарутыл нæ бацауæрста. Равзæрста поэты сфæлдыстад, скодта хатдзæгтæ, фидæнмæ акаст, афтæмæй æмæ ницæмæй фæрæдыд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.