Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДÆЛЛАГ ИР 8 страница



Иуахæмы та, скъолайæ раздæхгæйæ, иннæ хæттыты хуызæн мæ фæндаг дуканийыл акодтон. Мæлæты бирæ адæм дзы баййæфтон. Цалдæр ацæргæ лæджы уыцы цымыдисæй цæмæдæр кастысты. Хæстæгдæр сæм куы бацыдтæн, уæд бамбæрстон, сæ иуы къухы дзы «Нарты кадджытæ» кæй уыдис. Ноджы æввахсдæр сæм мæхи байстон æмæ нывтæм кæсын райдыдтон. Куыннæ мæ бафтыдтаиккой дисы Тугъанты Махарбеджы нывтæ! Цыма бынтон æндæр дунейы февзæрдтæн æмæ, цы бæстæмæ бахаудтæн, уым мæхæдæг дæр архайæг уыдтæн, афтæ мæм каст. Ноджы мын алы нывмæ дæр уыди бæстон кæсыны фадат: чиныг кæмæ уыд, уый-иу цалынмæ ныв иууылдæр дзæбæх федтой, уæдмæ фарс нæ афæлдæхта. Мæ астæу къæдзæй дарынæй бафæллад, уæддæр цæстытæ кæсынæй нæ фæлладысты. Иу ныв мæм каст иннæмæй цымыдисагдæр æмæ цæстыахадгæдæр. Ноджы дзы алкæцыдæр æмбæрзт уыд бапъирозы цъары хуызæн тæнæг сырсыргæнаг гæххæттæй: куыд арæхстгай йæм æвналын хъæуы, уымæн ма ноджыдæр иу æвдисæн.

«Нарты кадджыты» хабар нæ сыхмæ дæр схæццæ. Йæ кой кодтой арæхæй-арæхдæр. Ноджы канд кæстæртæ нæ, фæлæ хистæртæ дæр, ома кæсын чи зыдта, уыдон дæр, æмæ чи нæ зыдта, уыдон дæр. Æлхæнгæ йæ чи бакодта, ахæм дæр фæзынди. Фыццагдæр æй кæмæ федтон, уый ма кæй зæрдыл лæууы, фæлæ нæ сыхæгтæй кæмæдæр кæй фæзынд, уый куы базыдтон, уæд хабар нæхимæ бамбарын кодтон, мах дæр æй балхæнæм, зæгъгæ. Йæ зæгъын куыд æнцон уыд, йæ балхæнын афтæ æнцон нæ уыд, æмæ мæ фæндон уымæй размæ дæр ской кæнын уый тыххæй нæ уæндыдтæн, уымæн æмæ нæ хæдзары æхцайы капекк нæ зыдтон. Мæ фыды тыххæй пенси авд туманы æмæ дыууæ сомы истам æмæ рагацау бæрæг уыд, алы суари дæр цæуыл хардзгонд æрцæудзæн, уый: сапон, цæхх, фæтæген, спичкæтæ, кæд ма дзы аззадаид, уæд, чи зоны, æмæ сæкæр дæр, чиныджы аргъ та æнæхъæн æртæ туманы уыдис. Кæцæй мын æрхастаид уыйбæрц æхца Веринкæ? Йæхимæ уæвгæ нæ уыди, æфстау исынмæ та зивæг кодта. Стæй махæй уæлдай йæ буд кæмæн мызти? Уыдис кæмæдæрты æхца дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлæ æфстау кæмæй райстаид, уымæн æй фидын хъуыдис, æмæ дæ рæбыны куы ницы зонай, уæд курæг дæр цæй ныфсæй æмæ кæй ныфсæй ацæудзынæ!

Мæ мадæн æхсызгон уыд, чиныгыл æнувыд кæй дæн, уый. Уыциу рæстæг ын хъыг уыд, афтæ цыбыркъух кæй у æмæ мæ фæндон сæххæст кæнын йæ бон кæй нæу. Цыдæриддæр уыди, уæддæр кæмæйдæр æфстау райста, æмæ мын æртæ туманы куы ратта, ацу æмæ чиныг балхæн, зæгъгæ, уæд мæхицæй амондджындæр никæйуал хуыдтон. Дуканимæ кæуылты тахтæн, уый нæ хъуыды кæнын, æрмæст мыл базыртæ кæй разад, уый бæлвырд уыд. Цæстыфæныкъуылдмæ дуканийы балæууыдтæн æмæ, куыддæр чиныг мæ къухы бафтыд, афтæ нæхимæ фæцагайдтон. Бæллыдтæн, куы ничи мыл амбæлдаид, уымæ. Исчи мын æй куы байстаид, уымæй тарстæн, æри, æркæсон æм, зæгъгæ мын æй куы куырдтаиккой, уымæй дæр. Исгæ мын æй куы ничи бакодтаид, уæддæр æм æркæсын кæй бафæндыдаид, ахæмтæ разындаид æмæ мæ уый дæр нæ фæндыд. Куы йæ счъизи кæной, уымæй тарстæн, стæй, фæндагыл æгæр бирæ куы бафæстиат уон, уымæй дæр. Хуыцау хорз, æмæ мыл ничи амбæлд. Уайтагъд нæхимæ балæууыдтæн. Мæхимæ уæдæй хъæздыгдæр никуы фæкастæн: «Нарты кадджытæй» сæрæвæрæн скодтон, фæстæдæр мæм цы бирæ чингуытæ фæзынд, уыдонæн.

Кæсынмæ цастæ арæхстæн, фæлæ мæхиуыл нæ ауæрстон. Уæнггай кастæн нæ фыдæлты æмбисонды таурæгътæ. Бирæ æнусты дæргъы дзыхæй-дзыхмæ чи цыди, уыцы кадджытæ æмкъахдзæф æрбакодтой нæ хæдзармæ, нæ хæдзарæй та — æндæр хæдзæрттæм дæр. Кæсыныл куы фæцалх дæн, уæд мæ ныфс бахастон сыхæгты цур кæсынмæ дæр. Хъæрæй кæстытæ-иу сарæзтам канд нæхимæ нæ, фæлæ уынджы дæр.

Фæстæдæр нæ чингуытыл æфтгæ цыди. Дуканийы æнæ чиныг цæхх дæр æмæ сæкæр дæр нал уæй кодтой. Иу бон уыди æви се ’хсæн рæстæг рацыди, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ Веринкæ схаста дыууæ ирон чиныджы: Хъайтыхъты Георы «Æмдзæвгæтæ æмæ кадджытæ» æмæ Мыртазты Барисы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Уад». Нæ мадæй кæд чингуытæн æхца не ’нтыст æмæ сæ дуканигæсы къухæй зивæггæнгæ райста, уæддæр сыл мах, уæлдайдæр æз æмæ Райæ — Дибæ уæд скъоламæ нæма цыд — бацин кодтам. Иронау кæй уыдысты, тынгдæр уый тыххæй, стæй, æмдзæвгæтæ кæй уыдысты, уый тыххæй дæр.

Райæ уайтагъд æмдзæвгæтæ æнæ чиныгмæ кæсгæ ахуыр кæныныл фæци. Æппæты фыццаг базыдта Мыртазты Барисы æмдзæвгæ. Йæ сæр ын нал хъуыды кæнын, фæлæ дзы уыди ахæм ныхæстæ: «Макуы дæ баййафæд сонт нæмыг, макуы...» Скъолайы дæр æй радзырдта, æмæ дзы куы раппæлыдысты — мачи дын мацы зæгъæд, афтæмæй æмдзæвгæ чи сахуыр кодта æмæ йæ урочы чи радзырдта, уыцы скъоладзауæй цавæр ахуыргæнæг нæ раппæлид! — уæд иннæ æмдзæвгæтæ ахуыр кæнынмæ дæр бавнæлдта. Цыбыр рæстæгмæ Барисы чиныджы ахæм æмдзæвгæ нал уыд, Райæ æнæ чиныгмæ кæсгæ радзурын кæй нæ зыдта...

Мæхи зонынхъом куы фæдæн, уæдæй фæстæмæ ирон фысджыты чингуытæ кæддæриддæр дæлджинæггонд цыдысты. Уазал цæстæй сæм æрмæст разамонæг кусджытæ, стыр къæлæтджынтыл бадджытæ нæ кастысты, фæлæ адæмæн сæ фылдæр. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ сæ хæрзхъæддзинад ныллæг кæй у, уый тыххæй нæ. Райдианæй-байдианмæ нæхæдæг нæхи цæсты нæ ахадæм...

Нæ хæдзары чингуытæ æртæйы онг куы схæццæ сты, уæд нæм цыма æнæхъæн библиотекæ уыдис, афтæ мæм каст. Ирон ныхасмæ мæ «Нарты кадджытæй» тынгдæр никæцы чиныг сразæнгард кодта. Уырыссаг чингуытæм мæ хъус уыйас нæ дардтон, уымæн æмæ уырыссагау чингуытæ кæсыны бæрц нæма зыдтон. Кæсгæ сæ кодтон, фæлæ æппæт ныхæстæ не ’мбæрстон, дзырдуæттæ та мæнмæ нæ уыди æмæ ирон чингуытæй мæ мондæгтæ уагътон. Ирон дзырд мын уæлдай ад кодта, ирон дамгъæтæй фыст мæ зæрдæмæ хæстæгдæр лæууыд. Иу хатт мæм кæцæйдæр Четойты Барисы фыст чысыл чиныггонд æрбахауд. Йе ’ддаг цъарыл стыр дамгъæтæй фыст уыд: «Куыд æрзайын кодтам нартхоры хъæздыг тыллæг». Цал гектары цалгай центнертæ æрзайын кодтой, уыдæттæ мæ не ’ндæвтой. Æз цин кодтон æрмæстдæр иу хъуыддагыл: нартхоры хъæздыг тыллæг æрзайын кæныны тыххæй дæр иронау фыссæн кæй ис. Барисы чиныг мæ иннæ чингуыты фарсмæ кадджын бынаты дæр уымæн сæвæрдтон.

Чингуытæй æмæ газеттæй хъæздыг нæ уыд мæ сабидуг. Постхæссæджы куыстмæ дæр, æвæццæгæн, уымæн хæлæг кодтон. Икъаты Сона-иу нæ рæзты йæ хызыны дзаг газеттимæ куы ’рцæйцыд, уæд æй амондджыныл нымадтон, уыдонæй кæцыфæндыдæр йæ бон бакæсын кæмæн у, зæгъгæ. Сона, газеттæ кæсын уарзын, уый куы бамбæрста, уæд мын-иу хаттæй-хатт искæй газет авæрдта, цалынмæ фæстæмæ здæхон, уæдмæ дзы акæс, зæгъгæ. Ахæм заман-иу мæ хæлæг цинæй раивта æмæ-иу газет кæсыныл фæдæн. Газеттæн сæ тæккæ кадджындæрыл нымадтон «Рæстдзинад» æмæ районы газет «Ленинон». Фыццаг — æнæхъæнæй, дыккагæн та йе ’мбисæй фылдæр иронау фыст кæй уыд, уый тыххæй. Нæ хъæуы «Мах дуг» рафыссын йæ бон, чи зоны, искæмæн уыдаид, фæлæ йæ исчи иста, уый зæгъын мæ бон нæу. Библиотекæмæ фæндаг куы базыдтон, уæд мын мæхи дæр базыдтой. Уыцы рæстæджы дзы Кобесты Азæ куыста æмæ, цæмæй фæсивæд чиныгыл фæцалх уой, уымæн чысыл нæ арæзта. Æппæты фыццаг йæхæдæг каст чингуытæ, уарзын сæ кодта иннæтæн дæр. Ам рафæлдæхтон фыццаг хатт «Мах дуг» æмæ йын уæдæй фæстæмæ кæсын райдыдтон йæ алы номыр дæр.

Чингуыты бæрцæй мæ æппæты тынгдæр дисы бафтыдта нæхи Алиханы фырт Амырхан. Алы рæтты ахуыргæнæгæй куыста. Иу заман цыбыр æмгъуыдмæ нæхи хъæуы куы ’рцард, уæд ма йæ уымæй размæйы чингуытыл бафтыдысты, йемæ кæй æрбаласта, уыдон дæр. Фыццаг хатт уæд базыдтон, иу кæнæ иннæ фыссæджы бирæтомон уацмыстæ хъæумæ дæр рафыссæн кæй ис, уый. Амырханæн-иу постхæссæг рæстæгæй-рæстæгмæ æрбалæвæрдта, уымæй размæ кæм куыста, уым цы чингуытæ рафыста, уыдоны радон томтæ. Фыццаг хатт йæ чингуытæ кæм уыдысты, уыцы уатмæ куы бацыдтæн, уæд мæхинымæр дис кодтон, утæппæт чингуытæ кæм балхæдта, стæй йын каст та кæд фæуыдзысты, зæгъгæ. Мæ цымыдисдзинад мын, æвæццæгæн, бамбæрста æмæ мын чингуытæ кæсынмæ дæттын райдыдта. Иуцалдæр чиныджы мын лæвар дæр бакодта.

Мæ чингуыты нымæц мын фæфылдæр кодта ме ’мхæрæфырт Гатеты Тамарæ дæр. Сæрды сæм каникулты заман куы сæфтыдтæн, уæд мæ йемæ скъоламæ ахуыдта. Уыцы аз, йæ бинонтæ тыхст уавæры кæй бахаудысты, уымæ гæсгæ Сталинграды облæсты йæ ахуыргæнæджы куыст ныууагъта æмæ сæхимæ Алагирмæ ссыди. Ахуыргæнæджы куыст ын нæ уыди æви йæхи бафæндыд, уый нæ зонын, фæлæ скъолайы библиотекæйы кусын райдыдта. Æмæ мын цалдæр чиныджы, библиотекæмæ мæ куы ахуыдта, уæд балæвар кодта. Библиотекæйы чингуытæй нæ, йæхæдæг кæй балхæдта æмæ йæ куыстмæ кæй ахаста, ахæмтæ.

Токаты Асæх-иу афтæ загъта: «Сывæллон хæдзары фæндыр у». Уыцы ныхас мæ зæрдæмæ фæцыди. Сывæллон цы хæдзары нæй, уый хасты хуызæн у, уæдæ цы у! Æз та чиныгæй афтæ зæгъин: «Дзаумайæн кæд зондджын схонæн ис, уæд, хæдзары цы дзаумæттæ ис, уыдонæн чиныг у сæ тæккæ зондджындæр». Чиныг цы хæдзары нæй, уый хъæздыгдзинæдтæ, цыфæнды бирæ куы уой, уæддæр цæсты нæ сахаддзысты.

VII

Чиныгкæсджытимæ фембæлдтыты рæстæг цы фæрстытæ фæдæттынц, уыдонимæ арæх вæййы ахæм дæр: «Фыссын кæд æмæ куыд райдыдтай?» Алчидæр алыхуызон дзуапп фæдæтты, уымæн æмæ хæстæг хъысмæттæ кæд ис, уæддæр иухуызон хъысмæттæ нæй. Иухуызон фæндæгтыл ацæуæн ис, фæлæ йыл иухуызон къахдзæфтæгæнæн нæй.

Хæлæг кæнын хорз миниуæг у æви нæ, уый нæ зонын, фæлæ æз мæ царды райдайæны æппæты тынгдæр хæлæг кæмæ кодтон, уыдон уыдысты, скъолайы ахуыр кæнгæйæ, фыссын чи райдыдта æмæ йæ уацмыстæ мыхуыры кæмæн цыдысты, уыдонмæ. Мæ хорз зонгæ — кæд мæнæй хистæр у, уæддæр æй æз мæ хæларыл нымайын — Абайты Левæ мын ахæм хабар радзырдта:

— 1949 азы нæхимæ, Ногиры скъолайы, ахуыр кодтон æстæм къласы. Ме ’мбæлтты хуызæн æз дæр тæлфаг уыдтæн. Химийы урочы цы фыдуагдзинад ракодтон, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ, æвæццæгæн, æфхæрыны аккаг уыдтæн, æндæр мæ ахуыргæнæг урокæй нæ рарвыстаид. Сæргуыбырæй рудзгуыты бынты рацæйцыдтæн. Дыккæгæм кълас кæм ахуыр кодтой, уыцы уаты гом рудзынгæй мæ хъустыл ауад лæппуйы зæлланггæнаг хъæлæс. Канд йæ хъæрæй ныхас мæ не ’рурæдта, фæлæ мæ зæрдæмæ фæцыд, куыд æнæкъуызгæ æмæ аив дзырдта, уый дæр. Лæмбынæгдæр æм куы ’рыхъуыстон, уæд мæм æмдзæвгæйы рæнхъытæ цыдæр зонгæ фæкастысты, фæлæ цалынмæ ууыл хъуыды кодтон, уæдмæ уый дзуапп лæвæрд фæци, æмæ ахуыргæнæг фæдзырдта дыккаг скъоладзаумæ. Ацы хатт йæ арæхстдзинад æвдыста, йæ дзыккутæ дыууæ быдæй йе уæхсчытæй кæмæн фæдæлдæр сты, ахæм цъæхдзæст чызг. Иу уысм хъусæй алæууыд, стæй та уый дæр йæ размæ дзуапдæттæджы хуызæн æмдзæвгæ дзурын райдыдта:

 

Быдыртæ дидинæг калынц,

Хъæд дæр æфтауы сыфтæр.

Дæттæ нæ арф кæмттæй уайынц,

Хъуысы æхсæрдзæнты хъæр.

 

Мæ хъустыл нæ баууæндыдтæн, ме ’мдзæвгæйы рæнхъытæ куы айхъуыстон, уæд. Раздæр æй лæппу куы каст, уæд ма йын æрмæст йæ фæстаг ныхæстæ айхъуыстон, фæлæ ныр æмдзæвгæ йæ райдайæнæй йæ кæронмæ дзырд куы фæци, уæд мæ дызæрдыгдзинадæй ницуал аззад. Ныр та дис кæнынмæ фæдæн. Æндæраз мын «Мах дуджы» цыппæрæм номыры, «Уалдзæг», зæгъгæ, цы ’мдзæвгæ рацыд, уый ме ’мхъæуккаг скъоладзаутæ урочы æнæ чиныгмæ кæсгæйæ цæмæн дзурынц, уымæн дзуапп раттыныл архайдтон, фæлæ мæ бон нæ баци...

Æртыккаг скъоладзаумæ ахуыргæнæг фæйнæджы цурмæ куы фæдзырдта, уæд мын чысыл фенцондæр, уымæн æмæ уый разынд нæ сыхæгты лæппу. Урок куы фæци, уæд æй ссардтон, æмæ хъуыддæгтæ иууылдæр рабæрæг сты. Лæппу мын куыд радзырдта, афтæмæй æмдзæвгæ мыхуыргонд уыд «Кæсыны чиныджы». Йæ ныхæстыл дызæрдыг кæй кæнын, уый куы бамбæрста, уæд, чысыл мæм ам фæлæуу, зæгъгæ, азгъордта. Уайтагъд фæстæмæ чиныгимæ фæзынд, æмдзæвгæ мыхуыргонд кæм уыд, уыцы фарс рафæлдæхта:

— Мæнæ йæ дæхæдæг дæр фен.

Æркастæн æмæ — ме ’мдзæвгæ. Йæ быны мæ ном æмæ мæ мыггаг фыст. Куыд бамбæрстон, афтæмæй, канд мæ хъæуккæгтæ нæ, фæлæ мæ хæстæджытæ æмæ мæ хорз зонгæтæй дæр, æстæм къласы скъоладзауы фыст æмдзæвгæ ахуыргæнæн чиныджы мыхуыргонд æрцæудзæн, уый йæ зæрды кæрон дæр никæмæн æрæфтыдаид, Абайты мыггагæй стырдæр та Ирыстоны уæвгæ нæй. Уæдæ дзы Левæтæн дæр æнæуæвгæ нæ уыдаид.

Мæхицæй хуымæтæджы буц ныддæн! Цин, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг кодтон, фæлæ химийы урокæй æнæхай кæй фæдæн, уый мын æнцой нæ лæвæрдта. Аххос мæхи кæй уыд, ууыл сæттын дæр мæ нал фæндыд, мæхинымæр хъуыды кодтон: «Йæхи фыст æмдзæвгæ Ирыстоны æппæт скъолаты дæр кæмæн ахуыр кæнынц, уымæн ахæм фыдуагдзинæдты тыххæй хъуамæ барст цæуид». Мæ хъуыдытæ-иу дарддæр куы ахæццæ кодтон, уæд-иу нæ химийы ахуыргæнæджы бынтон азымджын нал хуыдтон, уымæн æмæ, мæхæдæг цы нæ зыдтон, уый иннæты хуызæн уый дæр нæ зыдта, æмæ-иу мæ мастæй дзæвгар ахауд.

Ууыл цал боны рацыдаид, уый зын зæгъæн у, фæлæ фæсурокты нæхимæ фæцæйцыдтæн. Куыддæр æртыккаг тигъмæ ныххæццæ дæн, афтæ мыл иу къæбæлдзыгсæр бурдзалыг лæппу фæсте дурадзагъдæй куы ралæууид. Дуртæ гыццыл уыдысты, стæй мыл дзы никæцы суад, фæлæ уæддæр рамæсты дæн, хылычъийы йас йеддæмæ чи нæ уыд, уый мæм куыд бауæндыд, зæгъгæ. Æрлæууыдтæн æмæ хъуыдыты аныгъуылдтæн. Асурин æй æмæ мæхицæй бирæ къаддæримæ — лæппуйыл иу-аст азæй фылдæр нæ цыдаид — тохы куыд бацæудзынæн?! Æппынфæстаг сфæнд кодтон йемæ аныхас кæнын:

— Цæмæн мыл æхсыс дуртæ, зонгæ дæр дæ куы нæ кæнын, уæд?

— Ды мæ нæ зоныс, фæлæ дæ æз зонын, — æртхъирæнгæнæджы хъæлæсæй дзуапп ратта лæппу.

— Цæмæй мæ зоныс?

— Ды Абайты Л. нæ дæ?

— Дæн, æмæ цы?

— Куыд цы? Дæу тыххæй знон «дыууæ» райстон, уый мын æгъгъæд нæ уыд, фæлæ ма мæ мæ фыд дæр фæнадта.

— Æмæ æз уым цы аххосджын дæн?

— Куыд цы аххосджын дæ? Æмдзæвгæ «Уалдзæг» куы нæ ныффыстаис, уæд дзы æз «дыууæ» нæ райстаин.

Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ мæ мастæй ницыуал аззад. Мæ хъæлæсыуаг фæфæлмæндæр кæнгæйæ йын загътон:

— Цæмæй «дыууæтæ» ма исай, уый тыххæй ахуыр кæнын хъæуы. Æз уыцы æмдзæвгæ куы нæ ныффыстаин, уæддæр чиныджы æндæр æмдзæвгæ ныммыхуыр кодтаиккой æмæ уый нæ сахуыр кæныны тыххæй дæр «дыууæ» райстаис.

Мæхинымæр дис кодтон, æмдзæвгæ ныффыссæг æз кæй дæн, уый цæмæй базыдта, зæгъгæ, æмæ йæ бафарстон:

— Æмæ уыцы æмдзæвгæ æз ныффыстон, уый дын чи загъта?

— Дæ сыхаг, æндæр чи? Уый дзы «фондз» райста, æз та — «дыууæ»...

Æз дæр Левæйы хуызæттæм хæлæг кодтон. Уæвгæ уыцы хъуыддагæн, чи зоны, хæлæгыл банымайæн дæр нæ уыди, уымæн æмæ мæн фæндыди, ме ’мгæрттæй æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ чи фыста æмæ сæ мыхуыры чи уагъта, уыдонæй уæвын. Фæндыди мæ, зæрдæйы цы æнкъарæнтæ уыд æмæ зæгъын кæй нæ фæрæзтон, уыдон ныффыссын æмæ сæ мыхуыргондæй фенын. Фæндыди мæ, фæлæ мæ фæндтæ раргом кæнын никæй цур уæндыдтæн, тарстæн, худын мыл куы райдайой æмæ мæ мæ царды æппæты стырдæр ныфс цы бæллиццæй ис, уый цъыфæйдзагæй зæххы æппæрстæй куы фенон. Уымæй та тæссаг уыд. Уыцы кары сывæллæттæ кæрæдзийæн фидис кæнын цы хъуыддаджы тыххæй нæ райдайынц, ахæм зын ссарæн у, фылдæр хатт, цы фыдраконддзинады сæргъы æрлæууынц, уый нæ фембарынц, афтæмæй.

Цыппæрдæс-фынддæсаздзыдты æхсæн ныхас куыннæ рауайы, чи сæ цы суæвынмæ хъавы, уый тыххæй, æмæ иуахæмы мах æхсæн дæр рауад ахæм ныхас. Иу-фондз лæппуйы уыдаиккам, æвæццæгæн. Иуы дæр дзы нал хъуыды кæнын, Дзусты Юричы йеддæмæ, уымæн æмæ фарст уый ратта, чи уæ цы суæвынмæ бæллы, зæгъгæ. Цæмæй нæ хъуыдытæ æнцондæрæй раргом кæнæм æмæ нæ йæ зæрдæйы арфы чи цы æмбæхста, уый зæгъын бафæразæм, уый тыххæй нын Юрик фыццаг йæхи бæллиц загъта. Цы загъта, уый нал хъуыды кæнын, иннæтæ цы загътой, уый дæр мæ ферох — зæгъгæ та иууылдæр æнæмæнг кодтой — фæлæ рад мæнмæ куы ’рхæццæ, уæд сæфсон кодтон, цы суæвынмæ хъавын, уый нæма зонын, зæгъгæ. Афтæмæй та, цы загътаин, уый уыдис. Абон дæр мæхицæй бузныг дæн, мæхиуыл ныххæцын кæй бафæрæзтон æмæ цæсты кæй нæ бафтыдтæн, уымæй.

Бонтæ цыдысты, фæлæ мæ бæллиц нæ мынæг кодта. Библиотекæмæ-иу куы ныццыдтæн, «Пионерская правда»-иу куы райстон æмæ дзы фæндзæм-æхсæзæмкъласонты æмдзæвгæтæ мыхуыргондæй куы федтон, уæд зæххыл нал ныдзæвыдтæн, мæ бæллицтæ-иу мæ ахастой, базырджын адæймаг йеддæмæ бынат кæмæн нæй, ахæм дунемæ. Кæйдæр æнтыстдзинады фæрцы-иу мæхи нымадтон тæккæ амондджындæртæй иуыл. Афтæ-иу мæм каст, цыма мæ рад дæр ралæудзæн æмæ æз дæр, мæнæй дард чи цæры, мæ уыцы æмгæртты фарсмæ æрлæудзынæн æмæ мæхи нымайдзынæн се ’мсæрыл...

Æмбæхсæн алцæмæн дæр ис, фæлæ цæрæнбонты æмбæхсæн ницæмæн ис. Фыдæлтæ хуымæтæджы нæ дзырдтой: мæсыг сусæгæй цасфæнды куы фæцамайай, уæддæр иу заман йæ цъуппæн æнæсзынгæ нæй. Мæ бæллицтæ раргом кæнынæй кæд цыфæнды тынг тарстæн, уæддæр сын иу бон дунейы рухс æнæфенгæ нæ уыд. Уыцы хъуыддаджы сæйраг аххосджын уыд мæ хуыздæр æмбал Лолаты Хадзыби. Растдæр зæгъгæйæ та мын йæ сусæг фæндтæ раздæр уый раргом кодта. Æз иунæг æмдзæвгæ дæр куы нæма ныффыстон, фæлæ ныффыссынмæ куы хъавыдтæн, уыцы рæстæг Хадзыби бирæ æмдзæвгæтæ ныффыста. Раст зæгъын хъæуы, кæсынмæ мæм сæ куы ратта, уæд куыддæр фæныхкъуырд дæн: афтæ хорз мæм фæкастысты, æмæ фæтарстæн, Хадзыбийы хуызæн ныффыссын куы никуы базонон, уымæй.

Иу заман Хадзыби уазæгуаты ацыд Алагирмæ йæ мадырвадæлтæм æмæ уырдыгæй æрхаста, Дзбойты Викторы æмдзæвгæтæ мыхуыргонд кæм уыдысты, районы уыцы газет «Раздзоджы» цалдæр номыры. Хадзыби мын куыд радзырдта, афтæмæй, дам, Виктор дæр нырма скъолайы ахуыр кæны.

Æппæты стырдæр дисы та уæд бацыдтæн. Уырыссагау чи фыста, уыцы скъоладзауты æмдзæвгæтæ дæр сæ цуры ницыуал мардтой, уымæн æмæ уыдон иронау фыст уыдысты, сæ ныффыссæг та дард кæмдæр нæ цард æмæ йæ фенынмæ авд хохы сæрты хизын нæ хъуыд. Кæй бафæндыдаид, уый Алагирмæ ссыдаид, уырдыгæй та Цраумæ — Хадзыби мын куыд загъта, афтæмæй Виктор царди уыцы хъæуы — фистæгæй бауайæн дæр уыд, æмæ дæхи цæстæй федтаис, дæуæй хæрз чысыл хистæр йеддæмæ чи нæу, уыцы фыссæджы.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.