Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 42 страница



Цыбыр дзырдæй, лæг таксийы бабадт æмæ Хуссайраг поселочы уылты Тарскæмæ араст. Шофыримæ баныхас кодта, фæстæмæ дæр мæ æрбаласдзынæ, зæгъгæ. Хъæугæронмæ бахæццæ сты, фæлæ дзы иу ногдзауыл дæр йæ цæст не ’рхæцыд, æрмæстдæр дзы кæйдæр хъазтæ æмæ рæуæдтæ хызтысты. Муссæ афтæ зæгъы, Октябрьскыл, дам, нæ цæуын хъуыди. Шофыр ын разил-базил кæныныл нал сразы, æмæ Культурæйы хæдзар бацагуырдтой. Йæ дуар æхгæд куы разынд, уæд, парторг кæм цæры, уымæй, уынджы цы лæппутæ лæууыд, уыдоны бафарстой. Хуыцаубон уыд, æмæ лæджы сæ цæхæрадоны цыдæртæ архайгæ баййæфтой.

Муссæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мæсты уыдис æмæ салам дæр нæ ратта, афтæмæй йæм дзуры:

— Æз Муссæ дæн.

— Хъусын дæм, — æмæ парторг йæ сагойыл æрæнцой кодта.

— Æз поэт Муссæ дæн, æрбахуыдтай мæ, дæхæдæг та дæ цæхæрадоны куыстытыл схæцыдтæ!..

Лæг йæхинымæр ахъуыды кодта: «Чермены æррадонæй ма раирвæзæд. Уыдонæй дæр йæхи чи профессор фæхоны, чи — поэт...»

Ныр шофыр кæсы æмæ ныхæстæм хъусы. Уый тынгдæр йе ’хцайы мæт уыди, æндæр афонмæ йæ дымгæ дæр нал уыдаид. Куыддæртæй Муссæйы машинæйы сбадын кодта æмæ йæ фæстæмæ горæтмæ æрбаласта.

— Рæвдздæр æхца, — дзуры йæм шофыр. — Боны ’мбис мæ æгуыст фæкодтай!

Муссæ ма йын, колхоз дын бафиддзæн, зæгъынмæ хъавыд, фæлæ шофыры тызмæг цæстæнгасмæ куы бакаст, уæд ницыуал сдзырдта, йæ дзыппæй æхца систа æмæ шофырæн, цасдæриддæр ын загъта, уыйбæрц йæ къухы банымадта.

— Мурат, цыфæндыйæ дæр дзы хъæлдзæгдзинадæн æмбал нæй æмæ нæ ныхас худынæй фæуæм.

— Худинæгтæ мæм уыйбæрц ис, æмæ мын бонмæ дæр конд нæ фæуыдзысты, æмæ ма дын дзы кæронбæттæны иу радзурдзынæн...

— Уæд Министрты Советы куыстон. Розæ, зæгъгæ, нæм иу секретаршæ уыди. Алы кусæн уатмæ дæр бауайын уарзта, æмæ йæ æз йæ цымыдисы тыххæй маймули схуыдтон. Уый та мæнмæ ахæм номæй дзурын райдыдта. Кæмфæнды-иу мæ куы ауыдта, уæддæр-иу мæ разæй фæуыныл архайдта æмæ-иу мæм дардæй дæр, маймули, зæгъгæ, ныхъхъæр кодта. Æз Министрты Советы нал куыстон, фæлæ кæрæдзийы нæмттæ нæ ферох кодтам, куы-иу амбæлдыстæм, уæд-иу сæ æнæмæнг æрымысыдыстæм.

Чиныгуадзæн «Ир»-ы цал азы бакуыстаин, Хуыцау йæ зонæг, афтæ та Розæйыл профцæдисты хæдзармæ — чиныгуадзæн уæд уым уыдис — фæцæйцæугæйæ амбæлдтæн. Уый мæ раздæр ауыдта æмæ мæм хъæр кæны:

— Маймули!

Ныр мæ разæй иу авд-дæс санчъехы дарддæр цæуы иу сылгоймаг. Æз мæхи ницыхъусæг скодтон æмæ трогуарæй æрхызтæн. Дыккаг хатт «маймули», зæгъгæ, куы ныхъхъæр кодта, уæд сылгоймаг фæстæмæ фæкаст æмæ дис кæны, ай цы уа, зæгъгæ. Æз æм саст хъæлæсæй дзурын:

— Тротуарæй æрхиз, йæхи дыл ныццæвдзæн.

О Хуыцау, зæгъгæ, фæкодта æмæ мын афтæ:

— Дæуимæ ацæуон?

Мæ дæларм æй бакодтон æмæ суанг тигъмæ йемæ фæцыдтæн. Уый дарддæр цæуын хъуыд æмæ мын афтæ, цалынмæ уæллаг тигъмæ схæццæ уон, уæдмæ ам фæлæуу, мыййаг, дам, мæ куы расура. Гъемæ, мæгуыр, тарст сылгоймаг тагъд-тагъд уæлæмæ фæцагайдта. Фæстæмæ фæкæс-фæкæс кодта, кæд мæ фæсте сурæг и, зæгъгæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.