Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆРТЫККАГ ХАЙ 7 страница



Кæй æрбацыдтæн, ууыл фæсмон кæнын райдыдтон, фæлæ гæнæн нал уыд. Уырдыглæуджытæй иумæ фæдзырдтон æмæ йын афтæ зæгъын, ам фынгыл куы ницы ис, ацу æмæ ма, зæгъын, къæбицæй исты рахæсс. Уый ацыдис æмæ фæстæмæ афтидкъухæй æрбаздæхт, ницы, дам дзы ис. Фынгыл ма иу хатт мæ цæст ахастон æмæ, йæ бæрæгастæу цы галы сæр уыд, уый бакомкоммæ бадгæ ауыдтон газет «Социалистическая Осетия»-йы хуызисæг Николай Ботвинничы. Йæ фале та Бутаты Тотырбег бадт.

Дзуттаг ирон æгъдæуттæн цы ’мбары, зæгъгæ, ууыл зæрдæ даргæйæ, хистæртæ мæ куыд нæ фехъусой, афтæ Ботвинникмæ дзурын:

— Николай, дæ разы-ма мын галы сæрæн йæ хъус уæддæр радæтт, кæннод мæ дзыхы комыдзагæн цы акæнон, уый нæй.

Ныр фынг æрдæгбадт дæр нæма уыд, фæлæ, куы зæгъын, Ботвинник мах æгъдæуттæн цы ’мбæрста æмæ мæм рахъæр кодта:

— Табуафси, ныртæккæ дын æй æрлыг кæндзынæн.

Æмæ мын хъус, æцæгæйдæр, йæ тæккæ рæбыныл дзæвгар дзидзаимæ ралыг кодта. Сафар мæ фарсмæ бадт æмæ мын афтæ:

— Æри-ма дзы мæнæн дæр.

— Нæгъ! Дæхæдæг амал кæн! — æмæ йын дзы нæ раттон.

Хъус æнафоны æнæгъдауæй ралыг кæнын сæрмæ ’рхæссинаг хъуыддаг бæргæ нæ уыди, фæлæ мæрддзæст, æнæчетар, фыдномгæнæджы ахæм митæй æфхæрын хъæуы, кæннод æм ницы хъары.

Ботвинник мын галы рахиз хъус ралæвæрдта, уый Тотырбег ауыдта, цы! Николаймæ дзуры:

— Мæнæн та иннæ хъус!

— Табуафси, æгайтма дæ хъæуы, — сдзырдта Ботвинник æмæ уымæн та галиу хъус æрлыг кодта.

Диссаг цы уыди, мах уыцы митæ куы кодтам, уæд нæ иу уынæг дæр нæ фæци, æндæр, æвæццæгæн, æвыдæй нæ баззадаиккам. Æппын ницы, фæлæ нын уайдзæфгæнджытæ уæддæр фæуыдаид.

Уæдæ ма йын цы фыдбылыз ракæнон, зæгъгæ, мæ алыварс ахъахъхъæдтон æмæ мæ цæст æрхæцыд замманай рæсугъд открыткæйыл гæдыйы лæппыны ныв ыл, нырма фыццаг къахдзæфтæ чи кодта, ахæм. Йæ чъылдыммæ уыд немыцагау фыстытæ. Мæ зæрдæмæ фæцыди æмæ йæ мæ дзыппы сæвæрдтон. Нæ разы ма цы кадавар муртæ уыди, уыдон ахордтам æмæ анызтам æмæ дзæвгар раздæр фынгæй сыстадыстæм. Нæ фæстæ цы баисты, уый нал базыдтам, фæлæ мæ фæндыди, фынг йæ кæронмæ куы ’рхæстæг æмæ кæстæртæн хъусы нуазæн раттыны онг куы ’рхæццæ сты, уæд æнæхъус сæрæн цы кодтой, уый базонын.

— Уæдæ ма йын æххæст йæ мыды хабар дæр ракæн, — æрхатыдтон Муратмæ.

— Уый худæг уыди. Æвæдза, уæд рæстæджытæ хуыздæр уыдысты. Хуссар Ирыстоны республикон газет «Советон Ирыстон»-ы редактор Къуымæридтаты Але æмæ «Рæстдзинад»-ы редактор Хъаныхъуаты Валодя тынг лымæнæй цардысты. Афтæ лымæн æмæ хæлар ахастдзинæдтæ уыдис дыууæ редакцийы кусджыты æхсæн дæр. Кæрæдзимæ уазæгуаты дæр арæх цыдыстæм. Гъе æмæ та нæм иуахæмы рабалц кодтой нæ хуссайраг æфсымæртæ. Радиойы редактор Беккуызарты Дзамболатæн Гуысырайы дачæ уыди, æмæ-иу арæх нæ уазджыты уырдæм ахуыдтам. Æмæ та уæд дæр Куырттаты коммæ абалц кодтам.

Беккуызары-фырты хæдзары акомкоммæ уыди дынджыр тæгæр бæлас, æртæ лæджы йыл нæ аххæссыдаиккой, ахæм. Мах нæ дзаумæттæ уый бын æрæвæрдтам. Ацы хайлас чи у (йæ фыртæн фидиссаг чындзæхсæв чи скодта, уымæй зæгъын) — уый машинæйы абадт æмæ Дзуарыхъæуы колхозы сæрдар Парсиаты Хазбимæ балæууыд æмæ йын афтæ зæгъы, Хуссар Ирыстонæй нæм уазджытæ ис æмæ, дам сын сæ арахъхъыл мыд куы ныккæниккам, уæд нæхи тынг уазæгуарзон фысымтæй равдисиккам. Уым та мыдтæ дардтой: хайласæн амонын хъуыд, республикæйы кæм цы ис, уый?!

Хазби, диссаджы уæздан лæг, куыннæ хъуамæ рарвыстаид уазджыты номыл, цы курæг æм бацыдысты, уый. Æртæлитруат балон æмæ ма йын йемæ цытæ сæвæрдтаид, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ дзы æддæмæ мыд йеддæмæ ницы разынд. Сусæгæй йæ, нæ дзаумæттæ кæм сæвæрдтам, уырдæм бахаста. Æнхъæлдта, ничи йæ фендзæн, зæгъгæ, фæлæ йын æз йæ алы къахдзæфмæ дæр кастæн. Мæхи ралгъыстон, уыцы мыд ын ахæссын куы бауадзон, зæгъгæ. Иннæтæ сæ фынджы кой кодтой, æз та мыды сагъæсы бацыдтæн. Адæм сæ тæккæ дзолгъо-молгъойæ куы уыдысты, уæд æнæуынæрæй сыстадтæн æмæ мыды балон, куыд ничи мæ фена, афтæ мæ дæларм бакодтон. Мæхи дыууæ капеккæн дæр нæ хъуыди — нæ йæ уарзын — фæлæ йæ ахæссын дæр нæ бауадзын мæхицæн хæсыл банымадтон.

Ныр шофыртæ æмæ нæ хуызисæг Хъазиты Геор чысыл дæлдæр доны был бадтысты сатæджы хицæн фынгыл. Сæ цурмæ ныццыдтæн æмæ сæм дзурын:

— Мыд уæ исчи хæры?

Уыдон мын хъазын æнхъæл уыдысты, фæлæ сæм балон куы равдыстон, уæд сæ цæстытæ цины ’рттывд фæкодтой. Цы бамбарын ма мын хъуыд, мыды кой сын æхсызгон кæй уыд.

— Æрмæст æй тагъд равдæлон кæнут, балон мæ хъæугæ кæны.

Лæппутæ фæлæбурдтой æмæ йæ, иу иннæйы дзыхæй исгæйæ, цыбыр рæстæгмæ фæдæле кодтой. Æз балон райстон, донæй йæ байдзаг кодтон, йæ сæр ын сæхгæдтон æмæ йæ фæстæмæ, кæцæй райстон, уым сæвæрдтон. Дыккаг бон хайлас мæстæлгъæдæй дзырдта, не ’хсæн, дам, ахæмтæ ис, æмæ фынгмæ уадзынмæ нæ бæззынц.

— Цы ма нæ уарзын — цымыдисдзинад, — бынтон æндæр ныхасмæ рахызт Мурат. — Уæд Ирыхъæуы иунæгæй фæндзæм уæладзыджы цардтæн.

Иу рæстæг мæ куысты фæдыл уыдтæн Тарскæйы. Мæ хъуыддæгтæ бакодтон æмæ фæстæмæ ’рбацæйздæхтæн. Нæ размæ чидæр хос ласта æмæ йæ машинæ, æвæццæгæн, цæхгæр фæзилæны тынгдæр базмæлыд æмæ замманай цъæх хосæй иу тъыфыл æрхауд. Цыдæр æхсызгондзинад мын æрхаста йæ фенд. Шофырмæ дзурын, фæуром-ма, зæгъгæ. Рахызтæн æмæ йæ багажничы сæвæрдтон. Нæхимæ йын шифанеры сæр бынат ссардтон.

Иу хатт нæм нæ сыхаг ус æрбацыд æмæ хосы тьыфылмæ фæкомкоммæ. Дзæвгар рæстæг дзы йæ цæст нал иста, фæлæ дзургæ ницы скодта. Иу мæйы фæстæ та нæм æрбацыдис æмæ ацы хатт йæ цымыдисдзинады ныхмæ æрлæууын йæ бон нал баци æмæ мæ бафарста:

— Уый дын цавæр ахстон у?

— Уым нæ гæды къуыртты ныббадти, — æцæгхуызæй йын загътон æз.

Бауырныдтой йæ мæ ныхæстæ, æмæ дыккаг бон æнæхъæн сыхыл айхъуыст, Мураты гæды, дам, æйчытыл къуыртты бады.

Ноджы ма мæ афтæ дæр бафарста, ныртæккæ, дам, гæды кæм и? Æмæ, зæгъын æй тезгъо кæнынмæ ауагътон.

Ахæм цымыдистæ дæр вæййы. Вæййы æндæрхуызæттæ дæр. Кæд дæ фæнды, уæд дын уыдоны тыххæй дæр радзурдзынæн.

Куыннæ мæ фæнды, зæгъгæ йын куы загътон, уæд дарддæр йæ ныхас кодта:

— Иу сæрдыгон бон ахæм тынг тæвд рæстæг скодта, æмæ адæймаг зынæй улæфыди. Сихор кæнын афон ралæууыди æмæ уынгмæ рахызтæн. Æххормаг уыдтæн, фæлæ æнуды зæрдæ ницы агуырдта. Бульвары дæлæмæ фæцæуын æмæ Сафарыл амбæлдтæн. Уый дæр мæн хуызæн тæвдæй тыхсти æмæ мын афтæ, хæрынтæ-йедтæ ныууадз, уый бæсты, дам, цом, æмæ кафе «Цъæй»-ы сæлдæгæй нæхи хорз фенæм. Æргом дзургæйæ, сæлдæджы хъæстæ рагæй нал фæдæн, мысгæ дæр æй кодтон, фæлæ сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты ’хсæнмæ цæуынмæ зивæг кодтон, стæй дзы ацы тæвды бирæ адæм куы уа, уымæй дæр тарстæн, фæлæ Сафары ныхасыл дыууæ зæгъын мæ бон нал баци, æмæ бацыдыстæм. Æз куыд æнхъæл уыдтæн, уымæй дзы къаддæр адæм разынд, æмæ мæхинымæр бацин кодтон. Уæгъд бынæттæ дзы уыди æмæ Сафарæн афтæ зæгъын: «Ды бандæттæ ’рцахс, æз рады æрлæудзынæн».

Æрлæууыдтæн, уæдæ цы уыдаид. Мæ разæй цал сылгоймаджы уыд, уый дзæбæх нал хъуыды кæнын, фæлæ дзæвгар уыдысты. Æз сæм хæстæг цæуынæй мæхи хъахъхъæдтон, уымæн æмæ уый размæ бон нæ сыхы чындзæхсæв уыди æмæ нозтыл дæр нæ бацауæрстон, нурыдзæхдонæй дæр мæхимæ фæкастæн. Æз тæф не ’мбарын, фæлæ мæ алыварс чи уыди, уыдонæй æфсæрмы кодтон æмæ сæм мæ комытæф куыннæ калдаид, уымæй мæхи хъахъхъæдтон.

Иудзæвгар куы алæууыдтæн, уæд мæ рад æрбахæццæ. Кæсын, æмæ бæрзонд, къæсхуыртæ рæсугъд чызг чысыл къопгонд сæлдæджы хыссæйы фæцæвы æмæ йæ, лыстæг къах кæмæн уыд, ахæм æфсæн тæбæгъы дæлгоммæ фæфæлдахы. Афтид цолпыгонд доны атулы æмæ та йæ ногæй хыссæйы фæцæвы. Æз ын афтæ зæгъын, уыцы къоппайæ кæд бафсæддзыстæм, мæнæ ма нын, зæгъын дзы тæбæгъы цæстуарзон конд æркæн æмæ ныл искæцырдыгæй фæзына. Раздæр мæ коммæ кæсынмæ нæ хъавыди, фæлæ, мæ фæстæ цы сылгоймæгтæ лæууыд, уыдон дæр мæ фарс фесты æмæ мын уæд хуымæтæджы тæбæгъты кæнын райдыдта. Сылгоймæгты, мæнмæ гæсгæ, мах мæт нæ уыди, цæмæй сæ рад тагъддæр бахæццæ уыдаид, ууыл архайдтой æмæ ма цæмæй иучысыл фылдæр афæстиат уой, уый тыххæй сын афтæ бакодтон:

— Сымахмæ гæсгæ, мах ардæм нæ зæрдæйы дзæбæхæн æрбацыдыстæм? Кæд афтæ хъуыды кæнут, уæд рæдийут: сæлдæг хос у, æмæ дзы нæхи дзæбæх кæнæм.

Уыцы ныхæстæ айхъусгæйæ, сылгоймæгтæ мæнæрдæм ракастысты. Хæрд чи фæци, уыцы дыууæ сылгоймаджы мæ рæзты дуары ’рдæм рацæйцыдысты æмæ мæ, хистæр чи зынди, уый афарста:

— Цавæр низæй дзæбæх кæны сæлдæг?

— Далæ уыцы лæджы уынут? — æмæ, Сафар цы фынджы уæлхъус бадт, уырдæм ацамыдтон. Сылгоймæгтæ иууылдæр, кæдæм амыдтон, уыцырдæм акастысты. — Ме ’рдхордæн йæ сæр бынтон гæмæх уыд. Ныр уынут, йæ къæбут æмæ йæ къæмисæнты цæйбæрц хъуынтæ фæзынд, уый. Тагъд йæ сæры астæу дæр бамбæрздзæн.

— Куыдæй, куыдæй? — фæрсы та мæ æрдæбоны сылгоймаг.

— Уыцы хос канадæйаг ахуыргæндтæ æрхъуыды кодтой. Цæмæй дæ сæр, æрыгонæй куыд уыд, афтæ хъуынджын суа, уый тыххæй, кæм сгæмæх, уыцы бынæттæ дыууæ къуырийы сæрдын хъæуы нурыйæ, стæй уæд алы бон дæр сæлдæг хæр. Мæнæ йæ сымах куыд хæрут, афтæ нæ, фæлæ, куыд амал ис, афтæ фылдæр, ома, дæ бон цас у, уый бæрц...

Рахастон нæ сæлдæджы тæбæгътæ æмæ Сафары фарсмæ æрбадтæн. Ныр Сафар, мах цæуыл дзырдтам, уымæн ницы бамбæрста: газет кæсыныл фæци æмæ йæ уыдæттæм не ’вдæлд.

Хæрæм, уæдæ цы. Иуцалдæр комдзаджы куы скодтон, уæд æрцардтæн. Æнтæфæй дæр нал тыхстæн. Улæфын дæр мын фенцондæр. Сафарæн, сылгоймæгтимæ мæ ныхæсты тыххæй дæр ницыма загътон.

— Æрдæбон иу заман радыл мæ цæст ахастон æмæ сылгоймæгтæ иууылдæр мæнæрдæм кæсгæ ауыдтон. Цы мæ сæ цæстытæ ныццавтой, нæ зонын, — ныллæг хъæлæсæй мæм дзуры Сафар.

— Æвæццæгæн, сæ зæрдæмæ фæцыдтæ, æндæр сæм æз хæстæгдæр куы лæууыдтæн æмæ дзы мæнæрдæм куы ничи каст.

Уынгмæ куы рахызтыстæм, уæд ын хабæрттæ радзырдтон.

Ууыл цалдæр боны рацыд, афтæ мын Сафар йæ хъаст ракодта:

— Æнæбайрайгæ сæ скæн!

— Кæмæй?

Куыд рабæрæг, афтæмæй, сæлдæгмæ рады чи лæууыд, уыцы сылгоймæгтæй чидæр мæн зыдта, куыд газеты кусæг, афтæ æмæ мæм редакцимæ бацыд. Уым мæ куы нæ баййæфта, уæд æй чидæр Сафармæ сардыдта. Ссардта йæ æмæ йын афтæ: «Мæ лæг цæгæрсæр у æмæ ибон, Мурат цы хосы кой кодта, уый тыххæй æрбацыдтæн. Куыд кæнгæ у, уый ды дæр зондзынæ...»

Гъе ахæм æнцонсайæн цымыдистæ дæр вæййы.

Æндæрхуызон цымыдисимæ та нæ горæты, далæ æхгæд кæй хонынц, уыцы базары цур цы дукани ис, уым базонгæ дæн. Елхотаг дзул дзы вæййы, æмæ йæ арæх абæрæг кæнын. Бацыдтæн та иуахæмы уырдæм æмæ, мæ рад куы ’рхæццæ, уæд уырыссаг уæйгæнæгмæ дзурын:

— Два горелых хлеба.

Дзулæн йæ цъар хъæбæрфых куы вæййы, уæд æй афтæмæй уарзын.

Райстон мæ дзултæ æмæ дуканийы уæллаг фарс, халсартæ æмæ дыргътæ кæм уæй кæнынц, уырдæм бацыдтæн æмæ тæрхæджытæм кæсын. Уалынмæ дын иу фыдцъылыз ныллæггомау зæронд ус мæ разы алæууыд æмæ мæ фæрсы:

— Скажите, а зачем вы просили горелый хлеб?

Ахæм хъыг мын уыдысты йæ ныхæстæ, фæлæ мæхиуыл ныххæцыдтæн. Мæ зонгæ куы уыдаид, уæд ма гъа, фæлæ йæ мæ фыны дæр никуы федтон, уый дæр мæ нæ зоны, афтæмæй мæ фæдыл фæуади.

Гуымиры дзуапп ын нæ раттон, фæлæ йын загътон:

— Æмæ уый нæ зоныс?

— Нæ зонын.

— Хъæбæрфых дзул сом асламдæр у. Сом та пенсиисæгæн чысыл æхца нæу.

Ус уый айхъуыста, цы, сыртсыртгæнгæ дзулуæйгæнæнмæ ныццавта. Мæнæн ма мæ зæрды цыдæртæ æлхæнын уыд, фæлæ мæхи айстон...

Æргом дзургæйæ, ацы ран Мураты митæ мæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты. Чи зоны, мæгуыр зæронд усы, фыдæнхъæлæй кæцæй раздæхтаид, ахæм фæндагыл сардауын нæ хъуыд, фæлæ цы ’рцыди, уый æрцыди, фæстæмæ раздахæн ницæмæнуал ис. Мураты иннæ хабæрттæн аргъ кæнгæйæ, чи зоны, ахæм чысыл рæдыдæн ныббарæн ис. Зæгъæм, æрмæст чъындытæн цы хъомыл бацис, уый дæр фаг у бузныг дзы уæвынæн.

«Рæстдзинад»-æн сæ тæккæ чъындыдæртæй иу уыди Быдыго. Зæгъæм, чъындыдзинадæй ерыстæ куы расидтæуыдаид, уæд дзы Быдыго фыццаг æртæ бынатæй макæцы æрцахстаид, уый уæвæн нæ уыд. Мурат æмæ йын-иу Сафаримæ цы нæ кодтам, дæ дзыппæй иу суари сис, зæгъгæ. Марадз-зæгъай, кæд нын искуы бантыст. Иу хатт та йæ Мураты кабинетмæ басайдтам æмæ йыл æдде дуар сæхгæдтам, цалынмæ дуары бын зыхъхъырæй водкæйы авджы аргъ æхца радæттай, уæдмæ дæ рауадздзыстæм, зæгъгæ. Цы нæ йын фæкодтам, нæ састи. Иуцасдæр проспекты фæтезгъо кодтам, фæстæмæ ’рбацыдыстæм æмæ та йæм дзурæм, цалынмæ æхца радæттай, уæдмæ дæ нæ рауадздзыстæм, зæгъгæ. Ныр йæ дзыппы æхца ис, уый зыдтам — мызд уыцы бон райстам. Нæхимæ дæр уыдис, фæлæ нæ Быдыгойы æхца цы ад кæны, уый базонын фæндыд. Раст зæгъын хъæуы, нæхæдæг дæр фæлмæцын райдыдтам, фæлæ нæм нæ хъуыддаг æрдæгыл ныууадзын худинаг каст, састы бынаты баззайын нæ нæ фæндыд. Уалынмæ дын редакторы хæдивæг Дзугаты Барис йæ кусæн уатæй рагæпп ласта æмæ нæ бусты бын фæкодта:

— Цы хынджылæг скъæрут, лæджы кусын цæуылнæ уадзут?

Цы гæнæн ма нын уыд, хицау хицау у æмæ йын йæ ныхасæн аргъ кæнын хъуыд, стæй нын, æргом дзургæйæ, ахæм митæ кæныны бар дæр ничи лæвæрдта. Быдыгойы дуарæхгæды хабар Барисмæ куыд бахæццæ, уый нын фæстæдæр йæхæдæг радзырдта: телефонæй, дам мæм æрбадзæнгæрæг кодта.

Мурат æмæ Быдыго иу районæй уыдысты, стæй хæларæй цардысты — уæвгæ зулдзых ныр дæр не сты. Йæ ус курыны хабæртты зæрдиаг архайæг уыд, йæ фæдыл-иу зианмæ дæр арæх ацыд, фæлæ йыл иу хатт йæ зæрдæ тынг фæхудти, æмæ дзы йæ мæстытæ исын уый фæстæ райдыдта. Уæвгæ йæм канд иу хъуыддаджы тыххæй афтæ тынг не смæсты уыдаид. Цæвиттон, Быдыгойæн се ’рвадæлты чызг амард æмæ та, уымæй размæ бирæ хæттыты куыд уыди, афтæ Муратыл йæ тъæпп фæцыди:

— Елхоты не ’рвадæлтæм зиан и æмæ мемæ нæ ацæудзынæ?

Ацæудзынæн, зæгъгæ йын загъта.

— Фæлæуу уæдæ, æз редакторæй мæхи ракурон.

Уыцы рæстæг Мурат та бухгалтеримæ ацыд, æхца йæм нæ уыд æмæ æфстау курынмæ.

Быдыго хицауы кусæн уатæй куыддæр рахызт, афтæ Муратыл хæрхæмбæлд фæци æмæ йын афтæ:

— Йед у, гъер хицау афтæ зæгъы, алы бон зиантæм куы цæуæм, уæд, дам ма кусгæ та чи кæндзæн... Уæд та дæхæдæг ацæуис?..

Куыд хъуамæ ацыдаид йæхæдæг, йæ кой дæр кæмæн никуы фехъуыста, уый зианмæ? Хорз. Ацыди Быдыго йæхæдæг дæр, фæлæ та уым дæр йæ чъындыдзинад рабæрæг: сабæттаг куы лæвæрдта, уæд æй Мурат йæ разæй фæкодта æмæ фондз сомы йеддæмæ куы нæ ныффыссын кодта, уæд, дам, æз дæр фылдæр нал раттон. Уæвгæ та, дам, туман дæттинаг уыдтæн.

Ус дæр афоныл, æвæццæгæн, йæ фырчъындыйы тыххæй нæ ракуырдта. Уæвгæ ма Муратæн йæхимæ байхъусæм. Уый дзы цалдæр раны зæрдиаг архайæг уыди:

— Æцæгæйдæр, æнæ усæй зæрондмæ йæ фырчъындыйы тыххæй баззад, уымæн æмæ йæ рæсугъд чызг дæр хъуыди, ахуыргонд дæр, хъæздыг хæдзарæй дæр куыд уыдаид, йæ мад æмæ йæ фыд тагъд кæмæн амардаиккой, сæ бынтæ та уымæн куыд баззадаиккой. Ныр йæхæдæг та мæнау маймулийæ фыдынддæр у æмæ ахæмæн йе ’нæаипп чызджы цавæр хъæздыг бинонтæ хъуамæ раттаиккой?! Уæддæр ын тæригъæд кодтон æмæ-иу йæ фæдыл ацыдтæн. Иу рæстæджы та ногбæтæхъойыхъæуккаг чызджы бауарзта. Дзæбæх чызг уыди, раст зæгъгæйæ, фæлæ дзæбæх чызджыты дæр дзæбæх лæппутæ хъæуы. Мединституты фæндзæм курсмæ бахызт æмæ-иу практикæ Беслæныхъæуы рынчындоны кодта. Зонгæ уыдыстæм æмæ мын иу хатт афтæ:

— Де ’рдхордæн-ма зæгъ æмæ мæ фæдыл мауал разил-базил кæна, кæннод ын смаст кæндзынæн...

Уæддæр æм ницы хъардта. Иу хатт та мын афтæ зæгъы, мæ хойыл амбæлдис æмæ, дам ын фæхъæбыстæ кодта. Омæ, зæгъын æй дæ хо куры æви ды. Нæ йæ хъæуыс æмæ дæхи мауал æгад кæн.

Нæй, нæ мæм хъуыста. Фæстаг хатт ма йемæ ацыдтæн. Иунæгæй йæ ныфс ницæмæ хаста æмæ-иу ын æз та къæссайы комыл хæцæг уыдтæн. Иу изæр та рынчындонæй рацæуæны йæ размæ бабадтыстæм, фæлæ иунæг нæ уыди. Йе ’мбал чызгимæ дæларм-уæларм хæцгæ рацæйцыд. Усгур æнхъæлдта, искуы хицæн кæндзысты, зæгъгæ, æмæ сæ фæдыл хъуызæгау цыдыстæм. Суанг Бæтæхъойыхъæумæ нæ фæхицæн сты. Æнæзонгæ чызг æй сæ тæккæ хæдзары дуармæ бахæццæ кодта, йæхæдæг дарддæр ацыд. Æвæццæгæн, уым кæмдæр хæстæг цард.

Уæдмæ æрталынг æмæ мын Быдыго афтæ:

— Бæлæсты аууон алæууæм.

— Цæмæ ма дзы лæууыс? — дзурын æм. — Ардæм æм фæдзурынмæ хъавыс? Цы ’фсонæй? Стæй ныр цафон у?

Уалынмæ дын сæ ус куы ракæсид æмæ уынгмæ куы рахъæр кæнид: «Чус, чус, чус!» Æвæццæгæн, сæ хуытæ нæма ’рбацыдысты æмæ уыдонмæ сидти. Мæхимæ дæр мæсты куыннæ уыдтæн, ахæм усгуры фæдыл кæй разил-базил кæнын, уый тыххæй, мæсты уыдтæн Быдыгомæ дæр æмæ уыцы «чус, чус» куы айхъуыстон, уæд æй бæласы аууонæй расхуыстон, марадз, дæумæ дзуры, зæгъгæ. Мæ ныхæстæ, æвæццæгæн, æгæр хъæрæй загъд фесты, æмæ дын ус куы радзурид: «Чи стут, чи?»

«Ничи» стæм, зæгъгæ, мæхинымæр загътон æмæ сфæнд кодтон Быдыгойæн ус æндæр хуызы ракурын...

Куыдæй, ууыл бирæ фæхъуыды кодтон æмæ æппынфæстаг мæ фæндон сцæттæ.

— Быдыго, диссаджы хъуыды мæм сæвзæрд, — загътон ын цалдæр боны фæстæ.

Цавæр, зæгъгæ, мæ куы бафарста, уæд ын радзырдтон:

— Мæ сæр куыннæ ’рцахста ныронг, Габодтийы рагæй кæй зонын, уый?!

— Габодти та чи у? — уыцы цымыдисхуызæй мæ афарста Быдыго.

— Кæй фæдыл ратæх-батæх кæнæм, уымæн йæ мады хæрз æфсымæр. Нæ сиахс у æмæ мæ ныхасыл дыууæ нæ зæгъдзæн. Уый та йæ хойы дæр æмæ йæ хойы чызджы дæр кæй æрсæтдзæн, ууыл дызæрдыг нæ кæнын.

Быдыгойы хъустæ схъил сты.

— Иумæ бирæ фынгты уæлхъус фæбадтыстæм æмæ нозтджынæй тынг фæлмæнзæрдæ вæййы. Уыимæ ныхас куы зæгъа, уæд ын аивыны мыггаг ницы хуызы ис.

Бауырныдтой йæ мæ ныхæстæ.

— Ресторанмæ йæ бахонæм æмæ уым хъуыддæгтæ иунæг бонмæ ацъыкк ласдзыстæм...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.