Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆРТЫККАГ ХАЙ 9 страница



— Цы кусыс? — бафарстон æй уыцы барджынæй.

— Мæнæ бæрæгбоны этюдтæ кæнын.

— Æмæ хæстон техникæйы нывтæ кæнæн нæй, уый нæ зоныс?

— Раст зæгъгæйæ, нæ зыдтон.

— Нæ зоныс, уый дæ бæрнондзинадæй нæ ирвæзын кæны. Бахатыр кæн, фæлæ дын мемæ цæугæ ’рцæудзæн.

— Цы, дам? Кæмдæр нынцъыхтай æмæ дæ фæндагыл куы ацæуай, уæд хуыздæр уыдзæн...

Æз, æргом дзургæйæ, иучысыл нуазгæ дæр акодтон.

— Хъус-ма, ныртæккæ дæ де ’фцæгготæй куы ахæр-хæр кæнон, уæд дæ мæ тæф нал фервæзын кæндзæн! Цæуыс æви дæм къухæй бавналон?

Гæнæн ын нал уыд æмæ мæ разæй араст. Былгæронмæ куы ныххæццæ стæм, уæд дæр ма нæм æнхъæлмæ кастыстысты. Куыд рабæрæг, афтæмæй æрæджы канд æз нæ бакодтон... Командирæн хабæрттæ радзырдтон. Уый йын йæ ныв федта. Лæппуйы мыггаг æмæ ном куы базыдта, уæд нывгæнджыты Цæдисмæ бадзырдта, æмæ сæ бафарста, ахæм æмæ, дам, уæм ахæм нывгæнæг ис. Ис, зæгъгæ йын загътой. Йæ ныв ын байстой, стæй йæ науæй бæлæгъы былгæронмæ æрбаластой.

Афтæ цæмæн бакодтон, уый, мæнмæ гæсгæ, бамбæрстай: мæ байрæджыйы тыххæй мæ æфсон ссарын хъуыди æмæ цæугæ-цæуын мæ сæры уыцы хъуыды февзæрди. Æнæуи мæ бафхæрдтаиккой. Нырта «къæрцхъусдзинад» дæр равдыстон, мæхи дæр фервæзын кодтон.

Кæй зæгъын æй хъæуы, иууылдæр бамбæрстой, цæстфæлдахæн ми кæй бакодтон, уый, фæлæ мын æй комкоммæ ничи загъта. Уый нæ, фæлæ ма мын командир, нæ цуры ничи уыд, афтæмæй загъта, дæхи хуымæтæджы æфхæрын кæй нæ бауадздзынæ, уый, дам, æз афтæмæй дæр зыдтон.

Иу мæй рацыди, афтæ та мыл химион службæйы хицау капитан-лейтенант Ходасевич амбæлд æмæ мын, хин мидбылты худгæйæ, афтæ: «Уæдæ, зæгъыс, шпионтæ ахстай, и?» Æз дæр ын хъазгæхуызæй дзуапп раттон: «Къæрцхъусдзинад равдыстон, патриотизм, æмæ мын уый дæр мæ цæстмæ дарынц».

— Мæнмæ гæсгæ, Мурат, ды канд нывгæнæджы тæригъæды нæ бацыдтæ. Де ’мкусджытыл дæр цыма нæ ауæрстай, афтæ мæм кæсы. Æппындæр-иу дын чи ницы кодта, уыдонæй дæр кæмæн хъыцъыдон баназын кодтай, кæмæн — компот.

— Уыдис ахæм хабæрттæ дæр. Уыдон та ахудыны тыххæй уыдысты. Демæ иу хайады чи куыста, уыцы Фидары дæр нымæтын ехсæй æрцæфтæ кодтон. Уыдон та рисгæ никæмæн кæнынц. Иу хатт æй «Букет Абхазии»-йы сæнæй куыд фæрасыг кодтон, уый ма хъуыды кæныс?

— Йæ бæлвырддзинæдтæ мæ ферох сты.

— Нозтыл куыд æнувыд уыди, уый зоныс?

— Зонын, куыннæ йæ зонын! Фæлæ йæ фæстаг дыууæ æви æртæ азы йæ дзыхмæ нал схаста. Æвæццæгæн, афтæ æваст уадзгæ нæ уыди, æндæр, чи зоны, абон дæр ма цæрид.

— Хуыцау йæ зонæг, куыд уыдаид, уый, фæлæ, æз цы рæстæджы кой кæнын, уым йæ тæккæ нуазгæйæ уыд. Иунæг бон дæр ыл æнæнуазгæйæ нæ ивгъуыдта. «Рæстдзинад» ма партийы горкомимæ проспекты иу хæдзары куы уыди, уæд дзы фыццæгæм уæладзыджы хорз буфет куыста. Гъемæ иу сихорафон цыппæрæм уæладзыгæй æрхызтæн æмæ дзы уыди хъæддаг фæткъуыты дон компоты бæсты. Иу агуывзæ дзы анызтон æмæ мæ зæрдæмæ фæцыди. Буфетгæсы фæрсын, афтид сæны авг дæм, зæгъын, никуы ис. Ис, дам. Рахæссын ын æй кодтон. Æрæджы кæй равдæлончынд, ахæм. Йæ фарсыл, «Букет Абхазии» фыст цы гæххæттыл уыд, уый дæр уыцы дзыхъхъынногæй лæууыд. Уæйгæнæгæн æй фæткъуыты донæй байдзаг кæнын кодтон æмæ йын загътон, ныртæккæ Фидаримæ æрбацæудзыстæм æмæ фынгыл куы ’рбадæм, уæд нын-иу æй нæ разы æрæвæр, нуазæн уын æрбарвыстæуыд, зæгъгæ.

Чысыл фæстæдæр Фидаримæ ’рбацыдыстæм æмæ иу фынджы уæлхъус æрбадтыстæм. Куыддæр хæрынмæ æрæвнæлдтам, афтæ нын сылгоймаг, авг нæ разы æрæвæргæйæ, загъта:

— Нуазæн уын æрбарвыстой.

Чи йæ ’рбарвыста, уымæй дæр æй нæ бафарста, афтæмæй йын Фидар йæ фыстытæм кæсыныл фæци. Æз мæхи нынцъылдтæ кодтон æмæ былысчъилхуызæй загътон:

— Ныр-иу ахæм сæнтæ куыд фæнуазут? Кæд нуазыс, уæд водкæ бануаз æмæ дын зæрдæмæ цæуа.

Фидар дзы цайцымæн агуывзæйы дзаг рауагъта æмæ йæ анызта. Йæ былтæ æхсызгон сæрфт акодта æмæ мæм дзуры:

— Дзæгъæлы йæ фауыс. Тынг хорз сæн у — «Букет Абхазии». Фен-ма йæ.

— Цытæ дзурыс! Æхсынцъыдоны ад фæкæнынц уыцы хус сæнтæ.

— Уый ахæм нæу.

— Цавæрфæнды уæд — нæ мæ хъæуы.

Ноджыдæр ма дзы иу банызта, иннæ йемæ цыппæрæм уæладзыгмæ схаста. Чысыл фæстæдæр æм бацыдтæн æмæ йын загътон:

— Нозт дыл фæзынди æмæ та дæ цалынмæ хицау нæ федта, уæдмæ дæ гуыры конд айс.

— Раст зæгъыс. Мæхи зæрды дæр цæуын уыдис...

Иннæ хатт та йæм нæ цумагæнæджы телефонæй бадзурын кодтон. Раздæр-иу æндæр хъæу кæнæ горæтмæ телефонисткæты æххуысæй дзырдтой. Æрбадзырдтаиккой-иу дæм, дæ ном, дæ мыггагæй-иу дæ бафарстаиккой, стæй дын-иу загътаиккой, ахæм æмæ дæ ахæм горæтæй агуырдæуы, зæгъгæ. Цумагæнæгæй нæм куыста, Мара-Новик, зæгъгæ, иу уырыссаг чызг. Тынг дзæбæх адæймаг. Фæсаууонмæ институты ахуыр кодта, афтæмæй махмæ дæр куыста æмæ йын афтæ зæгъын, телефонисткæйы хуызы Фидармæ бадзур æмæ йын зæгъ, Мæскуыйæ дæ агуырдæуы, зæгъгæ. Æрмæст æй раздæр йæ ном æмæ йæ мыггагæй бафæрсдзынæ. Уый фæстæ хæтæл мæнмæ ратдзынæ.

Ныр Фидарыл та къæртайæ уæлдай хъустæ нæ уыд, æмæ ууыл мæ зæрдæ дардтон: цасфæнды мæм куы фæхъуса, уæддæр, чи дæн, уый нæ базондзæн. Чызг мæм хæтæл куы ратта, уæд æй мæ хъусыл сæвæрдтон, фæлæ барæй мæхи ныхъхъус кодтон. Уый «хъусын», «хъусын» кæны, хæтæлы дæр йæ фу райхъуысы. Æрæджиау æм сдзырдтон. Йæ ном æмæ йын йæ мыггаг загътон, уый, зæгъын, дæ. О, зæгъгæ мын куы загъта, уæд ын æз дæр мæхи бацамыдтон: Рудовский. Куы базонгæ стæм, уæд æм, цæмæ дзурын, уый схъæр кодтон: «Æз газет „Сельская жизнь“-ы редакцийы сæрмагонд уацхæссæг дæн. Чысыл раздæр ныхас кодтон партийы Цæгат Ирыстоны обкомимæ æмæ мын загътой, ды, дам, республикæйы хæдзарæдты уавæримæ хорз зонгæ дæ, мæн та Цæгат Ирыстоны тыххæй нæ газетæн фарс бацæттæ кæнын хъæуы æмæ йæ иумæ куы ныффыссиккам, уый дæ нæ фæнды?» Табуафси, зæгъгæ, куы загъта, уæд ын мæ дарддæры фæндтæ дæр бамбарын кодтон: «Уæдæ-иу сабаты Минводмæ — уæд Ирыстоны аэропорт нæма уыди — хæдтæхæгмæ мæ размæ рацу». «Хорз», зæгъгæ, куы загъта, уæд хæтæл æрæвæрдтон.

Диссаг уый уыди, æмæ мæ æппындæр кæй ницæмæй бафарста. Кæд æмæ цавæр рейсы стæхдзынæн, стæй мæ куыдæй базондзæн?

Æз тыргъмæ рацыдтæн æмæ æнхъæлмæ кæсын, дарддæр йæхи куыд дардзæн, уымæ. Иу-фондз минуты рацыдаид, афтæ йæ дуар фегом æмæ гуыртгуыртгæнгæ йæ ных редактормæ сарæзта. Уыцы рæстæг Валодя йæ кусæн уатæй рахызт. Фидар-иу искæмæй исты куры кæнæ, æфсæрмыйаг чи у, ахæм ныхас зæгъынмæ хъавы, уæд-иу йæ къæбут аныхæгау кодта, стæй-иу уæд дзурын райдыдта. Ныр дæр та йæ бæрзæй аныхгæйæ загъта:

— Гъед у, Валодя... Сабаты мæ Минводмæ машинæ хъæуы.

— Цы дын дзы баззад Минводы?

— «Сельская жизнь»-ы уацхæссæг нæм ссæуы.

— Æмæ цæуæд! Мах дзы исты хæсджын стæм? Нæй нæм машинæ!..

Баздæхт фæстæмæ æмæ йæ зонгæтæм телефонæй дзурын райдыдта, хъуамæ дзы искæмæй машинæ ракуырдтаид. Фæтæригъæд ын кодтон æмæ йын афтæ: «Æз дæм дзырдтон, æз. Ам дæ куы ничи зоны, уæд дæ Мæскуыйы чи зоны?» Цытæ дзурыс, ныртæккæ, дам, мемæ «Сельская жизнь»-ы уацхæссæг ныхас кодта.

Афтæ ма, зæгъын, телефоны цур фæлæуу æмæ та дæм ныртæккæ Мæскуыйæ сдзурдзысты.

Ауадтæн æмæ та Мара-Новичы æрдæбоны хуызæн бадзурын кодтон. Хæтæл мæм авæрдта æмæ Фидармæ дзурын:

— Æдылы къоппа, гъер дæр та дæм Мæскуыйæ дзурынц?

Сволочь, зæгъгæ мын дзуапп ратта æмæ бахудæгау кодта.

— Зæгъгæ дын раст кодта, уымæн æмæ ауæрдгæ зонгæтæ нæ, фæлæ хиуæттыл дæр нæ кæныс.

— Уый ды, æвæццæгæн, мæ хæстæджыты лæппуйы кой кæныс?..

— Уый кой дæр кæнын, стæй ма, дæ мадырвадæлтæм минæвæрттæ куы ’рбацыд, уый кой дæр.

— Омæ уæдæ лæг ахæм митæ куы нæ кæна, уæд — раздæр ма йæ куы загътон — цард бынтон æнкъард у. Не ’рвадæлты лæппу ус куы куырдта, уæд йæ фыдмæ æфсæрмы кодта, фæлæ-иу мæн афарста. Гъемæ чындзы куы ’рбахастой, уæд æй æгъдаумæ гæсгæ сиахсы цыд бакæнын хъуыд. Æз уымæй размæ нуазгæ дæр акодтон æмæ мæ хъæлдзæг зæрдæйыл уыдтæн, афтæмæй мæм æрбацыд æмæ мæ фæрсы, сиахсы цыд куы бакæна, уæд æй йæхи куыд дарын хъæудзæн, уымæй.

— Зынæй дзы ницы ис, — зæрдæтæ йын æвæрын. Нæ сыхæгты лæппу æмæ ма мын ноджыдæр кæмæйдæр загъта, уыдонимæ, дам, цæуын. — Бацæудзыстут, сылгоймæгтæ кæм сты, уырдæм — чындзы мад дæр уым уыдзæн — æмæ уе ’ртæмæ дæр нуазæнтæ авæрдзысты æмæ-иу цыбыр арфæ ракæн æмæ-иу нуазæн бануаз — иу сыкъа бануазыны тыххæй дæ расыггæнаг ничи схондзæн — æмæ-иу афтид агуывзæйы æхца сæвæр.

— Цас?

— Дæ бынтæ дзы иууылдæр куы ’вæрай, уæддæр дын «нагъ» ничи зæгъдзæн, фæлæ, иугæр хъуыддаг кæныс, уæд æй хорз хъуамæ скæнай æмæ, иннæтæ цас февæрынц, уымæй дзы дыууæ хатты фылдæр сæвæр.

— Уый фæстæ та?

— Уый фæстæ-иу чындзы фыды бацагур. Аивæй-иу зонгæтæй искæй бафæрс æмæ-иу йæ цурмæ бацу.

— Уым та цы кæнын хъæуы?

— Ницы. Æнæдзургæйæ-иу йæ разы къахфындзтыл скаф, стæй уæд рацу.

Уый йæ былтæ акъуырдта æмæ уыцы фидарæй загъта:

— Æз никæй цур кафын!..

Мæхиуыл хæцын нал бафæрæзтон æмæ ныххудтæн. Цы бамбарын ма йæ хъуыд, хъазгæ дзы кæй кодтон, уый. Куы ацыд, уæддæр мæ худын нæ урæдтон. Йæ каисы цур куы скафыдаид — кафынмæ та дæсны у — уæд хæрзаг лæг йæхинымæр катайы бацыдаид, ай мæ чызджы куы байсæфтон, æррайæн æй куы раттон, зæгъгæ.

— Ныр мæ мадырвадæлты кой ракодтай, æмæ уый та афтæ уыди.

Цæвиттон, сæ чызгыл сын дзырдæуыд, æмæ сæм минæвæрттæ æрбарвыстой. Фынг сын æрæвæрдтой æмæ, куыд вæййы, афтæ хистæр Хуыцауы ном ссардта, фæстæдæр Уастырджийы тыххæй фæсидт. Æртыккаг сидтыл та хъуамæ, уазджытæн сæ цыды сæр цæй тыххæй уыди, уый раргом кодтаиккой. Загътой, цы зæгъинаг уыдысты, уый æмæ сын нæ хистæр — Камал — тынг уæздан дзуапп ратта:

— Иннæ хуыцауæхсæв æрбацæут æмæ уæд бæлвырд баныхас кæндзыстæм.

Хуыздæр дзуапп ма цы вæййы! Минæвæрттæн дæр æхсызгон уыд ахæм ныхæстæ фехъусын, фæлæ куы анызтытæ кодтой, уæд дзы дыууæйы бæлвырд дзуапп уыцы изæр райсын æрфæндыди. Сæ фæнд ацæуыны тыххæй та ахæм æфсон æрхъуыды кодтой, лæппуйы фыд тыхст рынчын у æмæ афтæ зæгъы, уыцы хъуыддаг, дам ма æз дæр куы федтаин. Камал ма сын ноджыдæр иу хатт бамбарын кодта:

— Куы бадзырдтам: абон — хуыцауæхсæв, иннæ хуыцауæхсæв бæлвырд дзуапп райсдзыстут. Ууыл нæ ныхас ахицæн, ныр нæ фынджы кой кæнæм.

Мæ зæрдæмæ дæр фæцыдысты хистæры ныхæстæ, фæлæ та-иу уæддæр уыцы дыууæйæ куы иу, куы иннæ йæхиуæттæ кæныныл афæлвæрдта.

Æз кæстæр уыдтæн, фæлæ сæм мæсты кæнын райдыдтон. Мæхиуыл хæцыдтæн, хæцыдтæн, стæй æппынфæстаг хистæрæй ныхасы бар ракуырдтон æмæ уазджыты фæрсын:

— Сымах ардæм минæвар æрбацыдыстут æви хъæргæнæг?

— Уæллæй, Мурат, ды лæгмæ куы фæкомкоммæ уай, уæд усгурæй хъæргæнæг сараздзынæ, прокурорæй та — фыдгæнæг.

Мурат йæ мидбылты бахудт:

— Уыдис ахæм хабар дæр. Уæд ма кусынмæ Беслæныхъæуæй цыдтæн. Æфсæнвæндаджы вагзалмæ фæцæйцыдтæн æмæ дын мæм иу газик куы фæуромид. Мæ зонгæтæ дзы бадти æмæ мæм дзы иу дзуры, нæхимæ, дам, цæуыс. О, зæгъгæ сын куы загътон, уæд мæ машинæйы сбадын кодтой. Мæ зонгæтæй иу районы прокуроры хæдивæг разынд æмæ мын афтæ зæгъы, искуы, дам, уал фæйнæ баназæм.

Уæртæ базары дæле, ирон хæринæгтæ кæм кодтой, уырдæм бацыдыстæм. Арахъхъ балхæдтам æмæ фынджы уæлхъус æрбадтыстæм. Къухтæ сæрфынæн дзы гæххæтт нæ разынди, æмæ прокурор йæ папкæйæ иу сыф систа æмæ йæ цыппар дихы акодта — шофыримæ цыппар уыдыстæм. Сыфыл цыдæр фыстытæ уыди. Æвæццæгæн, тæрхоны рæстæджы паддзахадон зылынгæнæджы хуызы дзырдта æмæ, цытæ дзурдзæн, уыдон гæххæттыл фæрстыты хуызы афыста. Стæй сæ уæд ныххæххытæ кодта, цæмæй дзы мацыуал бæрæг уыдаид, уый тыххæй. Мæнмæ дзы цы гæбаз æрхауд, уым ма бакæсæн уыди æрмæстдæр дыууæ дзырды: «Сельхозтехникæ» æмæ «домкрат». Æз не ’ртыккаг æмбалы рæмбыныкъæдзæй басхуыстон æмæ йæм дзурын:

— Гъер нозтыл фестæм, фæлæ мæм цы хъаст æрбацыд, уый мæ иу минут дæр рох нæу...

— Цавæр хъаст?

— Куыстæй рацæуыны хæдразмæ мын æй хицау мæ къухы фæсагъта, æвæстиатæй фельетон бацæттæ кæн, зæгъгæ. Тагъд-тагъд кодтон, æмæ йæм дзæбæх не ’ркастæн, фæлæ хъуыддæгтæ «Сельхозтехникæ»-имæ баст сты, цавæрдæр домкраттæ-йедты кой дзы уыди. Уый дын прокуроры хæдивæг айхъуыста, цы! — хæрдмæ фесхъиудта æмæ загъд-замана систа: «Уыдон дзырдхæсджыты фыстытæ сты! Уæдæ сæ ахæстоны сбадын кодтаин?!»

Æмæ тæрхондоны цы хъуыддаг æвзæрстой, уый дзурынмæ фæци. Куыд загъта, афтæмæй «Сельхозтехникæ»-йы уыди тракторты прицептæ æмæ сæ цæлхытæ цавæрдæр машинæйæн бæззыдысты. Къæрныхтæ домкрат бахастой æмæ уый æххуысæй цæлхытæ рафтыдтой. Æмæ, дам сын уый тыххæй марыны тæрхон рахастаин?!

Хъуыддаджы бæлвырддзинæдтæ куы базыдтон, уæд мын дзурын фенцондæр:

— Хъастгæнæг афтæ фыссы, фыццаг хатт, дам, нæ давынц уыцы прицепты цæлхытæ, фæлæ, дам, сæ прокуратурæ уæлæнгæйтты ауадзы æмæ, дам, æдзæсгомæй-æдзæсгомдæр кæнынц, стæй, дам, фæстаг рæстæг профилактикæмæ æппындæр хъус нал дарут.

Лæгæн йæ нозт фæцыдæр. Фæндагыл йæ дзыхæй ныхас нал хауд. Беслæнмæ куы фæцæйхæццæ кодтам, уæд мæм йе ’мбал, уый дæр прокуратурæйы кусæг, æрхатыди:

— Цæй, Мурат, ды куыд нæ кæстæр æфсымæр, афтæ хъуыддаг хъуамæ бамынæг кæнай...

— Мæнæй аразгæ куы уаид, уæд мын сымах дзурын нæ хъæуид, фæлæ редактор тынг хъæддыхæй дзырдта, уыцы митæн, дам, кæрон скæнын хъæуы. Ахæм хъæстытæ, дам, æгæр сарæх сты...

Беслæныхъæумæ куы ныххæццæ стæм, уæд шофыры хъусы дзурын, нæхиуылты ацу, зæгъгæ. Ницыуал нæ хъуыди, фæлæ та ногæй фынгыл æрбадтыстæм. Иуахæмы мæм прокуроры хæдивæг дзуры:

— Æри-ма, кæм и уыцы гæххæтт?

Фæндагыл сын афтæ загътон, хъаст, зæгъын, мемæ рахастон, хæдзары йæ бакæсдзынæн, зæгъгæ.

Хæрæндоны мæм мæ къухтæ сæрфынæн цы гæххæтты гæбаз æрхауд, уый нæ аппæрстон, мæ дзыппæй йæ систон æмæ йæ фынгыл æрæвæрдтон:

— Мæнæ дын уыцы хъаст!

Куы йæ федта, уæд йæ армытъæпæнтæ кæрæдзиуыл æрцавта, мæнæ, дам мын мæ туг куыд ныллæууын кодтай.

— Уæллæй, Мурат, ды лæгæн йæ туг дæр ныллæууын кæндзынæ, туг дæр дзы бауадздзынæ, гонорары бæсты йын иу бæстæйæ иннæмæ пырындз куы ’рвитай, уæд.

— Раст зæгъын хъæуы, уыцы уацхæссæджы æз мæ цæсты кæронæй дæр никуы федтон, фæлæ лæгæн йæ сæры кæд цы фæкуыси уыдзæн, уый зын зæгъæн у...

Уый та, нæ горæты китайаг бархионтæн цыртдзæвæн куы гом кодтой, уыцы заман уыди. Газетты къамисджытæ йын йæ хуыз бынæй истой æмæ дзы хорз панорамæ нæ уади. Уæд ма æрыгон уыдтæн æмæ нæ фæзивæг кодтон. Йæ бакомкоммæ цы хæдзар уыд, уым фæндзæм уæладзыджы иу фатермæ бахостон æмæ сын хъуыддаг бамбарын кодтон, афтæ æмæ, зæгъын, афтæ, къам сисын мæ хъæуы æмæ мæ уæ балкъонмæ бауадзут. Бауагътой мæ æмæ æртæ хуызы дзæбæх къамтæ систон.

Уæд Пекины дыууæ ’взагыл — уырыссаг æмæ китайаг æвзæгтыл — цыди журнал «Дружба», æмæ мæ уацхъуыд уырдæм арвыстон. Уыцы рæстæг Сталины фыдгой кæнын райдыдтой. Мао Цзэдун нæ партийы съездæй йæ делегациимæ сыстад æмæ тæргайæ сæхимæ ацыдысты. Уæд хабæрттæ æргомæй нæма дзырдтой, фæлæ дыууæ хæлар бæстæйы æхсæн изгарддзинад кæй фæзынд, уый мæ фыст ныммыхуыр кæнынæн дæр батых кодта, æндæр ахæм дзуапп нæ райстаин: «Бузныг, нæ журналмæ зæрдиагæй дæ хъус кæй дарыс, уый тыххæй, фæлæ ныртæккæ, æнæмæнг тынг цымыдисаг чи у, дæ уыцы æрмæг ныммыхуыр кæныны фадат нæй». Кæд мæм сæхимæ гæсгæ цыфæнды уæздан ныхæстæ ныффыстой, уæддæр мын æхсызгон кæм уыдаид ахæм писмо райсын! Æмæ мын чысыл фæстæдæр мæ маст фæкъаддæр кæнынæн замманай фадат фæцис.

Цæвиттон, писмо цы къонверты уыд, уый раздæр æрвыстой Мæскуымæ цавæрдæр Гофманмæ. Æмæ йæ машинкæйыл куыд ныммыхуыр кодтой, афтæмæй дзы дамгъæты фæд дзыхъхъытæй баззади. Фыстхалæнæй йæ фехæлдтой æмæ йын йæ уæлæ мæ адрис ныффыстой. Иуварсæрдыгæй кæсгæйæ, мæскуыйаджы адрис бæрæг уыд. Рафыстон æй, мæхи адрис фехæлдтон æмæ дзы фæстæмæ уыйуон ныффыстон. Бланкыл та уыдис цыбыр текст. Ралыг æй кодтон, грифы бынмæ ма бынат баззади æмæ Гофманы номыл ныффыстон ахæм писмо: «Хорз æрмæг нæм æрбарвыстай. Тынг бузныг дæ фестæм. Ныммыхуыр æй кæндзыстæм нæ журналы хæстæгдæр номыртæй иуы. Гонорарæн дын арвыстам пырындз. Дæ бон æй райсын у ахæм адрисыл: горæт Ростов-Дон, товарты 2-æм кæрт». Посты лагъзы йæ Ирыстоны куы ныппæрстаин, уæд штемпелæй бæрæг уыдаид æмæ мыл ме ’нæзонгæ Гофман нал баууæндыдаид. Нæ фæзивæг кодтон æмæ æфсæнвæндаджы вагзалмæ ныццыдтæн. Мæскуымæ цæуæг поездтæй, посты вагон кæм уыд, ахæммæ банхъæлмæ кастæн æмæ, йæ фарсыл цы посты асыкк уыд, уым æй ныппæрстон. Уырдæм-иу цы писмотæ бахауд, уыдоныл та-иу мæскуыйаг штемпельтæ æвæрд æрцыд.

Дарддæры хъуыддæгтæн ницыуал базыдтон, фæлæ цавæрдæр Гофманы зæрдæ кæй барухс уыдаид, Китайæ мын æнæхъæн вагон пырындз æрбарвыстой, зæгъгæ, ууыл гуырысхо нæ кодтон.

— Уæдæ дын æз хуымæтæджы фæзæгъын, ныронг æгас кæй дæ, уый мæм диссаг кæсы, зæгъгæ.

Мурат йæ мидбылты бахудт æмæ афтæ:

— Нæ фæлæ ’мæ æз ахæм митæ куы нæ кодтаин, уæд афонмæ раджы ныхъхъæмп уыдаин, фæлæ мын Хуыцау хорз кодта, æмæ-иу мæ мæ зын цæрдтытæ хъазын æмæ худыны фæрцы ферох сты. Æрмæст Бексолтаны фæрцы дæр мæ цардыл иу-авд азы бæрц бафтыди. Диссаг у, æвæдза, адæймаг, «Рæстдзинад»-ы цы бонтæ арвыста, уыдон куы ’рымысы, уæд ыл цыма къæвдайы фæстæ хур ракæсы, уый хуызæн йæ зæрдæ срухс вæййы, цæрын æм æрцæуы...

Мæ зæрдыл, Бексолтаны профцæдисон комитеты сæрдарæй куы равзæрстой, уыцы рæстæг æрлæууыд. Цыфæнды фæлмæн ныхас дæр æм тынг хъардта, йæ фыстæй йын раппæлыдтæ, уæд-иу цыма Чырыстийы цъуппыл балæууыд, афтæ-иу æм каст. Хуымæтæджы кады гæххæттыл дæр-иу сывæллонау цин кодта. Фылдæр хатт-иу æй ныхæстæй нæ равдыста, фæлæ-иу йæхи куыд дардта, уымæй бæрæг уыд, амондджын кæй у, куыстмæ дзæвгар кæй фæразæнгарддæр, йæ цæсгомыл-иу цины уылæнтæ хъазыд. Фæлæ йæ профкомы сæрдарæй куы равзæрстой, уæд дзы уымæн æмбал нæ уыди.

Кæй йæ нымайынц, сæ зæрдæ йыл кæй дарынц æмæ йæм цыдæр хорздзинæдтæ саразынмæ кæй æнхъæлмæ кæсынц, уый хъуыддаджы иу хай уыд, иннæ хай та уыд адæмы фыдæнхъæл ма фæкæнын, цы æууæнк æм равдыстой, уый аккаг разынын. Æмæ йæхиуыл нæ ауæрста, фыццаг бонæй фæстæмæ тырныдта исты равдисынмæ, алчидæр дзы куыд фæбузныг уа, ууыл бацархайынмæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.